Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамынд фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамынд фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамынд фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон

«Адӕттӕ иууылдӕр аразы уыцы иу сыгъдӕг тых» (1 КОР. 12:11).

1. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Фӕндзайӕм бон ӕрцыд диссаджы хабӕрттӕ. Уыцы бон Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл ӕруагъта йӕ сыгъдӕг тых (Хъуыд. 2:1–4). Хуыцау йӕ адӕмӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд ӕндӕр хуызы дӕттын райдыдта. Айразмӕйы статьяйӕ мах базыдтам, сыгъдӕг тых Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн зын хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Фӕлӕ цалынмӕ чырыстон ӕмбырд нӕ фӕзынд, уӕдмӕ сыгъдӕг тых Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уый цымӕ цӕмӕй хицӕн кӕны, фыццаг ӕнусы сын куыд лӕвӕрдта разамынд, уымӕй? Ӕмӕ абон та чырыстӕттӕн сыгъдӕг тых разамынд куыд дӕтты? Ууыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы.

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»

2. Сыгъдӕг тых куыд архайы, уый тыххӕй Марийӕ цы зыдта?

2 Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд Марийӕ дӕр уым уыд (Хъуыд. 1:13, 14). Фӕлӕ йӕ уый рагӕй зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон стыр диссӕгтӕ аразын кӕй у. Йегъовӕ йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ куы рахаста, уымӕй рацыд 30 азӕй фылдӕр. Уӕд Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ сарӕзта, цӕмӕй Марийӕ – ӕнӕцыд чызг – басывӕрджын уыдаид (Матф. 1:20).

3, 4. Марийӕ Хуыцауы фӕндоны тыххӕй цы хъуыды кодта ӕмӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у?

3 Цымӕ Йегъовӕ Марийӕйы уыцы стыр кадӕй цӕмӕн схайджын кодта? Зӕд Марийӕйӕн Йегъовӕйы фӕндон куы бамбарын кодта, уӕд Марийӕ загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд» (Лук. 1:38). Афтӕ кӕй загъта, уымӕй бӕрӕг уыд, цавӕр адӕймаг уыд, уый, ӕмӕ йын Хуыцау дӕр йӕ зӕрдӕ уыдта. Йегъовӕйы фӕндоныл разы уыд. Марийӕ зӕдӕн нӕ райдыдта дзурын, куы басывӕрджын уон, уӕд мӕ адӕм цы ахъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, стӕй нӕ тарсти, Иосиф ӕй куы нал ракура, уымӕй дӕр. Йӕхи Йегъовӕйы цагъар кӕй схуыдта, уымӕй равдыста, Йегъовӕйы йӕ хицауыл кӕй нымадта ӕмӕ йыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд.

4 Искуы дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дын Хуыцау дӕ бӕрны цы хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдон дын ӕгӕр стыр уаргъ сты? Алчидӕр нӕ хъуамӕ йӕхи бафӕрса: «Фидарӕй мӕ уырны, Йегъовӕ йӕ хъус кӕй дардзӕн, цӕмӕй хъуыддӕгтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕуой? Цы куыст мын бахӕс кодта, уый аразын мӕ зӕрдиагӕй фӕнды?» Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕууӕнды, стӕй йӕ хицауыл чи нымайы ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, ууыл (Хъуыд. 5:32).

Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта Петрӕн

5. Сыгъдӕг тых Фӕндзайӕм боны размӕ дӕр Петрӕн куыд ӕххуыс кодта?

5 Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд архайы, уый Фӕндзайӕм боны размӕ йӕхиуыл ӕрмӕст Марийӕ нӕ бавзӕрста, фӕлӕ ма апостол Петр дӕр. Йесо Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн дӕр радта тых, цӕмӕй сӕ бар цыдаид хӕйрӕджытыл ӕмӕ сӕ адӕмӕй сырдтаиккой (Мар. 3:14–16). Ӕмӕ кӕд Библийы уый тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй Петр уыцы тыхӕй пайда кодта. Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд архайы, уый ма рабӕрӕг, Йесо Петрӕн куы загъта, цӕмӕй йӕм Галилейӕйы денджызыл бацыдаид, ӕмӕ йӕм Петр доныл куы бацыд, уӕд. (Бакӕс Матфейы 14:25–29.) Уӕдӕ бӕрӕг у, Петрӕн йӕ бон хъомысджын хъуыддӕгтӕ аразын кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс дардта сыгъдӕг тыхы ӕххуысыл. Цасдӕры фӕстӕ уыцы тыхы фӕрцы Петрӕн ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ бон уыд бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр аразын.

6. Фӕндзайӕм боны рӕстӕг ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр сыгъдӕг тыхы фӕрцы Петрӕн йӕ бон цы уыд аразын?

6 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны рӕстӕг сыгъдӕг тыхы фӕрцы Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр диссаджы хуызы дзурын райдыдтой, Иерусалиммӕ бӕрӕгбонмӕ чи ӕрцыд, уыцы адӕмы ӕвзӕгтыл. Уӕд Петр адӕмы размӕ рацыд ӕмӕ сын хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнын райдыдта (Хъуыд. 2:14–36). Петр-иу хатт тӕрсгӕ дӕр фӕкодта, хатт та-иу тӕвдтуг дӕр разынд. Фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын, уӕд ныфсджынӕй хъусын кодта, кӕд ӕй ӕфхӕрдтой ӕмӕ йӕ карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кӕна, уӕддӕр (Хъуыд. 4:18–20, 31). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Петрӕн раргом кодта бӕлвырд хъуыддаг (Хъуыд. 5:8, 9). Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы суанг мард адӕймаджы дӕр райгас кодта (Хъуыд. 9:40).

7. Петр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыд, уӕд Йесойы ахуырӕдтӕй кӕцытӕ бамбӕрста?

7 Петр Йесойы ахуырӕдтӕй бирӕтӕ Фӕндзайӕм боны размӕ дӕр ӕмбӕрста (Матф. 16:16, 17; Иоан. 6:68). Фӕлӕ иннӕтӕ бамбӕрста ӕрмӕст Фӕндзайӕм боны фӕстӕ. Зӕгъӕм, Петр не ’мбӕрста, Чырысти ӕртӕ боны фӕстӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн кӕнӕ Хуыцауы паддзахад уӕлӕрвты кӕй уыдзӕн, уый (Иоан. 20:6–10; Хъуыд. 1:6). Петр не ’мбӕрста, адӕм уӕлӕрвтӕм кӕй цӕудзысты ӕмӕ уӕларвон паддзахады хицӕуттӕ кӕй уыдзысты, уый. Уыдӕттӕ бамбӕрста, Фӕндзайӕм боны рӕстӕджы йӕхӕдӕг сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыд ӕмӕ уӕларвон цардмӕ хуынд куы ’рцыд, ӕрмӕстдӕр уӕд.

8. Сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр сӕ бон цы у базонын?

8 Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг тых куы ’рцыд, уӕд сӕ бон сси, уый размӕ цы ахуырӕдтӕ не ’мбӕрстой, уыдон бамбарын. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи ныффыста, уыдоны сыгъдӕг тых сразӕнгард кодта, цӕмӕй бамбарын кодтаиккой Йегъовӕйы фӕндимӕ баст диссаджы хабӕрттӕ (Еф. 3:8–11, 18). Ӕмӕ раст уыцы хабӕрттӕ абон сӕ бон у иртасын ӕмӕ ӕмбарын сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр (Иоан. 10:16). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцауы Ныхасӕй цы базоныс ӕмӕ цы бамбарыс, уымӕн аргъ кӕныс?

Павел «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын»

9. Хуыцауы сыгъдӕг тых Павелӕн куыд ӕххуыс кодта?

9 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй афӕдзы бӕрц куы рацыд, уый фӕстӕ Савл дӕр, фӕстӕдӕр та Павелӕй кӕй зыдтой, уый, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд. Хуыцауы тыхы фӕрцы Павел сарӕзта, абон дӕр нын стыр пайда чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыста Библийӕ 14 чиныджы. Сыгъдӕг тых Петрӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ Павелӕн дӕр ӕххуыс кодта, уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй уыдзӕн, уый бамбарынӕн ӕмӕ уый тыххӕй ныффыссынӕн. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма Павел хӕйрӕджыты дӕр сырдта, рынчын адӕмы дзӕбӕх кодта ӕмӕ суанг марды дӕр райгас кодта! Фӕлӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы хъаруйӕ схайджын, уый ма йын баххуыс кодта ноджы ахсджиагдӕр хъуыддаг саразынӕн дӕр. Хуыцау абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн раст уыцы хъуыддагӕн дӕтты хъарутӕ, кӕд уый диссаджы хуызы нӕ аразы, уӕддӕр.

10. Сыгъдӕг тых Павелӕн хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кодта?

10 Павел «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын» ӕмӕ ныфсджынӕй дзырдта, раст дины ныхмӕ чи уыд, уыцы адӕймагимӕ. Сӕ ныхасмӕ сын хъуыста Кипры сакъадахы хицау. Павелы ныхӕстӕ йӕм тынг бахъардтой ӕмӕ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста. Библи уыцы адӕймаджы тыххӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой» (Хъуыд. 13:8–12). Павел ӕй бӕгуыдӕр зыдта, рӕстдзинады сӕрыл ныфсджынӕй ӕрмӕст Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй дзуры (Матф. 10:20). Фӕстӕдӕр Павел Ефесы ӕмбырдмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, мӕн тыххӕй дӕр кувут, «цӕмӕй мын Хуыцау баххуыс кӕна ӕмӕ мӕ бон уа... хъусын кӕнын» (Еф. 6:18–20).

11. Хуыцауы сыгъдӕг тых Павелӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?

11 Кӕд сыгъдӕг тых Павелӕн хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кодта, уӕд ӕй иуӕй-иу хатт та кӕцыдӕр рӕтты хъусын кӕнын нӕ уагъта. Павелӕн йӕ уацамындон балцыты разамынд лӕвӕрдта сыгъдӕг тых (Хъуыд. 13:2; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:6–10). Йегъовӕ абон дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты йӕ сыгъдӕг тыхы уылты. Йегъовӕйы коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр Павелау ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕной. Хуыцау абон йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд куыд дӕтты, уый хицӕн кӕны, Павелӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уымӕй. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы рӕстдзинады фӕндагмӕ кӕй «ӕрбакӕны» (Иоан. 6:44).

«Алкӕй мидӕг дӕр алыхуызон куыст цӕуы»

12–14. Сыгъдӕг тых Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр уыцы иу куыст кӕны? Уыцы тых Хуыцауы лӕггадгӕнджыты мидӕг куыд архайы?

12 Йегъовӕ фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдӕн куыд арфӕ кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ ныфсыл ныфс бафты. Сыгъдӕг тых-иу уыцы рӕстӕджы чырыстӕтты схайджын кодта диссаджы курдиӕттӕй. Павел уыцы курдиӕтты тыххӕй Коринфы ӕмбырдмӕ куы фыста, уӕд загъта: «Курдиӕттӕ бирӕ сты, фӕлӕ сӕ уыцы иу сыгъдӕг тых дӕтты. Ӕмӕ лӕггад кӕнӕн дӕр алы хуызы ис, фӕлӕ нӕ Хицау уыцы иу у. Стӕй алкӕй мидӕг дӕр алыхуызон куыст цӕуы, фӕлӕ алы куыст дӕр алкӕй мидӕг дӕр кӕны уыцы иу Хуыцау» (1 Кор. 12:4–6, 11). Уӕдӕ сыгъдӕг тых алыхуызон лӕггадгӕнджытӕн сӕ мидӕг цы куыст фӕкӕны, уымӕн вӕййы бӕлвырд нысан. «Гыццыл дзугӕн» дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр разамынд дӕтты сыгъдӕг тых (Лук. 12:32; Иоан. 10:16). Фӕлӕ ӕмбырды алкӕй мидӕг уыцы иу куыст нӕ кӕны.

13 Зӕгъӕм, ӕфсымӕрты сыгъдӕг тых сӕвӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕй (Хъуыд. 20:28). Фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, уыдон се ’ппӕт ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй нӕ лӕггад кӕнынц. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырды алкӕй мидӕг дӕр алыхуызӕтты архайы.

14 Йегъовӕ Йесойы уӕларвон цардмӕ цы сыгъдӕг тыхы фӕрцы райгас кодта, раст уыцы тыхы фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕ дӕр фӕзонынц, Хуыцау сӕ йӕхицӕн фырттӕ кӕй скодта, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:11, 15.) Дун-дуне дӕр Йегъовӕ раст уыцы тыхӕй сарӕзта (Райд. 1:1–3). Уыцы тыхы фӕрцы Йегъовӕ Веселеилӕн арӕхстдзинад радта, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый бакӕнынӕн. Самсон уыцы тыхы фӕрцы схайджын диссаджы хъаруйӕ, ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон ӕндӕр никӕй бон уыд саразын. Петрӕн та сыгъдӕг тых баххуыс кодта доныл ацӕуынӕн. Уӕдӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст уай ӕмӕ дын разамынд дӕтта, уый иу нӕу. Хуыцау адӕймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрды, уый у, сыгъдӕг тыхӕн адӕймаджы мидӕг йӕ бон цы куыст кӕнын у, уыдонӕй иу. Хуыцау йӕхӕдӕг равзары, йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрды, уыдоны.

15. Адӕм сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕнустӕм цӕудзысты?

15 Сыгъдӕг тых Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мидӕг алкӕддӕр кодта алыхуызон куыст. Йегъовӕ адӕмы фыццаг хатт йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уый размӕ дӕр мингай азты дӕргъы сыгъдӕг тых архайдта йӕ лӕггадгӕнджыты мидӕг. Ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст та фыццаг хатт ӕрцыдысты н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕнустӕм нӕ уыдзӕн. Фидӕны адӕм сыгъдӕг тыхӕй сӕрст нал цӕудзысты, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы адӕмы мидӕг дарддӕр архайдзӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕнустӕм ӕххӕст кӕной.

16. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы аразынц?

16 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй цы куыст кӕнынц? Раргомады 22:17 ис дзуапп: «Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“ Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: „Ӕрцу!“ Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд». Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы абон чырыстӕттӕ хонынц, «кӕй фӕнды», уыцы адӕмы, цӕмӕй царды дон райсой. Уыцы хъуыддаджы разамынд дӕттынц сӕрст чырыстӕттӕ, ӕндӕр фыстӕ та сын ӕххуыс кӕнынц. Иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр разамынд дӕтты уыцы иу сыгъдӕг тых. Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр сӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой, уый равдыстой, «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл» донаргъуыд кӕй райстой, уымӕй (Матф. 28:19). Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ царды ӕвдисынц, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон (Гал. 5:22, 23). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысы фӕрцы уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм сыгъдӕг цард кӕныныл (2 Кор. 7:1; Рарг. 7:9, 14).

Сыгъдӕг тых кур

17. Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй дӕ, уый дӕ бон куыд у равдисын?

17 Уӕдӕ дын ӕнустӕм уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл, Йегъовӕ дӕ схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй йыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайай (2 Кор. 4:7). Хорз хабар кӕй хъусын кӕныс, уый тыххӕй дӕм адӕм, чи зоны, хорз зӕрдӕ ма дарой кӕнӕ дыл худгӕ дӕр кӕной. Фӕлӕ уӕддӕр куы хъусын кӕнай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй дӕ. Дӕ зӕрдыл дар мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Кӕд уын Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ кӕнынц, уӕд амондджын стут, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сымах хайджын стут Хуыцауы кадджын сыгъдӕг тыхӕй» (1 Пет. 4:14).

18, 19. Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразай?

18 Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых зӕрдиагӕй чи куры, уыдонӕн ӕй не ’вгъау кӕны. Уыцы тыхы фӕрцы суыдзынӕ арӕхстджындӕр, стӕй дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнай. «Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат». Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ, «царды дзырдыл фидар хӕцыныл» кӕй архайыс, уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн «дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайын дӕ ирвӕзындзинадыл» (Фил. 2:12, 13, 16).

19 Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр сыгъдӕг тыхыл дар ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ архай, Йегъовӕ дын кӕй бахӕс кӕны, уыцы хъуыддӕгты, дӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ арӕхстджындӕр кӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур (Иак. 1:5). Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмбарай, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдоны сӕрты хизай ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнай. Йесо ныфс бавӕрдта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Лук. 11:9, 13). Ӕмӕ афтӕ хъӕуы сыгъдӕг тых дӕр курын. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй, сыгъдӕг тых разамынд кӕмӕн лӕвӕрдта, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хуызӕн уай.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ бон куыд у Марийӕйы фӕзмын?

• Хуыцауы сыгъдӕг тых Павелӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?

• Абон Хуыцауы сыгъдӕг тых йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд куыд дӕтты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павел ныфсджынӕй дзырдта кӕлӕнгӕнӕгимӕ

[Ныв 26 фарсыл]

Абон сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн»