Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо Чырыстийы хъӕдыл цал сахатыл байтыгътой, уый бӕлвырд базонӕн ис?

Ацы фарста уый тыххӕй фӕзынд, ӕмӕ Йесойы мӕлӕты тыххӕй Марчы Евангелийы иу рӕстӕг фыст ис, апостол Иоанны Евангелийы та – ӕндӕр. Марк ныффыста: «Тындзгӕ та йӕ бакодтой ӕртыккӕгӕм сахатыл» (Мар. 15:25). Иоанн та ныффыста, зӕгъгӕ, Пилат «ӕхсӕзӕм сахатыл» Йесойы дзуттӕгты къухмӕ радта, цӕмӕй йӕ байтыгътаиккой (Иоан. 19:14–16). Ацы хъуыддаг Библи иртасджытӕ алыхуызон ӕмбарын кӕнынц. Фӕлӕ Фыстады бӕлвырдӕй ницы ис фыст, дыууӕ Евангелийы алыхуызон рӕстӕджы кой цӕмӕн ис, уый фӕдыл. Уый тыххӕй ӕркӕсӕм, уыцы заманты адӕм рӕстӕг куыд нымадтой, уымӕ.

Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ бон дих кодтой 12 сахатыл, ӕмӕ нымад цыди хурыскастӕй (Иоан. 11:9). «Ӕртыккӕгӕм сахат» уыди райсомы аст сахатӕй фараст сахатмӕ, «ӕхсӕзӕм сахат» та уыди сихормӕ ӕввахс. Хурыскаст ӕмӕ хурныгуылд афӕдзы мидӕг алыхуызон рӕстӕг вӕййынц. Афӕдзы афонтӕм гӕсгӕ хур фӕкӕсы куы фылдӕр, куы къаддӕр. Уымӕй уӕлдай ма раджы заманты рӕстӕг бӕрӕг кодтой хурмӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ рӕстӕг бӕлвырдӕй сбӕрӕг кӕнын зын уыд. Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фыст ис, кӕй ӕрцыдысты ӕртыккаг, ӕхсӕзӕм кӕнӕ фарӕстӕм сахатыл, ома уыцы сахатмӕ хӕстӕг (Матф. 20:3, 5; Хъуыд. 10:3, 9, 30).

Йесойыл фӕстаг бон кӕцы сахат цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон цыппар Евангелийы дӕр ӕмхуызон сты. Алкӕцыйы дӕр фыст ис, сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, куыддӕр ӕрбабон, афтӕ, ӕмӕ стӕй Йесойы кӕй радтой ромаг хицау Понтий Пилаты къухмӕ (Матф. 27:1; Мар. 15:1; Лук. 22:66; Иоан. 18:28). Матфей, Марк ӕмӕ Лука фыссынц, Йесо хъӕдыл ауыгъд куы уыди, уӕд ӕхсӕзӕм сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр кӕй баталынг, ӕмӕ афтӕ кӕй уыди «суанг фарӕстӕм сахатмӕ» (Матф. 27:45, 46; Мар. 15:33, 34; Лук. 23:44).

Иу хъуыддаг ма зӕгъын хъӕуы, Йесойы цы рӕстӕг байтыгътой, уый тыххӕй. Адӕймаджы-иу ехсӕй кӕй фӕнадтой, уый хауди, хъӕдыл-иу ӕй кӕй байтыгътой, уыцы ӕфхӕрдмӕ. Хатт-иу адӕймаджы ахӕм над фӕкодтой, ӕмӕ-иу амард. Йесойы дӕр тынг кӕй фӕнадтой, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй ахӕссын кодтой йӕ хъизӕмӕртты хъӕд ӕндӕр адӕймагӕн (Лук. 23:26; Иоан. 19:17). Кӕд-иу ӕфхӕрд ехсӕй нӕмынӕй райдыдта, уӕд цасдӕр рӕстӕг хъуамӕ рацыдаид, цалынмӕ Йесойы хъӕдыл не ’рцауыгътой, уӕдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Йесойы кӕд байтыгътой, уый тыххӕй Евангелиты фысджытӕ иу рӕстӕджы кой нӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ дзы чидӕр рӕстӕг нымадта, куы йӕ фӕнадтой, уыцы рӕстӕгӕй.

Евангелиты иннӕ фысджытӕй уӕлдай апостол Иоанн йӕ Евангели ныффыста иу-30–50 азы фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд иннӕ Евангелитӕ кӕсын. Иоанн цы рӕстӕджы кой кӕны, уый тынг хицӕн кӕны, Марк цы рӕстӕджы тыххӕй фыссы, уымӕй. Фӕлӕ уый бӕлвырд кӕны, Иоанн Марчы Евангели кӕй нӕ рафыста. Иоанн дӕр ӕмӕ Марк дӕр фыстой Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Кӕд Фыстады бӕлвырдӕй ницы ис фыст, дыууӕ Евангелийы алыхуызон рӕстӕджы кой цӕмӕн ис, уый, уӕддӕр мах фидарӕй уырны, уыцы хабӕрттӕ ӕцӕг кӕй сты.