Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йӕ хабар дын фӕзминаг у ӕви зондзонӕн?

Йӕ хабар дын фӕзминаг у ӕви зондзонӕн?

Йӕ хабар дын фӕзминаг у ӕви зондзонӕн?

«Иаковы Хуыцау... нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл» (ИС. 2:3).

1, 2. Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыдоны хабӕрттӕй дӕ бон цы пайда у райсын?

БИБЛИЙЫ цы фыст ис, уый дын пайда кӕй хӕссы, уыимӕ куыннӕ сразы уыдзынӕ. Дӕ бон дзы у бакӕсын, фӕзминаг дын чи у, ахӕм иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй (Дзут. 11:32–34). Фӕлӕ ма дзы ис, фӕзминаг дын чи нӕу, ахӕм адӕмы кой дӕр. Уыдоны хабӕрттӕ дын сты зондзонӕн.

2 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Библийы кӕй кой цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ царды хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ сты фӕзминаг, кӕцыдӕртӕ та – зондзонӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕн Давиды. Уый уыд сӕрныллӕг фыййау, уый фӕстӕ та сси хъомысджын паддзах. Давид нын фӕзминаг у, рӕстдзинад кӕй уарзта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уымӕй. Фӕлӕ Давид сарӕзта стыр тӕригъӕдтӕ дӕр: Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд, Урийы амарын кодта, стӕй ма фӕрӕдыд, адӕмы кӕй банымадта, уымӕй дӕр. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Давиды фырт Соломоны царды хабӕрттӕм – уый уыд паддзах, стӕй ныффыста Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, фӕзминаг нын цавӕр дыууӕ хъуыддаджы у, ууыл.

«Соломоны зонд»

3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Соломон нын фӕзминаг кӕй у?

3 Стырдӕр Соломон, ома Йесо Чырысти, паддзах Соломоны тыххӕй цы дзырдта, уымӕй бамбарын кодта, Соломон нын фӕзминаг кӕй у. Иухатт Йесо, чи йыл не ’ууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Тӕрхоны бон хуссайраг ус-паддзах ацы фӕлтӕримӕ мӕрдтӕй сыстдзӕн ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый Соломоны зондмӕ байхъусынмӕ ӕрцыд зӕххы кӕронӕй. Ӕмӕ ам та ис, Соломонӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Матф. 12:42). Соломоны зонды кой дардыл айхъуыст, ӕмӕ Соломон мах дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй зонд агурӕм.

4, 5. Соломон зондӕй куыд схайджын? Махӕн та нӕ бон куыд у зонд ссарын?

4 Соломон паддзах куы сси, уӕд ӕм Хуыцау фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй дзы ракуырдтаид, цыдӕриддӕр ӕй хъуыди, уый. Соломон ӕмбӕрста, нырма ӕвӕлтӕрд кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ракуырдта зонд. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 3:5–9.) Паддзах зонд кӕй ракуырдта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ йын ӕрмӕст «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ» нӕ радта, фӕлӕ ма дзы цы нӕ куырдта, уый дӕр – «хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад» (1 Пад. 3:10–14). Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Соломон ахӕм диссаджы зондӕй хайджын уыд, ӕмӕ Савӕйы ус-паддзах уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд дард фӕндагыл рацыд, цӕмӕй йын йӕ куырыхон зондмӕ байхъуыстаид (1 Пад. 10:1, 4–9).

5 Мах ӕй ӕмбарӕм, Хуыцау нӕ абон Соломонау зондӕй диссаджы хуызы кӕй не схайджын кӕндзӕн. Соломон загъта, «зонд дӕтты Йегъовӕ», зӕгъгӕ, фӕлӕ ма афтӕ дӕр ныффыста, зонд ссарынӕн нӕхӕдӕг дӕр кӕй хъуамӕ бафыдӕбон кӕнӕм. Уый загъта: «Зонд цы дзуры, уымӕ... хъус ӕмӕ дӕ зӕрдӕ, арфуынӕг уай, уымӕ... сараз». Соломон ма загъта, зӕгъгӕ, зонд хъуамӕ «курай», «сидай» йӕм ӕмӕ йӕ «агурай» (Ӕмб. 2:1–6). Уӕдӕ ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у зонд ссарын.

6. Соломоны нӕ бон цавӕр хорз хъуыддагӕй у фӕзмын?

6 Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕз дӕр Соломонау зондӕн аргъ кӕнын?» Абон экономикӕйы уавӕр ӕвзӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕн сӕ мӕт у ӕрмӕст ӕхца ӕмӕ куыст. Уыцы уавӕр ма фӕзыны, цавӕр ахуырад хъуамӕ райсой ӕмӕ цас хъуамӕ ахуыр кӕной, уый куыд аскъуыддзаг кӕнынц, ууыл дӕр. Дӕуӕй ӕмӕ дӕ бинонтӕй та цы зӕгъӕн ис? Цы уынаффӕтӕ рахӕссут, уымӕй бӕрӕг у, зонд хӕзнайау кӕй агурут? Ӕхцамӕ ӕмӕ ахуырадмӕ цы цӕстӕй кӕсут, уым, мыййаг, ницы фӕивын хъӕуы, цӕмӕй фылдӕр архайат зонд ссарыныл? Цы зонд ссарӕм, уый нын пайда хӕсдзӕн ӕнустӕм. Соломон ныффыста: «Уӕд бамбардзынӕ, цы нысан кӕны, раст, ӕнӕхӕрам ӕмӕ рӕстзӕрдӕ уай, уый – хорз цы у, уый ӕгасӕй дӕр» (Ӕмб. 2:9).

Соломонӕн Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты куы уыд, уӕд адӕм фӕрнӕй цардысты

7. Хуыцауӕн рӕсугъд кувӕндон арӕзт куыд ӕрцыд?

7 Соломон паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, Моисейы замантӕй чи баззад, уыцы хӕсгӕ кувӕндоны цатыры бӕсты сарӕзта рӕсугъд кувӕндон (1 Пад. 6:1). Хонӕм ӕй Соломоны кувӕндон, фӕлӕ йӕ Соломон уый тыххӕй нӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕхицӕн ном скодтаид. Кувӕндон саразын уый не сфӕнд кодта, фӕлӕ Давид. Ӕмӕ Давидӕн та Хуыцау бамбарын кодта, куыд хъуамӕ арӕзт уыдаид ӕмӕ йӕ мидӕг цы хъуамӕ уыдаид, уый. Уыцы хъуыддагӕн ма Давид бирӕ ӕхца дӕр радта (2 Сам. 7:2, 12, 13; 1 Аз. 22:14–16). Фӕлӕ йӕ саразыны хӕс ӕрхауд Соломонмӕ, ӕмӕ йӕ саразынӕн бахъуыд авд азы ӕмӕ ’рдӕг (1 Пад. 6:37, 38; 7:51).

8, 9. а) Соломон хорз хъуыддӕгтӕ зӕрдиагӕй кӕй арӕзта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? ӕ) Соломонӕн Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты куы уыд, уӕд Израилы адӕм куыд цардысты?

8 Соломон хорз хъуыддӕгтӕ зӕрдиагӕй кӕй арӕзта ӕмӕ йын Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты кӕй уыд, уымӕй махӕн у фӕзминаг. Кувӕндон арӕзт куы фӕци ӕмӕ бадзырды чырын уырдӕм куы бахастой, уӕд Соломон адӕмы раз Йегъовӕмӕ скуывта. Йӕ куывды загъта: «Ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр дӕ цӕст дар ацы хӕдзармӕ, афтӕ кӕмӕй загътай, уым уыдзӕн мӕ ном, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ, ӕмӕ фехъус, дӕ цагъар дӕм ацы бынаты ’рдӕм кӕсгӕйӕ цӕй тыххӕй кувы, уый» (1 Пад. 8:6, 29). Израилӕгтӕн ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕн сӕ бон уыди, Хуыцауы номы кадӕн арӕзт чи уыд, уыцы кувӕндонмӕ кӕсгӕйӕ кувын (1 Пад. 8:30, 41–43, 60).

9 Соломонӕн Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты куы уыд, уӕд Израилы адӕм куыд цардысты? Кувӕндон Хуыцауӕн куы снывонд кодтой, уӕд адӕм «цин кодтой, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ... Израилӕн цы хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоныл» (1 Пад. 8:65, 66). Соломон паддзах уыд 40 азы дӕргъы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг адӕм цардысты ӕдасӕй ӕмӕ уыдысты бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 4:20, 21, 25.) Уый тыххӕй фыст ис 72 псаломы, ӕмӕ нын уыцы псалом ӕххуыс кӕны хуыздӕр бамбарынӕн, Стырдӕр Соломоны, ома Йесо Чырыстийы, хицаудзинады рӕстӕг цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, уый (Пс. 72:6–8, 16).

Соломоны хабар нын у зондзонӕн дӕр

10. Цавӕр стыр рӕдыд сарӕзта Соломон?

10 Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, Соломоны хабар ма нын зондзонӕн дӕр кӕй у? Фыццаджыдӕр, чи зоны, ахъуыды кӕнай, ӕндӕрбӕстаг устытӕ ӕмӕ номылустытӕ йын кӕй уыд, ууыл. Мах кӕсӕм: «Зӕрондырдӕм ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нал уыд» (1 Пад. 11:1–6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Соломон цы ӕнӕзонд ми бакодта, дӕу ахӕм ми никуы бафӕнддзӕн бакӕнын. Фӕлӕ нын цымӕ Соломоны цардӕй ӕрмӕстдӕр уыцы хабар у зондзонӕн? Ӕркӕсӕм-ма йын йӕ цардӕй цалдӕр хъуыддагмӕ – чи зоны сыл арӕх нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, фӕлӕ нын уыдон дӕр сты зондзонӕн.

11. Соломон йӕ фыццаг усы куы ’рхаста, уӕд цӕмӕй фӕрӕдыд?

11 Соломон паддзах уыд 40 азы (2 Аз. 9:30). Цы ис базонӕн 1 Паддзӕхты 14:21 стихӕй? (Бакӕс ӕй.) Уым фыст ис, Соломон куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах кӕй сси йӕ фырт Ровоам ӕмӕ йыл кӕй цыди 41 азы, йӕ мад та кӕй уыд «аммонаг, Наамӕ». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цалынмӕ Соломон паддзах сси, уӕдмӕ ус ракуырдта, израилӕгтӕн се знӕгтӕ чи уыдысты ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывтой, ахӕм адӕмыхаттӕй (Тӕрх. 10:6; 2 Сам. 10:6). Мах ӕй нӕ зонӕм, йӕ ус ма мӕнг хуыцӕуттӕн куывта ӕви Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сси, Раав ӕмӕ Руф куыд бакодтой, афтӕ (Руф 1:16; 4:13–17; Матф. 1:5, 6). Фӕлӕ йӕ Соломон кӕй ракуырдта, уый тыххӕй Соломонӕн, ӕвӕццӕгӕн, фӕзынди, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм хӕстӕджытӕ.

12, 13. Соломон йӕ хицаудзинады райдианы цавӕр рӕдыд ӕруагъта ӕмӕ йӕхи цӕмӕй рӕстытӕ кодтаид?

12 Соломон паддзах куы сси, уӕд хабар ноджы фӕфыддӕр. Соломон «бахӕстӕг фараонимӕ, Египеты паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ йӕ Давиды горӕты ӕрцӕрын кодта» (1 Пад. 3:1). Цымӕ уыцы египетаг сылгоймаг Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сси, Руф куыд сси, афтӕ? Библийы уый фыст нӕй. Фӕлӕ дзы ис фыст, Соломон фараоны чызгӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕн кӕй сарӕзта хӕдзар Давиды горӕты ӕддейӕ. Цӕмӕн? Библийы фыст ис, афтӕ уымӕн кӕй бакодта, ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕймагӕн гӕнӕн нӕ уыд бадзырды чырынмӕ хӕстӕг цӕрын (2 Аз. 8:11).

13 Соломон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, фараоны чызджы куы ракура, уӕд Израил ӕмӕ Египет хӕларӕй кӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕй йӕхи не сраст кодтаид. Уыцы хабарӕй бирӕ раздӕр Хуыцау йӕ адӕмы бафӕдзӕхста, цӕмӕй ханаайнӕгты хӕстӕгӕн ма агурой, ӕмӕ ма дзы кӕцыдӕр адӕмыхӕттытӕ бӕлвырдӕй дӕр ранымадта (Рац. 34:11–16). Цымӕ Соломон афтӕ хъуыды кодтаид, египетӕгтӕ уыцы адӕмты ’хсӕн не сты ӕмӕ мӕ бон уыдонӕй ус ӕрхӕссын у, зӕгъгӕ? Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кодта, уӕддӕр уый, цымӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцыд? Йегъовӕ бӕлвырдӕй загъта, ӕндӕр адӕмӕй ус ӕрхӕссын тӕссаг цӕмӕн у, уый – Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уый израиладжы мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдтаид. Ӕмӕ уыцы хабармӕ Соломон йӕ хъус не ’рдардта. (Бакӕс Дыккаг закъон 7:1–4.)

14. Соломоны хабар нын зондзонӕн кӕй фӕци, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

14 Цымӕ нын Соломоны хабар зондзонӕн фӕуыдзӕн? Гӕнӕн ис, хо йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ агурын райдайа, цӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ ма байхъуса ӕмӕ, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи нӕу, ахӕм адӕймагмӕ смой кӕна (1 Кор. 7:39). Чи зоны, адӕймаг ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ӕфсӕнттӕ агурын райдайа, зӕгъӕм, скъолайы программӕмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг чи нӕу, ахӕм спортмӕ кӕнӕ кружокмӕ кӕй бацыд кӕнӕ, цы ӕхца бакусы, уыдонӕн налогтӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕй нӕ фиды, уымӕн. Йе та, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл истӕмӕй худы, фӕлӕ цӕмӕй, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый ма схъӕр кӕна, уый тыххӕй асайдта. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Соломон йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ агуырдта, цӕмӕй Хуыцауы закъоны сӕрты ахызтаид, ӕмӕ махӕн дӕр уымӕй тӕссаг у.

15. Йегъовӕ Соломонмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста? Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

15 Диссаг уый у, ӕмӕ Хуыцау Соломонӕн, цы зонд дзы куырдта, уый, стӕй хъӕздыгдзинад дӕр радта, Соломон уыцы ӕндӕрбӕстаг сылгоймаджы усӕн куы ’рхаста, уый фӕстӕ (1 Пад. 3:10–13). Соломон Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм нӕ байхъуыста, фӕлӕ йӕм уӕддӕр Йегъовӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Йегъовӕ Соломонӕн йӕ паддзахы бартӕ уыцы тӕккӕ нӕ байста, стӕй йӕ ӕфхӕргӕ дӕр уайтагъд нӕ бакодта. Хуыцау афтӕ уымӕн сарӕзта, ӕмӕ йӕ зоны, сыджытӕй конд, ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ кӕй стӕм, уый (Пс. 103:10, 13, 14). Фӕлӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, цы саразӕм, уый, кӕд абон нӕ, уӕд райсом нӕ цардыл уӕддӕр кӕй фӕзындзӕн.

Дуне устытӕ!

16. Соломон йӕхицӕн бирӕ устытӕ кӕй ӕркодта, уымӕй цавӕр фӕдзӕхсты сӕрты ахызт?

16 Соломоны зарӕджы чиныджы паддзах Соломон ӕппӕлы иу чызгӕй ӕмӕ йӕ хоны йӕ 60 усӕй ӕмӕ 80 номылусӕй рӕсугъддӕр (Сол. з. 6:1, 8–10). Ӕвӕццӕгӕн, Соломонӕн уыцы рӕстӕг уыд уал усы ӕмӕ номылусы. Ӕмӕ кӕд сӕ фылдӕр кӕнӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр уыдысты, уӕддӕр Соломон Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты ахызт. Хуыцау Моисейы уылты цы закъон радта, уым фыст уыд, зӕгъгӕ, паддзах хъуамӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй ма аздӕха (Дык. з. 17:17). Фӕлӕ та Йегъовӕ Соломоныл йӕ къух нӕ систа. Уый нӕ, фӕлӕ ма йын арфӕ дӕр кодта ӕмӕ йын ныффыссын кодта Соломоны зарӕджы чиныг.

17. Нӕ зӕрдыл цавӕр хабар хъуамӕ дарӕм?

17 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Соломон Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм кӕй нӕ хъуыста, уый йӕ ӕвзӕрӕй ницӕмӕ ӕркодта ӕмӕ уӕд махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Соломоны хабарӕй бӕрӕг у, Хуыцау бирӕфӕразон кӕй у. Хабар афтӕ у, ӕмӕ адӕймаг, гӕнӕн ис, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм ма байхъуса ӕмӕ йӕ уый уайтагъд ӕвзӕр фӕстиуджытӕм ма ӕркӕна. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр нӕ бавзардзӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Соломон цы ныффыста, уый: «Адӕймаг йӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд уайтагъд нӕ баййафы, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ ныддур вӕййы ӕмӕ бынтондӕр бафты ӕвзӕрдзинадыл». Стӕй ма загъта: «Ӕз зонын: хорз уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон тӕрсынц Хуыцауӕй» (Еккл. 8:11, 12).

18. Галатӕгтӕм 6:7 фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый Соломоны хабарӕй куыд зыны?

18 Хъыгагӕн, Соломон уыцы хабармӕ йӕ хъус не ’рдардта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Соломон бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр тынг арфӕ кодта. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ иу рӕдыд иннӕйы фӕдыл уагъта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сахуыр Йегъовӕйы фӕдзӕхстыты сӕрты хизын. Апостол Павел дӕр дзӕгъӕлы нӕ ныффыста: «Ма рӕдийут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Гал. 6:7). Соломон Хуыцаумӕ кӕй нӕ хъуыста, уый фӕстӕдӕр йӕ цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынди. Библийы фыст ис: «Паддзах Соломон ма фараоны чызгӕй уӕлдай бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты – моаваг, аммонаг, едомаг, сидойнаг ӕмӕ хеттаг сылгоймӕгты» (1 Пад. 11:1). Уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн дарддӕр дӕр куывтой ӕмӕ уый Соломоныл дӕр бандӕвта. Ӕмӕ «Соломон райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын», ӕмӕ нӕ бирӕфӕразон Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 11:4–8.)

Хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕй дӕхицӕн зонд райс

19. Библийы цавӕр хорз цӕвиттонтӕ ис?

19 Йегъовӕ Павелӕн ныффыссын кодта: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). «Цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд», уыдонмӕ хауынц, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты хабӕрттӕ. Павел уыцы лӕггадгӕнджыты тыххӕй ныффыста: «Цы ма зӕгъон ноджыдӕр? Гедеон, Варак, Самсон, Йеффай, Давид, Самуил ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис. Уыдон-иу сӕ уырнындзинады фӕрцы басастой ӕнӕхъӕн паддзахӕдтӕ, архайдтой рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, домбӕйтты дзыхтӕ-иу сӕхгӕдтой, арт сыл нӕ тых кодта, аирвӕзтысты-иу карды комӕй, уыдысты лӕмӕгъ, фӕлӕ-иу систы тыхджын» (Дзут. 11:32–34). Библийы цы иузӕрдион адӕмы кой ис, уыдон махӕн сты фӕзминаг.

20, 21. Цӕмӕн дӕ фӕнды, Библийы цы адӕмы кой ис, уыдоны хабӕрттӕй дӕхицӕн зонд райсын?

20 Фӕлӕ Библийы цы адӕмы кой ис, уыдон нын се ’ппӕт фӕзминаг не сты, иуӕй-иуты хабӕрттӕ нын сты зондзонӕн. Уыдонӕй чидӕртӕ кӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтой. Библи кӕсгӕйӕ нӕ бон у базонын, цӕмӕй фӕрӕдыдысты, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон у нӕхи ахӕм рӕдыдтытӕй бахизын. Уымӕй уӕлдай ма базонӕн ис, чидӕртӕ дзы сабыргай ӕвзӕр зондыл цӕуын кӕй райдыдтой ӕмӕ сӕ уый ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркодта. Цӕмӕй уыдоны хабӕрттӕй нӕхицӕн зонд райсӕм, уый тыххӕй нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Уыцы адӕймаг ӕвзӕр зондыл куыд ацыд? Мӕнӕн дӕр, мыййаг, уымӕй тӕссаг нӕу? Уыцы адӕймаджы хабар мын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм рӕдыд ма ӕруадзон?»

21 Уыцы хабӕрттыл мах хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ Павел афтӕ ныффыста: «Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:11).

Цы базыдтай?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Библийы хорз цӕвиттонтӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕр цӕвиттонтӕ дӕр кӕй ис?

• Куыд рауад афтӕ, ӕмӕ Соломон сахуыр Хуыцауы фӕдзӕхстыты сӕрты хизын?

• Соломоны рӕдыдтытӕ дын зондзонӕн куыд сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Соломон архайдта, Хуыцау ын кӕй радта, уыцы зондӕй

[Нывтӕ 12 фарсыл]

Соломоны рӕдыдтытӕ дын зондзонӕн сты?