Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинады «сӕйраг фӕзилӕнтӕй» цы ис базонӕн?

Рӕстдзинады «сӕйраг фӕзилӕнтӕй» цы ис базонӕн?

«Закъоны цы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ рӕстдзинад ис, уыдонӕн сӕ сӕйраг фӕзилӕнтӕ ӕмбарыс» (РОМ. 2:20).

1. Павел Моисейы закъоны тыххӕй цы бамбарын кодта, уый нӕ зонын цӕмӕн хъӕуы?

АПОСТОЛ Павел цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдоны фӕрцы нӕ бон хуыздӕр бамбарын у, Моисейы закъоны фӕзилӕнтӕ куыд ахсджиаг сты, уый. Зӕгъӕм, йӕ фыстӕджы дзуттӕгтӕм Павел бамбарын кодта, Йесо кӕй у «иузӕрдион хистӕр сауджын», стӕй «фидауынгӕнӕг нывонд» кӕй ӕрхаста. Уыцы нывонд ӕрхаста ӕрмӕстдӕр иу хатт, ӕмӕ уый фӕрцы ӕнусон ирвӕзындзинад дӕтты, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн (Дзут. 2:17; 9:11, 12). Павел ма ноджыдӕр бамбарын кодта, цатыр кӕй уыд, «уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕн» ӕрмӕстдӕр сӕ аууон. Загъта ма, зӕгъгӕ, Йесо сси, Моисейы закъонӕй «хуыздӕр» чи у, уыцы бадзырды Ӕхсӕны лӕг (Дзут. 7:22; 8:1–5). Павел уыцы хабӕрттӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕн кӕй бамбарын кодта, уый сын уыди стыр ӕххуыс. Ӕмӕ махӕн дӕр уый стыр ӕххуыс у – уый фӕрцы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, Хуыцау мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн.

2. Дзуттаг чырыстӕттӕ иннӕ адӕмтӕй уӕлдай Хуыцауы ӕмӕ йӕ раст закъӕттӕ хорз цӕмӕн зыдтой?

2 Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм цы хъуыдытӕ ныффыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хаудысты, дзуттаг чи уыд ӕмӕ Моисейы закъон чи зыдта, уыцы чырыстӕттӕм. Павел куыд загъта, афтӕмӕй, Моисейы закъон кӕй зыдтой, уый фӕрцы хорз ӕмбӕрстой рӕстдзинады «сӕйраг фӕзилӕнтӕ». Уыдон ӕмбӕрстой, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, стӕй йӕ закъӕттӕ раст кӕй сты, уый ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕн аргъ кодтой. Уый фӕрцы сӕ бон уыди, Хуыцауӕн сӕ размӕ чи лӕггад кодта, уыцы иузӕрдион дзуттӕгтау Йегъовӕйы закъӕттӕ иннӕ адӕмтӕн дӕр амонын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:17–20.)

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДӔН ЙӔ АУУОН

3. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн цы нывӕндтӕ хастой, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?

3 Павел цы сӕйраг фӕзилӕнты тыххӕй дзырдта, уыдон абон дӕр сты ахсджиаг – ӕххуыс нын кӕнынц Йегъовӕйы фӕндтӕ хуыздӕр ӕмбарынӕн. Моисейы закъон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыди, уыдон абон дӕр сты ахсджиаг. Уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Закъонмӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн цы нывӕндтӕ ӕмӕ цы кувинӕгтӕ хъуыди хӕссын, ууыл. Уыцы нывӕндтӕ сӕрныллӕг дзуттӕгты кодтой Чырыстимӕ ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой, Хуыцау сӕ цы домдта, уый ӕмбарынӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы сӕйраг домӕнтӕ абон дӕр кӕй нӕ фӕивтой, уымӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕн нывӕндты тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ бон уыдзӕн фенын, нӕ лӕггады нӕ цы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын (Мал. 3:6).

4, 5. а) Моисейы закъон Хуыцауы адӕмӕн сӕ зӕрдыл цы лӕууын кодта? ӕ) Израилӕгтӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдон цӕмӕ амыдтой?

4 Моисейы закъоны цы фӕдзӕхстытӕ уыд, уыдонӕй бирӕтӕ дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый. Зӕгъӕм, адӕймаджы мардыл-иу чи андзӕвыдаид, уый-иу хъуамӕ йӕхи ссыгъдӕг кодтаид. Уый тыххӕй-иу хъуыди сауджынмӕ ӕнӕсахъат сырх хъуг ӕрбакӕнын. Сауджын-иу ӕй хъуамӕ аргӕвстаид ӕмӕ йӕ стӕй басыгътаид. Йӕ фӕныкӕй та-иу ын хъуамӕ сарӕзтаид «сыгъдӕггӕнӕн дон» ӕмӕ-иу дзы хъуамӕ уыцы адӕймагыл бапырх кодтаид, йӕхи цы бон фӕчъизи кодта, уымӕй ӕртыккаг бон ӕмӕ ӕвдӕм бон. Уый ӕнӕмӕнг уыди, цӕмӕй-иу ссыгъдӕг уыдаид (Ным. 19:1–13). Адӕм иууылдӕр ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕй кӕй райгуырынц, уый ма дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта ӕндӕр закъон дӕр. Сылгоймаг-иу сывӕллон куы ныййардта, уӕд-иу цасдӕр рӕстӕг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд. Ӕмӕ-иу йӕ сыгъдӕггӕнӕн бонтӕ куы фесты, уӕд-иу хъуамӕ нывонд ӕрхастаид ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи ссыгъдӕг кодтаид (Лев. 12:1–8).

5 Израилӕгты ма сӕ тӕригъӕдты тыххӕй фосы нывӕндтӕ хӕссын хъуыди бирӕ ӕндӕр уавӕрты дӕр. Чи зоны йӕ уыцы рӕстӕг сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, фӕлӕ цатыры, ӕмӕ фӕстӕдӕр та Йегъовӕйы кувӕндоны, цы нывӕндтӕ хастой, уыдон уыдысты Йесойы ӕххӕст нывондӕн йӕ «аууон», ома амыдтой уыцы нывондмӕ (Дзут. 10:1–10).

НЫВӔНДТӔ ЦЫ ЗӔРДӔЙӔ ХЪӔУЫ ХӔССЫН

6, 7. а) Израилӕгтӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дардтаиккой? Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы нывӕндтӕ цӕмӕ амыдтой? ӕ) Алкӕй дӕр нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

6 Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйӕн нывондӕн фос куы хастой, уӕд-иу сӕ нывонд хъуамӕ уыдаид «ӕнӕсахъат», ома йӕм хъуамӕ мацы хъӕндзинад уыдаид, хъуамӕ ма уыдаид нӕдӕр куырм, нӕдӕр цӕф ӕмӕ нӕдӕр рынчын (Лев. 22:20–22). Йегъовӕйӕн-иу кувинагӕн цы дыргътӕ кӕнӕ хор хастой, уый та-иу хъуамӕ уыдаид «фыццаг тыллӕг» – «ӕппӕты хуыздӕр» сӕм цы уыд, уый (Ным. 18:12, 29). Ӕрмӕстдӕр ахӕм кувинӕгтӕ цыдысты Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн нывондӕн сӕ фосы хуыздӕртӕ кӕй хастой, уый амыдта, Йесойы нывонд «ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕсахъат» кӕй уыдзӕн, уымӕ. Цӕмӕй Йегъовӕ адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ нывондӕн ӕрхастаид, ӕппӕты хуыздӕр ӕм цы уыд ӕмӕ йын ӕппӕты зынаргъдӕр цы уыди, уый (1 Пет. 1:18, 19).

7 Адӕймаг-иу Йегъовӕйы хорздзинӕдты тыххӕй ӕцӕгӕйдӕр бузныг куы уыд, уӕд-иу ын не ’вгъау кодта, ӕппӕты хуыздӕр ӕм цы уыд, уый. Хуыцауӕн цавӕр нывонд ӕрхӕсдзӕн, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кодта. Фӕлӕ зыдта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, ӕппӕты хуыздӕр чи нӕу, ахӕм нывӕндтӕ. Адӕймаг ахӕм нывонд куы ’рхастаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы кӕнӕ та йын нывӕндтӕ хӕссын уӕззау уаргъӕй уӕлдай нӕу. (Бакӕс Малахийы 1:6–8, 13.) Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕйӕн цы зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын? Мыййаг мӕ мӕ лӕггады ницы хъӕуы фӕивын? Йегъовӕйӕн, ӕппӕты хуыздӕр мӕм цы ис, уый дӕттын?»

8, 9. Израилӕгтӕ нывӕндтӕ цы зӕрдӕйӕ хастой, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?

8 Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыдысты, уый-иу равдыстой, сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ-иу ын нывонд кӕй ӕрхастой, уымӕй. Кӕнӕ-иу цӕмӕй йӕ хорзӕхӕй схайджын уыдаиккой, уый тыххӕй та-иу ӕрхастой судзинаг нывонд. Ахӕм уавӕрты сын зын нӕ уыд ӕппӕты хуыздӕр нывӕндтӕ хӕссын, ӕмӕ сын уый уыд стыр цины хос. Абон мах нӕ хъӕуы, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хастой, ахӕм нывӕндтӕ хӕссын. Фӕлӕ уӕддӕр мах хӕссӕм ӕндӕр нывӕндтӕ – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕттӕм нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ къухы цы ис, уый. Апостол Павел бамбарын кодта, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы нывӕндтӕ цы сты, уый. Загъта, зӕгъгӕ уын цы ныфс ис, уый тыххӕй «адӕмы ’хсӕн» дзурут, стӕй «хорздзинад аразут ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнут» (Дзут. 13:15, 16). Уыцы хъуыддӕгтӕ цы зӕрдӕйӕ кӕнӕм, уымӕй зыны, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дӕтты, уый тыххӕй дзы ӕцӕгдӕр бузныг стӕм ӕви нӕ. Уӕдӕ мах дӕр израилӕгтау хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕнын?»

9 Фӕлӕ-иу адӕймаг исты тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд-иу ӕй Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг хъуыди тӕригъӕды тыххӕй кӕнӕ аххосы тыххӕй нывонд ӕрхӕссын. Иугӕр Закъонмӕ гӕсгӕ уыцы нывӕндтӕ хӕссын ӕнӕмӕнг хъуыди, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы нывӕндтӕ ӕвӕндонӕй хастой? (Лев. 4:27, 28). Кӕд сӕ Йегъовӕимӕ хӕларӕй цӕрын ӕцӕгдӕр фӕндыд, уӕд сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ хастаиккой.

10. Исты рӕдыд куы саразӕм, уӕд нӕ цавӕр нывонд фӕхъӕуы ӕрхӕссын?

10 Мах дӕр тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт не ’фсымӕры фӕхъыг кӕнӕм, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕнӕм, афтӕмӕй кӕнӕ та йын не ’нӕрхъуыды ныхасӕй йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ цыдӕр рӕдыд саразӕм, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл фӕхуды. Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, уӕд нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй нӕ рӕдыд сраст кӕнӕм. Чи зоны нӕ уый тыххӕй бахъӕуа, кӕй фӕхъыг кодтам, уыцы ӕфсымӕрӕй зӕрдиагӕй хатыр ракурын. Кӕд исты стыр рӕдыд сарӕзтам, уӕд та нӕ хъӕудзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуын, цӕмӕй нын баххуыс кӕной (Матф. 5:23, 24; Иак. 5:14, 15). Иуныхасӕй, Хуыцауы ныхмӕ кӕнӕ не ’фсымӕры ныхмӕ цы рӕдыд сарӕзтам, уый сраст кӕнынӕн хъӕуы бӕлвырд къахдзӕфтӕ саразын. Ӕмӕ уыцы къахдзӕфтӕ куы саразӕм, уӕд, зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхастам. Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд та ногӕй Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм ӕмӕ, кӕй фӕхъыг кодтам, уыцы ӕфсымӕримӕ дӕр бафидаудзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы раз нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг. Ӕмӕ уӕд нӕхицӕй зондзыстӕм, уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйы зондмӕ хъусай.

11, 12. а) Фарны нывӕндтӕ иннӕ нывӕндтӕй цӕмӕй хицӕн кодтой? ӕ) Израилӕгтӕ ахӕм нывӕндтӕ кӕй хастой, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

11 Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ма израилӕгтӕ хастой фарны нывӕндтӕ дӕр. Адӕймаг-иу ахӕм нывонд кӕй ӕрхаста, уый-иу ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауимӕ фӕрнӕй цӕры. Ахӕм нывонд-иу чи ӕрхаста, уый-иу йӕ бинонтимӕ иумӕ уыцы кусӕрттаджы дзидзайӕ бахордта кувӕндоны хӕрӕндӕттӕй иуы. Нывондӕй-иу хай райстой, кусӕрттагимӕ-иу чи архайдта, уыцы сауджын дӕр ӕмӕ ма-иу уыцы рӕстӕг кувӕндоны ноджыдӕр цы сауджынтӕ лӕггад кодтой, уыдон дӕр (Лев. 3:1; 7:31–33). Израилӕгтӕ фарны нывӕндтӕ уый тыххӕй хастой, ӕмӕ сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уыдаиккой. Уыцы хабар афтӕ уыд, цыма уыцы адӕймаг, йӕ бинонтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг иу фынгыл бадынц ӕмӕ фӕрнӕй минас кӕнынц.

12 Уӕдӕ-иу адӕймаг фарны нывонд куы ’рхаста, уӕд-иу, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ фынгмӕ фӕхуыдта. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ дӕм Йегъовӕ саккаг кӕна! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм кадджын уазӕгӕн-иу фысым ӕрӕвӕрдта, ӕппӕты хуыздӕр ӕм цы уыд, уый. Фарны нывӕндтӕ хаудысты, Закъоны цы рӕстдзинад уыд, уымӕн йӕ сӕйраг фӕзилӕнтӕм. Уыдон ӕвдыстой, йе Сфӕлдисӕгимӕ фӕрнӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр уый сӕ къухы кӕй бафтдзӕн стырдӕр нывонды фӕрцы – Йесойы нывонды фӕрцы. Уӕдӕ кӕд мах дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕм цы ис, уый не ’вгъау кӕнӕм, уӕд нӕ йӕ хӕларыл нымайдзӕн.

ХУЫЦАУЫ ЗӔРДӔМӔ ЧИ НӔ ЦӔУЫ, АХӔМ НЫВӔНДТӔ

13, 14. Паддзах Саулы нывонд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ фӕцыд?

13 Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдысты, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй хастой, ахӕм нывӕндтӕ. Фӕлӕ Библийы фыст хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй иуӕй-иу нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон нӕ уыдысты. Цӕуылнӕ? Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ.

14 Иухатт пехуымпар Самуил паддзах Саулӕн фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ныр уый рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕ амаликӕгты фесафа. Уый Саулӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй амаликӕгты се ’ппӕты дӕр, стӕй сын сӕ фос дӕр иууылдӕр ныццагътаид. Фӕлӕ Саул йе знӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд йӕ хӕстонтӕн загъта, цӕмӕй йӕм амаликӕгты паддзах Агагы удӕгасӕй ӕрбакодтаиккой. Стӕй сын сӕ фосы хуыздӕртӕ дӕр ныууагъта, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхастаид (1 Сам. 15:2, 3, 21). Цымӕ Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Саул йӕ коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй йыл йӕ къух систа. (Бакӕс 1 Самуилы 15:22, 23.) Ацы хабарӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй нӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ коммӕ кӕсӕм.

15. Израилӕгтӕ нывӕндтӕ кӕй хастой, фӕлӕ сӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ та ныууадзын кӕй нӕ фӕндыд, уый цӕуыл дзурӕг уыд?

15 Ахӕм хабары тыххӕй ма фыст ис Исайы чиныджы дӕр. Исайы заман чи цард, уыцы израилӕгтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастой. Фӕлӕ сӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй сӕ нывӕндтӕ уыдысты «сахъат». Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ бафарста: «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ?» Ӕмӕ сын стӕй бауайдзӕф кодта: «Судзгӕ кӕй бакӕнут, уыцы фырытӕй ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты тугӕй мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны. [...] Мауал хӕссут ӕнӕпайда хоры кувинӕгтӕ. Буд мын ӕнад у». Цымӕ сӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цыдысты? Хуыцау загъта: «Цасфӕнды мӕм ма куват – нӕ уӕм хъусын. Сымахӕн уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты. Уӕхи ныхсут, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут. Мӕ цӕстыты разӕй уӕ фыдхъуыддӕгтӕ айсут, уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут» (Ис. 1:11–16).

16. Нӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕд уыдзысты?

16 Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кодта, уыдоны нывӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Фӕлӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй чи архайдта, уыдоны куывдтытӕ хъуыста ӕмӕ йын сӕ нывӕндтӕ уыдысты ӕхсызгон. Закъоны сӕйраг фӕзилӕнты фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, ӕнӕххӕст кӕй сты ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕнын кӕй хъӕуы (Гал. 3:19). Ӕмӕ-иу ууыл арф куы хъуыды кодтой, уӕд-иу сӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу сӕ бафӕндыд Йегъовӕйы хорзӕх ссарын. Абон мах дӕр хъуамӕ рох ма уа, нӕ тӕригъӕдтӕ ӕрмӕстдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй цӕуынц хатыргонд. Уыцы нывондӕн цы стыр тых ис, уый куы ’мбарӕм ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг куы уӕм, уӕд ын «ӕхсызгон уыдзӕн», йӕ номыл цыдӕриддӕр аразӕм, уый. (Бакӕс Псалом 51:17, 19.)

ЙЕСОЙЫ НЫВОНДЫЛ КӔЙ ӔУУӔНДЫС, УЫЙ ХЪУЫДДАГӔЙ ӔВДИС

17–19. а) Чырыстийы нывонды тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Израилӕгтӕ Йегъовӕйы фӕндтӕн уыдтой ӕрмӕстдӕр сӕ «аууон». Уыдонӕй уӕлдай мах та нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый (Дзут. 10:1). Хуыцау нывӕндты тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдоны фӕрцы израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, цы сӕ хъуыди аразын, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой. Хуыцауӕй бузныг кӕй уыдысты, уый хъуамӕ хъуыддагӕй ӕвдыстаиккой ӕмӕ сӕ хъуамӕ фӕндыдаид, ӕппӕты хуыздӕр сӕм цы уыд, уый йын дӕттын. Стӕй хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ фервӕзын кӕнын кӕй хъӕуы. Мах дӕр Чырыстон Грекъаг Фыстыты фӕрцы ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй Чырыстийы нывонды руаджы кӕй ссӕрибар кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уый фӕрцы абон дӕр ис сыгъдӕг цӕсгом Хуыцауы раз. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы лӕвар у Чырыстийы нывонд! (Гал. 3:13; Дзут. 9:9, 14).

18 Цӕмӕй нын Чырыстийы нывонд пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй фаг нӕу, уыцы нывонд нӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын. Апостол Павел ныффыста: «Закъон [нын] сси сывӕллонгӕсы хуызӕн ӕмӕ нӕ кодта Чырыстимӕ, цӕмӕй уырнындзинады фӕрцы нымад ӕрцыдаиккам рӕстгӕнджытыл» (Гал. 3:24). Ӕмӕ нӕ уырнындзинад та хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй (Иак. 2:26). Куыд базыдтам, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕ хорз ӕмбӕрстой, Моисейы закъоны цы зонындзинӕдтӕ уыд, уыдонӕн сӕ сӕйраг фӕзилӕнтӕ. Ӕмӕ сӕ Павел дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй, цы зыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтаиккой. Ӕмӕ афтӕмӕй, иннӕтӕн цы амыдтаиккой, уый сӕхӕдӕг дӕр арӕзтаиккой. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:21–23.)

19 Уӕдӕ кӕд абон мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр нӕ хъӕуы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывӕндтӕ хӕссын. Уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 17 фарсыл]

Абон дӕр Йегъовӕйы сӕйраг домӕнтӕ нӕ фӕивтой

[Ныв 18 фарсыл]

Йегъовӕйӕн нывондӕн кӕцы фыс ӕрхӕссис?

[Ныв 19 фарсыл]

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссӕм, уӕд ын йӕ хорзӕх ссардзыстӕм