Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарай

Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарай

Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарай

«Тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ... цӕрӕм» (РОМ. 8:4).

1, 2. а) Шофыртӕ машинӕ скъӕргӕйӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр куы фӕкӕнынц, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны? ӕ) Чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл куы адзӕгъӕл уӕм, уӕд нын тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн?

«АБОН тынг сбирӕ сты, машинӕ скъӕргӕйӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр чи фӕаразы, ахӕм шофыртӕ, ӕмӕ азӕй-азмӕ сӕ нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр»,– зӕгъы Америкӕйы транспорты министр. Зӕгъӕм, шофыртӕ цӕугӕ-цӕуын телефонӕй фӕныхас кӕнынц ӕмӕ уый тыххӕй фӕндагмӕ лӕмбынӕг нал фӕкӕсынц. Аварийы чи бахауд кӕнӕ та уымӕй тӕссаг кӕмӕн уыди, уыдонӕй бирӕтӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй сыл уыцы бӕллӕх ӕрцыд, чи сӕ скъуырдта, уыцы шофыртӕ телефонӕй кӕй ныхас кодтой, уый тыххӕй. Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ, машинӕ скъӕргӕйӕ ма телефонӕй дӕр куы дзурай, уӕд дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕныс. Фӕлӕ арӕх уый стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕны.

2 Цӕугӕ-цӕуын шофыр ӕндӕр хъуыддӕгтӕ куы фӕкӕны, уӕд нӕ бафиппайы, цӕмӕйдӕр тӕссаг кӕй у, уый. Афтӕ мах дӕр, чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл куы адзӕгъӕл уӕм, уӕд нӕхи фыдбылызы баппардзыстӕм. Ӕмӕ уӕд тӕссаг уыдзӕн, нӕ уырнындзинады нау куы ныппырх уа, уымӕй (1 Тим. 1:18, 19). Апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд сӕ уымӕй бафӕдзӕхста: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн» (Ром. 8:6). Ацы ныхӕстӕй Павелы цы зӕгъын фӕндыд? Ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды», ууыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, «сыгъдӕг тыхы цы фӕнды», ууыл?

«Уыдон тӕрхонгонд не сты»

3, 4. а) Павел цы ныффыста, йӕ мидӕг цы тох цыди, уый тыххӕй? ӕ) Павел цы уавӕры уыди, уый зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

3 Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм ныффыста, йӕ мидӕг цы тох цыди, уый тыххӕй. Куыд загъта, афтӕмӕй йӕ тӕригъӕдджын буар тох кодта йӕ зондимӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–23.) Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кодта кӕнӕ йӕхицӕн тӕригъӕд кодта, зӕгъгӕ, ӕнӕххӕст дӕн ӕмӕ мӕ бон нӕ бауыдзӕн, раст цы у, уый аразын. Павел уыди фӕлтӕрд, сӕрст чырыстон, стӕй «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол» (Ром. 1:1; 11:13). Ӕмӕ уӕд, йӕ мидӕг цы тох цыди, уый тыххӕй цӕмӕн ныффыста?

4 Павел ӕргом загъта, йӕхи хъарутӕй йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн, Хуыцауы фӕндон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын. Цӕуылнӕ? Уый ныффыста: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын» (Ром. 3:23). Адамы байзӕддаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр уыди тӕригъӕды цагъар. Ӕмӕ мах Павелы хорз ӕмбарӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ махӕн дӕр нӕ мидӕг алы бон дӕр цӕуы ахӕм тох. Уымӕй уӕлдай ма нӕ ацы дуне дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты сайы, цӕмӕй адзӕгъӕл уӕм ӕмӕ, цардмӕ цы уынгӕг фӕндаг кӕны, уымӕй фӕиппӕрд уӕм (Матф. 7:14). Фӕлӕ Павелы уӕддӕр ныфс уыди, уыцы тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Ӕмӕ уый ныфс ис мах дӕр.

5. Павелӕн стыр ӕххуыс цы уыди?

5 Павел загъта, уыцы тохӕй мӕ чи фервӕзын кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ром. 7:24, 25). Стӕй йӕ ныхас аздӕхта, «Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис», уыдонмӕ, ома сӕрст чырыстӕттӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:1, 2.) Йегъовӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхицӕн скодта фырттӕ ӕмӕ сӕ схуыдта «бындартӕ Чырыстиимӕ иумӕ» (Ром. 8:14–17). Сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы уӕлахиз кӕнынц, Павел кӕй кой кодта, уыцы тохы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «тӕрхонгонд не сты». Уыдон ссӕрибар сты «тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъонӕй».

6. Чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр цӕмӕн хъӕуы Павелы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсын?

6 Павелӕн йӕ ныхас сӕрст чырыстӕттӕм уыди, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы тыххӕй ӕмӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй цы загъта, уый стыр ӕххуыс у Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр – уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын ис, ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс. Павел цы уынаффӕ радта, уый Хуыцауӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр уыцы уынаффӕ хъуамӕ хорз ӕмбарой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайой.

«Адӕймаджы мидӕг цы тӕригъӕд ис, уымӕн тӕрхон рахаста»

7, 8. а) «Адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ» Закъонӕн цы нӕ бантыст? ӕ) Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы цы сарӕзта?

7 Ромӕгтӕм фыстӕджы 7 сӕры Павел фыссы, ӕнӕххӕст адӕймаг тӕригъӕды уацары кӕй ис, уый тыххӕй. 8 сӕры та дзуры, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон цас у, уый тыххӕй. Павел чырыстӕттӕн ӕмбарын кӕны, сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ бон куыд у сӕ тӕригъӕдджын буаримӕ тох кӕнын, цӕмӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ цӕрой ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын уой. Павел ӕмбарын кӕны, Моисейы закъонӕн йӕ бон цы нӕ баци, уый Хуыцау кӕй сарӕзта йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы.

8 Моисейы закъон тӕригъӕдджын адӕмӕн тӕрхон кодта, ома сын сӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта. Уымӕй уӕлдай, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ Израилы хистӕр сауджынтӕй чи лӕггад кодта, уыдон дӕр уыдысты ӕнӕххӕст ӕмӕ сӕ бон нӕ уыд, адӕмы тӕригъӕдӕй чи ссӕрибар кодтаид, ахӕм нывонд ӕрхӕссын. Уӕдӕ, «адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд», Закъоны цы фӕдзӕхстытӕ уыди, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Хуыцау йӕ Фырты рарвыста, «тӕригъӕдджын адӕймагӕн цавӕр буар ис, уый хуызӕн буары» ӕмӕ йӕ нывондӕн ӕрхаста. Уый фӕрцы «тӕрхон рахаста, адӕймаджы мидӕг цы тӕригъӕд ис, уымӕн», ӕмӕ афтӕмӕй сарӕзта, «Закъонӕн цы нӕ бантыст, уый». Сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ нымайы рӕстгӕнджытыл. Павел сӕ разӕнгард кӕны, зӕгъгӕ, цӕрут, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ». (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:3, 4.) Ӕмӕ хъуамӕ афтӕ цӕрой, цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ. Кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сын Хуыцау ратдзӕн «хӕрзиуӕг – цард» (Рарг. 2:10).

9. Ромӕгтӕм 8:2 дзырд «закъон» цӕмӕ амоны?

9 Моисейы закъонӕй уӕлдай ма Павел кӕны «сыгъдӕг тыхы закъоны» кой, стӕй «тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны» кой дӕр (Ром. 8:2). Цы сты уыцы закъӕттӕ та? Ацы стихы дзырд «закъон», Моисейы закъоны чи уыди, ахӕм бӕлвырд уагӕвӕрдтӕм нӕ амоны. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы ран «закъон»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый уымӕ амоны, ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕн цыдӕр хъуыддӕгты бӕлвырд уаг сӕвӕры ӕмӕ йын закъоны хуызӕн свӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ хорз хъуыддӕгтӕ фӕаразы кӕнӕ ӕвзӕр. Амоны ма, адӕймаг йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр цыдӕр ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй фӕаразы, уымӕ дӕр.

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны дӕлбар стӕм?

10 Апостол Павел ныффыста: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12). Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны дӕлбар. Нӕ тӕригъӕдджын буар нӕ ӕдзухдӕр ардауы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл. Уыцы хъуыддӕгтӕ та кӕнынц мӕлӕтмӕ. Йӕ фыстӕджы галатӕгтӕм Павел ахӕм хъуыддӕгтӕ схуыдта «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (Гал. 5:19–21). Ахӕм адӕм цӕрынц, сӕ тӕригъӕдджын буар сын куыд дзуры, афтӕ (Ром. 8:4). Царды сын алы хъуыддаджы дӕр фӕндагамонӕг у сӕ тӕригъӕдджын буар. Фӕлӕ цымӕ кӕмӕй ис зӕгъӕн, тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ цӕры, зӕгъгӕ? Хӕтгӕ чи кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны ӕмӕ ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ чи аразы, ӕрмӕстдӕр уыдонӕй? Нӕ. Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕм хауы, бирӕтӕ лыстӕг хъӕндзинӕдтыл кӕй нымайынц, ахӕм миниуджытӕ дӕр, зӕгъӕм, ӕнӕууӕнк кӕнын, мӕстӕй фыцын, загъд кӕнын ӕмӕ хӕлӕг кӕнын. Цымӕ нӕ исчи зӕгъдзӕни, ӕз тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй иу дӕр нӕ аразын, зӕгъгӕ?

11, 12. Цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны дӕлбар мауал уӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ цы сарӕзта? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

11 Цӕй амондджын стӕм, Йегъовӕ нын ахӕм фадат кӕй радта, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны дӕлбар мауал уӕм! Йесо загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа». Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕты тӕрхон. Фӕлӕ, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ царды куы ’вдисӕм ӕмӕ Йесо Чырыстийы нывондыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ уыцы тӕрхон нӕ баййафдзӕн (Иоан. 3:16–18). Ӕмӕ махӕн дӕр Павелау нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!»

12 Мах абарӕн ис, уӕззау низӕй рынчын чи у ӕмӕ йӕхи чи дзӕбӕх кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ кӕронмӕ сдзӕбӕх уӕм, уӕд нӕ хъӕуы, дохтыр нын куыд дзуры, афтӕ кӕнын. Кӕд, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъонӕй сӕрибар кӕны, уӕддӕр нырма стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Ӕмӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй ма нӕ цыдӕр хъӕуы аразын. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ цӕрӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ. Ӕрмӕстдӕр уӕд сӕххӕст кӕндзыстӕм «Закъоны рӕстаг фӕдзӕхстытӕ» ӕмӕ цы уӕззау низӕй рынчын стӕм, уымӕй сдзӕбӕх уыдзыстӕм.

Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ цӕрӕм

13. Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ цӕрын цы нысан кӕны?

13 Цӕмӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ чырыстон фӕндагыл размӕ цӕуӕм (1 Тим. 4:15). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ рӕдийдзыстӕм. Фӕлӕ хъуамӕ алы бон дӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, сыгъдӕг тых нын куыд амоны, афтӕ цӕрыныл. Сыгъдӕг тыхы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм (Гал. 5:16).

14. «Йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ чи кӕсы, уыдон» цавӕр зондыл хӕст сты ӕмӕ сӕ цард куыд аразынц?

14 Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм дарддӕр дзуры, алыхуызон зондыл хӕст чи у, ахӕм адӕмы тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:5.) Павел 7 сӕры куыд загъта, афтӕмӕй, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ тӕригъӕдджын буар ӕдзухдӕр тох кӕны нӕ зондимӕ. Павел йӕхӕдӕг дӕр тох кодта йӕ тӕригъӕдджын буаримӕ. Фӕлӕ Павелӕй уӕлдай, «йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ чи кӕсы, уыдон» сӕ къух къухыл дӕр не ’рцӕвынц, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдджын буаримӕ тох кӕной. Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц ӕмӕ цӕмӕй сӕ тӕригъӕдджын буарыл фӕуӕлахиз уой, уый тыххӕй дзы ӕххуыс дӕр нӕ курынц. Ахӕм адӕмӕн «сӕ хъуыдытӕ сты, буары цы фӕнды, ууыл» ӕмӕ сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл цӕуынц. «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн та сӕ хъуыдытӕ сты, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл», ома Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл ӕмӕ сын цы разамынд дӕтты, ууыл.

15, 16. а) Адӕймаг йӕ хъуыдытӕ цӕмӕдӕр куы саразы, уӕд ыл уый куыд фӕзыны? ӕ) Абон адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ цӕуыл сты?

15 Бакӕс Ромӕгтӕм 8:6. Адӕймаг цыфӕнды хъуыддаг ма араза, хорз уа ӕви ӕвзӕр,– фыццаг уал уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъуыдытӕ саразы. Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ зонды тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ йеддӕмӕ бынат ницӕмӕнуал вӕййы. Сӕ хъуыдытӕ, сӕ бӕллицтӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр свӕййынц уыцы хъуыддӕгтыл.

16 Абон адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ цӕуыл сты? Апостол Иоанн ныффыста: «Дунейы цыдӕриддӕр ис: тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын,– уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ» (1 Иоан. 2:16). Иоанн цы монцты кой кодта, уыдонмӕ хауынц чъизи ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгтӕ, стӕй кад ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын. Чингуыты, журналты, газетты, телевизоры ӕмӕ Интернеты уыцы хабӕрттӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕй кой ис, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ уыдӕттыл сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дӕр уыдӕттӕм ӕхсайы. Фӕлӕ, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ», ома абон ӕнӕхай фӕуыдзӕн Йегъовӕйы хорзӕхӕй, фидӕны та – цардӕй дӕр. Цӕмӕн? Павел куыд загъта, афтӕмӕй, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уый суыдзӕн Хуыцауы знаг, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын буар Хуыцауы закъоны коммӕ нӕ кӕсы, ӕмӕ, уӕвгӕ, йӕ коммӕ кӕса, уый йӕ бон дӕр нӕу. Ӕмӕ уӕдӕ, тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, уый чи аразы, уыдонӕн сӕ бон нӕу Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын» (Ром. 8:7, 8).

17, 18. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый цы ратдзӕн?

17 «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн». Ахӕм адӕймаг фидӕны хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй. Абон та йӕ зӕрдӕйы ис фарн ӕмӕ Хуыцауимӕ дӕр цӕры фӕрнӕй. Сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй цы разамынд дӕтты, ӕдзухдӕр уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уыдзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн «Хуыцауы закъоны» коммӕ кӕсын ӕмӕ, Хуыцауы цы фӕнды, уый аразын. Ӕмӕ нӕ исчи кӕнӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд хъуыдытӕ нӕ кӕндзыстӕм, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ. Мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнддзӕн, раст куыд у, афтӕ бакӕнын, ӕмӕ раст та у, сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ.

18 Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дзуры, уымӕ саразын. Мах фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕ нӕ царды фыццаг бынаты уой. Уыцы хъуыддӕгтӕм хауы, ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувын, Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайын (1 Пет. 1:13). Хъуамӕ нӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл мӕ цӕуӕм, фӕлӕ нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр саразӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дзуры, уымӕ. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй – ссардзыстӕм ӕнусон цард ӕмӕ фарн! (Гал. 6:7, 8).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Моисейы закъонӕн йӕ бон цы нӕ баци? Закъонӕн цы нӕ бантыст, уый Хуыцау куыд сарӕзта?

• «Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъон» цы у? Уыцы закъонӕй нӕ цы сӕрибар кӕны?

• Цӕмӕй, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды», ууыл хъуыды кӕнын сахуыр уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 12, 13 фӕрстыл]

Тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ цӕрыс ӕви, сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ?