«Дӕ хорзӕхӕй, нӕ къам-ма нын сис»
Облӕстон конгрессӕн йӕ дыккаг боны фӕстӕ Хосе, Мексикӕйы Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, йе ’мбӕлттимӕ фӕцӕйцыд горӕт Керетаройы. Ӕмӕ йӕм уынджы колумбиаг туристтӕ, лӕг ӕмӕ ус, Хавьер ӕмӕ Мару, бацыдысты ӕмӕ йын загътой, нӕ къам-ма нын сис, зӕгъгӕ. Хосе ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ аив конд кӕй уыдысты ӕмӕ сӕ риуыл конгрессы плакеткӕтӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ уыцы туристтӕ бафарстой, зӕгъгӕ, мыййаг, институт каст фестут ӕмӕ уын уый фӕдыл бӕрӕгбон уыди ӕви горӕты исты ахсджиаг хабар ис. Хосе сын бамбарын кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты облӕстон конгрессӕй кӕй цӕуынц ӕмӕ уыдоны дӕр фӕхуыдта, зӕгъгӕ ма конгресс хуыцаубоны дӕр уыдзӕн ӕмӕ сымах дӕр ӕрбацӕут.
Туристтӕ загътой, зӕгъгӕ нӕм худинаг кӕсы конгрессмӕ бацӕуын – ахӕм фембӕлдмӕ цӕй мидӕг ацӕуӕм, немӕ ахӕмӕй ницы рахастам. Фӕлӕ сын уӕддӕр Хосе йӕ ном загъта ӕмӕ сын, кӕм лӕггад кӕны, уыцы филиалы телефоны номыртӕ дӕр радта.
Цыппар мӕйы фӕстӕ Хосе уыцы туристӕй хорз хабар фехъуыста, ӕмӕ ма йӕ цинӕн кӕрон дӕр кӕм уыди! Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Хавьер ӕмӕ йӕ цардӕмбал уыцы конгрессы уыдысты ӕмӕ сӕ ныр фӕндыд, цӕмӕй сӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдаиккой, уыцы рӕстӕг кӕм цардысты, уырдӕм. Цӕргӕ та кодтой Мехикойы. Цасдӕры фӕстӕ Хавьер ӕмӕ Мару райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Дӕс мӕйы фӕстӕ сӕ дыууӕ дӕр систы хъусынгӕнджытӕ. Ӕмӕ кӕд Канадӕмӕ, горӕт Торонтомӕ, алыгъдысты цӕрынмӕ, уӕддӕр сӕ ахуыр нӕ ныууагътой ӕмӕ донаргъуыд дӕр райстой.
Фӕстӕдӕр Хосе Хавьерӕй райста писмо. Хавьер радзырдта, цы йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдаид. Уый ныффыста: «Уыцы конгрессы куы уыдыстӕм, уый размӕ Маруимӕ ныхас кодтам, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ бамбӕрстам, Хуыцауы разамынд нӕ кӕй хъӕуы. Стӕй сымахыл куы фембӕлдыстӕм ӕмӕ, куыд аив конд уыдыстут, уый куы федтам, уӕд ахъуыды кодтам, зӕгъгӕ, адон, ӕнӕмӕнгдӕр цыдӕр ахсджиаг фембӕлдӕй цӕуынц. Конгрессы нын нӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта, Ӕвдисӕнтӕ нӕм сӕ хъус кӕй фӕдардтой, уый. Бынӕттӕ нын ссардтой, нӕ фарсмӕ чи бадт, уыдон та нӕм сӕ Библи авӕрдтой ӕмӕ-иу кӕм хъуыди, уым-иу нын ӕй байгом кодтой. Дисы ма нӕ бафтыдта, конгрессы цы адӕм уыди, уыдон сӕхи куыд дардтой, уый дӕр. Туристты дзаумӕтты кӕй уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕм зул цӕстӕй дӕр ничи ӕрбакасти».
Хосейы хабарӕй хорз зыны, зондджын паддзах Соломоны ныхӕстӕ раст кӕй сты. Соломон ныффыста: «Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, мыггаг кӕм ссӕудзӕн – ам ӕви уым, ӕви дыууӕ раны дӕр» (Еккл. 11:6). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, фадат дын куы фӕзыны, уӕд адӕмы конгресмӕ кӕнӕ ӕмбырды ӕргом раныхасмӕ хонын, ӕмӕ афтӕмӕй рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауын? Уӕд Йегъовӕ дӕу уылты дӕр, Хавьер ӕмӕ Маруйау рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны кӕмӕн у, ахӕм адӕмы йӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзӕн (Ис. 55:1).
[Ныв 32 фарсыл]
Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Алехандро Воегелин, Мару Пинеда, Алехандро Пинеда, Хавьер Пинеда ӕмӕ Хосе Рамирес, Мексикӕйы Вефилы