Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй хъусын кодтой

Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй хъусын кодтой

Ӕцӕг чырыстӕтты кӕд фефхӕрынц, уӕддӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнынц. Уый тыххӕй бирӕ хабӕрттӕ бакӕсӕн ис чингуыты «Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй» ӕмӕ «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога». Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр зӕрдӕбынӕй фӕкувӕм Йегъовӕмӕ, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй хай кӕна ӕмӕ йын йӕ ныхас адӕмӕн ныфсджынӕй дзурӕм (Хъуыд. 4:23–31).

Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг куыд хъусын кодтой, уый тыххӕй иу ӕфсымӕр ныффыста: «Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрстой ӕмӕ зӕрдиагӕй парахат кодтой чиныг „Сусӕгдзинад раргом“, зӕгъгӕ (The Finished Mystery). Уый уыд чиныг „Фыстад иртасын“-ы ӕвдӕм том (Studies in the Scriptures). Уыйбӕрц чингуытӕ уымӕй размӕ никуы байуӕрстам. 1918 азы рацыд, „Паддзахады хабар“ кӕй хонынц, уыцы трактаттӕй фыццаг. Уый фӕстӕ рауагътой „Паддзахады хабар“ № 2. Ӕмбарын дзы кодтой, хицауад чиныг „Сусӕгдзинад раргом“ парахат кӕнын цӕуылнӕ уагътой, уый. Стӕй та рацыд „Паддзахады хабар“ № 3. Ацы трактаттӕ чи уӕрста, уыцы сӕрст чырыстӕтты иузӕрдион къорды хъуыд фидар уырнындзинад ӕмӕ стыр хъӕбатырдзинад».

Абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын чи райдайы, уыдоны уал фыццаг сахуыр кӕнынц, адӕмимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, ууыл. Фӕлӕ раздӕр афтӕ нӕ уыд. Америкӕйы чи цард, иу ахӕм польшӕйаг ӕфсымӕр радзырдта, 1922 азы фыццаг хатт хъусын кӕнынмӕ куыд ацыд, уый тыххӕй: «Литературӕ куыд дӕттын хъӕуы, уымӕн ӕппындӕр ницы зыдтон, стӕй англисагау дӕр тынг ӕвзӕр дзырдтон. Уыцы бон уыдтӕн иунӕгӕй. Бахостон дохтыры къӕбинеты дуар ӕмӕ мӕм ракаст медицинон хо. Никуы мӕ ферох уыдзӕн, куыд тынг тарстӕн ӕмӕ куыд тынг тыхстӕн, уый. Мӕ сумкӕ куы байгом кодтон, уӕд мӕ чингуытӕ иууылдӕр сылгоймаджы къӕхты бынмӕ ӕркалдысты. Цы загътон, уый хъуыды дӕр нал кӕнын, фӕлӕ йын уӕддӕр литературӕ радтон. Уырдыгӕй куы рацыдтӕн, уӕд мӕ ныфс бацыд, бамбӕрстон ӕй Йегъовӕ мын кӕй раарфӕ кодта. Уыцы бон хъусын кодтон, бирӕ алыхуызон къантортӕ ӕмӕ дуканитӕ кӕм уыд, ахӕм уынджы, ӕмӕ дзы байуӕрстон бирӕ брошюрӕтӕ».

Иу хо радзырдта: «1933 азмӕ ’ввахс ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнгӕйӕ пайда кодтой, йӕ сӕрыл рупор кӕмӕн уыд, ахӕм машинӕтӕй». Иухатт уыцы хо хорз хабар фехъусын кӕнынмӕ иу ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ ацыд Калифорнийы хӕхтӕм. Хо радзырдта: «Ӕфсымӕр машинӕйыл хӕрдмӕ ссыд, мах та бынӕй горӕты баззадыстӕм. Доклад куы райхъуыст, уӕд раст цыма уӕларвӕй исчи ӕрдзырдта, афтӕ нӕм фӕкаст. Горӕты цӕрджытӕ уыцы ’фсымӕры бирӕ фӕагуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. Доклад куы фӕци, уӕд адӕмыл зилын райдыдтам, цӕмӕй сын хорз хабар радзырдтаиккам. Дыууӕ ӕндӕр ахӕм машинӕимӕ ма уыдтӕн хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ уӕ бауырнӕд, адӕмӕн сӕ фылдӕры хъусын нӕ фӕндыд. Фӕлӕ сын цы гӕнӕн уыд – хорз хабар хъуыст сӕ хӕдзӕрттӕм дӕр! Йегъовӕ алыхатт дӕр фӕзоны, кӕд цавӕр мадзал хуыздӕр вӕййы, уый. Афтӕ хъусын кӕнынӕн стыр хъӕбатырдзинад хъуыди, фӕлӕ нын уый фӕрцы бирӕ бантыст, ӕмӕ Йегъовӕйы ном дардыл айхъуыст».

1930-ӕм азты ӕмӕ 1940-ӕм азты райдианы уацамынды пайда кодтой патефонтӕй ӕмӕ, раныхӕстӕ фыст кӕм уыд, ахӕм пластинкӕтӕй. Нӕ хотӕй иу радзырдта ахӕм хабар: «Иу ӕрыгон хо патефонимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодта. Иу дуары раз ӕй куы скусын кодта, уӕд хӕдзары хицау рамӕсты ӕмӕ патефон къахӕй ныццавта. Фӕлӕ пластинкӕтӕй иу дӕр нӕ асаст. Уыцы рӕстӕг ӕртӕ нӕлгоймаджы машинӕйы хордтой ӕмӕ, хабар куыд уыди, уый федтой. Нӕлгоймӕгтӕ хомӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй сын пластинкӕ сӕвӕрдтаид, стӕй ма дзы литературӕ дӕр райстой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хойӕн фыццаг йӕ ныфс асаст, фӕлӕ та дзы ацы хабар ногӕй ныфс бауагъта». Ахӕм фӕлварӕнты, ӕцӕгдӕр, стыр хъӕбатырдзинад хъуыди!

Уыцы хо ма загъта: «Хъуыды ма кӕнын, 1940 азы уынджы журналтимӕ хъусын кӕнын куы райдыдтам, уыцы рӕстӕг. Раздӕр-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ уӕлӕ плакаттӕ ӕрцауыгътой ӕмӕ-иу кӕрӕдзи фӕстӕ фӕндаджы фӕрсты цыдысты. Плакаттыл-иу фыст уыд ахӕм ныхӕстӕ: „Дин адӕмӕн у хыз ӕмӕ къӕппӕг“ ӕмӕ „Лӕггад кӕнут Хуыцауӕн ӕмӕ Паддзах Чырыстийӕн“. Уымӕй уӕлдай ма-иу цӕугӕ-цӕуын адӕмӕн трактаттӕ лӕвӕрдтой». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, кӕд афтӕ хъусын кӕнынӕн стыр ныфс хъуыди, уӕддӕр афтӕмӕй адӕм Йегъовӕйы ном плакаттыл кастысты ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты уыдтой.

«Гыццыл горӕтты уынгты журналтимӕ хъусын кӕнын тынг зын уыди»,– загъта ӕндӕр хо. «Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ тынг цыдысты... Куыннӕ хъуыдаид хъӕбатырдзинад, цӕмӕй уынджы тигътыл журналтимӕ лӕууыдаиккам ӕмӕ-иу рагацау кӕй сахуыр кодтам, уыцы ныхӕстӕ хъӕрӕй дзырдтаиккам. Фӕлӕ уӕддӕр, искуы иу хаттӕй фӕстӕмӕ, алы сабаты дӕр хъусын кодтам. Иуӕй-иу хатт-иу адӕм хорз байхъуыстой, фӕлӕ-иу ныл хатт нӕ ныхмӕдзӕуджытӕ амбырд сты ӕмӕ-иу цӕмӕй нӕхи фыдбылызӕй бахызтаиккам, уый тыххӕй-иу уырдыгӕй ацыдыстӕм».

Кӕд Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр ныфсджынӕй хъусын кодтой. 43 бонмӕ – 1940 азы 1 декабрӕй 1941 азы 12 январмӕ – Америкӕйы 50000 хъусынгӕнӕджы бӕрц байуӕрстой аст милуанмӕ ’ввахс брошюрӕйы. Уыцы рӕстӕг хуыдтой «Ныфсфӕлварӕн рӕстӕг».

Хуыцауы организацийы цы ацӕргӕтӕ ис, уыдонӕй ма бирӕтӕ хорз хъуыды кӕнынц, кӕддӕр цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты, уыдон. Уыцы рӕстӕг сӕ хъуыд стыр хъӕбатырдзинад. Иуӕй-иуты зӕрдыл арӕх ӕрлӕууы, кӕрӕдзийы-иу ахӕм ныхӕстӕй куыд фидар кодтой, кӕронмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ дарддӕр та куыд хъусын кӕндзыстӕм? Уый рӕстӕг равдисдзӕн. Фӕлӕ уал ныр Йегъовӕйы ’ххуысӕй адӕмӕн йӕ ныхас ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм.

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурынӕн алкӕддӕр хъуыди ныфс