Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нафан иузӕрдионӕй хӕцыд сыгъдӕг дины фарс

Нафан иузӕрдионӕй хӕцыд сыгъдӕг дины фарс

Стыр хицау чи у, ахӕм адӕймагмӕ бацӕуай ӕмӕ йын бамбарын кӕнай, кӕй фӕрӕдыд ӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕна, уый ӕнцон нӕу. Куы йӕ зонай, ӕмӕ уыцы адӕймаг, цӕмӕй ма фегад уа, уый тыххӕй лӕг амарын кодта, уӕд ӕм дӕ ныфс бахӕсдзынӕ?

Рагон Израилы паддзах Давид ӕмуат ӕрцыд ӕндӕр лӕджы усимӕ, Вирсавиимӕ, ӕмӕ Вирсави басывӕрджын. Цӕмӕй Давид сӕ тӕригъӕд басусӕг кодтаид, уый тыххӕй йын йӕ лӕджы амарын кодта ӕмӕ Вирсавийы йӕхицӕн усӕн ӕркодта. Бирӕ мӕйты дӕргъы Давид уыцы тӕригъӕд ӕмбӕхста ӕмӕ афтӕмӕй йӕ паддзахы куыст дӕр кодта. Фӕлӕ Йегъовӕ паддзахы тӕригъӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Ӕмӕ йӕм арвыста йӕ пехуымпар Нафаны.

Уый тынг зын хӕс уыд. Дӕхи-ма Нафаны бынаты сӕвӕр. Нафан Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтыл фидар кӕй хӕцыд, уый йӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй Давидӕн йӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕргом загътаид. Пехуымпар уыцы хъуыддаг куыд хъуамӕ сарӕзтаид ӕмӕ Давидӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн куыд хъуамӕ баххуыс кодтаид?

ӔМБАРГӔ АХУЫРГӔНӔГ

Бакӕс-ма 2 Самуилы 12:1–25 стихтӕ, ӕмӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕ Нафан ӕмӕ Давидӕн дзурыс ацы хабар: «Иу горӕты цард дыууӕ лӕджы, сӕ иу уыди хъӕздыг, иннӕ та – мӕгуыр. Хъӕздыг лӕгмӕ уыди тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ стурвос. Мӕгуыр лӕгмӕ та иу гыццыл сыл уӕрыкк йеддӕмӕ ницы уыди, ӕмӕ уый дӕр ӕлхӕнгӕ бакодта. Лӕг зылди йӕ уӕрыкмӕ, ӕмӕ уӕрыкк хъомыл кодта йӕ разы, йӕ фырттимӕ иумӕ. Йӕ комдзагӕй йӕ хаста, йӕхи къусӕй йын дардта ӕмӕ-иу уӕрыкк хуысгӕ дӕр йӕ хъӕбысы кодта – чызджы хуызӕн ын уыди. Иу бон хъӕздыг лӕгмӕ ӕрбацыд фӕндаггон. Фӕлӕ, уазӕгӕн йӕхи фыстӕй ӕмӕ йӕхи стурвосӕй аргӕвстаид, уый йӕ цӕст нӕ бауарзта. Гъемӕ уыцы мӕгуыр лӕджы уӕрыччы аргӕвста ӕмӕ йӕ уазӕгӕн ӕрцӕттӕ кодта» (2 Сам. 12:1–4).

Уыцы хабар фехъусгӕйӕ Давид тынг смӕсты ӕмӕ загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын, афтӕ чи бакодта, уыцы адӕймаг маринаг у». Ӕмӕ йын уӕд Нафан фидарӕй загъта: «Ды дӕ уыцы адӕймаг!» (2 Сам. 12:5–7). Давид йӕхӕдӕг дӕр раздӕр фыййау уыд, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар ӕцӕгыл банымадта. Иу библииртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн ахъуыды кодта, ӕмӕ-иу ӕм Нафан уый размӕ арӕх ӕрбацыд, цӕмӕй-иу, ӕфхӕрд чи баййӕфта ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыдоны тыххӕй йемӕ аныхас кодтаид. Кӕд афтӕ дӕр уыд, уӕддӕр Нафан хъуамӕ уыдаид Хуыцауыл иузӕрдион, стӕй хъӕбатыр, цӕмӕй паддзахимӕ афтӕ аныхас кодтаид.

Цымӕ Нафан йӕ ныхас афтӕ цӕмӕн райдыдта? Адӕймаг искӕй куы бауарзы, уӕд ын зын вӕййы йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Исты раст куы нӕ бакӕнӕм, уӕд нӕ алчидӕр йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕвӕййы. Фӕлӕ Нафан Давидӕн цы хабар радзырдта, уый фӕрцы афтӕ рауад, ӕмӕ Давид йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон рахаста, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакодта, афтӕмӕй. Нафан цы хабар радзырдта, уым хъуыддаг бӕлвырд уыд: уыцы хъӕздыг лӕг тынг ӕвзӕр ми бакодта. Давид йӕ ныхас куы загъта, Нафан ын ӕрмӕстдӕр уӕд раргом кодта, уыцы хабар паддзахӕн йӕхи тыххӕй кӕй уыд. Уӕд Давид бамбӕрста, цы стыр тӕригъӕд ракодта, уый. Ӕмӕ йын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыд йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсын ӕмӕ зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айсын. Давид басасти, цы сарӕзта, уымӕй Йегъовӕйы кӕй «ницӕмӕ ӕрдардта», ӕмӕ йӕм цы ӕфхӕрд ӕмбӕлд, ууыл сразы (2 Сам. 12:9–14; Пс. 51, разныхас).

Уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Адӕмӕн Библи чи амоны, уымӕн йӕ нысан у, цӕмӕй сын баххуыс кӕна раст хатдзӕгтӕ кӕнынӕн. Нафан Давидӕн аргъ кодта ӕмӕ йӕ нымадта, ӕмӕ йемӕ ныхас кодта ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ уӕзданӕй. Нафан зыдта, Давид рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон кӕй уарзта. Ӕмӕ йын радзырдта, йӕ зӕрдӕ йын цавӕр хабар бацагайдтаид, растдӕр ахӕм хабар. Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ-иу адӕймагӕн баххуыс кӕнӕм, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн. Куыд? Раст цы у, уый адӕм ӕнӕуи дӕр фӕзонынц. Ӕмӕ сын нӕ бон у, цы зонынц, уымӕй спайда кӕнынӕн баххуыс кӕнын, ӕрмӕст сӕм афтӕ куыд нӕ фӕкӕса, ӕмӕ мах уыдонӕй хуыздӕр стӕм кӕнӕ уыдонӕй фылдӕр зонӕм. Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый сын хъуамӕ мах ма дзурӕм, фӕлӕ Библи.

Хъомысджын паддзахӕн йӕ рӕдыдмӕ бацамонын Нафанӕн йӕ бон сӕйраджыдӕр уый фӕрцы сси, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыд (2 Сам. 12:1). Мах дӕр Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕм ахӕм хъӕбатырдзинад уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтыл фидар хӕцӕм.

ФИДАР ХӔЦЫД РАСТ ДИНЫ ФАРС

Давид ӕмӕ Нафан, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты хорз ӕмбӕлттӕ, уымӕн ӕмӕ Давид йӕ фырттӕй иуы схуыдта Нафан (1 Аз. 3:1, 5). Библийы фыццаг хатт Нафаны кой ис, Давидимӕ куы уыд, уӕд. Сӕ дыууӕ дӕр уарзтой Йегъовӕйы. Куыд зыны, афтӕмӕй Давид Нафаныл ӕууӕндыд ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кодта, уымӕн ӕмӕ йын Давид раргом кодта, Йегъовӕйӕн ӕй кувӕндон саразын кӕй фӕндыд. Давид ын загъта: «„Ӕз кедрӕй арӕзт хӕдзары цӕрын, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын та цатыры ис“. Ӕмӕ уӕд Нафан паддзахӕн загъта: „Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ демӕ ис“» (2 Сам. 7:2, 3).

Нафан Йегъовӕйыл уыд тынг иузӕрдион, ӕмӕ Давид ӕцӕг Хуыцауӕн зӕххыл фыццаг кувӕндон саразынвӕнд куы скодта, уӕд Нафан зӕрдиагӕй сразы ис. Фӕлӕ уыцы хатт Нафан цы загъта, уый уыд йӕхи хъуыды, Йегъовӕйы ныхас нӕ, фӕлӕ. Уыцы ӕхсӕв Хуыцау йӕ пехуымпарӕн загъта, цӕмӕй паддзахӕн ӕндӕрхуызон хабар фехъусын кӕна: Давид Йегъовӕйӕн кувӕндон нӕ сараздзӕн. Сараздзӕн ӕй йӕ фырттӕй сӕ иу. Фӕлӕ ма Нафан загъта, Хуыцау Давидимӕ бадзырд кӕй аразы ӕмӕ йӕ «паддзахбадӕн фидар [кӕй] лӕудзӕн ӕнустӕм» (2 Сам. 7:4–16).

Нафан разы уыд, цӕмӕй Давид кувӕндон сарӕзтаид, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндон та ӕндӕр уыди. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сӕрныллӕг пехуымпар нӕ хъуыр-хъуыр кодта. Йегъовӕ йын цы разамынд радта, уымӕ байхъуыста, ӕмӕ архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта. Хуыцау нӕ искуы исты хъуыддаджы куы бараст кӕна, уӕд нын Нафан уыдзӕн фӕзминаг. Нафан дарддӕр хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр лӕггад кодта Йегъовӕйы пехуымпарӕй. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Гад ӕмӕ Нафаны уылты Давидӕн разамынд радта, цӕмӕй 4000 адӕймаджы, музыкалон инструменттӕй чи цагъта, уыдоны, кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн сӕвӕрдтаид (1 Аз. 23:1–5; 2 Аз. 29:25).

УЫДИ ХУЫЦАУЫ ӔВӔРД ПАДДЗАХЫ ФАРС

Нафан ӕй зыдта, Давиды фӕстӕ паддзах кӕй хъуамӕ суыдаид Соломон. Ӕмӕ Давиды зӕронды бонты Адони паддзахы бынат байсынмӕ куы хъавыд, уӕд Нафан уыцы хъуыддагмӕ ӕнцад нӕ каст. Ам дӕр та Нафан равдыста ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад. Фыццаг уал Вирсавийӕн загъта, цӕмӕй Давидӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, кӕй расомы кодта, зӕгъгӕ, мӕ фӕстӕ паддзах суыдзӕн Соломон. Стӕй Нафан йӕхӕдӕг дӕр паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста, мыййаг, дӕ фӕстӕ паддзах Адони хъуамӕ суа, зӕгъгӕ. Давид бамбӕрста, хабар хорз кӕй нӕу, ӕмӕ Нафанӕн ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй Соломоны паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой. Афтӕмӕй Адонийы фӕнд фехӕлд (1 Пад. 1:5–53).

СӔРНЫЛЛӔГ ФЫССӔГ

Бирӕтӕ разы сты, 1 Самуилы чиныджы 25–31 сӕртӕ ӕмӕ 2 Самуилы чиныг Нафан ӕмӕ Гад кӕй ныффыстой. Уыцы чингуытӕ фыст ӕрцыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ дзы фыст ис: «Паддзах Давиды хъуыддӕгты тыххӕй, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис, цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Самуил, пехуымпар Нафан ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Гад цы ныффыстой, уым» (1 Аз. 29:29). Библийы ма фыст ис, Нафан «Соломоны... хъуыддӕгты тыххӕй» дӕр кӕй ныффыста (2 Аз. 9:29). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Нафан паддзах Давиды мӕлӕты фӕстӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, лӕггад кодта паддзахы галуаны.

Нафаны тыххӕй цы зонӕм, уымӕн йӕ фылдӕр йӕхӕдӕг ныффыста. Фӕлӕ цы нӕ ныффыста, уымӕй дӕр нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын. Бӕрӕг у, Нафан сӕрныллӕг фыссӕг кӕй уыд ӕмӕ йӕхицӕн кад кӕй нӕ агуырдта. Иу дзырдуаты куыд фыст ис, афтӕмӕй Нафанӕн йӕхи тыххӕй, стӕй йӕ бинонты тыххӕй дӕр Библийы ницы ис фыст. Уӕдӕ Нафанӕн йӕхи царды тыххӕй ницы зонӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ УЫД ИУЗӔРДИОН

Кӕд Библийы Нафаны тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр нӕ бон у базонын, сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ Хуыцауы фӕнд зынгзӕрдӕйӕ кӕй ӕххӕст кодта. Йегъовӕ-иу ын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдон-иу ӕнцон нӕ уыдысты. Ахъуыды кӕн, Нафанмӕ цы миниуджытӕ уыд, уыдоныл, зӕгъӕм, Хуыцауыл уыд иузӕрдион ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕн тынг аргъ кодта. Архай, цӕмӕй ды дӕр ахӕм уай.

Дӕу, ӕвӕццӕгӕн, никуы бахъӕудзӕн, хӕтындзинады аххосджын чи у, ахӕм паддзахӕн йӕ рӕдыдмӕ бацамонын кӕнӕ, паддзахы бынат байсынмӕ чи хъавы, уымӕн йӕ фӕнд фехалын. Фӕлӕ Хуыцауы фӕрцы дӕ бон у, ӕмӕ йыл иузӕрдион уай ӕмӕ йын йӕ раст закъӕттыл фидар хӕцай. Дӕ бон ма у хъӕбатырӕй, фӕлӕ уӕзданӕй адӕмӕн рӕстдзинад амонын ӕмӕ раст дины фарс фидар хӕцын.

[Ныв 25 фарсыл]

Нафан уыд паддзахы фарс ӕмӕ Вирсавиимӕ ууыл уӕзданӕй аныхас кодта