Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ низы тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус

Дӕ низы тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус

Дӕ низы тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн ахӕм ныв: райсомӕй райхъал дӕ ӕмӕ дӕ тынг фӕнды, цӕмӕй тагъддӕр баизӕр уа. Иу бон та дӕ хъӕуы дӕ низимӕ фӕудхар кӕнын. Ды дӕр Иовау дӕхицӕн зӕгъыс: «Ме стджытӕм кӕсыны бӕсты мӕлӕт хуыздӕр» (Иов 7:15). Фӕлӕ низимӕ бирӕ азты дӕргъы куы тох кӕнай, уӕд та?

Ахӕм уавӕры уыд Мемфивосфей, паддзах Давиды ӕмбал Ионафаны фырт. Мемфивосфейыл фондз азы куы цыд, уӕд йӕ хъомылгӕнӕджы къухтӕй «ӕрхауд ӕмӕ фӕкъуылых» (2 Сам. 4:4). Къуылых кӕй уыд, уый йын зын куыннӕ уыд. Фӕлӕ тынгдӕр маст кодта, куы йыл ӕрымысыдысты, паддзахыл гадзрахатӕй рацыд, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ мулк куы байстой, уӕд. Фӕлӕ кӕд сахъат уыд, мӕнг ныхӕстӕ дзы фӕкодтой ӕмӕ фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр диссаджы фӕразон уыд ӕмӕ йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста (2 Сам. 9:6–10; 16:1–4; 19:24–30).

Ӕркӕсӕм-ма апостол Павелы хабармӕ дӕр. Павел ныффыста, «мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ тухӕнӕй мардта (2 Кор. 12:7). Уыцы сындз, ӕвӕццӕгӕн, уыд, рагӕй йӕ чи тыхсын кодта, ахӕм низ кӕнӕ та апостол кӕй уыд, ууыл чидӕртӕ кӕй дызӕрдыг кодтой, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр ын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ӕмӕ йӕ хъуыди хъарутӕ ӕмӕ фӕразондзинад (2 Кор. 12:9, 10).

Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ тыхсынц уӕззау низтӕй. Магдаленӕйыл 18 азы куы цыд, уӕд ӕм дохтыртӕ ссардтой уӕззау низ (системная красная волчанка). Уыцы низӕй адӕймагӕн йӕ иммунон системӕ фӕцуды ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ хӕлын райдайынц. Магдаленӕ зӕгъы: «Мӕ низы тыххӕй куы базыдтон, уӕд мӕхи цы фӕкодтаин, уый нал зыдтон. Рӕстӕг цыди, ӕмӕ мӕ уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кодта, мӕ ахсӕн ӕвзӕр кусын райдыдта, мӕ ком-иу схъӕдгӕмттӕ ӕмӕ мӕ хъуыры рӕзынӕг (щитовидная железа), куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал куыста». Изабелӕйӕн та йӕ низ бынтон ӕндӕрхуызон у. Изабелӕ зӕгъы: «Мӕ гыццылӕй нырмӕ мын ис депресси. Уый тыххӕй ӕвиппайды тӕрсын райдайын, мӕ улӕфӕнтӕ сӕхгӕнынц ӕмӕ мӕ ахсӕн дӕр сриссы. Уымӕ гӕсгӕ мӕм тыхы мур нал вӕййы».

Низӕн дӕхи сӕттын ма бауадз

Адӕймаг рынчын кӕй у ӕмӕ йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый тыххӕй йын цард сӕнад вӕййы. Ахӕм рӕстӕг хорз у ӕрбадын ӕмӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Адӕймагӕн йӕ бон алцы кӕй нӕу, ууыл басӕттын зын у. Магдаленӕ зӕгъы: «Мӕ низ тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны. Арӕх мӕм хъарутӕ дӕр нӕ вӕййы, цӕмӕй мӕ сынтӕгӕй сыстон. Мӕ низ кӕцырдӕм фӕуыдзӕн, уый кӕй нӕ фӕзонын, уымӕ гӕсгӕ мын зын у исты пълан кӕнын. Ӕппӕты зындӕр мын у, мӕ бон кӕй нӕу Йегъовӕйӕн раздӕрау лӕггад кӕнын, уый».

Збигнев та зӕгъы: «Уал азы дӕргъы мын ревматоидный артрит мӕ хъарутӕ басаста, ме уӕнгтӕ мын бахордта. Мӕ нуӕрттӕ тынг куы срӕсийынц, уӕд мӕ бон ӕппындӕр ницыуал вӕййы аразын, ӕмӕ мӕ ныфс асӕтты».

Цалдӕр азы размӕ Барбарӕйӕн йӕ сӕрымагъзы опухоль ссардтой. Барбарӕ зӕгъы: «Ме уӕнгтӕ ӕндӕрхуызон кусын райдыдтой. Тынг ӕрлӕмӕгъ вӕййын, арӕх мӕ сӕр фӕриссы ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц. Уыдӕтты тыххӕй мӕ мӕ царды алцыдӕр ивын бахъуыд».

Кӕй кой кодтам, уыдон се ’ппӕт дӕр сты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ сын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр ницы ис. Уыдон сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарынц Хуыцауыл ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны (Ӕмб. 3:5, 6).

Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны?

Адӕймагыл исты куы ӕрцӕуа, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕфхӕры (Йер. хъ. 3:33). Иов бирӕ бӕллӕхтӕ баййӕфта, кӕд «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ» адӕймаг уыд, уӕддӕр (Иов 1:8). Хуыцау фыддзинадӕй никӕй фӕлвары (Иак. 1:13). Не ’ппӕт низтӕ дӕр цӕуынц нӕ рагфыдӕлтӕй, Адам ӕмӕ Евӕйӕ (Ром. 5:12).

Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти рӕстгӕнӕгӕн алы хатт дӕр баххуыс кӕнынц (Пс. 34:15). Нӕ царды ӕппӕты зындӕр уавӕрты бамбарӕм, Хуыцау «не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ фидар мӕсыг» кӕй у, уый (Пс. 91:2). Уӕдӕ нӕ низӕй куы стыхсӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм?

Кувын. Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куы фӕзмӕм, уӕд мах дӕр нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувдзыстӕм ӕмӕ-иу ыл нӕ уаргъ сӕвӕрдзыстӕм (Пс. 55:22). Афтӕмӕй «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» бахъахъхъӕндзӕн нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд (Фил. 4:6, 7). Магдаленӕ Хуыцаумӕ кӕй фӕкувы, уый фӕрцы йын ӕнцондӕр у йӕ уӕззау низӕн фӕразын. Магдаленӕ зӕгъы: «Йегъовӕйӕн мӕ тыхстытӕ куы радзурын, уӕд мын фенцондӕр вӕййы ӕмӕ мӕ зӕрдӕ иу гыццыл бахъӕлдзӕг вӕййы. Ныр ӕмбарын, алы бон дӕр Йегъовӕйыл ныфс дарын цӕмӕн хъӕуы, уый» (2 Кор. 1:3, 4).

Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕ хъусы ӕмӕ дын хъарутӕ дӕтдзӕн йӕ сыгъдӕг тыхы, йӕ Ныхасы ӕмӕ де ’мчырыстӕтты уылты. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Хуыцау нын нӕ низтӕ диссаджы хуызы кӕй нӕ фесафдзӕн. Йегъовӕ нын дӕтты ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй нӕ фӕлварӕнтӕн фӕразӕм (Ӕмб. 2:7). Бафидар нӕ кӕны ӕмӕ нӕ «схайджын кӕны, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7).

Бинонтӕ. Нӕ бинонтӕ нӕ кӕй уарзынц ӕмӕ ныл сӕ зӕрдӕ кӕй риссы, уый дӕр нын баххуыс кӕндзӕн низимӕ тох кӕнынӕн. Фӕлӕ ӕмбарын хъӕуы, уыдонӕн дӕр зын кӕй у, уымӕн ӕмӕ сӕ бон алцы нӕу. Дӕ уавӕр цыфӕнды уӕззау ма уа, уӕддӕр дӕ фарсмӕ сты. Иумӕ куы куват, уӕд дӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр (Ӕмб. 14:30).

Барбарӕ йӕ чызджыты ӕмӕ се ’мбырды ӕрыгон хоты тыххӕй зӕгъы: «Мӕ чызджытӕ мын хорз хабар хъусын кӕнынӕн тынг ӕххуыс кӕнынц. Куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц, уый мӕ ныфс бауадзы». Збигнев та бузныг у йӕ бинойнагӕй, кӕй йын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Збигнев зӕгъы: «Хӕдзары куыстытӕ фылдӕр уый фӕкӕны. Стӕй ма мӕнӕн дӕр ӕххуыс кӕны мӕ дзаумӕттӕ скӕнынӕн ӕмӕ мын мӕ сумкӕ фӕхӕссы ӕмбырдмӕ ӕмӕ уацамындмӕ».

Не ’мчырыстӕттӕ. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы вӕййӕм, уӕд дӕр бафидар вӕййӕм. Фӕлӕ нӕ низы тыххӕй нӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын куы нӕ уа, уӕд та? Магдаленӕ зӕгъы: «Не ’мбырд мын фембӕлдтӕ дискыл ныффыссы ӕмӕ сӕм фӕхъусын. Хотӕ ӕмӕ мӕм ӕфсымӕртӕ арӕх телефонӕй ӕрбадзурынц ӕмӕ мӕ бафӕрсынц, цӕмӕй дӕм фӕкӕсӕм, зӕгъгӕ. Стӕй мӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн писмотӕ дӕр ныффыссынц. Кӕй мӕ нӕ рох кӕнынц ӕмӕ мыл кӕй тыхсынц, уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕ низимӕ тох кӕнон».

Уӕлдӕр цы Изабелӕйы кой кодтам, уый зӕгъы: «Ӕмбырды мӕ бирӕтӕ рӕвдауынц фыдау ӕмӕ мадау. Уыдон мӕм лӕмбынӕг байхъусынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй мӕ бамбарой. Не ’мбырды мӕ уарзынц мӕхи бинонтау, уым мӕ зӕрдӕ вӕййы сабыр ӕмӕ хъӕлдзӕг».

Алыхуызон фӕлварӕнтӕ кӕмӕн ис, уыдон хорз кӕнынц, сӕхи иннӕтӕй дард кӕй нӕ ласынц ӕмӕ се ’муырнджытыл сӕхи кӕй бӕттынц (Ӕмб. 18:1). Стӕй сӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн стыр ныфсы хос сты. Ма ӕфсӕрмы кӕн дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дзурын, ӕххуыс дӕ кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Уый ма сын ӕхсызгон дӕр уыдзӕн. Афтӕмӕй сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй равдисой, «ӕнӕхин уарзтӕй» дӕ кӕй уарзынц, уый (1 Пет. 1:22). Дӕ бон сын зӕгъын у, ӕмбырдмӕ дӕ баласын кӕй хъӕуы, уацамындмӕ цӕуынӕн дӕ ӕххуыс кӕй хъӕуы кӕнӕ дӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ аныхас кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕгӕр бирӕ дӕр сӕ хъуамӕ ма домӕм ӕмӕ сын се ’ххуысӕн аргъ кӕнӕм.

Дӕхимӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ ма уадз. Арӕх адӕймагӕн йӕхицӕй кӕнгӕ вӕййы, цӕмӕй йӕ низы тыххӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуса. Ӕрхӕндӕг ӕмӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ ныфс сӕттынц. Библийы фыст ис: «Адӕймаг зӕрдӕйӕ фидар куы уа, уӕд низӕн бабыхсдзӕн. Фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа, уӕд чи бафӕраздзӕн?» (Ӕмб. 18:14).

Магдаленӕ загъта: «Ӕз тынг архайдтон, цӕмӕй мӕ зындзинӕдтыл къаддӕр хъуыды кодтаин. Архайдтон ма, цӕмӕй цин кодтаин, мӕ низ-иу мӕ тынг куы нӕ тыхсын кодта, уыцы бонты. Уӕззау низимӕ тох кӕнгӕйӕ дӕр иузӕрдион чи у, уыдоны царды хабӕрттӕ кӕй фӕкӕсын, уый мӕ ныфс бауадзы». Изабелӕ та бафидар вӕййы, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд. Изабелӕ зӕгъы: «Ӕз зонын, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уымӕн кӕй аргъ кӕны. Цӕмӕн цӕрын, уый зонын. Стӕй ма мӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы».

Збигнев та зӕгъы: «Мӕ низ мӕ ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинадыл, стӕй, цӕмӕй ӕмбаргӕ уон, алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсон ӕмӕ зӕрдӕбынӕй хатыр кӕнон. Ахуыр ма кӕнын, цӕмӕй цин кӕнон, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, ууыл ӕмӕ мӕхицӕн ма тӕригъӕд кӕнон. Уый фӕрцы мӕ тынгдӕр фӕнды Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын».

Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ кӕй уыны, дӕ низимӕ тох кӕнгӕйӕ фидар кӕй дӕ, уый. Кӕй тухӕн кӕныс, уый ӕмбары ӕмӕ дыл йӕ зӕрдӕ риссы. Библийы фыст ис, Хуыцау уын кӕй «нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Рох дӕ ма уӕд, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзут. 13:5).

Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ дӕм куы фӕзына, уӕд-иу ахъуыды кӕн, ног дунейы дӕм цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Уыцы рӕстӕг тынг тагъд ралӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый!

[Рамкӕ/Нывтӕ 28 фарсыл]

Рынчынӕй дӕр хъусын кӕнынц

«Иунӕгӕй цӕуын мӕ бон нӕу, ӕмӕ мӕ уацамындмӕ куы мӕ бинойнаг акӕны, куы та хотӕй кӕнӕ ӕфсымӕртӕй исчи. Сахуыр кӕнын, ныхас цӕмӕй райдайдзынӕн, уый ӕмӕ Библийӕ стихтӕ» (Йежи, цӕстӕй ӕвзӕр уыны).

«Фӕхъусын кӕнын телефонӕй, стӕй писмотӕ фӕфыссын ӕмӕ, фылдӕр зонын кӕй фӕнды, уыдонӕй цалдӕрмӕ ӕдзух дзуаппытӕ фӕфыссын. Рынчындоны куы фӕхуыссын, уӕд мӕ фарсмӕ вӕййы Библи ӕмӕ нӕ литературӕ. Уый фӕрцы мын ӕнцондӕр вӕййы ныхас райдайын» (Магдаленӕ, ис ӕм системная красная волчанка).

«Уарзын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, фӕлӕ мӕ бон куы нӕ вӕййы, уӕд та телефонӕй фӕхъусын кӕнын» (Изабелӕ, рынчын у депрессийӕ).

«Бирӕ уарзын адӕймагмӕ ногӕй бацӕуын ӕмӕ иннӕтӕн адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Мӕхи хуыздӕр куы фӕхатын, уӕд уарзын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын» (Барбарӕ, йӕ сӕры ис опухоль).

«Мӕ бон хӕссын у ӕрмӕст рог сумкӕ. Ӕмӕ фӕхъусын кӕнын, мӕ бон лӕууын цас у, уый бӕрц» (Збигнев, ис ӕм ревматоидный артрит).

[Ныв 30 фарсыл]

Алкӕй бон дӕр у иннӕты фидар кӕнын