Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын фӕндагамонӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын фӕндагамонӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын фӕндагамонӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?

«Ды дӕ мӕ Хуыцау. Дӕ тых у хорз. Фӕндагамонӕг мын уӕд» (ПС. 143:10).

1. Ӕнӕуынгӕ тых адӕймагӕн фӕндаг куыд фӕамоны?

ИСКУЫ компасмӕ гӕсгӕ фӕндаг агуырдтай? Компасы фӕрцы адӕймаг базоны, ныр кӕм ис ӕмӕ кӕцырдӕм цӕуы, уый. Компасӕн ис магнитӕй конд стрелкӕ, ӕмӕ уыцы стрелкӕ фӕамоны цӕгатмӕ. Фӕндагыл цӕугӕйӕ кӕдӕмфӕнды ма фӕзилай – йӕ стрелкӕ фӕзилдзӕн цӕгатырдӕм. Афтӕмӕй адӕймаг базоны, кӕцырдӕм цӕуы, уый: скӕсӕнырдӕм, хуссарырдӕм, ныгуылӕнырдӕм ӕви цӕгатырдӕм. Компасы стрелкӕ цӕгатырдӕм фӕамоны магнетизмы фӕрцы – йӕхимӕ йӕ чи ӕлвасы, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхы фӕрцы. Адӕм балцыты цӕугӕйӕ денджызы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр компасӕй пайда кӕнынц рагӕй фӕстӕмӕ.

2, 3. а) Йегъовӕ кӕддӕр цавӕр хъомысджын тыхӕй архайдта? ӕ) Хуыцауы сыгъдӕг тых нын абон дӕр нӕ царды разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?

2 Фӕлӕ ма ис ӕндӕр ӕнӕуынгӕ тых дӕр, ӕмӕ нӕ йӕ разамынд царды ноджы тынгдӕр хъӕуы. Цы у уыцы тых? Йӕ кой ис Библийы фыццаг дыууӕ стихы. Райдианы чиныджы фыст ис, Йегъовӕ кӕддӕр цы сарӕзта, уый тыххӕй: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх». Ӕппӕт дӕр йӕ хъомысджын тыхы фӕрцы кӕй сфӕлдыста, уый бӕрӕг у, Библийы дарддӕр цы фыст ис, уымӕй: «Хуыцауы архайгӕ тых зылди доны сӕрмӕ» (Райд. 1:1, 2). Хуыцау цавӕр тыхӕй архайдта? Уый уыди йӕ сыгъдӕг тых – йӕ архайгӕ тых. Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы нын цард кӕй радта ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый фӕрцы кӕй сфӕлдыста, уый тыххӕй! (Иов 33:4; Пс. 104:30).

3 Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ цымӕ уыцы тых нӕ цардыл ӕндӕр искуыд хъуамӕ ӕндава? Хуыцауы Фырт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, уый афтӕ кӕй уыдзӕн. Афтӕ сын загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тых... уын... уыдзӕн фӕндагамонӕг, ӕххуыс уын кӕндзӕн рӕстдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн» (Иоан. 16:13). Цымӕ цы у сыгъдӕг тых? Ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй нын фӕндагамонӕг уа?

Цы у сыгъдӕг тых

4, 5. а) Хуыцау Троицӕ у, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон куыд ӕмбарынц, сыгъдӕг тых цы у, уый? ӕ) Сыгъдӕг тых ӕцӕгӕй цы у, уый куыд бамбарын кӕнис?

4 Уацамынды цы адӕмимӕ фӕныхас кӕныс, уыдонӕй сӕ фылдӕрмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ис ахӕм Библи, ӕмӕ дзы «сыгъдӕг тых» тӕлмац у «сыгъдӕг уд»-ӕй. Афтӕ чи зӕгъы, ӕмӕ Хуыцау Троицӕ у, уыдон раст хъуыдыйыл хӕст не сты ӕмӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, сыгъдӕг уд у удгоймаг ӕмӕ у Хуыцауы ӕмсӕр (1 Кор. 8:6). Фӕлӕ уыцы ахуырад у Библийы ныхмӕ.

5 Уӕдӕ цы у сыгъдӕг тых? Библийы Райдианы 1:2 «архайгӕ тых»-ӕй тӕлмац чи ӕрцыд, уыцы дзуттаг дзырд ру́ах ӕндӕр стихты тӕлмац у «дымгӕ»-йӕ кӕнӕ, ӕнӕуынгӕ архайгӕ тыхмӕ чи амоны, ӕндӕр ахӕм дзырдтӕй. (Абар Райдиан 3:8; 8:1, фип.) Дымгӕ цӕстӕй фенӕн нӕй, фӕлӕ йын йӕ архайд ис фенӕн. Афтӕ сыгъдӕг тых дӕр цӕстӕй фенӕн нӕй, фӕлӕ йӕ архайды фӕрцы цы сырӕзы, уый ис фенӕн. Сыгъдӕг тых удгоймаг нӕу. Уый у, Хуыцауӕй чи цӕуы, ахӕм тых, хъару. Уый фӕрцы Хуыцау ӕндавы адӕмыл дӕр ӕмӕ уавӕртыл дӕр, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ ахӕм диссаджы тых хъуамӕ ма уа? Куыннӕ! (Бакӕс Исайы 40:12, 13.)

6. Давид Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывта?

6 Цымӕ нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы дарддӕр дӕр нӕ царды фӕндаг амондзӕн? Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн» (Пс. 32:8). Цымӕ Давиды йӕхи та фӕндыд, цӕмӕй йын Хуыцау фӕндаг амыдтаид? Бӕгуыдӕр ӕй фӕндыд. Йегъовӕмӕ афтӕ куывта: «Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау. Дӕ тых у хорз. Фӕндагамонӕг мын уӕд» (Пс. 143:10). Мах дӕр хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй нын Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уа. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, цыппар ахӕм хъуыддагмӕ.

Нӕхи бон нӕу нӕхицӕн фӕндаг амонын

7, 8. а) Цӕуылнӕ у нӕ бон нӕхицӕн разамынд дӕттын? ӕ) Ацы фыддунейы нӕ Хуыцауы разамынд цӕмӕн хъӕуы, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн?

7 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ нӕ архайын фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕн фӕнда, ӕмӕ нӕ бон нӕу нӕхицӕн фӕндаг амонын, разамынд дӕттын. Йегъовӕ нӕ афтӕ не скодта. Стӕй ма ӕнӕххӕст дӕр стӕм, ӕмӕ нӕхи зондӕй куы фӕархайӕм, уӕд арӕх фӕрӕдийӕм. Пехуымпар Йереми ныффыста: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йер. 10:23). Цымӕ цӕуылнӕ? Уый дӕр Йегъовӕ бамбарын кодта Йеремийы уылты: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» (Йер. 17:9; Матф. 15:19).

8 Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл: кӕйдӕр хъӕуы, хорз кӕй нӕ зоны, ахӕм тӕссаг ран ацӕуын, зӕгъӕм, тархъӕды кӕнӕ ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕмӕ йемӕ хорз фӕндагамонӕджы куы нӕ ракӕна, компас дӕр куы нӕ рахӕсса ӕмӕ иунӕгӕй куы ацӕуа, уӕд уый зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Ахӕм ран йӕ фӕндаг куыд ссара ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй бынатмӕ куыд фӕхӕццӕ уа, уый куы нӕ зона, уӕд йӕ цард уыдзӕн тынг тӕссаг уавӕры. Уӕдӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ ацы фыддунейы ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр йӕ бон у раст фӕндагыл цӕуын, уый ис тӕссаг уавӕры. Давидау мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй кувӕм: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ, сахуыр мӕ кӕн дӕ къахвӕндӕгтыл цӕуын» (Пс. 25:4; 23:3). Фӕлӕ цы хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау фӕндаг амона?

9. Сыгъдӕг тых нын хорз фӕндагамонӕг куыд у? Кӕс 17 фарсыл нывмӕ.

9 Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕндаг амондзӕн. Уыцы архайгӕ тых нын куыд баххуыс кӕндзӕн? Йесо уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ бамбарын кодта: «Ӕххуысгӕнӕг та, сыгъдӕг тых, мӕ Фыд уын мӕ номӕй кӕй ӕрӕрвитдзӕн, уый уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр» (Иоан. 14:26). Хуыцаумӕ-иу куы скувӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ Ныхас, стӕй Чырыстийы ахуырӕдтӕ куы иртасӕм, уӕд нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы арф зонд ӕмбарынӕн, ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн йӕ коммӕ кӕсын (1 Кор. 2:10). Ӕмӕ нӕ царды фӕндагыл искуы нӕ размӕ ӕнӕнхъӕлӕджы «фӕзилӕн» куы фӕуа, уӕд нын сыгъдӕг тых бацамондзӕн, кӕцырдӕм нӕ хъӕуы ацӕуын, уый. Нӕ зӕрдыл нын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Библийӕ уый размӕ кӕй базыдтам, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, уыдоны фӕрцы раст уынаффӕтӕ куыд рахӕссӕм, уый бамбарынӕн.

Йесойӕн сыгъдӕг тых уыд фӕндагамонӕг

10, 11. Йесо сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы зыдта ӕмӕ йын сыгъдӕг тых куыд ӕххуыс кодта?

10 Сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Дыккаг хъуыддаг уый у, ӕмӕ сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уыд Хуыцауы Фыртӕн. Цалынмӕ Хуыцауы иунӕг Фырт зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр зыдта мӕнӕ ацы пехуымпар-ныхасы тыххӕй: «Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй, уынаффӕ, хъомыс ӕмӕ зонындзинӕдтӕй ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ» (Ис. 11:2). Йесомӕ зӕххыл ӕнцон цард не ’нхъӕлмӕ каст. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд тынг ӕй фӕндыдаид, цӕмӕй йын сыгъдӕг тых ӕххуыс кодтаид!

11 Йегъовӕйы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Лукайы Евангелийы фыст ис, куыддӕр Йесо донаргъуыд райста, афтӕ цы ’рцыд, уый тыххӕй: «Йесо схайджын Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ Иорданы бӕстӕй ацыд. Ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдыры ракӕн-бакӕн кодта» (Лук. 4:1). Уым Йесо ницы хордта, стӕй Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ йын донаргъуыды рӕстӕг цы раргом, ууыл хъуыды кодта. Ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг Йегъовӕ разамынд радта ӕмӕ йӕ бацӕттӕ кодта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ касти, уымӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тых архайдта Йесойӕн йӕ зонды ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы. Стӕй, цы зондыл хӕст уыд ӕмӕ цы уынаффӕтӕ хаста, уымӕй дӕр бӕрӕг уыд сыгъдӕг тыхы разамынд. Уый фӕрцы Йесо алкӕддӕр зыдта йӕ Фыды фӕндон ӕмӕ йӕ ӕххӕст дӕр кодта.

12. Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ курӕм?

12 Йесо зыдта, царды йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуыс куыд тынг хъуыди, уый. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр тынг разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курой ӕмӕ йын бар дӕттой, цӕмӕй сын сӕ царды фӕндагамонӕг уа. (Бакӕс Лукайы 11:9–13.) Сыгъдӕг тыхы ӕххуыс нӕ афтӕ тынг цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст ивынӕн ӕмӕ, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнынӕн (Ром. 12:2; 1 Кор. 2:16). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ царды фӕндагамонӕг уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн Чырыстийы фӕзмын (1 Пет. 2:21).

Ӕнӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ ацы дунейы зонд акӕндзӕн галиу фӕндагыл

13. Цы у ацы дунейы зондахаст, кӕнӕ зонд? Адӕмӕн цы аразын кӕны?

13 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, уыдонӕй ӕртыккаг хъуыддаг у ахӕм: ӕнӕ сыгъдӕг тыхы разамындӕй нӕ ацы дунейы зондахаст, кӕнӕ зонд, акӕндзӕн галиу фӕндагыл. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр ацы дунейы зондӕй цӕрынц. Уыцы зонд у тынг тыхджын ӕмӕ йын, сыгъдӕг тых нын цы амоны, уыимӕ иумӕйагӕй ницы ис – адӕмӕн бынтон ӕндӕр хъуыддӕгтӕ аразын кӕны. Уый адӕмӕн не ’ххуыс кӕны, цӕмӕй, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕной. Ацы дунейы зонд сыл афтӕ ӕндавы, ӕмӕ сӕ зондахастӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй сты ацы дунейы хицау Хӕйрӕджы хуызӕн. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:1–3; Титмӕ 3:3.) Адӕймаг ацы дунейы зондӕй цӕрын ӕмӕ «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» аразын куы райдайа, уӕд йӕхи фыдбылызы ӕппары. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзӕн (Гал. 5:19–21).

14, 15. Ацы дунейы зонды ныхмӕ цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?

14 Йегъовӕ нын дӕтты, ацы дунейы зонды ныхмӕ фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, «уӕхи фидар кӕнут Хицауы фӕрцы ӕмӕ йе стыр хъаруйы фӕрцы». Афтӕ цӕмӕн загъта, уый фыст ис дарддӕр: «Цӕмӕй уӕ бон уа фыдӕвзарӕн бон ныхкъуырд раттын» (Еф. 6:10, 13). Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы дӕтты хъарутӕ, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ рӕдыд фӕндагыл ма акӕна (Рарг. 12:9). Ацы дунейы зонд тынг тыхджын у ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй дзы нӕхи бынтондӕр бахизӕм. Фӕлӕ нӕ бон у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын. Хуыцауы сыгъдӕг тых ноджы хъомысджындӕр у ӕмӕ нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн!

15 Фыццаг ӕнусы раст фӕндаг чи ныууагъта, уыдоны тыххӕй апостол Петр афтӕ загъта: «Раст фӕндаг ныууагътой ӕмӕ адзӕгъӕл сты» (2 Пет. 2:15). Мах та «ацы дунейы зондӕй не схайджын стӕм, фӕлӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы сыгъдӕг тыхӕй», ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕй хъуамӕ тынг бузныг уӕм! (1 Кор. 2:12). Сыгъдӕг тыхӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын фӕндагамонӕг уа, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, раст цы у, уый аразын ӕмӕ ацы фыддунейы зонды ныхмӕ фӕлӕууын (Гал. 5:16).

Сыгъдӕг тых дӕтты хорз дыргъ

16. Сыгъдӕг тых нын нӕ мидӕг цавӕр миниуджытӕ рӕзын кӕны?

16 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, уыдонӕй цыппӕрӕм хъуыддаг у ахӕм: сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ царды диссаджы дыргъ хӕссой, ома сӕм хорз миниуджытӕ уа. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:22, 23.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕм уа фылдӕр уарзондзинад, тынгдӕр цин кӕна ӕмӕ фарнуарзагдӕр уа. Не ’ппӕты дӕр фӕнды, бирӕфӕразондзинад нӕм ноджы фылдӕр куыд уа, хӕларзӕрдӕдӕр куыд уӕм ӕмӕ хорздзинад фылдӕр куыд аразӕм. Уӕдӕ нӕ куыннӕ фӕнды, цӕмӕй нӕм уа фылдӕр уырнындзинад, нӕ удыхъӕд фӕлмӕндӕр кӕна ӕмӕ нӕхиуыл хӕцын хуыздӕр зонӕм. Ацы диссаджы миниуджытӕ нӕхицӕн дӕр, стӕй нӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр сты пайда. Ацы миниуджытыл ӕппынӕдзух хъӕуы кусын, уымӕн ӕмӕ афтӕ никуы уыдзӕн зӕгъӕн, ныр мӕм фаг сты, зӕгъгӕ.

17. Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоныл нӕ бон куыд у тынгдӕр бакусын?

17 Хорз уаид, алчидӕр ахӕм фарстайыл куы ахъуыды кӕнид: цымӕ мӕ ныхӕстӕй ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг тых мын фӕндагамонӕг кӕй у ӕмӕ йын йӕ дыргъ кӕй хӕссын? (2 Кор. 13:5; Гал. 5:25). Куы бамбарӕм, ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй нӕм кӕцыдӕртӕ фаг нӕй, уӕд куыд бакӕнӕм? Сыгъдӕг тыхӕн фылдӕр бар раттӕм, цӕмӕй нын нӕ мидӕг уыцы миниуджытӕ рӕзын кӕна. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы, уыцы миниуджытӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр Библийы ӕмӕ нӕ литературӕйы цы фыст ис, уый раиртасын. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн, уыцы миниуджытӕ нӕ царды ӕвдисӕн куыд ис, уый бамбарын ӕмӕ сыл стӕй ноджы тынгдӕр бакусын *. Сыгъдӕг тыхы разамынд нын нӕхицӕн дӕр ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕмӕ нӕ хотӕн дӕр цы пайда хӕссы, уый куы фенӕм, уӕд ӕй бамбарӕм, куыд тынг нӕ хъӕуы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсыс?

18. Йесо сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕй каст, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

18 Библийӕ нӕ бон у базонын, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ цард сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй арӕзта. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын фӕндагамонӕг уыдаид. Сыгъдӕг тых ын цыдӕр куы аразын кодта, уӕд-иу йӕ коммӕ бакаст ӕмӕ-иу раст афтӕ бакодта (Мар. 1:12, 13; Лук. 4:14). Ды дӕр Йесойау сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсыс?

19. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уа?

19 Хуыцауы архайгӕ тых абон дӕр фӕндагамонӕг у, йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дын раст фӕндаг амона? Алкӕддӕр Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тых дӕтта ӕмӕ дын ӕххуыс кӕна йӕ разамындмӕ хъусынӕн. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 3:14–16.) Ӕмӕ уый фӕстӕ Библи иртас – ацы чиныг фыст ӕрцыд сыгъдӕг тыхы фӕрцы (2 Тим. 3:16, 17). Цы зондджын уынаффӕтӕ дзы ис, уыдонмӕ хъус ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыс ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарыс, ацы фыддунейы дӕ ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл кӕй кӕны!

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр фылдӕр кӕс 2007 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 10–14 фӕрстӕ, стӕй 2011 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 18–27 фӕрстӕ.

Сӕйраг хъуыдытӕ бахъуыды кодтай?

• Сыгъдӕг тых нын нӕ цардыл куыд ӕндавы?

• Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын нӕ цавӕр цыппар хъуыддаджы тыххӕй фӕнды?

• Дӕ бон куыд у сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттын, цӕмӕй дын раст фӕндаг амона?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Йесо йӕ цард арӕзта сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ

[Ныв 17 фарсыл]

Хуыцауы сыгъдӕг тых архайы адӕймагӕн йӕ зонды ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы – афтӕмӕй йын у фӕндагамонӕг