Чырыстийау цырддзаст ут
«Ма бафынӕй ут ӕмӕ... кувут» (МАТФ. 26:41).
1, 2. а) Йесо цырддзаст кӕй уыди, уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры? ӕ) Тӕригъӕдджын адӕмӕн ӕххӕст адӕймаджы цӕвиттон исты ӕххуыс у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
ЧИ ЗОНЫ, хъуыды кӕныс: «Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди, ӕмӕ уый гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй ӕз, ӕнӕххӕст адӕймаг, уыйау цырддзаст уон? Стӕй Йесойӕн хатт йӕ бон уыди, суанг ма цалдӕр мин азы фӕстӕ дӕр цы уыдзӕн, уый зонын. Ӕмӕ йӕ уӕд цӕмӕн хъуыди, цӕмӕй цырддзаст уыдаид?» (Матф. 24:37–39; Дзут. 4:15). Цӕй ӕмӕ уал фыццаг ацы фарстатӕм ӕркӕсӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй бамбардзыстӕм, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ӕппынӕдзух цырддзаст уӕм.
2 Фӕлӕ ӕххӕст адӕймаджы цӕвиттон ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕмӕн исты ӕххуыс у? Бӕгуыдӕр у. Адӕймаг хорз ахуыргӕнӕгӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййы. Зӕгъӕм, чидӕр ахуыр кӕны фат ӕхсын. Ӕрдын фыццаг хатт йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ иу фат дӕр нысаныл нӕ сӕмбӕлд. Фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр ахуыр кӕны, фат ӕхсын фӕлвары. Уымӕй уӕлдай ма лӕмбынӕг кӕсы, йӕ ахуыргӕнӕг, дӕсны фатӕхсӕг, куыд ӕхсы, уымӕ дӕр. Ахуыргӕнинаг йӕ хъус дары, йӕ ахуыргӕнӕг куыд лӕууы, йӕ къухтӕ куыд дары ӕмӕ йе ’нгуылдзтӕй ӕрдынбосыл куыд хӕцы, уымӕ. Сабыргай бамбӕрста, бос цас хъӕуы айвазын, йӕ хъус дарын райдыдта, дымгӕ кӕцырдӕм дымы, уымӕ ӕмӕ дарддӕр йӕхиуыл кусы. Йӕ ахуыргӕнӕджы фӕзмгӕйӕ ӕппынфӕстаг фаттӕ афтӕ ӕхсын райдыдта, ӕмӕ нысанмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр ӕмбӕлынц. Афтӕ мах дӕр хъусӕм Йесойы амындтӕм, алцӕмӕй ӕххӕст Ахуыргӕнӕджы фӕзмӕм ӕмӕ уый фӕрцы нӕхиуыл кусӕм ӕмӕ кӕнӕм арӕхстджындӕр.
3. а) Йесо куыд равдыста, цырддзаст кӕй хъуамӕ уыдаид, уый? ӕ) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
3 Цымӕ Йесо ӕцӕгдӕр хъуамӕ уыдаид цырддзаст? О. Зӕгъӕм, йӕ мӕлӕты размӕ фӕстаг ӕхсӕв йӕ иузӕрдион апостолтӕн афтӕ загъта: «Фӕлӕуут ам мӕ фарсмӕ, ма бафынӕй ут». Афтӕ кӕй загъта, «мӕ фарсмӕ», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, йӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ фынӕй кодта. Ӕмӕ Матф. 26:38, 41). Кӕд Йесо алкӕддӕр уыд цырддзаст, уӕддӕр ӕй уыцы уӕззау рӕстӕг уӕлдай тынгдӕр фӕндыд, цӕмӕй уыдаид цырддзаст ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдмӕ тынг ӕввахс. Ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр афтӕ цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уыдаиккой, ӕмӕ ӕрмӕст уыцы рӕстӕджы нӕ, фӕлӕ фидӕны дӕр. Гъемӕ уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесойы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй цырддзаст уӕм ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, алы бон дӕр нӕ царды Йесойау цырддзаст цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ уӕм, уыдоныл.
ма сын уый фӕстӕ загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (ЙЕСОЙЫ ЦӔМӔН ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЦЫРДДЗАСТ УӔМ
4. Фидӕны тыххӕй алцы кӕй нӕ зонӕм, уый куыд баст у, цырддзаст кӕй хъуамӕ уӕм, уыимӕ?
4 Цырддзаст уӕм, уый Йесойы цӕмӕн фӕнды? Фыццаджыдӕр уый баст у, цы зонӕм ӕмӕ цы нӕ зонӕм, уыимӕ. Цымӕ Йесо зӕххыл куы цард, уӕд фидӕны тыххӕй алцыдӕр зыдта? Нӕ зыдта. Зӕгъӕм, йӕхӕдӕг сӕрныллӕгӕй афтӕ загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матф. 24:36). Уыцы рӕстӕг «Фырт», ома Йесо, бӕлвырдӕй нӕ зыдта, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Фидӕны тыххӕй алцы зонӕм? Кӕцӕй! Мах нӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ Фырты ацы фыддуне фесафынмӕ кӕд ӕрӕрвитдзӕн, уый. Фидӕны тыххӕй алцыдӕр куы зыдтаиккам, уӕд, цырддзаст уӕм, уый дӕр нӕ нӕ хъуыдаид. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ацы дунейы кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды, ӕнӕнхъӕлӕджы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр уӕм цырддзаст. (Бакӕс Матфейы 24:43.)
5, 6. а) Фидӕны тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы фӕндты тыххӕй цы зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цырддзаст уӕм? ӕ) Хӕйрӕджы тыххӕй цы зонӕм, уый нӕ ноджы тынгдӕр цӕмӕн хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй цырддзаст уӕм?
5 Иннӕмӕй та Йесо фидӕны тыххӕй зыдта бирӕ диссаджы хабӕрттӕ – иннӕтӕн сӕ фылдӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕмтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах зонындзинӕдтӕ Йесойы зонындзинӕдтимӕ абарӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ Йесойы фӕрцы тынг бирӕ базыдтам Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн, уый тыххӕй. Скъолайы, куысты кӕнӕ уацамынды цы адӕмыл фембӕлӕм, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыцы диссаджы хабӕрттӕ зонынц? Сӕ фылдӕр талынджы не сты? Уӕдӕ ма уый тыххӕй дӕр хъуамӕ уӕм цырддзаст. Йесойау хъуамӕ алкӕддӕр къӕрцхъус уӕм ӕмӕ агурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй адӕмӕн радзурӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы зонӕм, уый. Уыцы фадӕттӕн хъӕуы аргъ кӕнын, иу дӕр дзы ауадзӕн нӕй – адӕмы цард ис тӕссаг уавӕры! (1 Тим. 4:16).
6 Йесо ма цырддзаст уыди ноджыдӕр иу цӕйдӕр тыххӕй. Уый зыдта, Хӕйрӕг ӕй кӕй фӕлвардзӕн, йӕ фӕдыл кӕй зилдзӕн ӕмӕ кӕй архайдзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сива. Уыцы фыдызнаг ӕдзух гӕппӕввонгӕй лӕууыд, Йесойы бафӕлварынӕн ын «ӕндӕр хорз фадат... кӕд фӕуыдзӕн», уымӕ (Лук. 4:13). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо алкӕддӕр уыди цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус. Уый фӕндыд, цӕмӕй цӕттӕ уыдаид цыфӕнды фӕлварӕнмӕ дӕр, фӕнды йӕ исты цыбӕл кодтаид, фӕнды йӕ ӕфхӕргӕ кодтаиккой ӕви йӕ фӕдыл зылдаиккой. Уӕдӕ мах дӕр афтӕ аразын нӕ хъӕуы? Мах ӕй зонӕм, Хӕйрӕг ныр дӕр «богътӕгӕнаг домбайау [кӕй] разил-базил кӕны ӕмӕ [кӕй] агуры, кӕй аныхъуыра, уый». Хуыцауы Ныхас уый тыххӕй фӕдзӕхсы чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут» (1 Пет. 5:8). Уый нӕ бон куыд у аразын?
ХУЫЦАУМӔ КУЫ КУВӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ ЦЫРДДЗАСТ
7, 8. Йесо кувыны тыххӕй цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы йӕхӕдӕг фӕзминаг куыд у?
7 Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, цӕмӕй цырддзаст, къӕрцхъус уӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ ма адард уӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы кувын (Кол. 4:2, фип.; 1 Пет. 4:7, фип.). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ куы загъта, мӕ фарсмӕ ут ӕмӕ ма бафынӕй ут, зӕгъгӕ, уӕд сын уый фӕстӕ та загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Матф. 26:41). Йесо сын ахӕм уынаффӕ ӕрмӕст уыцы уӕззау уавӕры тыххӕй нӕ радта. Йӕ ныхӕстӕ хауынц абон махмӕ дӕр ӕмӕ хъуамӕ уыдонмӕ гӕсгӕ алы бон дӕр цӕрӕм.
8 Йесо-иу Хуыцаумӕ куыд куывта, уымӕй нын у фӕзминаг. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, иухатт йӕ Фыдмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕй фӕкуывта. Уыцы хабар-ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. (Бакӕс Лукайы 6:12, 13.) У уалдзӕг. Уыцы рӕстӕг Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ис кӕсагахсджыты горӕт Капернауммӕ хӕстӕг – Галилейӕйы куы вӕййы, уӕд арӕх уым ӕрлӕууы. Куы ӕризӕр, уӕд Йесо ссыди, Галилейӕйы денджызы цур чи ис, уыцы хӕхтӕй иумӕ. Талынгӕй-талынгдӕр кӕны, ӕмӕ Йесо уыны, дӕлейӕ Капернаумы ӕмӕ сыхаг хъӕуты сойын цырӕгъты рухс куыд тыбар-тыбур кӕны, уый. Фӕлӕ Йесо Йегъовӕмӕ кувын райдыдта, ӕмӕ ныр йӕ хъуыдытӕ сты ӕрмӕст ууыл. Рацыд цалдӕр минуты, стӕй цалдӕр сахаты. Йесо нӕ уыны, дӕлейӕ цырӕгътӕ иу иннӕйы фӕдыл куыд ахуыссыдысты, мӕй арвыл куыд стылд, уый, ӕмӕ нӕ хъусы, къутӕрты цӕрӕгойтӕ куыд змӕлынц, уый дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, кувы, цы ахсджиаг хъуыддаг ӕй хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, уый тыххӕй: хъӕуы йӕ 12 апостолы равзарын. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Йесо йӕ Фыдӕн йӕ алы ахуыргӕнинаджы тыххӕй дӕр йе ’ппӕт хъуыдытӕ ӕмӕ сагъӕстӕ куыд дзуры ӕмӕ дзы куыд зӕрдиагӕй куры разамынд ӕмӕ зонд.
9. Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕй куывта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?
9 Цымӕ нын Йесойы цӕвиттон ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ цалдӕр сахаты кувӕм? Нӕ, ууыл дзурӕг нӕу. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй фӕлмӕнӕй загъта: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Матф. 26:41). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у Йесойы фӕзмын. Зӕгъӕм, нӕ уырнындзинадыл ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинадыл, стӕй нӕ бинонты ӕмӕ не ’муырнджыты уырнындзинадыл чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ нӕ уӕларвон Фыдимӕ аныхас кӕнӕм? Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты тыххӕй фӕкувӕм? Зӕрдӕйӕ фӕкувӕм ӕви уыцы иу ныхӕстӕ фӕкӕнӕм? Стӕй-ма дӕ хъус ӕрдар, Йесо кӕй уарзта йӕ Фыдимӕ хибар ран ныхас кӕнын. Ныры дунейы цард у тыхст, адӕймагӕн рӕстӕг ницӕмӕнуал фаг кӕны. Ӕмӕ хатгай царды сагъӕстыл афтӕ свӕййы, ӕмӕ дзы, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый айрох вӕййы. Фӕлӕ-иу фаг рӕстӕг куы рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ хибар ран зӕрдиагӕй куы кувӕм, уӕд цырддзастдӕр уыдзыстӕм (Матф. 6:6, 7). Стӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, зӕрдиагӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕна, ӕмӕ йын тӕссаг цӕмӕйдӕриддӕр у, уыдӕттӕй нӕхи хиздзыстӕм (Пс. 25:14).
ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ЦЫРДДЗАСТ КУЫД УӔМ
10. Йесойӕн хорз хабар фехъусын кӕнынӕн цы фадӕттӕ уыд, уымӕ йӕ хъус кӕй дардта, уый цавӕр хабарӕй бӕрӕг у?
10 Йесо цырддзаст уыди, Йегъовӕ йын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаджы. Вӕййы ахӕм куыст, ӕмӕ адӕймагӕн уыцы куыст аразгӕйӕ йӕ хъуыдытӕ куы адзӕгъӕл уой, уӕддӕр уый ницы зиан ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ вӕййы ахӕм куыст, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уымӕ сараза, хъуамӕ уа цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус. Ӕмӕ, чырыстӕттӕ цы куыст кӕнынц, уый дӕр раст ахӕм у. Йесо алкӕддӕр уыд цырддзаст, алкӕддӕр йӕ хъус дардта, цавӕр фадӕттӕ йын уыди искӕмӕн хорз хабар радзурынӕн, уымӕ. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыд горӕт Сихармӕ, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты хӕринаг ӕлхӕнынмӕ. Йесо та горӕты цъайы цур ӕрбадти, уымӕн ӕмӕ райсомӕй сихормӕ къахӕй фӕцыдысты ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ фӕллад суадзын. Фӕлӕ дзы уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг рох нӕ уыд, ӕмӕ уымӕн фадат дӕр ссардта. Уыцы рӕстӕг цъайы цурмӕ донмӕ ӕрбацыд иу самариаг сылгоймаг. Йесойӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ уал ӕз гыццыл афынӕй кӕнон, кӕнӕ та ӕфсӕнттӕ ссарын, цӕмӕй уыцы сылгоймагимӕ ма аныхас кодтаид. Фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Сылгоймагимӕ дзурын райдыдта, ӕмӕ дзы ахӕм диссаджы ныхас рауад, ӕмӕ уый Иоан. 4:4–26, 39–42). Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы бафӕзмын? Алы бон дӕр нын адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнынӕн цавӕр фадӕттӕ вӕййы, уымӕ нӕ бон у нӕ хъус фылдӕр дарын?
фӕрцы уыцы горӕты бирӕтӕн сӕ цард фӕивта (11, 12. а) Йесо цы загъта, бакъуылымпы кӕнынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдонӕн? ӕ) Йесо йӕ лӕггады ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста?
11 Хатт-иу чидӕртӕ сӕ хорз зӕрдӕйӕ, сӕхӕдӕг дӕр ӕй не ’мбӕрстой, афтӕмӕй хъавыдысты Йесойы бакъуылымпы кӕнынмӕ. Капернаумы Йесо бирӕты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый адӕмыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ йӕ уырдыгӕй нал уагътой. Ӕмӕ сӕ бамбарӕн дӕр ис. Фӕлӕ Йесойӕн йӕ хӕс ӕрмӕст уыцы иу горӕты хъусын кӕнын нӕ уыди, фӕлӕ Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр, сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдонӕн (Матф. 15:24). Ӕмӕ уыцы адӕмӕн загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:40–44). Бӕрӕг у, Йесойӕн йӕ царды сӕйрагдӕр йӕ лӕггад кӕй уыди. Ӕмӕ уый бар ницӕмӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ бахъыгдардтаид.
12 Фӕлӕ цымӕ Йесо афтӕ лӕггад кодта, ӕмӕ йӕ ӕндӕр ницыуал ӕндӕвта ӕмӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта? Цымӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон уыд, ӕмӕ, йӕ алыварс адӕм куыд цардысты ӕмӕ цӕуыл тыхстысты, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йесо алцӕмӕй дӕр равдыста ӕмбаргӕдзинад. Цард ын хаста циндзинад, йӕ рӕстӕг йе ’мбӕлттимӕ дӕр ӕрвыста. Йесо тынг аргъ кодта бинонтӕн, сӕ мӕт, сӕ сагъӕстӕ йын ӕцӕгӕлон нӕ уыдысты, йӕ зӕрдӕ сыл рысти, стӕй-иу сывӕллӕттӕн дӕр йӕ уарзондзинад, йӕ зӕрдӕйы хъарм не ’вгъау кодта. (Бакӕс Марчы 10:13–16.)
13. Нӕ бон куыд у, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ Йесойау цырддзаст ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм?
13 Йесо куыд цырддзаст уыд, уый фӕзмгӕйӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕмбаргӕдзинад ӕвдисын? Мах ацы дунейӕн уый бар нӕ дӕттӕм, цӕмӕй нӕ лӕггад кӕнынӕн хъыгдара. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын не ’мбӕлттӕ кӕнӕ нӕ хиуӕттӕ сӕ хорз зӕрдӕйӕ дзурой, цӕмӕй уыйбӕрц ма лӕггад кӕнӕм кӕнӕ нӕхи царды кой дӕр бакӕнӕм. Фӕлӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд нын нӕ лӕггад уыдзӕн, адӕймагӕн хӕринаг куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг (Иоан. 4:34). Цы куыст аразӕм, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, стӕй нын хӕссы стыр циндзинад. Фӕлӕ нӕ афтӕ дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы нын ӕнтысы, уый тыххӕй нӕхицӕй ныббуц уӕм кӕнӕ нӕ ӕндӕр мацыуал ӕндава. Фӕнды нӕ, цӕмӕй Йесойау уӕм хъӕлдзӕг, ӕмбаргӕ ӕмӕ нӕ «амондджын Хуыцауӕн» афтӕмӕй лӕггад кӕнӕм (1 Тим. 1:11).
ЗЫНДЗИНӔДТЫ РӔСТӔГ ЦЫРДДЗАСТ КУЫД УӔМ
14. Зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?
14 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо тынг уӕззау уавӕры куы уыд, йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр ӕппӕты тынгдӕр уӕд фӕдзӕхста, цырддзаст ут ӕмӕ ма бафынӕй ут, зӕгъгӕ. (Бакӕс Марчы 14:37.) Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы Йесойы бафӕзмын. Ахӕм уавӕрты бирӕтӕй хатгай айрох вӕййы иу ахсджиаг хъуыддаг. Афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ Ӕмбисӕндты чиныджы дыууӕ хатты ис уый кой: «Вӕййы ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ» (Ӕмб. 14:12; 16:25). Нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм, уӕлдайдӕр та стыр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ, уӕд, гӕнӕн ис, нӕхи дӕр ӕмӕ нын зынаргъ чи у, уыдоны дӕр тӕссаг уавӕры баппарӕм.
15. Уӕззау уавӕрты бинонты хистӕрӕн тӕссаг цӕмӕй у?
15 Гӕнӕн ис, ӕмӕ бинонты хистӕрӕн тынг зын уа йӕ бинонты дарын (1 Тим. 5:8). Ӕмӕ уӕд, чи зоны, сфӕнд кӕна ахӕм куыстмӕ бацӕуын, ӕмӕ йын рӕстӕг нал уыдзӕн нӕдӕр ӕмбырдтӕн, нӕдӕр бинонты ахуырӕн, нӕдӕр уацамындӕн. Ӕрмӕст йӕхи зондӕй ныфсджын куы уа, уӕд ӕм ахӕм куыстмӕ бацӕуын раст кӕсдзӕн. Фӕлӕ йӕ уый уымӕ дӕр ӕркӕндзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уыдзӕн, науӕд ма йӕ ныхмӕ дӕр суыдзӕн. Бирӕ хуыздӕр уаид, Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихты цы уынаффӕ ис, уымӕ куы байхъусид. Соломон афтӕ загъта: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6).
16. а) Йесо йӕхи зондӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы зондӕй ныфсджын кӕй уыд, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? ӕ) Зын рӕстӕджы бинонты хистӕртӕй бирӕтӕ Йесойау сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куыд дарынц?
16 Зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ Йесо йӕхи зондӕй ныфсджын никуы уыд. Ахъуыды-ма кӕн, зӕххыл уымӕй зондджындӕр адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ йӕхи зондӕй никуы архайдта! Иухатт ӕй Хӕйрӕг куы фӕлвӕрдта, уӕд ын цалдӕр хатты ахӕм дзуапп радта: «Фыст у» (Матф. 4:4, 7, 10). Цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууыдаид, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ дардта йӕ Фыды зондыл ӕмӕ афтӕмӕй равдыста сӕрныллӕгдзинад. Хӕйрӕгмӕ та уыцы миниуӕгӕн йӕ кой дӕр нӕй, стӕй дзы йӕ удхӕссӕг уыны. Мах дӕр Йесойау фӕархайӕм? Йесойау цырддзаст чи у, ахӕм бинонты хистӕр разамынд фӕагуры Хуыцауы Ныхасы, уӕлдайдӕр та зын рӕстӕджы. Ӕгас зӕххыл дӕр афтӕ кӕнынц мингай бинонты хистӕртӕ. Уыдон Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ сӕ лӕггад ӕдзухдӕр ӕвӕрынц фыццаг бынаты. Уый сын, сӕ бинонты куыд фӕдарой, уымӕй дӕр ахсджиагдӕр у. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бинонтыл тыхсынц, ӕппӕты хуыздӕр куыд у, афтӕ. Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сын ӕххуыс кӕны сӕ бинонты дарынӕн (Матф. 6:33).
17. Цӕмӕн дӕ фӕнды, ӕмӕ Йесойау цырддзаст уай?
17 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесойау цырддзаст ничи уыд. Ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн стыр пайда, суанг ма нӕ цард дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм. Рох дӕ ма уӕд: Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй «бафынӕй уай» – дӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа, Хуыцауӕн куыдфӕндыйӕ лӕггад кӕнын райдайай ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ сивай (1 Фес. 5:6). Ма дыл фӕуӕлахиз уӕд! Йесойау цырддзаст у, Хуыцаумӕ кӕй кувыс, уый фӕрцы, стӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг дӕр. Алкӕддӕр цырддзаст куы уай, уӕд ныр дӕр, йе сӕфты къахыл чи лӕууы, уыцы дунейы цӕргӕйӕ дӕр, дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ уыдзынӕ амондджын. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо Чырысти ацы дуне фесафынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд фендзӕн, ӕнцад кӕй нӕ бадыс, фӕлӕ йын йӕ Фыды фӕндон кӕй ӕххӕст кӕныс. Ӕмӕ дӕ уӕд Йегъовӕ дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй ӕхсызгонӕй схорзӕхджын кӕндзӕн! (Рарг. 16:15).
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 6 фарсыл]
Йесо хъусын кодта, цъаймӕ чи ’рбацыд, уыцы сылгоймагӕн. Ды та цавӕр фадӕттӕ ссарыс, цӕмӕй алы бон дӕр хъусын кӕнай?
[Ныв 7 фарсыл]
Дӕ бинонты уырнындзинадыл кӕй тыхсыс, уымӕй бӕрӕг у, цырддзаст кӕй дӕ