Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй «райхъал уой»

Адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй «райхъал уой»

«Сымах зонут, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Ныр уыцы афон у, цӕмӕй райхъал уат» (РОМ. 13:11).

1, 2. Бирӕтӕ цы хуызы сты фынӕй?

АЛЫ аз дӕр мингай адӕм амӕлы, машинӕ скъӕргӕйӕ сыл хуыссӕг кӕй схӕцы кӕнӕ кӕй бафынӕй вӕййынц, уый тыххӕй. Чидӕртӕ афоныл кӕй нӕ сыстынц ӕмӕ куыстмӕ кӕй байрӕджы кӕнынц кӕнӕ кусгӕ-кусын кӕй афынӕй вӕййынц, уый тыххӕй ӕнӕ куыстӕй баззайынц. Фӕлӕ уыдӕттӕй бирӕ тӕссагдӕр у, адӕймаг Хуыцауы цӕсты фынӕй куы уа, уый. Ахӕм хуызы фынӕй кӕнынӕй нӕ фӕдзӕхсы Библи: «Амондджын у, чи нӕ бафынӕй» (Рарг. 16:14–16).

2 Йегъовӕйы стыр бон ӕрбаввахс кӕны, адӕмӕн та сӕ фылдӕр Хуыцауы цӕсты фынӕй сты. Суанг ма чырыстон дины разамонджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ, сӕ аргъуантӕм чи цӕуы, уыдонӕй сӕхӕдӕг зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, фынӕй сты. Куыд ӕмбаргӕ у, адӕймаг Хуыцауы цӕсты фынӕй у, зӕгъгӕ? Ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ архайой, цӕмӕй ма бафынӕй уой? Нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй райхъал уой?

КУЫД ӔМБАРГӔ У, АДӔЙМАГ ХУЫЦАУЫ ЦӔСТЫ ФЫНӔЙ У, ЗӔГЪГӔ?

3. Цавӕр адӕймагӕй ис зӕгъӕн, Хуыцауы цӕсты фынӕй у, зӕгъгӕ?

3 Адӕймаг фынӕй куы вӕййы, уӕд ницы фӕаразы. Хуыцауы цӕсты фынӕй чи у, уый та, гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ араза – ӕрмӕст Хуыцауы хъуыддӕгтӕ нӕ. Уыдон свӕййынц царды сагъӕстыл кӕнӕ ирхӕфсӕнтыл, фӕбӕллынц кадмӕ, хъӕздыгдзинадмӕ. Уыдӕтты тыххӕй афтӕ ӕнӕвдӕлон вӕййынц, ӕмӕ, Хуыцауӕн рӕстӕг ссарой, уый мӕт сӕ нал вӕййы. Хуыцауы цӕсты фынӕй чи нӕу, уыдон та йӕ ӕмбарынц, ныр «фӕстаг бонтӕ» кӕй сты, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕппӕт хъарутӕй ӕххӕст кӕнынц (2 Пет. 3:3, 4; Лук. 21:34–36).

4. Павелы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы загъта, «иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм», зӕгъгӕ?

4 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:4–8. Ацы ран апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхсы, «иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнут», зӕгъгӕ. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Фынӕй кӕнӕм, зӕгъгӕ, иуӕй, уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй хъӕуы, уый ахсджиагыл куы нӕ нымайӕм. Иннӕмӕй та куы ницӕмӕ дарӕм, Йегъовӕ ацы ӕнӕхуыцау дуне фесафынӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уый ӕввахс кӕй у. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ахӕм ӕнӕхуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ зондахаст ма бафӕзмӕм.

5. Хуыцауы цӕсты фынӕй чи у, уыдон цавӕр хъуыдытыл хӕст вӕййынц?

5 Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцау нӕй ӕмӕ мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп никӕй раз дӕттын (Пс. 53:1). Иннӕтӕ афтӕ зӕгъынц, Хуыцауы нӕ хъӕуӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ, дам, цы пайда у йӕ зонын дӕр. Чидӕртӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, искӕцы диныл хӕст куы уон, уӕд Хуыцаумӕ баввахс уыдзынӕн. Уыцы адӕм иууылдӕр Хуыцауы цӕсты фынӕй сты, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг райхъал уой. Нӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын?

НӔХӔДӔГ ДӔР ХЪУАМӔ МА БАФЫНӔЙ УӔМ

6. Чырыстӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ архайой, цӕмӕй ма бафынӕй уой?

6 Цӕмӕй нӕ бон уа иннӕты райхъал кӕнын, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр ма фынӕй кӕнӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн? Фынӕй чи кӕны, уыдоны тыххӕй Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «талынджы хъуыддӕгтӕ» кӕнынц – уымӕ хауы ӕнӕуаг цӕл-минас, фыднозт, хӕтын, хӕлд митӕ, хыл ӕмӕ хӕлӕг кӕнын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 13:11–14.) Ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕхи хизай, уый ӕнцон нӕу. Хъуамӕ уай къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст. Шофыр ӕй хъуамӕ ӕмбара, машинӕ скъӕргӕйӕ куы бафынӕй уа, уӕд йӕ цардӕн тӕссаг кӕй у. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон ӕмбара, Хуыцауы цӕсты куы бафынӕй уа, уӕд ын мӕлӕтӕй тӕссаг кӕй у!

7. Адӕммӕ раст цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн?

7 Зӕгъӕм, чырыстонмӕ, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ, кӕм хъусын кӕны, уым адӕмӕй хорз хабармӕ ничиуал хъусы ӕмӕ никуыуал фӕивдзысты (Ӕмб. 6:10, 11). Чи зоны, хъуыды кӕна: «Кӕд хорз хабармӕ ничи хъусы, уӕд ма афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ архайон?» Кӕд нӕм абон бирӕтӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ царды никуы ницы фӕивдзӕн ӕмӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын нӕ райдайдзысты. Чидӕртӕ «райхъал вӕййынц» ӕмӕ хорз хабармӕ байхъусынц. Ӕмӕ сын мах баххуыс кӕндзыстӕм, нӕхӕдӕг куы нӕ бафынӕй уӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, нӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй дзурынӕн ног мадзӕлттӕ агурӕм, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Нӕ лӕггад тынг ахсджиаг цӕмӕн у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм.

НӔ ЛӔГГАД АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

8. Нӕ лӕггад ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: кӕд нӕм адӕм нӕ байхъусынц, уӕддӕр нӕ лӕггадӕй кад хӕссӕм Йегъовӕйӕн, стӕй уый фӕрцы Йегъовӕ ӕххӕст кӕны йӕ фӕндон. Хорз хабармӕ чи нӕ хъусы, уыдоны тагъд Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн. Хуыцау адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ (2 Фес. 1:8, 9). Уымӕй уӕлдай ма раст нӕ уаид, чырыстон афтӕ куы хъуыды кӕнид, зӕгъгӕ, кӕд рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр райгас уыдзысты, уӕд ма ныр афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнын (Хъуыд. 24:15). Хуыцауы Ныхасӕй йӕ зонӕм, «сӕгътыл» нымад чи ӕрцӕуа, уыдон «ӕнустӕм [кӕй] фесӕфдзысты». Уӕдӕ абон кӕй хъусын кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ. Уый фӕрцы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй сӕ цард фӕивой ӕмӕ «ӕнустӕм цӕрой» (Матф. 25:32, 41, 46; Ром. 10:13–15). Ӕмӕ куы нӕ хъусын кӕниккам, уӕд та куыд фехъусиккой уыцы цардирвӕзынгӕнӕн хабар?

9. Хорз хабар кӕй хъусын кӕныс, уый дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цы пайда у?

9 Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый пайда у нӕхицӕн дӕр. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:16.) Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй куы фӕдзурыс, уӕд дӕхи уырнындзинад дӕр кӕй бафидар вӕййы ӕмӕ Хуыцауы ноджы тынгдӕр кӕй бауарзыс. Уый ма дын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дӕ миниуджытыл дӕр кусай. Стӕй ма хъусын кӕнгӕйӕ ӕвдисыс, Хуыцауы кӕй уарзыс, уый, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ циныл цин бафты. Иннӕтӕн рӕстдзинад амоныны кад кӕмӕ ӕрхауд, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй фенынц, Хуыцауы сыгъдӕг тых адӕмӕн сӕ цард ивынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый, ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы.

ӔРХЪУЫДЫДЖЫН У

10, 11. а) Йесо ӕмӕ Павел ӕрхъуыдыджын куыд уыдысты? ӕ) Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у, ӕмӕ ӕрхъуыдыджын уӕм?

10 Ис алыхуызон мадзӕлттӕ, цӕмӕй афтӕ хъусын кӕнӕм, ӕмӕ адӕм хорз хабармӕ байхъусой. Ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ хъуамӕ уӕм ӕрхъуыдыджын. Уыцы хъуыддаджы нын Йесо у фӕзминаг. Ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд бамбарын, зӕгъӕм, фарисей кӕй смӕсты, кӕд зӕгъгӕ ницы кодта, уӕддӕр, тӕригъӕдджын сылгоймаг зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, стӕй, кувӕндоны цы идӕдз усы федта, уый кӕй радта, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый (Лук. 7:37–50; 21:1–4). Йесойӕн йӕ бон уыд алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ зыдта, цӕуыл тыхсынц, уый. Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг цӕмӕй ӕрхъуыдыджын уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ ӕххӕст адӕймаг уа. Уый бӕрӕг у апостол Павелы хабарӕй. Уый хъусын кодта алыхуызӕтты ӕмӕ йӕ бон уыд алыхуызон адӕмӕн ӕххуыс кӕнын (Хъуыд. 17:22, 23, 34; 1 Кор. 9:19–23).

11 Мах дӕр Йесойау ӕмӕ Павелау куы архайӕм, цӕмӕй ӕрхъуыдыджын уӕм ӕмӕ, адӕм цӕуыл тыхсынц, уый ӕмбарӕм, уӕд ӕй зондзыстӕм, сӕ зӕрдӕтӕм сын фӕндаг куыд ссарӕм. Зӕгъӕм, цалынмӕ адӕймагимӕ ныхас кӕнын райдайай, уӕдмӕ уал дӕ хъус ӕрдар, мыййаг, истӕмӕй бӕрӕг у, цавӕр диныл хӕст у, цӕуыл тыхсы кӕнӕ йын бинонтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ис ӕви нӕ. Чи зоны, уыцы рӕстӕг цыдӕр кусы, ӕмӕ уӕд дӕ бон у, уый тыххӕй йын раарфӕ кӕнай кӕнӕ дзы раппӕлай ӕмӕ афтӕмӕй дӕ ныхас райдайай.

12. Уацамынды рӕстӕг не ’мбалимӕ цӕуыл фӕныхас кӕнӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

12 Нӕ хъуыдытӕ-иу сӕйраджыдӕр уацамындыл куы уой, уӕд нӕ уыцы хъуыддаг аразынӕн ӕндӕр цыдӕртӕ нӕ хъыгдардзысты. Уацамынды куы вӕййӕм ӕмӕ не ’мбалимӕ истӕуыл куы фӕныхӕстӕ кӕнӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрӕдзи бафидар кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, нӕ нысан кӕй у иннӕтӕн хъусын кӕнын (Еккл. 3:1, 7). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй, иу хӕдзарӕй иннӕмӕ цӕугӕйӕ не ’мбалимӕ кӕй ныхас кӕнӕм, уый нӕ хъусын кӕнынӕн ма хъыгдара. Хорз уаид, адӕмӕн цы дзурдзыстӕм, ууыл-иу куы ныхас кӕниккам. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн нӕ нысан нӕ зӕрдыл дарынӕн. Кӕд нын хатт дзыппыхӕсгӕ телефон уацамынды ӕххуыс вӕййы, уӕддӕр нӕ хъуамӕ дуары раз ныхас кӕнынӕн ма хъыгдара.

АДӔММӔ ЛӔМБЫНӔГ ХЪУС ӔМӔ СЫЛ ЗӔРДӔЙӔ ТЫХС

13, 14. а) Куыд ис базонӕн, адӕймаджы цӕуыл бафӕнддзӕн аныхас кӕнын, уый? ӕ) Уацамынды нӕ бон куыд у нӕ ныхас райдайын?

13 Уацамынды цы адӕмимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонмӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусӕм. Кӕм хъусын кӕныс, уым адӕймагмӕ дӕ бон цавӕр фарстатӕ у раттын, цӕмӕй дын йӕ хъуыды зӕгъа? Иуты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, бирӕ динтӕ кӕй ис, фыддзинад кӕй сарӕх кӕнӕ хицауадӕн йӕ бон кӕй ницы у саразын. Иннӕтимӕ та ис аныхас кӕнӕн, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон куыд диссаджы конд сты, уый тыххӕй, кӕнӕ Библийы уынаффӕтӕ абон куыд пайда сты, ууыл, цӕмӕй сӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнда. Бирӕтимӕ та аныхас кӕнӕн ис куывды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй, зӕгъӕн ис, алкӕйдӕр фӕфӕнды базонын, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр, ӕмӕ ма суанг иуӕй-иу атеистты дӕр. Бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц: цымӕ адӕмы куывдтытӕ исчи хъусы? Иннӕты та бацымыдис кӕнынц ахӕм фарстатӕ: Хуыцау алкӕй куывд дӕр хъусы? Кӕд нӕ, уӕд цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса?

14 Уацамынды ныхас куыд ис райдайӕн, ууыл нӕ бон у ахуыр кӕнын фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕй. Дӕ хъус дар, куыд сын рауайы, цӕмӕй адӕймаджы сӕ фарстатӕй ма стыхсын кӕной. Сӕ хъӕлӕсы уагӕй ӕмӕ сӕ цӕсгомӕй куыд вӕййы бӕрӕг, адӕймаджы хъуыды бамбарыныл кӕй архайынц? (Ӕмб. 15:13).

У ХӔЛАРЗӔРДӔ ӔМӔ АРӔХСТДЖЫН

15. Хъусын кӕнгӕйӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

15 Адджын фынӕй куы кӕнай ӕмӕ дӕ исчи куы райхъал кӕна, уӕд дын ӕхсызгон уыдзӕн? Бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, ӕвиппайды сӕ куы райхъал кӕнынц, уый. Адӕймагӕн ӕхсызгондӕр уаид, сабыргай йӕ куы райхъал кӕнис. Хуыцауы цӕсты фынӕй чи у, уыдоны дӕр афтӕ хъӕуы «хъал кӕнын». Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр хъусын кӕныс, ӕмӕ дӕм уый та смӕсты ис, уӕд цы кӕнгӕ у? У хӕларзӕрдӕ ӕмӕ равдис, йӕ хъуыдыйӕн ын кӕй аргъ кӕныс. Бузныг ын зӕгъ, цы хъуыды кӕны, уый ӕргом кӕй загъта ӕмӕ сабырӕй ацу (Ӕмб. 15:1; 17:14; 2 Тим. 2:24). Хӕларзӕрдӕ кӕй уыдтӕ, уый фӕрцы, чи зоны, уыцы адӕймаг иннӕ хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хуыздӕр цӕстӕй ракӕса.

16, 17. Нӕ бон куыд у уацамынды ӕмбаргӕйӕ архайын?

16 Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕймаг афтӕ куы фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, мӕн уыдӕттӕ нӕ хъӕуынц кӕнӕ мын мӕхи дин ис, уӕддӕр вӕййы йемӕ дарддӕр аныхас кӕнӕн. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн фӕзӕгъы, ӕмӕ йӕ дарддӕр ныхас кӕнын нӕ фӕфӕнды. Фӕлӕ арӕхстджын куы уай ӕмӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнай, уӕд дӕ бон бауыдзӕн адӕймагмӕ ахӕм фарста раттын, цӕмӕй йӕ бафӕнда, Библийы цы фыст ис, уый базонын. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:6.)

17 Адӕймаг афтӕ куы фӕзӕгъы, зӕгъгӕ мӕ не ’вдӕлы, уӕд арӕх хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй-иу ацӕуӕм. Фӕлӕ адӕймаг ӕнӕвдӕлон куы уа, уӕддӕр ын, чи зоны, уыдзӕн цыбыртӕй исты ахсджиаг хъуыды зӕгъӕн. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сарӕхсынц адӕймагӕн Библийӕ стих дӕр бакӕсын ӕмӕ йын иннӕ хатмӕ фарста дӕр ныууадзын, ӕмӕ сӕ уымӕн бахъӕуы ӕрмӕстдӕр иу минуты бӕрц. Хъусынгӕнджытӕ се ’рбацыды сӕр афтӕ цыбыртӕй кӕй фӕзӕгъынц, уый хатгай адӕмы бацымыдис кӕны ӕмӕ сын разыны рӕстӕг дарддӕр цыбыртӕй аныхас кӕнынӕн. Дӕ бон у, ӕмӕ иннӕ хатт ахӕм уавӕры афтӕ бакӕнын бафӕлварай.

18. Хъусын кӕнынӕн нын фадат куы фӕзына, уӕд ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

18 Алы бон дӕр нын вӕййы фадӕттӕ хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ-иу цӕттӕ куы уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бафӕнда хорз хабар базонын. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм сӕ дзыппы кӕнӕ сӕ сумкӕйы вӕййы нӕ литературӕйӕ исты. Ӕмӕ ма Библийӕ иу стих бацӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй сын фадат куы фӕуа, уӕд ӕй бакӕсой. Дӕ бон у де ’мбырды уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгимӕ кӕнӕ пионертимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ сӕ афӕрсын, ахӕм хуызы хъусын кӕнынмӕ куыд бацӕттӕ кӕнай.

ДӔ ХИУӔТТӔМ ХӔЛАРЗӔРДӔ У ӔМӔ СЫН АФТӔМӔЙ ӔХХУЫС КӔН

19. Нӕ хиуӕттӕн дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

19 Махӕй алкӕйдӕр фӕнды йӕ хиуӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хорз хабарыл баууӕндой (Йес. Н. 2:13; Хъуыд. 10:24, 48; 16:31, 32). Фӕлӕ нӕм фыццаг хатт куы нӕ байхъусынц, уӕд нӕ уый фӕстӕ семӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын нал фӕфӕнды. Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын нӕдӕр нӕ ныхӕстӕй, нӕдӕр нӕ хъуыддӕгтӕй сӕ хъуыды нӕ фӕивдзыстӕм. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, исты хабары фӕстӕ сӕ цард кӕнӕ сӕ зондахаст фӕива. Кӕнӕ та дӕхӕдӕг рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбарын кӕнын райдайдзынӕ ӕмӕ дӕм хуыздӕр байхъусдзысты.

20. Нӕ хиуӕттимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

20 Хъуамӕ нӕ хиуӕтты хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм (Ром. 2:4). Уацамынды адӕмимӕ куыд хӕларзӕрдӕйӕ фӕныхас кӕнӕм, нӕ хиуӕттимӕ дӕр хъуамӕ афтӕ ныхас кӕнӕм. Семӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Ӕдзух сын зонд ма амон, фӕлӕ дӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдис, рӕстдзинады фӕрцы хуыздӕрырдӕм куыд фӕивтай, уый (Еф. 4:23, 24). Уадз ӕмӕ йӕ уыной, Йегъовӕ дӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы дӕ цард кӕй фӕхуыздӕр (Ис. 48:17). Уадз ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ дӕумӕ кӕсгӕйӕ уыной, чырыстон куыд хъуамӕ цӕра, уый.

21, 22. Цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг, ӕдзух кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ хиуӕттӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм?

21 Иу хо ныффыста: «Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ стӕм цыппӕрдӕс. Ӕз сын ӕдзух хъусын кодтон – ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр. Иу аз дӕр-иу афтӕ нӕ ацыд, ӕмӕ дзы алкӕмӕ дӕр ма ныффыстаин. Фӕлӕ 30 азы дӕргъы нӕ бинонтӕй мӕн йеддӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ничи уыд».

22 Уыцы хо дарддӕр фыссы: «Мӕ хотӕй иу цӕры дард, ӕмӕ йӕм иу бон телефонӕй бадзырдтон. Уый мын рахъаст кодта, зӕгъгӕ, дам, нӕ аргъуаны хистӕрӕн фӕзӕгъын, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕна, фӕлӕ, дам, мын никуы ницы бацамоны. Ӕз ын куы загътон, зӕгъгӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзынӕн, уӕд мын ахӕм дзуапп радта: „Хорз, фӕлӕ дын ӕй зӕгъын: ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн никуы суыдзынӕн“. Уый фӕстӕ йын арвыстон чиныг „Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?“. Ӕмӕ йӕ куы райста, уӕд-иу ӕм цалдӕр бонӕй цалдӕр бонмӕ телефонӕй адзырдтон. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы чиныг гом дӕр нӕ бакодта. Уӕд ын иу бон загътон, зӕгъгӕ, дӕ чиныг-ма райс. Ӕмӕ 15 минуты дӕргъы телефонӕй кастыстӕм, чиныджы цы стихтӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕмӕ сыл ныхас кодтам. Уый фӕстӕ ма йӕм цалдӕр хатты куы бадзырдтон, уӕд ӕй бафӕндыд 15 минутӕй фылдӕр ныхас кӕнын. Фӕстӕдӕр та мӕм ахуыры тыххӕй йӕхӕдӕг райдыдта дзурын, хатт-иу райсомӕй хуыссӕнӕй дӕр нӕма рабадтӕн, афтӕ, хатт та-иу мӕм бон дыууӕ хатты дӕр фӕдзырдта. Иннӕ аз донаргъуыд райста, ӕмӕ уымӕй афӕдзы фӕстӕ та пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта».

23. Хуыцауы цӕсты фынӕй чи у, ахӕм адӕмы райхъал кӕныныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

23 Хуыцауы цӕсты фынӕй чи у, ахӕм адӕмы райхъал кӕнынӕн хъӕуы арӕхстдзинад, стӕй ууыл хъӕуы ӕдзухдӕр архайын. Ныр дӕр ма бирӕтӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ хорз хабар. Рӕстӕмбис нымадӕй алы мӕй дӕр 20 000 адӕймагӕй фылдӕр райсынц донаргъуыд ӕмӕ свӕййынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, фыццаг ӕнусы Павел йӕ чырыстон ӕфсымӕр Архипӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй ӕххӕст кӕнай, дӕуӕн, Хицауы фӕдылдзӕуӕгӕн, дӕ бар цы лӕггад ис, уый» (Кол. 4:17). Иннӕ статьяйы фӕрцы базондзыстӕм, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын цы нысан кӕны, уый.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 13 фарсыл]

ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ МА БАФЫНӔЙ УАЙ

▪ Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕн

▪ «Талынджы хъуыддӕгтӕй» дӕхи хиз

▪ Хуыцауы цӕсты фынӕй уай, уый тӕссаг кӕй у, уый дӕ ма рох кӕнӕд

▪ Кӕмӕн хъусын кӕныс, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕс

▪ Хъусын кӕнынӕн ног мадзӕлттӕ агур

▪ Дӕ зӕрдыл дар, хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, уый