Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Куыд хъусын кӕндзынӕн?»

«Куыд хъусын кӕндзынӕн?»

Ӕгас зӕххыл дӕр нын ис ахӕм диссаджы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уӕззау низтӕй тыхсынц, фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар иузӕрдионӕй хъусын кӕнынц. Уыдонӕй иу у Далийӕ, цӕры Вильнюсы, Литвайы сӕйраг горӕты.

Далийӕйыл цӕуы 30 азӕй фылдӕр. Куы райгуырд, уӕд ын уыди инсульт. Ӕмӕ уый аххосӕй йе уӕнгтӕ нӕ кусынц ӕмӕ дзургӕ дӕр ӕвзӕр кӕны, йӕ ныхас ын хорз ӕмбарынц ӕрмӕстдӕр йӕ бинонтӕ. Далийӕ цӕры йӕ мадимӕ, хуыйны Галинӕ, ӕмӕ йӕм кӕсгӕ дӕр йӕ мад кӕны. Далийӕ бирӕ тухитӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ федта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ сӕтты. Цымӕ цӕй фӕрцы?

Галинӕ дзуры: «1999 азы нӕ бабӕрӕг кодта мӕ хӕстӕг Аполонийӕ. Аполонийӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Мах бафиппайдтам, Библи куыд хорз зоны, уый, ӕмӕ йӕ Далийӕ фарстаты бын фӕкодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Аполонийӕ Далийӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Хатт-иу ӕз дӕр семӕ ӕрбадтӕн, цӕмӕй, Далийӕ цы дзуры, уый ӕмбарын кодтаин. Ӕз уыдтон, Далийӕ-иу цы базыдта, уый йын ӕцӕгдӕр кӕй ӕххуыс кодта. Тагъд рӕстӕджы мӕн дӕр бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын».

Далийӕ Библийы ахуырӕдтӕ ӕмбарын куы райдыдта, уӕд ӕй тынгӕй-тынгдӕр тыхсын кодта иу фарста. Ӕмӕ иухатт нал фӕлӕууыд ӕмӕ Аполонийӕйы бафарста: «Ме уӕнгтӕ куы нӕ кусынц, уӕд куыд хъусын кӕндзынӕн?» (Матф. 28:19, 20). Аполонийӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн». Ӕмӕ йын Йегъовӕ, бӕгуыдӕр, ӕххуыс кӕны.

Уӕдӕ куыд хъусын кӕны Далийӕ? Цалдӕр хуызы. Ӕмбырдӕй йын хотӕ ӕххуыс кӕнынц хорз хабар писмоты фӕрцы хъусын кӕнынӕн. Фыццаг уал Далийӕ йӕ хъуыдытӕ хотӕн бамбарын кӕны. Ӕмӕ йын стӕй уыдон йӕ хъуыдытӕ писмойы ныффыссынц. Уымӕй уӕлдай ма Далийӕ телефонӕй СМС-тӕ фӕфыссы. Боныхъӕд хорз куы вӕййы, уӕд та ӕмбырдӕй исчи йемӕ ӕддӕмӕ рацӕуы ӕмӕ сӕм ӕввахс чи у, уыцы паркты ӕмӕ уынгты адӕмӕн фӕхъусын кӕнынц.

Далийӕ ӕмӕ йӕ мад сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ 2004 азы ноябры донаргъуыд райстой. 2008 азы сентябры Вильнюсы фӕзынд польшӕйаг къорд. Уыцы къорды хъуыди фылдӕр хъусынгӕнджытӕ, ӕмӕ Далийӕ ӕмӕ йӕ мад уырдӕм ахызтысты. Далийӕ зӕгъы: «Кӕцыдӕр мӕйты бирӕ рӕстӕг хъусын кӕнынмӕ куы нӕ вӕййын, уӕд стыхсын. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы скувын, уӕд, бирӕ нӕ рацӕуы, афтӕ исчи мемӕ уацамындмӕ баныхас кӕны». Нӕ зынаргъ хо Далийӕ йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы? «Ме уӕнгтӕ нӕ кусынц,– зӕгъы Далийӕ,– фӕлӕ мӕ магъз кусы. Ӕз тынг амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ бон у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын!»