Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ историйы хӕзнадонӕй

Нӕ рагон хӕзнатӕ хъахъхъӕнӕм

Нӕ рагон хӕзнатӕ хъахъхъӕнӕм

ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕмӕн сӕ истори у тынг хъӕздыг. Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сыл цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй базонӕн ис ӕрмӕст нӕ литературӕйӕ нӕ, фӕлӕ ма къамтӕй, фыстӕджытӕй, хицӕн адӕймӕгты ныхӕстӕй, стӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ кӕмӕй пайда кодтам ӕмӕ, нӕ историимӕ баст чи у, ахӕм дзауматӕй. Ӕмӕ нын ӕппӕт уыдӕттӕ зынаргъ бынтӕй уӕлдай не сты. Фӕлӕ сӕ цӕмӕн хъӕуы бахъахъхъӕнын? Цы пайда у, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотыл раздӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон иртасын? Зӕгъӕм, рагон Израилы-иу бинонты хистӕртӕ хъуамӕ сӕ фырттӕн дзырдтаиккой Йегъовӕйӕн йӕ закъӕтты ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй, цӕмӕй уыдон дӕр «сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардтаиккой» (Пс. 78:1–7).

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр-иу архивты цы ссардтой, уый фӕрцы-иу Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст. Зӕгъӕм, Иерусалимы кувӕндон ногӕй куы арӕзтой ӕмӕ знӕгтӕ уыцы куыст бакъуылымпы кӕныныл куы архайдтой, уӕд Мидийы сӕйраг горӕт Екбатаны архивты ссардтой, паддзах Кир кӕй ныффыссын кодта, уыцы документ. Уым фыст уыд, паддзах дзуттӕгтӕн бар кӕй радта кувӕндон саразынӕн (Езд. 6:1–4, 12). Уыйадыл кувӕндон ногӕй арӕзт ӕрцыд, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст. Архивтӕй пайда кодта Лука дӕр. Уый фӕрцы, йӕ Евангели куы фыста, уӕд «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодта» (Лук. 1:1–4).

Разамонӕг советы фӕнды, цӕмӕй нӕ организацийы истори хорз зонӕм. Нӕ историимӕ цыдӕриддӕр баст у, уый бахъахъхӕнын, хабӕрттӕ бӕстон ныффыссын ӕмӕ сӕ фидӕны фӕлтӕртӕм фӕхӕццӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй Разамонӕг советӕй иу ӕфсымӕр афтӕ загъта: «Кӕцӕй цӕуыс, уый куы нӕ зонай, уӕд, кӕдӕм цӕуыс, уый дӕр никуы базондзынӕ». Уымӕ гӕсгӕ ӕрӕджы Бруклины (Нью-Йорк) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады арӕзт ӕрцыд Архивтӕн дзуапдӕттӕг хайад. Йӕ хъус ӕм дары Фысджыты комитет.

НӔ «БИНОНТЫ КЪАМТӔ» ӔМӔ РАГОН ДЗАУМАТӔ

Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нӕ, ӕвӕццӕгӕн, алкӕй дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ бинонты тыххӕй фылдӕр хабӕрттӕ базона ӕмӕ сӕ иннӕ фӕлтӕртӕм дӕр фӕхӕццӕ кӕна. Архивтӕн дзуапдӕттӕг хайады дӕр бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй нӕ нӕ организацийы истори ма ферох уа, ӕмӕ уый тыххӕй хабӕрттӕ бӕстон ныффыссынц. Архивты цы къамтӕ ӕрӕмбырд кодтой, уыдон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сты нӕ «бинонты къамтӕ». Ис ма дзы нӕ зӕронд публикацитӕ, стӕй ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сӕ лӕггады тыххӕй цы диссаджы хабӕрттӕ ныффыстой, уыдон ӕмӕ алыхуызон рагон дзауматӕ. Уыцы зынаргъ хӕзнатӕ нын бынӕн баззадысты, Хуыцауӕн нӕ размӕ чи лӕггад кодта, уыдонӕй. Уыцы хӕзнаты фӕрцы нӕ бон у нӕ истори хуыздӕр базонын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ ныфс уадзынц, Йегъовӕ дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн нӕ бинонтӕн – ӕгас зӕххыл нын цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдонӕн.

Ацы ног рубрикӕ, «Нӕ историйы хӕзнадонӕй», зӕгъгӕ, мах зонгӕ кӕндзӕн, Архивтӕн дзуапдӕттӕг хайад цы ӕрӕмбырд кодта, уыимӕ. Ӕртӕ мӕйӕ ӕртӕ мӕймӕ мыхуыр цӕудзӕн «Хъахъхъӕнын мӕсыджы», ахуыргӕнӕн журналы. Зӕгъӕм, иннӕ хатт ацы рубрикӕйы фӕнд кӕнӕм цымыдисаг статья ныммыхуыр кӕнын. Уыдзӕн дзы нывтӕ дӕр ӕмӕ дзы дзуапп базонӕн уыдзӕн ахӕм фарстатӕн: Цы у, «Миназы чемодан» кӕй хуыдтой, уый? Чи дзы пайда кодта ӕмӕ кӕд? Стӕй цӕмӕн хъуыди?

Бинонты къамтӕй бирӕ цыдӕртӕ куыд вӕййы базонӕн, афтӕ, архивты цы ис, уыдонӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм нӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ, Йегъовӕйӕн мах размӕ чи лӕггад кодта, уыдоны тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, базондзыстӕм, сӕ уырнындзинад куыд фидар уыди ӕмӕ куыд хъӕбатыр уыдысты, уый тыххӕй, стӕй нӕ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты, уый тыххӕй дӕр. Ноджыдӕр ма дзы базонӕн ис, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты ӕмӕ сын алыхуызон уавӕрты куыд ӕххуыс кӕны, уый дӕр (Дык. з. 33:27). Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн, нӕ истори бахъахъхъӕныны тыххӕй цы аразӕм, уымӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм, стӕй нӕ ныфсыл ныфс ӕфтдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон дарддӕр ӕххӕст кӕнӕм.

[Рамкӕ/Ныв 31 фарсыл]

Лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм

Нӕ литературӕ, DVD-дисктӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕрмӕг цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ фысджытӕ, нывгӕнджытӕ, иртасджытӕ ӕмӕ иннӕ кусджытӕ фӕпайда кӕнынц архивтӕй. Уымӕ гӕсгӕ Архивтӕн дзуапдӕттӕг хайад архайы, цӕмӕй нӕ организациимӕ баст алыхуызон ӕрмӕг ӕмбырд кӕна ӕмӕ-иу ӕй бахъахъхъӕна. Уыцы ӕрмӕг ӕрбарвитынц филиалтӕй, Вефилты хайӕдтӕй ӕмӕ ӕмбырдтӕй. Бирӕ цыдӕртӕ ма базонынц хицӕн адӕймӕгтӕй дӕр. Стӕй ма ӕрмӕг фӕагурынц ӕндӕр организациты дӕр. Уӕдӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, уыцы куыст куыд кӕнынц, уымӕ.

Ӕрмӕг ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ иртасынц. Архивтӕн дзуапдӕттӕг хайады къӕбицы цы хӕзнатӕ ис, уыдон кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр. Уыцы хӕзнатӕй бирӕтӕ балӕвар кӕнынц кӕнӕ рӕстӕгмӕ раттынц, сӕ бинонтӕ дӕсгай азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕмӕн фӕлӕггад кодтой, уыдон. Архивты цы ӕрмӕг ис, уый кӕй иртасынц ӕмӕ йӕ ӕндӕр ӕрмӕгимӕ кӕй абарынц, уый стыр ӕххуыс у, цӕмӕй хуыздӕр ӕмбарӕм, нӕ организацийы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ӕмӕ фылдӕр базонӕм, уыцы хабӕртты чи архайдта, уыдоны тыххӕй.

Списокмӕ сӕ бахӕссынц. Уыцы къӕбицы ис мингай дзауматӕ, ӕмӕ се ’хсӕн ис, сӕдӕ азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ дӕр. Уыцы дзауматӕ сты алы ӕмӕ алыхуызон, зӕгъӕм, цавӕрдӕр мыхуыргонд ӕрмӕг, аудио- ӕмӕ видеоӕрмӕг, рагон дзауматӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Алкӕцы дӕр дзы списокмӕ бахӕссынц, цӕмӕй-иу ӕй уый фӕстӕ ӕнцонтӕй ссарой ӕмӕ-иу дзы спайда кӕной.

Реставраци сӕ скӕнынц ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнынц. Зӕронд чингуытӕ ӕмӕ рагон дзауматӕ реставраци скӕнынц ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнынц. Уыцы куыст кӕнгӕйӕ фӕпайда кӕнынц, дӕсны реставратортӕ цы мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй. Алыхуызон документтӕ, къамтӕ, газетты скъуыддзӕгтӕ, кинотӕ, аудио- ӕмӕ видеоӕрмӕг компьютермӕ бахӕссынц. Ӕмӕ уыцы хӕзнатӕм уӕлдай хатт къухӕй ӕвналын нал фӕхъӕуы.

Бафснайынц сӕ ӕмӕ сӕ стӕй фӕпайда кӕнынц. Архивты цы дзауматӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи бынат, цӕмӕй ӕнцон ссарӕн уа. Стӕй ӕфснайд вӕййынц, рухс кӕдӕм нӕ кӕлы ӕмӕ уымӕл кӕм нӕу, ахӕм ран. Архивтӕн дзуапдӕттӕг хайад исты куы фӕиртасы, уӕд ын стыр ӕххуыс вӕййы, уыцы дзауматы тыххӕй компьютеры цыдӕриддӕр информаци ис, уый.

[Нывтӕ 32 фарсыл]

1. «Сфӕлдыстады фотодрамӕ»-йы афишӕ. 2. Нӕ журналтӕ-иу чи рафыста, уыдоны номхыгъд. 3. Машинӕ рупоримӕ. 4. 1912 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цъар. 5. Дж. Рутерфорды кӕй ӕрцахстой, уый фӕдыл протокол. 6. Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы радиостанцийы (WBBR) микрофон. 7. Патефон. 8. Чингуытӕхӕссӕн чемодан. 9. Кӕйдӕр фыстытӕ. 10. Дж. Рутерфордмӕ ӕрвыст телеграммӕ.