Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уды низтӕн сӕ фыддӕр – хӕлӕг

Уды низтӕн сӕ фыддӕр – хӕлӕг

Наполеон Бонапарт, Юлий Цезӕр, Македойнаг Алыксандр – се ’ртӕ дӕр кӕд хъомысджын хицӕуттӕ уыдысты ӕмӕ сӕ кад дӕрдтыл нӕрыд, уӕддӕр сын сӕ зӕрдӕ хордта иу низ. Ӕртӕйӕ дӕр кӕмӕдӕрты хӕлӕг кодтой.

Англисаг философ Бертран Рассел куыд фыссы, афтӕмӕй Наполеон хӕлӕг кодта Цезӕрмӕ, Цезӕр хӕлӕг кодта Македойнаг Алыксандрмӕ, Алыксандр та – Геркулесмӕ, уӕвгӕ чи никуы уыди, ахӕм кӕмӕдӕр. Уыцы низӕй хызт ничи у, цыфӕнды хъӕздыг ма уа, цавӕрфӕнды курдиӕттӕ йӕм ма уа ӕмӕ йын царды цасфӕнды ма бантыса, уӕддӕр.

Хӕлӕггӕнаг адӕймагмӕ хъыг фӕкӕсы, иннӕтӕм уымӕй фылдӕр ӕхца, фылдӕр мулк куы вӕййы ӕмӕ сын царды уымӕй фылдӕр истытӕ куы бантысы, уый. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ Библийы дзырд «хӕлӕг» ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ адӕймаг, иннӕтӕм цы ис, уымӕ куы бӕлла, фӕлӕ сын уыдӕттӕ йӕ цӕст дӕр куы нӕ уарза. Ахӕм адӕймаг ӕнӕуи афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, ехх уымӕ цы ис, уый мӕнмӕ дӕр куы уаид, зӕгъгӕ. Уый фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, кӕд мӕнмӕ нӕй, уӕд уымӕ дӕр ма уӕд.

Уӕдӕ нӕ ӕркӕсын хъӕуы, адӕймаг хӕлӕггӕнаг куыд свӕййы ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕны, уымӕ. Уӕлдайдӕр та нӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы, цы ис саразӕн, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕна.

ХӔЛӔГДЗИНАДЫ АРТ ЦӔМӔЙ ССУДЗЫ?

Адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ хӕлӕг алкӕй мидӕг дӕр цӕры. Фӕлӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуджытӕ куы стыхджын вӕййынц, уӕд уыдоны аххосӕй хӕлӕгдзинады арт дӕр ссудзы (Иак. 4:5). Уыцы миниуджытӕй иуы тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм» (Гал. 5:26). Иннӕтӕй хуыздӕр уӕм, ӕдзух уымӕ куы тырнӕм, уӕд нӕ мидӕг хӕлӕгдзинады зынг сирвӕздзӕн. Дыууӕ чырыстоны, Кристинӕ ӕмӕ Хосе *, зӕгъгӕ, уый сӕхиуыл бавзӕрстой.

Кристинӕ лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй. Уый йӕхи тыххӕй загъта: «Иннӕтӕм арӕх фӕхӕлӕг кӕнын. Мӕхи семӕ фӕбарын, уыдонӕн цы ис, уый мӕнӕн цӕуылнӕ ис, зӕгъгӕ». Иухатт Кристинӕ цӕуӕг цӕстдарӕгимӕ ӕмӕ йӕ усимӕ иумӕ сихор кодта. Кристинӕ ӕмӕ йӕ лӕг дӕр сӕ карӕн кӕй сты, стӕй-иу раздӕр йӕ лӕг дӕр ахӕм хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ сын загъта: «Мӕ сӕрыхицау дӕр хистӕр нӕлгоймаг куы у, уӕд афтӕ цӕмӕн у, ӕмӕ сымах цӕуӕг цӕстдарджытӕй лӕггад кӕнут, мах та ам иу ран бадӕм?» Кристинӕ йӕхи иннӕтимӕ кӕй барста, уый тыххӕй хӕлӕгдзинады арт йӕ зӕрдӕйы ссыгъд, ӕмӕ йӕ лӕгимӕ хорзӕй цы арӕзтой, уый нал уыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕппындӕр ницӕмӕйуал рухс кодта.

Хосейы та фӕндыд ӕмбырды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын. Иуафон кӕйдӕрты снысан кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй, уый та – нӕ. Гъемӕ уыцы ӕфсымӕртӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта, хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатормӕ та мӕсты кодта. «Хӕлӕг кӕй кодтон, уый тыххӕй уыцы хистӕр нӕлгоймагӕй ме сӕфт федтон. Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, ӕмбырды мын исты хӕстӕ уа, уый,– зӕгъы Хосе.– Хӕлӕг дӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна, уӕд дӕхи йеддӕмӕ никӕуылуал хъуыды кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕтӕм раст цӕстӕй нал кӕсдзынӕ».

БИБЛИЙЫ ЦӔВИТТОНТӔ – ЗОНДЗОНӔН

Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй нын бирӕтӕ сты зондзонӕн, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уымӕн (1 Кор. 10:11). Уыцы цӕвиттонтӕй иуӕй-иутӕй бӕрӕг у, адӕймаг хӕлӕг кӕнын куыд райдайы ӕмӕ уыцы миниуӕг йӕ зӕрдӕйы бынат куыд скӕны, уый. Стӕй ма нын ӕвдисынц уый дӕр, ӕмӕ уыцы миниуӕг адӕймаг йӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй куы не стона, уӕд адӕймаджы низ куыд бахӕры, афтӕ йӕ хӕлӕг дӕр бахӕрдзӕн.

Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг фырт Каины. Йегъовӕ йын йе ’фсымӕр Авелы нывонд куы айста, йӕ нывонд та йын куы нӕ айста, уӕд тынг смӕсты. Уыцы уавӕры куыд бакӕнын хъуыди, уый Каин бӕргӕ зыдта, фӕлӕ йӕ хӕлӕг афтӕ бакуырм кодта, ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта (Райд. 4:4–8). Библи афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, Каин уыди «Фыдбылызӕй», ома Хӕйрӕгӕй (1 Иоан. 3:12).

Иосифы йӕ фыд хъулон уарзт кӕй кодта, уый тыххӕй йӕм йӕ дӕс ӕфсымӕры хӕлӕгӕй мардысты. Хуыцау ын фыны цы фенын кодта, уый сын куы радзырдта, уӕд та дзы ноджы тынгдӕр федтой се сӕфт. Суанг ма йӕ марынвӕнд дӕр скодтой. Гъемӕ йӕ ӕппынфӕстаг цагъарӕй ауӕй кодтой, сӕ мӕгуыр фыды та сайгӕ акодтой, Иосиф, дам, амарди, зӕгъгӕ (Райд. 37:4–11, 23–28, 31–33). Бирӕ азты фӕстӕ сӕм бахъардта, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Не ’фсымӕры раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый ныр фидӕм. Уый нын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, фӕтӕригъӕд мын кӕнут, зӕгъгӕ, мах та йӕм нӕ байхъуыстам» (Райд. 42:21; 50:15–19).

Корей, Дафан ӕмӕ Авирон та хӕлӕг кодтой Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ. Сӕхи уыдонимӕ барын райдыдтой, уыдон махӕй кадджындӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц, зӕгъгӕ. Моисейы аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, нын дӕхи хицау кӕныс ӕмӕ дӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрыс (Ным. 16:13). Уыдон уыдысты мӕнг ныхӕстӕ (Ным. 11:14, 15). Йегъовӕ сын Моисейы йӕхӕдӕг сӕвӕрдта сӕ сӕргъы. Фӕлӕ уыцы змӕнтджытӕ фырхӕлӕгӕй сӕхицӕн бынат нал ардтой. Ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг уый тыххӕй Йегъовӕйы фыдӕх баййӕфта – зӕхх сӕ аныхъуырдта (Пс. 106:16, 17).

Паддзах Соломон йӕхи цӕстӕй федта, адӕймаг йӕ фырхӕлӕгӕй цыфӕнды фыдбылыз ракӕнынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй вӕййы, уый. Иухатт иу сылгоймагӕн йӕ ноггуырд сывӕллон амарди ӕмӕ йӕ мард сывӕллоны иннӕ сылгоймаджы фарсмӕ сӕвӕрдта, цыма уый сывӕллон уыд, афтӕ. Сӕ хъуыддаг равзарынмӕ Соломонмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд, сайгӕ чи кодта, уыцы сылгоймаг суанг удӕгас сывӕллоны амарыныл дӕр сразы. Фӕлӕ Соломон хъуыддаг афтӕ аскъуыддзаг кодта, ӕмӕ сывӕллоны йе ’цӕг мадӕн радтой (1 Пад. 3:16–27).

Куыд федтам, афтӕмӕй хӕлӕгдзинад ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм. Уый тыххӕй адӕймаг иннӕтӕй йе сӕфт фӕуыны, ӕнаххосӕй сӕ фефхӕры ӕмӕ йӕм лӕг амарын дӕр диссаг нал фӕкӕсы. Уымӕй уӕлдай ма цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй зыны, кӕмӕ хӕлӕг кодтой, уыцы адӕймӕгтӕй иу дӕр ӕвзӕрӕй кӕй ницы сарӕзта. Уӕдӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй хӕлӕгдзинад нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕна? Цавӕр хос ис уыцы низӕн?

ХӔЛӔГӔН ИС ХОС!

Кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзӕм. Апостол Петр чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Рӕстдзинады коммӕ кӕй бакастыстут, уый фӕрцы сымах уӕ удтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзат. Гъемӕ уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд» (1 Пет. 1:22). Фӕлӕ цы у уарзондзинад? «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны»,– загъта апостол Павел (1 Кор. 13:4, 5). Иннӕты ахӕм уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд, нӕ мидӕг цы хӕлӕгдзинад ис, уымӕн йӕ хурхыл бахӕцдзыстӕм (1 Пет. 2:1). Зӕгъӕм, Ионафан Давидмӕ хӕлӕг нӕ кодта, фӕлӕ «йӕ йӕхи удау бауарзта» (1 Сам. 18:1).

Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоныл нӕхи бӕттӕм. 73 псалом чи ныффыста, уый иуафон бахӕлӕг кодта, ӕнӕмӕтӕй чи цард, уыцы фыдгӕнджытӕм. Фӕлӕ «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ» куы бацыд, уӕд уыцы ӕвзӕр миниуӕгыл фӕтых (Пс. 73:3–5, 17). Хуыцауӕн чи куывта, уыдоны ’хсӕн кӕй уыди, уый фӕрцы бамбӕрста, «Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» ын стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы (Пс. 73:28). Ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм ӕмӕ нӕхи не ’фсымӕртыл ӕмӕ нӕ хотыл куы бӕттӕм, уӕд мах дӕр фыдгӕнджытӕм нӕ хӕлӕг кӕндзыстӕм.

Хорздзинад аразыныл архайӕм. Каин йе ’фсымӕрмӕ хӕлӕг кӕнын кӕй райдыдта ӕмӕ йӕм йӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй хаста, уый Йегъовӕ куы федта, уӕд ын загъта, зӕгъгӕ, «хорздзинад араз» (Райд. 4:7). Чырыстӕттӕн та сӕ бон куыд у хорздзинад аразын? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ «нӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй», стӕй хъуамӕ «иннӕты уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ» (Матф. 22:37–39). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нын иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд нын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад. Ӕмӕ хӕлӕгдзинадӕн та уымӕй хуыздӕр хос нӕй. Хуыцауӕн ӕмӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнынӕн диссаджы фадат у хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, уӕд «Йегъовӕйы арфӕдзинадӕй» хайджын уыдзыстӕм (Ӕмб. 10:22).

«Цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнут» (Ром. 12:15). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн-иу сӕ лӕггады хорзӕй исты куы бантыст, уӕд-иу йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг, ӕмӕ ма сын иухатт афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ уын хъусын кӕныны хъуыддаджы мӕнӕй фылдӕр бантысдзӕни (Лук. 10:17, 21; Иоан. 14:12). Мах Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ иуӕн исты куы бантысты, уӕд уый не ’ппӕтӕн дӕр вӕййы стыр арфӕдзинад (1 Кор. 12:25, 26). Уӕдӕ ӕмбырды искӕмӕн фылдӕр хӕстӕ йӕ бар куы бакӕнынц, уӕд ӕм хъуамӕ хӕлӕг кӕнӕм ӕви йемӕ цин кӕнӕм?

ТОХ КӔНЫН ӔНЦОН НӔУ!

Чи зоны нӕ хӕлӕгдзинадимӕ тох кӕнын бирӕ рӕстӕг бахъӕуа. Кристинӕ зӕгъы: «Ныр дӕр ма тынг фӕхӕлӕг кӕнын иннӕтӕм. Кӕд уыцы миниуӕгӕй ме сӕфт уынын, уӕддӕр мӕ мидӕг бады, ӕмӕ мӕ ӕдзухдӕр хъӕуы йемӕ тох кӕнын». Уӕдӕ Хосе дӕр архайы уыцы миниуӕг йӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стоныныл. «Йегъовӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй, хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатормӕ хорзӕй цы ис, уый федтаин ӕмӕ йын аргъ кӕнын райдыдтаин,– дзуры Хосе.– Хуыцаумӕ ӕввахс куы нӕ уыдаин, уӕд уый мӕ къухы ницы хуызы бафтыдаид».

Хӕлӕг кӕнын у «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй» сӕ иу. Ӕмӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ йемӕ тох кӕна (Гал. 5:19–21). Хӕлӕгдзинадӕн уый бар куы нӕ раттӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы бынат скӕна, уӕд бирӕ амондджындӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Хицӕнгонд текст 17 фарсыл]

«Цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнут»