Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» ма кӕн

«Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» ма кӕн

«Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу» (ЛУК. 9:62).

1. Йесо цы бафӕдзӕхста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?

«УӔ ЗӔРДЫЛ дарут Лоты усы»,– бафӕдзӕхста Йесо Чырысти (Лук. 17:32). Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕдӕй рацыд 2 000 азы бӕрц, фӕлӕ абонӕй ахсджиагдӕр никуы уыдысты. Цымӕ Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Уыцы ныхӕстӕ дзуттӕгтӕн загъта, ӕмӕ уыдон та тынг хорз зыдтой, Лоты усыл цы ’рцыд, уый. Йӕ бинонтимӕ Содомӕй куы лыгъди, уӕд Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкасти. Ӕмӕ уый тыххӕй цӕхдур фестад. (Бакӕс Райдиан 19:17, 26.)

2. Лоты ус фӕстӕмӕ цӕмӕн фӕкасти? Кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй йыл цы ’рцыд?

2 Фӕлӕ Лоты ус фӕстӕмӕ цӕмӕн фӕкаст? Чи зоны йӕ фӕндыд, цы дзы цӕуы, уый фенын. Кӕнӕ йӕ нӕ уырныдта, горӕт ӕцӕгдӕр сӕфты хай кӕй бауыдзӕн. Чи зоны, йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ уыд. Йе та, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕ ахсайдта, Содомы цы ныууагъта, уыдӕттӕм (Лук. 17:31). Бӕлвырд ӕй нӕ зонӕм, фӕстӕмӕ цӕмӕн фӕкасти, фӕлӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй бабын. Ахъуыды-ма кӕн, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хӕлд адӕм цы бон фӕцагъды сты, уый дӕр уыцы бон амард! Уӕдӕ Йесо дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы»!

3. Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм, уый Йесо куыд бамбарын кодта?

3 Мах дӕр ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ нын нӕй фӕстӕмӕ кӕсӕн, ома, цы ныууагътам, уыдӕттыл ӕдзух хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм. Ацы хъуыды бӕрӕг у, Йесо иу лӕгӕн цы загъта, уымӕй. Уыцы адӕймаг Йесойӕн загъта, зӕгъгӕ уал хӕдзармӕ ацӕуон ӕмӕ мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъон, стӕй та дӕ ахуыргӕнӕг суыдзынӕн. Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу» (Лук. 9:62). Мыййаг ын Йесо ӕгӕр карз дзуапп радта? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уый йӕ зыдта, уыцы адӕймаг ӕрмӕст ӕфсон кӕй агуырдта. Нӕ йӕ фӕндыд йӕхимӕ уыцы хӕс райсын, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуӕг суа. Йесо ахӕм адӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» кӕнынц. Уӕлдай нӕу, адӕймаг йӕ гутоныл хӕца ӕмӕ афтӕмӕй фӕкӕс-фӕкӕс кӕна фӕстӕмӕ ӕви йӕ суадза ӕмӕ фӕстӕмӕ разила, уӕддӕр йӕ куыстмӕ йӕ хъус нал дардзӕн ӕмӕ йын куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал рауайдзӕн.

4. Не ’ргом кӕдӕм хъуамӕ уа здӕхт?

4 Хъуамӕ не ’ргом уа фидӕнмӕ здӕхт, раздӕр цы уыд, уымӕ нӕ, фӕлӕ. Ӕмбисӕндты 4:25 стихы бӕлвырдӕй фыст ис: «Дӕ цӕстытӕ кӕсӕнт размӕ, дӕ цӕстӕнгас комкоммӕ дӕ фӕндагмӕ сараз».

5. Фӕстӕмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

5 Фӕстӕмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм? Уымӕн ӕмӕ мах цӕрӕм «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1). Тагъд Хуыцау ӕрмӕст дыууӕ горӕты нӕ, фӕлӕ ацы фыддуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесафдзӕн. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныл Лоты усы хабар ма ӕрцӕуа? Уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ базонӕм, фӕстейӕ цы баззад, уыдон цы сты, уый (2 Кор. 2:11). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, адӕймаг фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс цӕмӕты фӕкӕны ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕм не ’ргом ма здахӕм.

«РАЗДӔР КУЫД ХОРЗ УЫДИ!»

6. Нӕ раздӕры цардӕй нӕ зӕрдыл цы ӕрлӕууы, ууыл ӕууӕнк цӕуылнӕ ис?

6 Хатт афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, раздӕр амондджындӕр уыдыстӕм. Ӕмӕ уыцы хъуыды у тӕссаг. Нӕ раздӕры цард арӕх, ӕцӕг куыд уыд, ахӕмӕй нӕ баззайы нӕ хъуыдыйы. Хатт нӕ нӕ раздӕры зындзинӕдтӕ айрох вӕййынц ӕмӕ нӕ ивгъуыд цардӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, хорзӕй цы уыд, ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ нӕм уӕд афтӕ фӕкӕсы, цыма раздӕр бирӕ хуыздӕр уыди. Ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл хӕст куы уӕм, уӕд уыцы рӕстӕджытӕ мысдзыстӕм ӕмӕ хъуыды кӕндзыстӕм, раздӕр куыд хорз уыди, тӕхуды, ногӕй та афтӕ куы уаид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы: «Афтӕ ма дзур, раздӕр цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ уый зондджын адӕймаджы ныхас нӕу» (Еккл. 7:10). Афтӕ хъуыды кӕнын тӕссаг цӕмӕй у?

7–9. а) Израилӕгтӕн Египеты сӕ хабар куыд рауад? ӕ) Израилы адӕмӕн сӕ бон цӕуыл уыд цин кӕнын? б) Израилӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын цӕуыл райдыдтой?

7 Ӕркӕсӕм, Моисейы рӕстӕджы израилӕгтыл цы ’рцыд, уымӕ. Израилӕгтӕ Египетмӕ куы ӕрлыгъдысты, уӕд сӕм кастысты уазджыты цӕстӕй. Фӕлӕ Иосифы мӕлӕты фӕстӕ египетӕгтӕ израилӕгты «сӕргъы сӕвӕрдтой цӕстдарджыты, цӕмӕй сын уӕззау куыст кӕнын кодтаиккой» (Рац. 1:11). Фӕстӕдӕр та фараон йӕ адӕмӕн ахӕм бардзырд радта, израилаг ноггуырд лӕппуты марут, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ, израилӕгтӕ сбирӕ уыдаиккой, уый йӕ нӕ фӕндыд (Рац. 1:15, 16, 22). Уӕдӕ Йегъовӕ дӕр Моисейӕн уымӕн загъта афтӕ: «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстдарджытӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рац. 3:7).

8 Ахъуыды-ма кӕн, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд куыд тынг цин кодтаиккой! Уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайдта – федтой, сӕрбӕрзонд фараоныл ӕмӕ йӕ адӕмыл дӕс бӕллӕхы куыд ӕруагъта, уый. (Бакӕс Рацыд 6:1, 6, 7.) Ӕппынфӕстаг египетӕгтӕ израилӕгты ауагътой. Суанг ма сын лӕгъстӕ дӕр кодтой, тагъддӕр ацӕут, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын уыйбӕрц сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист радтой, ӕмӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Хуыцауы адӕм «египетӕгты бастыгътой» (Рац. 12:33–36). Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ куы федтой, Йегъовӕ фараоны ӕмӕ йе ’фсад Сырх денджызы куыд фесӕфта, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд (Рац. 14:30, 31). Уыцы диссӕгтӕ уынгӕйӕ сӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид!

9 Фӕлӕ куыд тагъд ферох кодтой, Йегъовӕ сӕ диссаджы хуызы кӕй ссӕрибар кодта, уый! Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ цӕуыл хъуыр-хъуыр кодтой? Хӕринагыл! Йегъовӕ сын цы лӕвӕрдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ нал цыд ӕмӕ хъаст кодтой: «Египеты лӕвар хордтам кӕсаг, хордтам дзы джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ! Ныр та нӕ уд удыл нал хӕцы. Ацы маннӕ йеддӕмӕ ницы уынӕм» (Ным. 11:5, 6). Израилӕгтӕй ферох, Египеты сӕ цард ӕцӕгӕй куыд уыд, уый. Ахӕм зондыл кӕй ныххӕцыдысты, уый тыххӕй сӕ бафӕндыд, цагъартӕ кӕм уыдысты, уыцы зӕхмӕ аздӕхын! (Ным. 14:2–4). Израилӕгтӕ кастысты, фӕстейӕ цы баззад, уымӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты (Ным. 11:10).

10. Израилӕгты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Уыцы хабарӕй абон цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зындзинӕдтӕ нын куы уа, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ раздӕр, суанг, рӕстдзинад куы нӕма зыдтам, уӕд, бирӕ хуыздӕр кӕй уыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕддӕр ныл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй зонд райсӕм кӕнӕ исты ӕхсызгон хабӕрттӕ ӕрхъуыды кӕнӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ ивгъуыд рӕстӕгмӕ хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, нӕ цард ӕцӕгӕй цавӕр уыд, уый хъуамӕ ма рох кӕнӕм. Кӕннод нын нӕ абоны цард ад дӕр нал кӕндзӕн ӕмӕ нӕ ӕрфӕнддзӕн раздӕры цардмӕ аздӕхын. (Бакӕс 2 Петры 2:20–22.)

РАЗДӔР НӔХИ ЦӔМӔЙ ФӔЦУХ КОДТАМ

11. Иуӕй-иутӕ, сӕхи цӕмӕйдӕр кӕй фӕцух кодтой, уый тыххӕй цы фӕхъуыды кӕнынц?

11 Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ, раздӕр сӕхи цӕмӕйдӕр кӕй фӕцух кодтой, ууыл фӕстӕдӕр фӕфӕсмон кӕнынц. Чи зоны, дӕуӕн дӕр фадат уыд, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырад райстаис, зындгонд адӕймаг суыдаис кӕнӕ схъӕздыг уыдаис, фӕлӕ уыдӕттыл дӕ къух систай. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ ныууагътой, стыр ӕхцатӕ кӕм куыстой, ахӕм куыст: чи сӕ бизнесмен уыд, чи артист, чи профессор, чи ахуыргонд, чи та спортсмен. Фӕлӕ рӕстӕг цӕуы, ӕмӕ ацы дунейӕн та йӕ кӕрон нӕма ӕрцыд. Мыййаг, ды та фӕхъуыды кӕныс, дӕхи ахӕм цӕмӕйдӕрты куы нӕ фӕцух кодтаис, уӕд дӕ цард куыд ацыдаид, ууыл?

12. Павел цы ныууагъта, уыдӕттӕм цы цӕстӕй каст?

12 Апостол Павел йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суыдаид (Фил. 3:4–6). Цымӕ, цы ныууагъта, уыдӕттӕм цы цӕстӕй касти? Уый фыссы: «Царды хорзӕй цы ссардтон, уыдон Чырыстийы тыххӕй ныууагътон». Афтӕ цӕмӕн бакодта? Павел дарддӕр фыссы: «Ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Уый тыххӕй ӕз алцыдӕр ныууагътон ӕмӕ сӕ нымайын быроныл *, цӕмӕй ссарон Чырыстийы» (Фил. 3:7, 8). Адӕймаг бырӕттӕ куы акалы, уӕд уый фӕстӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, гъеныр сӕ цӕмӕн акалдтон, зӕгъгӕ. Раст афтӕ Павел дӕр, дунейы цы ныууагъта, ууыл нӕ фӕсмон кодта. Павелмӕ уыдӕттӕ ӕппындӕр ницыуал кастысты.

13, 14. Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?

13 Кӕд цӕмӕйдӕр афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уыцы фадат дзӕгъӕлы ауагътон, уӕд цы ис саразӕн? Уӕд хъуамӕ Павелы бафӕзмай. Куыд? Ныр дын цы арфӕдзинӕдтӕ ис, уыдоныл хъуыды кӕн. Йегъовӕ у дӕ Хӕлар ӕмӕ дӕ нымайы иузӕрдион адӕймагыл (Дзут. 6:10). Йегъовӕ нӕ ныртӕккӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны ӕмӕ нӕ фидӕны цӕмӕй схайджын кӕндзӕн, уыдонимӕ абаргӕйӕ ацы дунейы хорздзинӕдтӕ цы сты? (Бакӕс Марчы 10:28–30.)

14 Павел ма ноджыдӕр цы загъта, уый нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн: «Ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ» (Фил. 3:13). Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ аразӕм дыууӕ хъуыддаджы, ӕмӕ дыууӕ дӕр сты ахсджиаг. Фыццаг уал хъуамӕ ферох кӕнӕм, фӕстейӕ цы баззад, уыдӕттӕ. Хъуамӕ сыл ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы ма хардз кӕнӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ, ерысы чи згъоры, уый кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кӕны, уӕд йӕ хъарутӕ размӕ куыд саразы, афтӕ мах дӕр нӕ хъарутӕ хъуамӕ раттӕм, разӕй цы ис, уымӕ. Не ’ргом хъуамӕ здӕхт уа, разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ.

15. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл хъуыды кӕнын хорз цӕмӕн у?

15 Хуыцауӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ йын абон дӕр афтӕ чи лӕггад кӕны, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕстӕмӕ ма кӕсӕм ӕмӕ размӕ цӕуӕм. Зӕгъӕм, Авраам ӕмӕ Саррӕ, кӕцӕй рацыдысты, уыцы горӕт Ур «куы мысыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр» (Дзут. 11:13–15). Фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕ аздӕхтысты. Кӕнӕ ахъуыды кӕнӕм Моисейыл. Египетӕй фыццаг хатт куы ацыд, уӕд ныууагъта, фӕстӕдӕр иннӕ израилӕгтӕ цы ныууагътой, уымӕй бирӕ фылдӕр. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, Моисей уыдӕттӕ кӕй мысыд. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уый Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл банымадта, Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг уӕвгӕйӕ цы ӕфхӕрд ӕййӕфта, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл» (Дзут. 11:26).

ӔХСЫЗГОН НЫН ЧИ НӔ УЫД, УЫЦЫ ХАБӔРТТӔ

16. Раздӕр ныл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ныл иуӕй-иу хатт куыд фӕзынынц?

16 Чи зоны, нӕ царды хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ афтӕ ӕхсызгонӕй нӕ ӕрымысӕм. Чи зоны, арӕх хъуыды кӕнӕм нӕ раздӕры тӕригъӕдтыл кӕнӕ рӕдыдтытыл (Пс. 51:3). Йе та, гӕнӕн ис, ныр дӕр ма мӕсты кӕнӕм йе та нӕ зӕрдӕ риссы, уынаффӕ нын кӕй радтой, ууыл (Дзут. 12:11). Науӕд нӕм, чи зоны, цавӕрдӕр хъуыддаг раст нӕ фӕкаст кӕнӕ ӕцӕгдӕр раст нӕ уыд, ӕмӕ йӕ нӕ бон ферох кӕнын нӕу (Пс. 55:2). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыдӕттыл мауал хъуыды кӕнӕм? Ӕркӕсӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ.

17. а) Павел йӕхицӕй цӕмӕн загъта, «сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕр» кӕй у? ӕ) Павелӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтаид, кӕд-иу йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, уӕддӕр?

17 Раздӕры рӕдыдтытӕ. Павел йӕхицӕй загъта, «сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕр» кӕй у (Еф. 3:8). Афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта? Уымӕн ӕмӕ раздӕр ӕфхӕрдта Хуыцауы ӕмбырд (1 Кор. 15:9). Ӕвӕццӕгӕн-иу Павел, раздӕр ӕфхӕргӕ кӕй кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл куы фембӕлд, уӕд-иу ӕм тынг худинаг каст. Фӕлӕ Павел нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ уыцы хъуыдытӕ сӕ быны скодтаиккой. Павел-иу хъуыды кодта, Хуыцау ын йе стыр хорзӕхӕй кӕй бахай кодта, ууыл (1 Тим. 1:12–16). Ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг уыд, ӕмӕ йӕ уый разӕнгард кодта дарддӕр дӕр лӕггад кӕнынмӕ. Павел куы загъта, фӕстейӕ цы баззад, уыдӕттӕ йӕ ферох кӕнын кӕй фӕнды, уӕд йӕ раздӕры рӕдыдтыты кой дӕр кодта. Цы уыд, уый аивӕн нал ис, ӕмӕ нӕ раздӕры рӕдыдтытыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ хъарутӕ дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстӕм. Уый бӕсты хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, ууыл ӕмӕ ныр нӕ хъарутӕ саразӕм, Йегъовӕ нын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддагмӕ.

18. а) Уынаффӕ нын кӕй радтой, ууыл ӕдзух куы маст кӕнӕм, уӕд цы ’рцӕудзӕн? ӕ) Нӕ бон куыд у Соломоны ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын?

18 Ӕхсызгон нын чи нӕ уыд, ахӕм уынаффӕ. Чи зоны нын уынаффӕ радтой ӕмӕ ныр иуцасдӕр рацыд, фӕлӕ йыл уӕддӕр хъуыды кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма ныр дӕр мӕсты кӕнӕ ӕнкъард кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй та адӕймаг йӕхимӕ дӕр ныхъхъусы (Дзут. 12:5). Уӕлдай нӕу, уынаффӕмӕ ӕппындӕр нӕ байхъуыстам ӕви йӕм фыццаг байхъуыстам, фӕлӕ йыл стӕй нӕ къух ауыгътам – афтӕмӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкодтам, уыцы уынаффӕ нын цы пайда ӕрхастаид, уымӕй. Ахӕм уавӕры хуыздӕр уаид, Соломон куыд загъта, афтӕ бакӕнын: «Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ суадз. Хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уымӕй кӕнгӕ у» (Ӕмб. 4:13). Зӕгъӕм, машинӕ чи фескъӕры, уый йӕ хъус фӕдары фӕндаджы амонӕнтӕм. Уӕдӕ-иу мах дӕр афтӕ уынаффӕмӕ байхъусӕм, спайда-иу дзы кӕнӕм ӕмӕ-иу дарддӕр размӕ цӕуӕм (Ӕмб. 4:26, 27; бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:12, 13).

19. Нӕ бон куыд у Аввакумы ӕмӕ Йеремийы уырнындзинад фӕзмын?

19 Исты хъуыддаг нӕм раст куы нӕ фӕкӕса кӕнӕ ӕцӕгдӕр раст куы нӕ уа. Хатт мах дӕр пехуымпар Аввакумау рӕстдзинадагур фӕдзыназӕм Йегъовӕмӕ. Аввакум ӕй не ’мбӕрста, Йегъовӕ цӕмӕн бауадзы, цӕмӕй цавӕрдӕр мӕнгард хъуыддӕгтӕ цӕуа (Ав. 1:2, 3). Мах хъӕуы уыцы пехуымпары уырнындзинад фӕзмын. Уый загъта: «Уӕддӕр Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл» (Ав. 3:18). Ахӕм уырнындзинад ма равдыста Йереми дӕр – уый цӕттӕ уыд «ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ». Йеремийау нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у ӕмӕ алцыдӕр йӕ рӕстӕгыл кӕй сраст кӕндзӕн (Йер. хъ. 3:19–24).

20. Лоты усы нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм, уый куыд равдисдзыстӕм?

20 Мах цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы. Абон цӕуы диссаджы хабӕрттӕ, ӕмӕ тагъд та ноджы диссагдӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн. Йегъовӕйы организаци размӕ цӕуы, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ йемӕ размӕ цӕуӕм. Цӕй уӕдӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕ кӕнӕм: кӕсӕм размӕ, фӕстейӕ цы баззад, уыдӕттӕм нӕ, фӕлӕ. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Лоты усы нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм!

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. «Бырон»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «куыйтӕн цы аппарынц, уый» кӕнӕ «фаджыс». Иу библииртасӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Павел уыцы дзырдӕй кӕй спайда кодта, уый ӕвдисы, цӕуылдӕр йӕ къух бынтондӕр кӕй систа, йӕ цӕсты йын аргъ кӕй нал уыд ӕмӕ йын кӕй фенад.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]