Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ииуй тох кодта сыгъдӕг дины сӕрыл

Ииуй тох кодта сыгъдӕг дины сӕрыл

Ииуй тох кодта сыгъдӕг дины сӕрыл

ИИУЙ тох кодта сыгъдӕг дины сӕрыл. Уыцы хъуыддаджы уыд фидар, архайдта ӕвӕстиатӕй, уромгӕ дӕр ӕй ницы кодта, йӕ удӕй арт цагъта ӕмӕ уыд хъӕбатыр. Ииуймӕ цы хорз миниуджытӕ уыд, уыдон нын сты фӕзминаг.

Йегъовӕ Ииуйӕн ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд Израил уыд тынг ӕвзӕр уавӕры. Фыдсыл Йезавел ӕнӕхъӕн бӕстӕ йӕхи зондыл арӕзта. Йезавел уыд паддзах Иорамы мад ӕмӕ Ахавы идӕдз ус. Уый адӕмы Йегъовӕйӕн нӕ кувын кодта, фӕлӕ Ваалӕн, стӕй мардта Хуыцауы пехуымпарты ӕмӕ адӕмы ӕгъдау хӕлдта йӕ хӕтындзинадӕй ӕмӕ йӕ кӕлӕнтӕй (2 Пад. 9:22; 1 Пад. 18:4, 13). Йегъовӕ рахаста уынаффӕ, Ахавы хӕдзарвӕндаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр, стӕй Иорам ӕмӕ Йезавел дӕр сӕфт кӕй хъуамӕ ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ Ииуй хъуамӕ уыцы хъуыддаг йӕ къухмӕ райстаид.

Фыстады Ииуйы тыххӕй фыццаг хатт кӕсӕм, израилӕгтӕ Рамоф-Галаады сириӕгтимӕ куыд хӕцыдысты, уый кой кӕм ис, уым. Ииуй бадти ӕфсады хистӕртимӕ. Уый уыд ӕфсады хистӕртӕй сӕ иу, чи зоны, уыд ӕнӕхъӕн Израилы ӕфсады хистӕр дӕр. Пехуымпар Елисей пехуымпарты фырттӕй иуы арвыста, цӕмӕй Ииуйы паддзахӕй байсӕрстаид ӕмӕ йын загътаид, цӕмӕй, Ахавы хӕдзарвӕндаджы цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны фесафа, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы ныууагътой (2 Пад. 8:28; 9:1–10).

Ииуйы йе ’мбӕлттӕ куы бафарстой, уыцы адӕймаг дӕм цӕмӕн ӕрбацыд, зӕгъгӕ, уӕд сын ӕй дзурынмӕ нӕ хъавыд. Фӕлӕ йӕ куы нал уагътой, уӕд сын ӕй загъта. Ӕмӕ уый фӕстӕ иумӕ Иорамы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой (2 Пад. 9:11–14). Ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕуи дӕр паддзахмӕ дӕр ӕмӕ Йезавелмӕ дӕр мӕсты кодтой ӕмӕ уыдысты сӕ ныхмӕ. Куыдфӕнды ма уыдаид, Ииуй алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кодта, цӕмӕй йӕ хӕс ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтаид.

Уый размӕ паддзах Иорам хӕсты фӕцӕф ӕмӕ горӕт Изреелмӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх кодтаид. Ииуй зыдта, Изреелмӕ иу ныхас дӕр куы фӕхӕццӕ уа, уӕд йӕ фӕнд йӕ къухы зынтӕй кӕй бафтдзӕн, ӕмӕ загъта: «Горӕтӕй [Рамоф-Галаадӕй] алидзын макӕй бауадзут, цӕмӕй Изреелмӕ ма фӕхабар кӕной» (2 Пад. 9:14, 15). Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ, Иорамыл иузӕрдион чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕ сӕ паддзахы фарс рахӕцой. Ӕмӕ Ииуйы та нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ исчи фӕкъуылымпы кодтаид.

ЙӔ УӔРДОНЫ ЦӔЛХЫТӔ ЗӔХХЫЛ НӔ ХӔЦЫНЦ!

Ииуйы фӕндыд ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзынын, ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдоныл Рамоф-Галаадӕй Изреелмӕ аскъӕрдта (уыцы горӕтты ’хсӕн уыд 72 километры). Горӕтмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕй, мӕсыгыл цы хъахъхъӕнӕг лӕууыд, уый ауыдта «дуне адӕмимӕ ӕрбацӕйцӕугӕ» (2 Пад. 9:17). Ӕвӕццӕгӕн, Ииуй йемӕ ракодта бирӕ ӕфсӕддонты, цӕмӕй, цыдӕриддӕр сфӕнд кодта, уый йӕ къухы бафтыдаид.

Хъахъхъӕнӕг бамбӕрста, бӕхуӕрдӕттӕй иуы хъӕбатыр Ииуй кӕй цӕуы – уыйау, дам, «ӕрра скъӕрд кӕны» (2 Пад. 9:20). Кӕд-иу Ииуй ӕнӕуи дӕр йӕ уӕрдон афтӕ скъӕрдта, уӕд ныр та тагъд кодта йӕ ахсджиаг хӕс сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд тагъд скъӕрдтаид!

Иорам Ииуймӕ арвитын кодта дыууӕ лӕджы, фӕлӕ сын Ииуй ницы дзуапп радта. Уый фӕстӕ Ииуй сӕмбӕлд Иорамыл ӕмӕ йе ’мбал Охозийыл, Иудӕйы паддзахыл, алчидӕр сӕ уыд йӕхи бӕхуӕрдоныл. Иорам Ииуйы куы бафарста, «фарнимӕ цӕуыс?», зӕгъгӕ, уӕд ын Ииуй цӕхгӕр дзуапп радта: «Цӕй фарны кой кӕныс, цалынмӕ дӕ мад Йезавел хӕты ӕмӕ кӕлӕнтӕ кӕны, уӕдмӕ?» Иорам ахӕм дзуапп куы фехъуыста, уӕд ма йӕ бӕхуӕрдоныл лидзынмӕ бӕргӕ фӕци, фӕлӕ сӕрӕн Ииуйӕ нӕ аирвӕзт! Ииуй ӕрдын фелвӕста ӕмӕ Иорамӕн йӕ зӕрдӕйы фат ныссагъта, ӕмӕ паддзах йӕ бӕхуӕрдоны мардӕй ӕрхауд. Охози алыгъд, фӕлӕ Ииуй фӕстӕдӕр уый дӕр ссардта ӕмӕ йӕ амарын кодта (2 Пад. 9:22–24, 27).

Дарддӕр Ахавы хӕдзарвӕндагӕй сафинаг уыд фыдгӕнӕг ус-паддзах Йезавел. Ииуй йӕ дзӕгъӕлы не схуыдта, «уыцы ӕлгъыст», зӕгъгӕ. Ииуй Изреелмӕ куы бацыд, уӕд ӕй федта галуаны рудзынгӕй кӕсгӕ. Уӕд уайтагъд фӕсдзӕуинтӕм схъӕр кодта, цӕмӕй йӕ рудзынгӕй раппӕрстаиккой. Стӕй ӕнӕхъӕн Израилы сафӕгыл йӕ бӕхты батардта. Уый фӕстӕ ма фыдгӕнӕг Ахавы хӕдзарвӕндагӕй ноджыдӕр бирӕты ныццагъта (2 Пад. 9:30–34; 10:1–14).

Кӕд нын ахӕм хабӕрттӕ кӕсын ӕхсызгон нӕ вӕййы, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, уӕды рӕстӕджы-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй йын-иу йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кодтаиккой. Библийы фыст ис: «Охози Иораммӕ кӕй ӕрцыд, уый уыд Хуыцауӕй, цӕмӕй йӕ фесӕфтаид. Ӕмӕ куы ’рцыд, уӕд Иорамимӕ рацыдысты Намессийы фырты фырт Ииуйы размӕ. Ииуйы та Йегъовӕ байсӕрста, цӕмӕй Ахавы хӕдзарвӕндаг быныскъуыд фӕкодтаид» (2 Аз. 22:7). Ииуй йе ’ххуысгӕнӕгӕн Иорамӕй куы загъта, сис ӕй ӕмӕ йӕ Навуфейы зӕххыл аппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕмӕй сӕххӕст кодта Йегъовӕйы ныхас: Йегъовӕ загъта, Ахавӕй Навуфейы туг кӕй райсдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Ииуйӕн загъта, цӕмӕй, «Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй Йезавелы къухӕй чидӕриддӕр фӕмард, уыдоны туг [райстаид]» (2 Пад. 9:7, 25, 26; 1 Пад. 21:17–19).

Абон сыгъдӕг дины ныхмӕ чи у, уыдонмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ къух нӕ исынц. Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мастисӕг ӕз дӕн» (Дзут. 10:30). Фӕлӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты бахъӕуы Ииуйау хъӕбатырӕй архайын, цӕмӕй ӕмбырд хъахъхъӕной, хӕлд зондыл ӕй чи акӕндзӕн, ахӕм адӕмӕй (1 Кор. 5:9–13). Ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ архайа, цӕмӕй, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонмӕ хӕстӕг дӕр ма цӕуа (2 Иоан. 9–11).

ЙЕГЪОВӔЙӔ УӔЛДАЙ ӔНДӔР ХУЫЦӔУТТӔН ЧИ КУЫВТА, УЫДОНӔН НӔ НЫББЫХСТА

Ииуйы йӕ хӕс сӕххӕст кӕнын цӕмӕн фӕндыд, уый бӕрӕг у, фӕстӕдӕр иузӕрдион Ионадавӕн цы загъта, уымӕй: «Цом мемӕ ӕмӕ фендзынӕ, Йегъовӕйӕ уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕн кӕй нӕ ныббыхсдзынӕн». Ионадав дӕр Ииуйы бӕхуӕрдонмӕ схызт ӕмӕ йемӕ Самаримӕ ацыд. Уым Ииуй Ваалӕн кувӕг адӕмыл хинӕй рацыд, цӕмӕй сӕ ныццагътаид (2 Пад. 10:15–17, 19).

Ииуй адӕмӕн фехъусын кодта, Ваалӕн «стыр нывӕндтӕ» кӕй хъуамӕ ӕрхӕсса (2 Пад. 10:18, 19). Иу ахуыргонд уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ииуй зондджынӕй архайдта, уымӕн ӕмӕ, цы загъта, уый ис дыууӕрдӕм дӕр бамбарӕн». Ацы ныхас «ӕнӕуи нысан кӕны „нывонд“, фӕлӕ ма ӕмбӕлы, раст дин чи ныууагъта, уыдоны „ныццӕгъдыны“ кой кӕм ис, уым дӕр». Ииуйы фӕндыд, цӕмӕй Ваалӕн кувӕг адӕм иууылдӕр ӕрбацыдаиккой, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Ваалы кувӕндоны ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын скӕнын кодта, иннӕтӕй кӕмӕй хицӕн кодтаиккой, ахӕм уӕлӕдарӕс. «Ииуй судзинаг нывонд куы ’рхаста», уӕд йӕ 80 ӕфсӕддонӕн Ваалӕн кувӕг адӕмы ныццӕгъдын кодта. Уый фӕстӕ Ваалы кувӕндон ныппырх кӕнын кодта, ӕмӕ уыцы бынатӕй уазӕгдон сарӕзтой, ӕмӕ кувӕндонӕн нал бӕззыд (2 Пад. 10:20–27).

Ииуй бирӕ туг ныккалдта. Фӕлӕ Библийы ӕвдыст у хъӕбатыр адӕймагӕй, уымӕн ӕмӕ Израил ссӕрибар кодта тугцъир Йезавелӕй ӕмӕ йӕ бинонтӕй. Израилы разамонӕг чифӕнды ма уыдаид,– цӕмӕй уыцы хъуыддаг йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ уыдаид хъӕбатыр, фидар адӕймаг ӕмӕ йӕ удӕй арт цагътаид. Иу библион дзырдуаты фыст ис: «Уый уыд тынг зын хъуыддаг ӕмӕ хъуыди фидарӕй архайын, цӕмӕй йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид. Гыццыл фӕлмӕндӕрӕй куы архайдтаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Израилы Ваалы дин бындзарӕй не стыдтаид».

Абон дӕр чырыстӕттӕ ахӕм уавӕрты вӕййынц, ӕмӕ сӕ бахъӕуы, Ииуймӕ цы миниуджытӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ нын фӕлварӕн куы уой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм ӕвӕстиатӕй, уӕм хъӕбатыр ӕмӕ зынгзӕрдӕ. Дзырд нӕ иузӕрдиондзинадыл куы цӕуа, уӕд нын Йегъовӕйӕ уӕлдай исчи кӕнӕ исты сӕйраг суа, уымӕн нӕ ныббыхсдзыстӕм.

АРХАЙӔМ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗАКЪОН ӔППӔТ ЗӔРДӔЙӔ ӔХХӔСТ КӔНӔМ

Ииуйы хабар цӕмӕй фӕвӕййы, уый нын у зондзонӕн. «Вефилы ӕмӕ Даны цы сызгъӕрин родтӕ уыд», уыдоныл «йӕ къух нӕ систа» (2 Пад. 10:29). Уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ, сыгъдӕг дины сӕрыл тохгӕнгӕйӕ йӕ удӕй арт чи цагъта, уый быхста, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уымӕн?

Ииуй, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ӕмӕ, цӕмӕй Израилы паддзахад Иудӕйы паддзахадӕй дарддӕр дӕр хицӕн уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ динтӕ дӕр хицӕн уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Израилы раздӕры паддзӕхтау Ииуй дӕр архайдта, цӕмӕй адӕм дарддӕр дӕр родтӕн куывтаиккой. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ паддзахӕй чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ дардта.

Йегъовӕ Ииуйӕ раппӕлыд, йӕ «цӕсты раст цы у, уый кӕй арӕзта», уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр «Ииуй нӕ архайдта, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы закъон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кодтаид» (2 Пад. 10:30, 31). Ииуй раздӕр цы сарӕзта, уый зонгӕйӕ, чи зоны, бадис кӕнай, афтӕ куыд рауад, зӕгъгӕ, кӕнӕ йыл дӕ зӕрдӕ дӕр фӕрисса. Фӕлӕ ацы хабарӕй нӕ бон у иу цыдӕр зондӕн райсын. Йегъовӕ нӕ хӕлар кӕй у, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Хъуамӕ алы бон дӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм. Цы хъӕуы уый тыххӕй? Йӕ Ныхас ын иртасӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ зӕрдиагӕй кувӕм. Цӕй уӕдӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы закъон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм! (1 Кор. 10:12).

[Рамкӕ 4 фарсыл]

Ииуйы тыххӕй истори цы зӕгъы

Ахуыргӕндтӕ арӕх фӕдызӕрдыг кӕнынц, Библийы кӕй кой ис, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, ууыл. Ӕмӕ цымӕ Ииуйы тыххӕй Библийы йеддӕмӕ ӕндӕр искуы фыст ис?

Ацы израилаг паддзахы ном ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты фенӕн ис рагон ассириаг документты. Уыдонӕй иу у дур, ӕмӕ йыл куыд фыст ис, афтӕмӕй йыл ис Ииуйы кӕнӕ, чи зоны, йӕ минӕвӕрттӕй иуы ныв – Ассирийы паддзах Салманассар Ӕртыккагӕн ныллӕг куыд акуывта ӕмӕ йын хъалон куыд дӕтты. Фыст ыл ис афтӕ: «Амврийы (Хумри) фырт Ииуйы (Иахуа) хъалон. Райстон дзы ӕвзист, сызгъӕрин, сызгъӕрин саплу-къус, сызгъӕрин цыргъбын вазӕ, сызгъӕрин нуазӕнтӕ, сызгъӕрин ведратӕ, къала [олово], паддзахы лӕдзӕг (ӕмӕ) хъӕдын пурухту [фӕстаг дзырд цы амоны, уый бӕрӕг нӕу]». Ииуй «Амврийы фырт» у, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Афтӕ хуыдтой, Амврийы фӕстӕ Израилы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдоны – ӕвӕццӕгӕн, Амври тынг кадджын кӕй уыд ӕмӕ Израилы сӕйраг горӕт Самари кӕй сарӕзта, уый тыххӕй.

Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ, Ииуй мын хъалон бафыста, зӕгъгӕ, сбӕлвырд кӕнӕн нӕй. Ӕмӕ кӕд афтӕ дӕр у, уӕддӕр Ииуйы кой кӕны ӕртӕ хатты: йӕ ныхӕстӕ йын фенӕн ис, дурыл цы фыстытӕ ис, уым, Салманассары цыртыл ӕмӕ Ассирийы паддзӕхты азфыстыты. Уыцы фыстыты фӕрцы дызӕрдыггаг нӕу, Библи цы Ииуйы кой кӕны, уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр кӕй царди.