Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕ цард ивынӕй нӕ тарстӕн

Мӕ цард ивынӕй нӕ тарстӕн

Мӕ цард ивынӕй нӕ тарстӕн

РАДЗЫРДТА ЙӔ ДЖЕЙМС ТОМПСОН

Ӕз райгуырдтӕн 1928 азы Америкӕйы Иугонд Штатты хуссар хайы. Уыцы рӕстӕг закъонмӕ гӕсгӕ сау ӕмӕ урс адӕм хъуамӕ кӕрӕдзи ӕмгӕрон дӕр ма цыдаиккой. Закъон чи фехӕлдтаид, уый кӕнӕ ахӕстоны бакодтаиккой кӕнӕ та йӕ карзӕй бафхӕрдтаиккой.

УЫЦЫ рӕстӕг Иугонд Штатты иуӕй-иу рӕтты урсцъар ӕмӕ сауцъар Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыди хицӕн ӕмбырдтӕ, районтӕ ӕмӕ облӕсттӕ. 1937 азы мӕ фыд горӕт Чаттанугӕйы (штат Теннеси) сси ӕмбалады лӕггадгӕнӕг (ныр хуыйны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор). Уыцы ӕмбырды уыди ӕрмӕстдӕр сауцъар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Хенри Николс та уыди урсцъар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмбалады лӕггадгӕнӕг.

Нӕ мӕ рох кӕны, гыццылӕй-иу изӕрыгӕтты ӕддейӕ куыд бадтӕн ӕмӕ-иу мӕ фыд ӕмӕ ӕфсымӕр Николсы ныхӕстӕм куыд хъуыстон, уый. Кӕд сын сӕ ныхӕстӕн уыйбӕрц ницы ӕмбӕрстон, уӕддӕр-иу цин кодтон, мӕ фыды фарсмӕ кӕй бадтӕн ӕмӕ кӕй хъуыстон, хорз хабар ноджы хуыздӕр хъусын кӕнӕн куыд ис, ууыл куыд ныхас кодтой, уымӕ.

Цалдӕр азы размӕ ныл, 1930 азы, ӕрцыд уӕззау хабар – мӕ мад фӕзиан, цыди йыл 20 азы. Ӕмӕ мӕ хистӕр хо Дорисимӕ нӕ фыды ӕвджид баззадыстӕм. Дорисыл цыди цыппар азы, мӕныл та – дыууӕ. Мӕ фыд донаргъуыд райста уыцы хабары размӕ, фӕлӕ йын уӕддӕр Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ ӕнтысти.

Сӕ хъуыддӕгтӕ мыл тынг бандӕвтой

1933 азы мӕ фыд базонгӕ ис иу хӕларзӕрдӕ чырыстон хо Лили Мей Гвендолин Томасимӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ цард баиу кодтой. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ дыккаг мад Йегъовӕйӕн куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодтой, уымӕй мӕнӕн дӕр ӕмӕ Дорисӕн дӕр фӕзминаг уыдысты.

1938 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕн загъд уыд, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕлӕс кӕнгӕйӕ нал ӕвзардзысты, фӕлӕ сӕ нысан кӕндзӕн, Бруклины (штат Нью-Йорк) чи ис, уыцы сӕйраг хайад. Уыцы хабар Чаттанугӕйы кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, мӕ фыд та уыцы ивддзинадыл ӕнӕзивӕгӕй сразы. Мӕ фыд куыд иузӕрдион уыди ӕмӕ йын мӕ дыккаг мад куыд зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта, уый мӕ абоны онг дӕр нӕ рох кӕны.

Донаргъуыд ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад

1940 азы не ’мбырдӕй чидӕртӕ автобус баххуырстой, цӕмӕй Детройтмӕ (штат Мичиган) облӕстон конгресмӕ ацыдаиккой. Цалдӕрӕй дзы уым донаргъуыд райстой. Ӕз дӕр конгрессы уыдтӕн семӕ. Иуӕй-иутӕ дис кодтой, донаргъуыд цӕуылнӕ райстон, ууыл, уымӕн ӕмӕ мыл фондз азы куы сӕххӕст, уӕдӕй фӕстӕмӕ уацамынды ӕнӕзивӕгӕй цыдтӕн.

Уый тыххӕй мӕ куы бафарстой, уӕд сын загътон: «Донаргъуыд исын цӕмӕн хъӕуы, уый нырма кӕронмӕ не ’мбарын». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ мӕ фыд дисы бацыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ фыд ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын райдыдта, цӕмӕй хуыздӕр бамбӕрстаин, донаргъуыд исын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн у, уый. Ӕмӕ иу уазал бон, 1940 азы 1 октябры, донаргъуыд райстон Чаттанугӕмӕ ӕввахс цады.

Цыппӕрдӕс азы мыл куы сӕххӕст, уӕд алы сӕрд дӕр каникулты лӕггад кодтон пионерӕй. Хъусын кодтон штаттӕ Теннесийы ӕмӕ Джорджийы гыццыл горӕтты. Райсомӕй-иу тынг раджы сыстадтӕн, мемӕ-иу хӕринаг рахастон ӕмӕ-иу 6 сахатыл поездыл кӕнӕ автобусыл мӕ участокмӕ ацыдтӕн. Хӕдзармӕ та-иу ӕрбаздӕхтӕн изӕры 6 сахатыл. Бирӕ хатт-иу мӕ хӕринаг изӕрмӕ не сфаг. Ӕхца-иу мӕм бӕргӕ уыд, фӕлӕ сау кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мын бар нӕ уыд дуканимӕ бацӕуын ӕмӕ исты балхӕнын. Иу хатт дуканимӕ марожнӕ ӕлхӕнынмӕ бацыдтӕн ӕмӕ мӕ ратардтой. Фӕлӕ мын иу урсцъар сылгоймаг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ мын марожнӕ рахаста.

Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд Иугонд Штатты хуссар хайы тох кӕнын райдыдтой адӕймаджы бартыл. Алыхуызон Адӕмты Рӕзтӕн Ӕххуысгӕнӕг Адӕмон Ассоциаци ӕмӕ ӕндӕр организацитӕ ахуырдзауты разӕнгард кодтой, цӕмӕй уыцы тохы архайдтаиккой. Махӕн дӕр дзырдтой, цӕмӕй уыцы организацимӕ бацыдаиккам. Сауцъар сывӕллӕттӕ кӕм ахуыр кодтой, уыцы скъолатӕн ӕмӕ мах скъолайӕн дӕр загътой, цӕмӕй иууылдӕр уыцы организацимӕ ӕрбаиу уыдаиккам. Мӕнӕн дӕр дзырдтой, цӕмӕй ӕз дӕр «нӕ расӕйы» сӕрыл тох кодтаин, фӕлӕ не сразы дӕн. Загътон сын, зӕгъгӕ, Хуыцау никӕй хъулон кӕны, иу расӕ иннӕ расӕйӕ хуыздӕрыл нӕ нымайы ӕмӕ уыцы ӕнӕрастдзинадӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцау скӕндзӕн кӕрон (Иоан. 17:14; Хъуыд. 10:34, 35).

Скъола куы фӕдӕн, уӕд сфӕнд кодтон Нью-Йоркмӕ цӕрынмӕ алидзын. Мӕ фӕндаг акодтон горӕт Филадельфийыл (штат Пенсильвани), зӕгъын, облӕстон конгрессы кӕимӕ базонгӕ дӕн, уыдоны фенон. Уыцы горӕты фыццаг хатт бахаудтӕн, урсцъар ӕмӕ сауцъар ӕфсымӕртӕ иумӕ кӕм уыдысты, ахӕм ӕмбырдмӕ. Уыцы ӕмбырд бӕрӕг кодта районон цӕстдарӕг, ӕмӕ мын загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй мын иннӕ ӕмбырдмӕ хӕслӕвӕрд ратта. Афтӕмӕй бамбӕрстон, мӕ бынат уыцы горӕты кӕй ис.

Филадельфийы мын цы ӕмбӕлттӕ фӕзынд, уыдонӕй иу уыд ӕрыгон хо Джеральдинӕ Уайт. Хонгӕ та йӕ кодтон Джери. Джери Библи хорз зыдта ӕмӕ йын хорз уади уацамынды адӕмимӕ ныхас кӕнын. Тынг ӕхсызгон мын уыди, зӕрдиагӕй йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй ӕз дӕр пионер суыдаин. 1949 азы 23 апрелы нӕ цард баиу кодтам.

Галаадмӕ нӕ фӕхуыдтой

Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй Галаады скъола фӕуыдаиккам ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйы миссионертӕй лӕггад кодтаиккам. Нӕ царды-иу цыдӕртӕ ӕхсызгонӕй фӕивтам, цӕмӕй нӕхи бацӕттӕ кодтаиккам Галаады скъолайы ахуыр кӕнынмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нын загътой, цӕмӕй лӕггад кӕнынмӕ ацыдаиккам Лонсайдмӕ (штат Нью-Джерси), уый фӕстӕ та – Честермӕ (штат Пенсильвани), стӕй та – Атлантик-Ситимӕ (штат Нью-Джерси). Атлантик-Ситийы байдзаг кодтам анкетӕ Галаады скъолайы ахуыр кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ иумӕ дыууӕ азы цардыстӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр нӕ фӕхуыдтой. Цӕуылнӕ?

1950 азты райдианты лӕппуты кодтой ӕфсадмӕ, ӕмӕ сӕ Корейы хӕстмӕ ӕрвыстой. Филадельфийы ӕфсадмӕ сидыны къамисы нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ ӕфсадӕй ссӕрибар кодтаид, уымӕн ӕмӕ уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ, хӕсты кӕй нӕ хӕцыдысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ мын иу бон тӕрхонгӕнӕг фӕхабар кодта, ФБР мын мӕ хъуыддаг кӕй равзӕрста ӕмӕ кӕй бамбӕрста, мӕ фидар фӕнд кӕй у, цӕмӕй хӕсты ма архайон. 1952 азы 11 январы Президенты Аппеляцион Къамис мӕ ӕфсадӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ мын радта дингӕнӕджы статус.

Уыцы аз нӕ августы Джериимӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ, 20 къласмӕ, ӕмӕ сентябры ахуыр кӕнын райдыдтам. Ахуыры рӕстӕг нӕ цӕстытыл уади, ӕндӕр бӕстӕйы куыд лӕггад кӕндзыстӕм, уый. Мӕ хо Дорис каст фӕци Галаады скъолайы 13 кълас ӕмӕ лӕггад кодта Бразилийы. Фӕлӕ мӕ районон цӕстдарӕгӕй куы снысан кодтой, уӕд тынг бадис кодтам! Хуссар штат Алабамӕйы мын мӕ бӕрны бакодтой, сауцъар ӕфсымӕртӕ кӕм уыди, уыцы ӕмбырдтӕ. Мах гыццыл ӕрӕнкъард стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ былы цъӕрттӕ хордтам ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын.

Фыццаг цы ӕмбырд бабӕрӕг кодтам, уый уыди горӕт Хантсвиллы. Уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд ӕрлӕууыдыстӕм иу хомӕ. Нӕ дзаумӕттӕ мидӕмӕ куы хастам, уӕд фехъуыстам, нӕ фысым телефонӕй кӕмӕндӕр афтӕ кӕй загъта: «Сывӕллӕттӕ ӕрцыдысты». Уӕд ныл цыди 24 азтӕ, фӕлӕ нӕ хуыз бирӕ ӕрыгондӕр уыд. Ӕмӕ цалынмӕ уыцы районы лӕггад кодтам, уӕдмӕ нӕ иууылдӕр хуыдтой «сывӕллӕттӕ».

Иугонд Штатты хуссар хайы адӕм Библийӕн стыр аргъ кӕй кодтой, уый тыххӕй йӕ бирӕтӕ хуыдтой Библийы бӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу уацамынды адӕмимӕ ныхас кодтам ӕртӕ хъуыддагыл:

1) дунейы цытӕ цӕуы;

2) Библи куыд ӕххуыс кӕны;

3) Библимӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм.

Ацы хъуыддӕгтыл-иу куы аныхас кодтам, уӕд-иу адӕймагӕн загътам Библи ахуыр кӕныны тыххӕй. Уый тыххӕй нын бирӕ кӕй ӕнтыст, уымӕ гӕсгӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй 1953 азы Нью-Йорчы районон конгрессы равдыстаиккам, уыцы ӕртӕ хъуыддагыл адӕмимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уый. Конгресс хуынди «Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм».

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ 1953 азы сӕрды Иугонд Штатты хуссар хайы снысан кодтой облӕстон цӕстдарӕгӕй. Хъуамӕ бӕрӕг кодтаин, сауцъар ӕфсымӕртӕ кӕм уыди, уыцы ӕмбырдтӕ. Нӕ территори уыди Виргинийӕ Флоридӕмӕ, стӕй Алабамӕйы ӕмӕ Теннессийы ныгуылӕн хӕйттӕ. Цӕуӕг цӕстдарджытӕ хъуамӕ алы хатт дӕр цӕттӕ уой ног уавӕртыл ахуыр кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, арӕх-иу цардыстӕм, абана кӕм нӕ уыд, ахӕм хӕдзӕртты. Ӕмӕ-иу нӕхи надтам къухнийы пецы фӕстӕ тасы. Хӕдзары-иу тӕккӕ хъармдӕр бынат уым уыд.

Адӕмы расӕтыл кӕй дих кодтой, уый хаста зындзинӕдтӕ

Иугонд Штатты хуссар хайы хъуыди гыццыл хинӕй архайын. Сауцъар адӕмӕн бар нӕ уыди сӕ гӕрзтӕ горӕты прачечниты ӕхсын. Уымӕ гӕсгӕ-иу Джери уырдӕм куы бацыд, уӕд-иу загъта, зӕгъгӕ, ӕхсынмӕ ӕрбахастон миссис Томпсоны гӕрзтӕ. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Джери йӕ кусӕг уыди. Облӕстон цӕстдарджытӕ киноныв «Ног дунейы чи цӕры, уыцы адӕм» (The New World Society in Action) куы ӕвдыстой, уӕд-иу дуканимӕ бадзырдтон ӕмӕ-иу загътон, мистер Томпсоны прокаты кӕй фӕнды стыр экран райсын. Уый фӕстӕ-иу дуканимӕ бацыдтӕн, ӕмӕ-иу ӕй сӕрибарӕй рахастон. Уацамынды алы хатт дӕр фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй кӕй ныхас кодтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ никуы ничи бахъыгдардта.

Хуссары ма нӕ уарзтой, цӕгатӕй чи уыди, уыдоны дӕр. Иу хатт газеты уыди хъусинаг, зӕгъгӕ, районон конгрессы уыдзӕн раныхас Джеймс Томпсонӕн Нью-Йорчы Хъахъхъӕнӕн Мӕсыг, Библи ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнадӕй. Уыцы хъусинаг чи бакаст, уыдонӕй чидӕртӕ банхъӕлдтой, ӕз дӕр Нью-Йоркӕй кӕй уыдтӕн. Уый тыххӕй, иу скъолайы арендӕйы цы зал райстам, уый нын нал лӕвӕрдтой. Уӕд ӕз скъолайы администрацимӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын бамбарын кодтон, скъола Чаттанугӕйы кӕй фӕдӕн. Уӕд нын бар радтой, цӕмӕй нӕ конгресс сӕ залы скодтаиккам.

Сауцъар адӕм сӕ бартыл уӕлдай тынгдӕр тох кӕнын райдыдтой 1950 азты ӕмбисы, ӕмӕ-иу фыдбылызтӕ дӕр ӕрцыд. 1954 азы кӕцыдӕр облӕстон конгрессты Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ фӕхъыг сты, сауцъар ӕфсымӕртӕн дзы раныхӕстӕ кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй. Фӕлӕ ӕфсымӕрты сабыр кодтам, цӕмӕй фӕразон уыдаиккой. Иннӕ аз сӕрды мын конгресмӕ раныхас бабар кодтой. Уый фӕстӕ хуссары фылдӕрӕй-фылдӕр сауцъар ӕфсымӕртӕн райдыдтой конгрессты раныхӕстӕ дӕттын.

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ уыцы тох ӕрсабыр, ӕмӕ сындӕггай иу кӕнын райдыдтой, сауцъар ӕмӕ урсцъар хъусынгӕнджытӕ кӕм уыди, уыцы ӕмбырдтӕ. Уый тыххӕй хъусынгӕнджыты хъуыди ӕндӕр ӕмбырдтӕм хизын, ӕмбырдтӕн ног территоритӕ кӕнын ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕн сӕ хӕстӕ ивын. Сауцъар ӕмӕ урсцъар ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты уыцы хъуыддаг сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр нӕ уӕларвон Фыдау никӕй хъулон кодтой. Бирӕтӕ дзы уыдысты адджын ӕмбӕлттӕ, кӕд алыхуызон расӕтӕй уыдысты, уӕддӕр. Урсытӕ ӕмӕ саутӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый гыццылӕй уыдтон нӕ хӕдзары 1930–1940 азты.

Филиалмӕ нӕ снысан кодтой

1969 азы январы нӕ Джериимӕ фӕхуыдтой Гайанӕйы (Хуссар Америкӕ) филиалмӕ, ӕмӕ тынг бацин кодтам. Фыццаг уал ацыдыстӕм Бруклинмӕ, ӕмӕ уым ахуыр кодтон, Гайанӕйы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттын куыд хъӕуы, ууыл. Гайанӕмӕ ӕрцыдыстӕм 1969 азы июлы. 16 азы цӕуӕг цӕстдарӕг уыдтӕн ӕмӕ нӕ ныр хъуыд нӕ цард цӕхгӕр фӕивын – иу бынаты лӕггад кӕнын. Джери ӕнӕхъӕн бон уацамынды уыди, ӕз та филиалы куыстон.

Бирӕ алыхуызон куыстытӕ кодтон: кӕрдӕг карстон, 28 ӕмбырдӕн литературӕ ӕрвыстон, Бруклины сӕйраг хайадмӕ фыстӕджытӕ фыстон ӕмӕ сын дзуапп лӕвӕрдтон. Боны мидӕг куыстон 14–15 сахаты. Джериимӕ уӕззау куыст кодтам, фӕлӕ нӕ лӕггадӕй нӕ зӕрдӕ рухс кодта. Гайанӕмӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд дзы уыди 950 хъусынгӕнӕджы, абон та дзы ис 2 500 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

Гайанӕйы уыд хорз климӕт, алыхуызон ӕнахуыр дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цыдысты, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕм. Арӕх-иу Джери къуыри мидӕг Библи ахуыр кодта 20 адӕймагимӕ. Кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй бирӕтӕ донаргъуыд райстой. Чидӕртӕ дзы систы пионертӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, чидӕртӕ та дзы Галаад дӕр фесты, ӕмӕ миссионертӕ систы.

Алыхуызон зындзинӕдтӕ

1983 азы Иугонд Штатты мӕ ныййарджытӕм хъуыди фӕкӕсын. Уӕд Дорис, Джери ӕмӕ ӕз ӕрбадтыстӕм, цӕмӕй нӕ ныййарджыты тыххӕй исты уынаффӕ рахастаиккам. Ӕмӕ Дорис сфӕнд кодта нӕ ныййарджытӕм рацӕуын, кӕд Бразилийы 35 азы миссионерӕй фӕлӕггад кодта, уӕддӕр. Дорис загъта, зӕгъгӕ, дыууӕ миссионеры цӕмӕн хъуамӕ ныууадзой сӕ лӕггад, кӕд ӕмӕ иуӕн дӕр йӕ бон у уыцы хъуыддаг бакӕнын. Нӕ ныййарджыты мӕлӕты фӕстӕ Дорис Чаттанугӕйы баззад ӕмӕ лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй.

1995 азы мӕм дохтыртӕ ссардтой простатӕйы рак, ӕмӕ нӕ бахъуыди фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм раздӕхын. Ӕрцардыстӕм Голдсборойы (штат Цӕгат Каролинӕ), уымӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр Теннессимӕ мӕ хӕстӕджытӕм хӕстӕг у ӕмӕ Джерийӕн дӕр Пенсильванимӕ йӕ цӕгатмӕ. Мӕ низ мӕ гыццыл суӕгъд кодта ӕмӕ Голдсборойы сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ нын сахӕтты нормӕ нӕй.

Ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодтам 65 азы. Уыцы азтӕм фӕстӕмӕ куы акӕсын, уӕд Йегъовӕйӕ фӕбузныг вӕййын, Джериимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй нӕ царды цыдӕртӕ кӕй ивтам, уый тыххӕй нын кӕй арфӕ кодта. Давид Йегъовӕйы тыххӕй рӕстытӕ дзырдта: «Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион» (2 Сам. 22:26).

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Мӕ фыд ӕмӕ мын ӕфсымӕр Николс уыдысты фӕзминаг

[Нывтӕ 4 фарсыл]

Джериимӕ, Галаады скъолайы размӕ, 1952

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Галаады фӕстӕ мӕ цӕуӕг цӕстдарӕгӕй снысан кодтой хуссармӕ

[Ныв 6 фарсыл]

Цӕуӕг цӕстдарджытӕ сӕ устытимӕ иумӕйаг облӕстон конгрессы размӕ, 1966

[Ныв 7 фарсыл]

Гайанӕйы нын нӕ лӕггад хаста цин