Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Соломоны хабар нын зондзонӕн куыд у?

Хуыцау паддзах Соломонӕн арфӕ кодта ӕмӕ уый уылты йӕ фӕндон ӕххӕст кодта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Соломон Хуыцауы зондмӕ нал хъуыста. Уый ракуырдта фараоны чызджы, ӕцӕг Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм сылгоймаджы. Стӕй ма ӕркодта бирӕ ӕндӕр устытӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ уыцы устытӕ сабыргай уымӕ ӕркодтой, ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдта. Мах хъуамӕ нӕхимӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, цӕмӕй сабыргай ӕвзӕр зондыл цӕуын ма райдайӕм (Дык. з. 7:1–4; 17:17; 1 Пад. 11:4–8) (15/12, 10–12 фӕрстӕ).

Саррӕйы Хуыцауӕн коммӕгӕс сылгоймаг ӕмӕ хорз бинойнаг цӕмӕн ис схонӕн?

Хуыцау Авраамӕн куы загъта, Урӕй рацу, зӕгъгӕ, уӕд уый хъуамӕ ныууагътаид йӕ хӕстӕджыты, йе ’мбӕлтты ӕмӕ, цы цардыл сахуыр, уый, ӕмӕ хъуамӕ ацыдаид ӕнӕзонгӕ бӕстӕмӕ. Ӕмӕ Саррӕ дӕр уыцы хъуыддаджы йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Саррӕ Авраамӕн кад кодта, ӕмӕ йӕм ахӕм хорз миниуджытӕ кӕй уыд, уый йӕ рӕсугъд кодта (1/1, 8 фарс).

Хуыцау Авраамӕн йӕ уарзон фырты нывондӕн цӕмӕн хӕссын кодта?

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцау Авраамы нӕ бауагъта йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссын. Уыцы хабар амыдта, Хуыцау йӕ Фырт Йесойы нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уымӕ, кӕд ын тынг зын уыд, уӕддӕр (1/1, 23 фарс).

Цӕмӕй бӕрӕг у, фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ зӕххыл алкӕддӕр кӕй уыд ӕцӕг сӕрст чырыстӕттӕ?

Йесо «хӕмпӕлгӕрдӕг» ӕмӕ «мӕнӕуы» тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым «хорз мыггаг» абарста «паддзахады фырттимӕ» (Матф. 13:24–30, 38). Мӕнӕу хъуамӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы ’хсӕн рӕзыдаид хуымгӕрдӕны афонмӕ. Уӕдӕ йӕ кӕд ӕмӕ нӕ зонӕм, «мӕнӕуы» къордмӕ бӕлвырдӕй чи хауд, уӕддӕр зӕгъӕн ис, фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ зӕххыл алкӕддӕр кӕй хъуамӕ уыдаид сӕрст чырыстӕттӕ (15/1, 7 фарс).

Армагеддоны хӕдразмӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн?

Дунейы хицӕуттӕ стыр дзыхӕй дзурдзысты, зӕгъгӕ, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» (1 Фес. 5:3). Хицауӕдтӕ сӕхи ныццӕвдзысты мӕнг диныл (Рарг. 17:15–18). Уый фӕстӕ та рацӕудзысты, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны ныхмӕ. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон (1/2, 9 фарс).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты хӕлӕгдзинадӕн бынат ма уа?

Чи нын баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ сты ахӕм: кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзӕм; Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоныл нӕхи бӕттӕм; хорздзинад аразыныл архайӕм; «цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнӕм» (Ром. 12:15) (15/2, 16, 17 фӕрстӕ).

Науатль ӕвзагыл чи дзуры ӕмӕ, цӕмӕй хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй цы арӕзт цӕуы?

Уый уыди рагон ацтекты ӕвзаг, ӕмӕ йыл ныр дӕр Мексикӕйы дзуры 1,5 милуан адӕймаджы бӕрц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц науатль ӕвзагыл ӕмӕ уыцы ӕвзагмӕ нӕ литературӕ дӕр тӕлмац цӕуы (1/3, 13, 14 фӕрстӕ).

Уынаффӕ дӕтгӕйӕ нӕ зӕрдыл цавӕр уагӕвӕрдтӕ хъуамӕ дарӕм?

Адӕймаг цы уавӕры ис, уый хорз бамбар. Уынаффӕ раттынмӕ тагъд ма кӕн. Сӕрныллӕг у – дӕ уынаффӕтӕ уӕнт Хуыцауы Ныхасӕй. Пайда кӕн нӕ литературӕйӕ. Иннӕты бӕсты уынаффӕ ма хӕсс (15/3, 7–9 фӕрстӕ).

Йесо загъта, зӕгъгӕ дӕ барджынтӕй исчи йемӕ иу мин къахдзӕфы куы цӕуын кӕна, уӕд йемӕ ацу дыууӕ ахӕмы (Матф. 5:41). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

Уыцы рӕстӕг Израил уыд Ромы паддзахады дӕлбар, ӕмӕ-иу ромӕгтӕн уый бар уыди, цӕмӕй-иу иннӕтӕн исты куыст бакӕнын кодтаиккой. Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ-иу адӕймагӕн барджынтӕй исчи исты куы аразын кодтаид, уӕд-иу ӕй хъуамӕ сарӕзтаид ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй (1/4, 9 фарс).