Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕвӕстиатӕй архай!

Ӕвӕстиатӕй архай!

«Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй» (2 ТИМ. 4:2).

1, 2. Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕныны тыххӕй цавӕр фарстатӕм хъӕуы ӕркӕсын?

АДӔМЫ цард ирвӕзын кӕныны куыст чи кӕны, уыдон фӕархайынц ӕвӕстиатӕй. Зӕгъӕм, хӕдзар куы ссудзы, уӕд артхуыссынгӕнджытӕ уырдӕм фӕфӕдис вӕййынц, уымӕн ӕмӕ йӕ фембарынц, адӕмы фервӕзын кӕнын кӕй хъӕуы.

2 Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй фервӕзой. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕнӕм, уый тынг ахсджиагыл нымайӕм. Фӕлӕ кӕд нӕ куыст тынг ахсджиаг у, уӕддӕр афтӕ не сфӕдис вӕййӕм, цӕмӕй, цы аразӕм, ууыл ма хъуыды кӕнӕм. Уӕдӕ апостол Павел афтӕ куы загъта, «хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? (2 Тим. 4:2). Ӕвӕстиатӕй куыд хъуамӕ хъусын кӕнӕм? Ӕмӕ нӕ куыст афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

ЦӔМӔН ХЪӔУЫ ӔВӔСТИАТӔЙ ХЪУСЫН КӔНЫН?

3. Адӕймаг хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ куы айса, уӕд ын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Куы нӕ йӕ айса, уӕд та?

3 Хъусын кӕныны хъуыддаг адӕмы цард куыд ирвӕзын кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕфӕнды ӕвӕстиатӕй иннӕтӕн хорз хабар дзурын (Ром. 10:13, 14). Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Фыдгӕнӕгӕн куы зӕгъон, ды амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ, цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон куы нал араза ӕмӕ раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа... уӕд ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, нӕ амӕлдзӕн. Цы тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕй йын иу дӕр нал ӕрхъуыды кӕндзысты» (Йез. 33:14–16). Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕн Библи зӕгъы: «Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16; Йез. 3:17–21).

4. Фыццаг ӕнусы, раст дин чи ныууагъта, ахӕм адӕм кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын цӕмӕн хъуыди?

4 Павел Тимофейӕн ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын цӕмӕн фӕдзӕхста, уый бамбарынӕн хъӕуы бакӕсын ацы статьяйы сӕйраг стих ӕмӕ, кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзаг: «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй, ӕнцон куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр, иннӕтӕн уайдзӕф кӕн, сӕ рӕдыд-иу сын зӕгъ, фӕдзӕхс сӕ – у бирӕфӕразон ӕмӕ сӕ арӕхстджынӕй ахуыр кӕн. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ раст ахуырадӕн нал быхсдзысты, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕ алыварс ӕмбырд кӕндзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕм ахуыргӕнджыты. Уыдон рӕстдзинадмӕ нал хъусдзысты» (2 Тим. 4:2–4). Йесо дӕр дзырдта, кӕй фӕзындзӕн, ӕмбырды мӕнг ахуырӕдтӕ чи амондзӕн, ахӕм адӕм (Матф. 13:24, 25, 38). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Тимофейы хъуыди Хуыцауы ныхас суанг ӕмбырды дӕр ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын ӕмӕ йӕ амонын, цӕмӕй чырыстӕттӕ мӕнг ахуырӕдтыл ма баууӕндыдаиккой ӕмӕ ма фӕсайды уыдаиккой. Чырыстӕтты цард уыд тӕссаг уавӕры. Абон та хабар куыд у?

5, 6. Уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕм арӕх цӕуыл феууӕндынц?

5 Абон, раст дин чи ныууагъта, уыдон сбирӕ сты ӕмӕ фӕзындысты бирӕ рӕтты (2 Фес. 2:3, 8). Адӕмы зӕрдӕмӕ цавӕр мӕнг ныхӕстӕ цӕуынц? Зӕгъӕм, бирӕ бӕстӕты эволюцийыл афтӕ зӕрдиагӕй фӕдзурынц, раст цыма дин у. Кӕд эволюци наукӕйы фӕрцы дӕр ӕмбарын кӕнынц, уӕддӕр динӕй уӕлдай нӕу, ӕрмӕст ӕнӕ Хуыцауӕй. Уый бандӕвта, адӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл. Арӕх ма фехъусӕн вӕййы ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, Хуыцауы нӕ хъӕуӕм, ӕмӕ, дам, йӕ зонын дӕр ницы пайда у. Ацы ахуырӕдтӕ адӕмы хъыгдарынц, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой, ӕмӕ сыл милуантӕ ӕууӕндынц. Цӕмӕн? Ацы дыууӕ ахуырадӕн сӕ хъуыды иу у: цы дӕ фӕнды, уый араз, уымӕн ӕмӕ дӕ дзуапп ничи ӕрдомдзӕн. Ӕмӕ уый бирӕты «хъустӕн ӕхсызгон» у. (Бакӕс Псалом 10:4.)

6 Фӕлӕ ма адӕм ӕндӕр ахуырӕдтыл дӕр ӕууӕндынц. Аргъуантӕм чи цӕуы, уыдонӕн ӕхсызгон вӕййы, сӕ ахуыргӕнджытӕ сын афтӕ куы фӕдзурынц, цыфӕнды куы саразай, уӕддӕр дӕ Хуыцау уарзы, зӕгъгӕ. Иннӕтӕн та ӕхсызгон вӕййынц сӕ сауджынты ӕмӕ сӕ хистӕрты ныхӕстӕ, зӕгъгӕ уын цӕмӕй Хуыцау арфӕ кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ дины ӕгъдӕуттыл хӕст уат, дины бӕрӕгбӕттӕ кӕнат ӕмӕ иконӕтӕм куват. Ахӕм адӕм, ӕвӕццӕгӕн, не ’мбарынц, цы тӕссаг уавӕры сты, уый (Пс. 115:4–8). Фӕлӕ сӕ куы «райхъал кӕнӕм» ӕмӕ сын куы баххуыс кӕнӕм, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый бамбарынӕн, уӕд уыдонӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой.

ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ӔВӔСТИАТӔЙ ХЪУСЫН КӔНЫН?

7. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый кӕй ӕмбарӕм?

7 Хорз хирург операци куы кӕна, уӕд йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдзысты ууыл, уымӕн ӕмӕ йӕ къухы ис адӕймаджы цард. Хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр афтӕ у: нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ куы саразӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый кӕй ӕмбарӕм. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, лӕмбынӕг-иу куы ахъуыды кӕнӕм, адӕмимӕ хуыздӕр цӕуыл уыдзӕн аныхас кӕнын ӕмӕ сӕм хуыздӕр цавӕр фарстатӕ уыдзӕн раттын. Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый куы ӕмбарӕм, уӕд-иу адӕммӕ бацӕудзыстӕм, ӕхсызгондӕрӕй нӕм кӕд байхъусдзысты, уыцы рӕстӕг (Ром. 1:15, 16; 1 Тим. 4:16).

8. Ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын ма цы нысан кӕны?

8 Ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын ма нысан кӕны ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын. (Бакӕс Райдиан 19:15.) Зӕгъӕм, дохтыртӕн дӕхи фенын кодтай, ӕмӕ дӕм уый фӕстӕ дӕ дохтыр йӕхимӕ кабинетмӕ фӕдзырдта ӕмӕ дын зӕгъы: «Дӕ уавӕры фӕстиат кӕнӕн нӕй. Ӕрмӕстдӕр дын иу мӕй ис, цӕмӕй дӕ низӕн исты схос кӕнай». Куыд бакӕндзынӕ? Ӕвӕццӕгӕн, йӕ кабинетӕй уайтагъд нӕ ратӕхдзынӕ, зӕгъгӕ, тагъддӕр исты саразон. Фӕлӕ, дохтыр цы зӕгъа, уымӕ лӕмбынӕг байхъусдзынӕ, стӕй хӕдзармӕ ацӕудзынӕ ӕмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕндзынӕ, фыццаджыдӕр дӕ цы хъӕуы саразын, ууыл.

9. Павел Ефесы ӕвӕстиатӕй кӕй хъусын кодта, уый кӕцӕй зонӕм?

9 Апостол Павел ӕвӕстиатӕй кӕй архайдта, уый бӕрӕг у, Азийы куыд хъусын кодта, уый тыххӕй Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы загъта, уымӕй. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:18–21.) Павел Азимӕ цы бон ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хорз хабар хъусын кодта. Стӕй ма йӕм ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу «алы бон дӕр ныхасы рацыд Тиранны скъолайы», ӕмӕ афтӕ кодта дыууӕ азы дӕргъы (Хъуыд. 19:1, 8–10). Уӕдӕ Павелы цардӕй бӕрӕг уыд, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый кӕй ӕмбӕрста. Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, уыцы уынаффӕ нын уый тыххӕй лӕвӕрд не ’рцыд, цӕмӕй хъусын кӕныны йеддӕмӕ ӕндӕр мацыуал аразӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ уа нӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй сӕ иу.

10. Библииртасджытӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй райдыдтой, уый нын цины хос цӕмӕн у?

10 Библииртасджыты гыццыл къорд 1914 азы размӕ райдыдта хорз хабар хъусын кӕнын. Уыцы къорд куыд архайдта, уымӕй хорз зыны, ӕвӕстиатӕй архайын цы нысан кӕны, уый. Кӕд цалдӕр мины йеддӕмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр ӕй зыдтой, фӕстиат кӕнӕн сын кӕй нӕй, ӕмӕ райдыдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Уыдон сӕдӕгай газетты мыхуыр кодтой раныхӕстӕ ӕмӕ ӕвдыстой, хуызджын слайдтӕй ӕмӕ кинокадртӕй конд чи уыд, уыцы «Сфӕлдыстады фотодрамӕ». Библииртасджытӕ цы куыст бакодтой, уый фӕрцы милуангай адӕм фехъуыстой хорз хабар. Ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый куы не ’мбӕрстаиккой, уӕд цымӕ абон цалӕй фехъуыстаиккам Хуыцауы Паддзахады тыххӕй? (Бакӕс Псалом 119:60.)

ӔВӔСТИАТӔЙ АРХАЙЫН КӔЙ ХЪӔУЫ, УЫЙ МА РОХ КӔН

11. Иуӕй-иутӕй цӕмӕн айрох, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый?

11 Хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ айрох уа, не ’ргом ӕндӕр истӕмӕ куы аздахӕм, уӕд. Сайтан ацы дунейы фӕрцы архайы, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм ӕрмӕст нӕхиуыл кӕнӕ, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгтыл (1 Пет. 5:8; 1 Иоан. 2:15–17). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн уыд, уыдонӕй кӕмӕйдӕрты фӕстӕдӕр айрох, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы иу чырыстон, Димас, зӕгъгӕ, лӕггад кодта апостол Павелимӕ иумӕ, фӕлӕ фӕстӕдӕр йе ’ргом дунейы ’рдӕм аздӕхта. Димас хъуамӕ дарддӕр дӕр Павелӕн йӕ зын уавӕрты йӕ фарсмӕ уыдаид, уый та йӕ уадзгӕ ныккодта (Филим. 23, 24; 2 Тим. 4:10).

12. Ныр нын цавӕр фадат ис? Фидӕны та нын цавӕр фадӕттӕ уыдзӕн?

12 Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый нӕ цӕмӕй ма рох кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл ма суӕм. Хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй «фидар ныххӕцӕм ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:18, 19). Ӕвӕццӕгӕн, нӕ дызӕрдыг кӕныс, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд нын кӕй уыдзӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕ аразӕм. Фӕлӕ нын уый фадат никуыуал уыдзӕн, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм Армагеддоны удӕгасӕй баззайынӕн.

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕвӕстиатӕй архайӕм?

13 Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы нӕ зонынц. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕвӕстиатӕй архайӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр Йегъовӕйы кӕй нӕ зыдтам ӕмӕ нӕ фидӕнӕй дӕр кӕй ницы ныфс уыди. Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй рӕстдзинад базыдтам, ӕмӕ нӕм ныр ахӕм стыр кад ӕрхауд, цӕмӕй иннӕтӕн рӕстдзинад амонӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:14.) Павел ныффыста: «Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм» (Еф. 5:15, 16). Ацы ӕвзӕр дунейы цӕргӕйӕ хъуамӕ рӕстӕг хицӕн кӕнӕм, Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕн.

ЦӔРӔМ ТЫНГ АХСДЖИАГ РӔСТӔДЖЫ

14–16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй абон куыд ӕвӕстиатӕй хъӕуы хъусын кӕнын, афтӕ никуы?

14 Чырыстӕтты алкӕддӕр хъуыди ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын. Фӕлӕ абон куыд ӕвӕстиатӕй хъӕуы архайын, афтӕ никуыма. 1914 азӕй фӕстӕмӕ зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпар-ныхӕстӕ (Матф. 24:3–51). Адӕмӕн фесӕфынӕй абонӕй тӕссагдӕр никуыма уыд. Кӕд зӕххыл ӕппӕты тыхджындӕр бӕстӕтӕ баныхас кодтой, се ’хсӕн хӕст кӕй нӕ уыдзӕн, уӕддӕр сӕм ис ядерон хӕцӕнгарз, ӕмӕ дзы 2 000 бӕрц цӕттӕ сты схӕцын кӕнынмӕ. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ядерон материалтӕй сӕдӕгӕйттӕ фесӕфт. Цымӕ уыдонӕй террористты къухмӕ нӕ бахауд? Ахӕм фарстатӕ чи иртасы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, иу террористы тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, хӕст райдайа ӕмӕ адӕм иууылдӕр фесӕфой. Фӕлӕ адӕмы цардӕн ӕрмӕст хӕстӕй нӕу тӕссаг.

15 2009 азы иу журнал (The Lancet) ӕмӕ Лондоны университеты колледж ныффыстой, зӕгъгӕ, дам, климӕт кӕй ивы, уымӕй тӕссагдӕр адӕмы ӕнӕниздзинадӕн ницы у. Уый, дам, адӕмӕн сӕ фылдӕры ӕнӕниздзинадыл бандавдзӕн ӕмӕ, дам, миллиардгай адӕмы цардӕн уыдзӕн тӕссаг. Бирӕ бынӕттӕ цӕрынӕн нал бӕздзысты, денджызты дон хӕрдмӕ кӕй цӕуы, хус рӕстӕг кӕй скӕны, дон кӕй раивылы, уый тыххӕй, низтӕ ӕмӕ тыхдымгӕты аххосӕй, стӕй, зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕ къаддӕр кӕй кӕнынц, уый тыххӕй цы хӕстытӕ вӕййы, уыдоны аххосӕй. Дзырд дӕр ыл нӕй, хӕстытӕ ӕмӕ алыхуызон бӕллӕхты тыххӕй адӕм лӕууынц сӕфты къахыл.

16 Чи зоны, чидӕртӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ядерон хӕстӕй тӕссаг кӕй у, уый ахӕм хабӕрттӕм ӕркӕндзӕн, ӕмӕ, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы дзырдта, уый сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ Йесойы пехуымпар-ныхас цӕуыл дзурӕг у, уый адӕмӕн сӕ фылдӕр не ’мбарынц. Бирӕ азты дӕргъы цы хабӕрттӕ уынӕм, уыдон дзурӕг сты, Йесо кӕй «ӕрцыд» ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон ӕввахс кӕй у, ууыл (Матф. 24:3). Йесойы пехуымпар-ныхасӕй уыйбӕрц хабӕрттӕ ӕххӕстгӕнгӕ никуыма федтам. Абон адӕм хъуамӕ бамбарой, ӕнӕмӕнг сӕ кӕй хъӕуы Хуыцауы базонын. Ӕмӕ махӕн нӕ бон у, ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм.

17, 18. а) «Цы рӕстӕджы цӕрӕм», уый кӕй зонӕм, уый ныл куыд ӕндавы? ӕ) Адӕм хорз хабармӕ хъусын цӕмӕн райдайынц?

17 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ нын ацы фӕстаг бонты цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн нын бирӕ рӕстӕг нал баззад. Павел Ромы чырыстӕттӕн цы загъта, уый махмӕ та ноджы тынгдӕр хауы: «Сымах зонут, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Ныр уыцы афон у, цӕмӕй райхъал уат, уымӕн ӕмӕ, уырнджытӕ куы систӕм, уымӕй ныр нӕ ирвӕзындзинад хӕстӕгдӕр у» (Ром. 13:11).

18 Пехуымпар-ныхӕстӕм гӕсгӕ фӕстаг бонты цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон уынгӕйӕ иуӕй-иуты бафӕнды Хуыцауы тыххӕй базонын. Чидӕртӕ та хорз хабармӕ хъусын райдайынц, уымӕн ӕмӕ фенынц, хицауадӕн кӕй не ’нтысы цард фӕхуыздӕр кӕнын. Зӕгъӕм, экономикӕ ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кӕй кӕны, уымӕн сӕ бон ницы у саразын, сӕ бон нӕу адӕмы ядерон хӕстӕй, фыдракӕндтӕй бахъахъхъӕнын, стӕй, адӕм зӕхх кӕй сафынц, уымӕн дӕр сӕ бон ницы у бакӕнын. Иннӕтӕ та хорз хабармӕ байхъусынц, сӕхиуыл кӕнӕ сӕ бинонтыл цы ’рцӕуы, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, се ’нӕниздзинад фӕцуды, сӕ цардӕмбалимӕ ахицӕн вӕййынц кӕнӕ сӕ хиуӕттӕй исчи фӕзиан вӕййы. Ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон вӕййы ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын.

ӔВӔСТИАТӔЙ АРХАЙЫН КӔЙ ХЪӔУЫ, УЫЙ СӔ СРАЗӔНГАРД КОДТА СӔ ЦАРД ФӔИВЫНМӔ

19, 20. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ цард куыд фӕивтой, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый куы бамбӕрстой, уӕд?

19 Бирӕ чырыстӕттӕ, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый кӕй ӕмбарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ царды цыдӕртӕ фӕивынц, цӕмӕй сӕ бон уа фылдӕр хъусын кӕнын. Зӕгъӕм, Эквадоры 2006 азы иубонон конгресс куы уыд, «Дӕ цӕст сыгъдӕг дар», зӕгъгӕ, уӕд уый фӕстӕ иу ӕрыгон бинонтӕ сфӕнд кодтой сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Уыдон сӕхицӕн гӕххӕттыл ныффыстой, ӕнӕмӕнг сӕ чи нӕ хъӕуы, уыцы дзауматӕ, стӕй 3 мӕймӕ цыдӕртӕ ауӕй кодтой, сӕ хӕстӕ бафыстой ӕмӕ ӕртӕуатон квартирӕйӕ рахызтысты иууатон квартирӕмӕ. Фӕстӕдӕр райдыдтой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ районон цӕстдарӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ рахызтысты, ӕххуыс кӕм хъуыди, ахӕм ӕмбырдмӕ.

20 Иугонд Штаттӕй та иу ӕфсымӕр фыссы: «Мӕ бинойнагимӕ 2006 азы иубонон конгрессы куы уыдыстӕм, уӕдмӕ нӕ аргъуыдӕй рацыд 30 азы. Конгрессы фӕстӕ машинӕйыл хӕдзармӕ куы цыдыстӕм, уӕд ныхас кодтам, нӕ бон куыд у спайда кӕнын, конгрессы цы уынаффӕ фехъуыстам, уымӕй, зӕгъгӕ, уӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнут (Матф. 6:19–22). Уыцы рӕстӕг нын уыди ӕртӕ хӕдзары, зӕхх, зынаргъ машинӕтӕ, катер ӕмӕ, цӕрынӕн чи уыд, ахӕм фургон. Ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкасти, цыма ӕнӕзонд чырыстӕтты хуызӕн стӕм, ӕмӕ нӕ разы нысан сӕвӕрдтам, ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕмӕ 2008 азы нӕ чызджы бафӕзмыдтам ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам. Ӕфсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад! Ныр лӕггад кӕнӕм, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым. Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдтам, уый фӕрцы йӕм ноджы тынгдӕр баввахс стӕм. Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый адӕм куы фехъусынц ӕмӕ йӕ куы бамбарынц, уӕд сӕ цӕстытӕ фырцинӕй ссудзынц. Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уый махӕн у стыр арфӕдзинад!»

21. Ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

21 Мах ӕй зонӕм, ацы фыддунемӕ тагъд кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, «ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бон» (2 Пет. 3:7). Хуыцауы Ныхасӕй цы зонӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, тагъд стыр бӕллӕх кӕй уыдзӕн ӕмӕ уый фӕстӕ ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый тыххӕй. Мах нӕ рох кӕнӕм, адӕмӕн ныфсы хабар ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы хъусын кӕнын. Ӕмӕ ацы ахсджиаг хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]