Искӕй стигъын
Искӕй стигъын
Искӕй стигъын нысан кӕны ахӕм ӕнӕзакъон хъуыддаг, ӕмӕ адӕймаг искӕмӕй исты тыхӕй куы иса, ӕмӕ йӕм ӕртхъирӕн куы кӕна йе та тыхӕй дӕр куы архайа. Библийы «стигъӕг»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац (ха́рпакс), уый сӕйраджыдӕр нысан кӕны «давӕг» (1 Кор. 5:10). Фыстад арӕх фӕдзӕхсы, цӕмӕй адӕймаг, уӕлдайдӕр та, разамонӕг кӕнӕ хицау чи у, уый, йӕхи пайда ма агура (Рац. 18:21; Ӕмб. 1:19; 15:27).
Фӕлӕ уӕддӕр, Палестинӕ Ромы дӕлбар куы уыд, уӕд дзуттаг хъалонисджытӕ арӕх адӕмы стыгътой. Сӕ къухы уыд стыр бартӕ ӕмӕ сын бирӕ гӕнӕнтӕ уыди, цӕмӕй адӕмы фӕллойӕ схъӕздыг уыдаиккой (ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ ромаг хицӕуттӕ дӕр). Йесо дӕр йӕ фӕсномыг ныхасы, ӕвӕццӕгӕн, уый кой кодта. Уый радзырдта, йӕхи рӕстгӕнӕг чи хуыдта, ахӕм фарисейы тыххӕй – хъалонисӕджы фарсмӕ Хуыцаумӕ куыд куывта ӕмӕ йӕхицӕй куыд ӕппӕлыд, адӕмы стигъӕг нӕ дӕн, зӕгъгӕ (Лук. 18:11). Хъалонисджытӕ Аргъауӕг Иоанмӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ йӕ куы бафарстой, цы кӕнгӕ нын у, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Хъалон, цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр ма исут» (Лук. 3:13).
Йесо хъалонисджыты хицау ӕмӕ хъӕздыг лӕг Закхеймӕ уазӕгуаты куы уыд, уӕд Закхей йе ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ загъта: «Хӕрамӕй кӕмӕй цы байстон, уымӕн ӕй цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн» (Лук. 19:2, 8). Афтӕмӕй та Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм уавӕры уыйбӕрц нӕ хъуыди фидын. Адӕймаг йӕ хӕрам хъуыддагыл куы ’рфӕсмон кодтаид, уӕд йӕ аххосы тыххӕй хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй бафыстаид, цы зиан ракодта, уый ӕмӕ ма йӕм бафтыдтаид уымӕн йӕ фӕндзӕм хай (Лев. 6:2–5).
Чырыстон Грекъаг Фыстытӕм гӕсгӕ, адӕймаг Хуыцауы паддзахадмӕ кӕй тыххӕй нӕ бацӕудзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ сты ахӕм: хӕтындзинад, цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, зыд кӕнын, давын, фыднозт кӕнын, ӕлгъитын ӕмӕ гомосексуализм. Ӕмӕ уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгты ’хсӕн ис искӕй стигъыны кой дӕр. Апостол Павел Коринфы ӕмбырдмӕ ныффыста, зӕгъгӕ уӕ чидӕртӕ раздӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кодтой, фӕлӕ ныр «ӕхсад ӕрцыдыстут». Уымӕ гӕсгӕ, кӕд дунейы ахӕм адӕмыл ӕнӕфембӕлгӕ нӕ уыдаиккой, уӕддӕр сын хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид, йӕхи «ӕфсымӕр» чи хуыдта, фӕлӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдонимӕ. Ахӕмты-иу хъуамӕ ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой (1 Кор. 5:9–11; 6:9–11).
Искӕмӕй гӕртам домай ӕмӕ йӕ афтӕмӕй стигъай, уымӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый бӕрӕг у апостол Павелы хабарӕй. Ромаг хицау Феликс апостол Павелы ахӕстоны дыууӕ азмӕ куы ныууагъта, уӕд ӕй ныфс уыди, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕн. Павел уый ӕмбӕрста, фӕлӕ йын ницы радта. Ӕппынфӕстаг Феликсы раивта ӕндӕр хицау – Фест (Хъуыд. 24:26, 27).