Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Исты раттыны аккаг кӕй дӕ, уый дын циндзинад хӕссы?

Исты раттыны аккаг кӕй дӕ, уый дын циндзинад хӕссы?

Исты раттыны аккаг кӕй дӕ, уый дын циндзинад хӕссы?

ФЫЦЦАГ ӕнусы Филиппты цы чырыстӕттӕ уыд, уыдон зындгонд уыдысты, рӕдау кӕй уыдысты ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кодтой, уымӕй. Апостол Павел сӕм фыста: «Куы уыл фӕхъуыды кӕнын, уӕд алкӕддӕр Хуыцауӕн бузныг фӕзӕгъын. О, бузныг фӕзӕгъын, алы хатт дӕр уе ’ппӕты тыххӕй зӕрдиагӕй куы фӕкувын, уӕд. Ӕз сымах тыххӕй цингӕнгӕйӕ фӕкувын, уымӕн ӕмӕ, хорз хабар цы бон фехъуыстат, уыцы бонӕй абоны онг хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнут» (Фил. 1:3–5). Павелӕй рох нӕ уыд, Лидийӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ донаргъуыд куы райстой, уӕд Лидийӕ Павелӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн куыд ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ хӕдзары ӕрлӕууыдаиккой, ӕмӕ сӕ куыд суазӕг кодта, уый (Хъуыд. 16:14, 15).

Уыцы хабарӕй цасдӕры фӕстӕ Павел цалдӕр къуырийы уыд Фессалоникӕйы йе ’мчырыстӕттимӕ (уыцы горӕт Филипптӕй уыд 160 километры дарддӕр). Ӕмӕ йын уыцы рӕстӕджы дӕргъы, Филиппты цы ӕмбырд фӕзынд, уый дыууӕ хатты арвыста, йӕ лӕггады йӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ (Фил. 4:15, 16). Цалдӕр азы фӕстӕ та филиппӕгтӕ ӕмӕ Македонийы иннӕ ӕфсымӕртӕ фехъуыстой, Иерусалимы чырыстӕттӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц ӕмӕ сӕ ӕххуыс кӕй хъӕуы, ӕмӕ сӕ бафӕндыд се ’фсымӕртӕм се ’ххуысы къух раттын. Афтӕмӕй та сӕхӕдӕг дӕр уыдысты «тыхст уавӕры» ӕмӕ «тынг мӕгуыр». Павел загъта, зӕгъгӕ, мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, сӕ бон цы уыд, уымӕй дӕр фылдӕр кӕй сарӕзтой. Павел уыцы чырыстӕтты тыххӕй ныффыста: «Зӕрдиагӕй [нын] лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм» (2 Кор. 8:1–4; Ром. 15:26).

Филиппты фыццаг чырыстӕттӕ куы фӕзынд, уымӕй иу-дӕс азы фӕстӕ дӕр филиппӕгтӕ уыдысты раст афтӕ рӕдау. Павел Ромы ахст кӕй у, уый куы фехъуыстой, уӕд ын Епафродитӕн арвыстой, цы йӕ хъуыд, уыдӕттӕ. Цӕмӕй йӕм сӕ фӕхӕццӕ кодтаид, уый тыххӕй Епафродиты бахъуыди 1287 километры ацӕуын, сурзӕххыл дӕр ӕмӕ денджызыл дӕр. Бӕрӕг у, филиппӕгты тынг кӕй фӕндыд Павелӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ бон уыдаид ӕфсымӕрты фидар кӕнын ӕмӕ хъусын кӕнын, кӕд ахст уыди, уӕддӕр (Фил. 1:12–14; 2:25–30; 4:18).

Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр стыр кадыл нымайынц, хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн сӕ бон ӕххуыс кӕнын кӕй у, уый (Матф. 28:19, 20). Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнынц нӕдӕр сӕ рӕстӕг, нӕдӕр сӕ тыхтӕ, нӕдӕр се ’хца. Рамкӕйы фыст ис, хъусын кӕныны хъуыддагӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, уый тыххӕй.

[Рамкӕ 22, 23 фӕрстыл]

ИУӔЙ-ИУТӔ МЫСАЙНӔГТӔ КУЫД ДӔТТЫНЦ

МЫСАЙНӔГТӔ ӔППӔТДУНЕОН ХЪУЫДДАГӔН

Бирӕтӕ се ’хцайӕ иуцасдӕр рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй сӕ ныппарой ӕмбырды асыччытӕй сӕ иуы – «Мысайнӕгтӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн (Матфейы 24:14)».

Алы мӕй дӕр ӕмбырдтӕ уыцы мысайнӕгтӕ ӕрвитынц бынӕттон филиалмӕ. Адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ мысайнаг йӕхӕдӕг дӕр арвита, сӕ бӕстӕйӕн дзуапп чи дӕтты, комкоммӕ уыцы филиалмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, мысайнӕгтимӕ ма-иу арвитут цыбыр писмо дӕр, ныффыссут дзы, мысайнӕгтӕ уӕ лӕвар кӕй сты.

ЦЫ МА ХАУЫ МЫСАЙНӔГТӔМ

Кӕцыдӕр бӕстӕты ма ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕхцайӕ дарддӕр ӕххуыс кӕнӕн ис ӕндӕр хуызы дӕр. Уый кой ис дӕлдӕр.

Исбон. Филиалӕн балӕвар кӕнӕн ис, ауӕй кӕнӕн кӕй ис, ахӕм хӕдзар. Йе та йӕ ис афтӕ балӕвар кӕнӕн, ӕмӕ йӕ чи лӕвар кӕны, уымӕн дзы йӕ бон уыдзӕн цӕрын, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ. Дӕ хӕдзар филиалӕн куы лӕвар кӕнай, уӕд гӕххӕттытӕ аразыны размӕ фӕдзур кӕнӕ ныффысс филиалмӕ.

Ныстуан (завещание). Мулк кӕнӕ ӕхца филиалӕн раттӕн ис ныстуанмӕ гӕсгӕ. Гӕххӕтт саразын фӕхъӕуы, закъон куыд домы, уымӕ гӕсгӕ. Уӕ хорзӕхӕй, ныстуаны къопи-иу арвитут филиалмӕ.