Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд

Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд

«Мӕ фырт... зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн... дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд» (1 АЗ. 28:9).

1, 2. а) Адӕймаджы буары хӕйттӕй Библийы арӕхдӕр кӕцыйы кой ис? ӕ) «Зӕрдӕ» Библийы цӕмӕ амоны, уый зонын цӕмӕн хъӕуы?

БИБЛИЙЫ арӕх фӕцӕуы адӕймаджы буары хӕйтты кой ахӕсгӕ хуызы, ома ӕндӕр цӕмӕдӕр фӕамонынц. Зӕгъӕм, Иов загъта: «Мӕ къухтӕ фыддзинадӕй дзаг не сты». Паддзах Соломон ныффыста: «Хорз хабар фидар кӕны стджытӕ». Йегъовӕ та Йезекилӕн афтӕ загъта: «Дӕ ных дын скодтон... ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр» (Иов 16:17; Ӕмб. 15:30; Йез. 3:9).

2 Фӕлӕ дзы иуы кой иннӕтӕй арӕхдӕр ис. Уый у зӕрдӕ. Зӕгъӕм, иузӕрдион Аннӕ куывта: «Йегъовӕ у мӕ зӕрдӕйы стыр цин» (1 Сам. 2:1). Дзырд «зӕрдӕ» Библийы ӕмбӕлы иу мин хатты бӕрц ӕмӕ йын фылдӕр хатт вӕййы ахӕсгӕ нысаниуӕг. «Зӕрдӕ» цӕмӕ амоны кӕнӕ йӕ ахӕсгӕ нысаниуӕг цы у, уый хъуамӕ ӕнӕмӕнг зонӕм, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕрдӕ хъахъхъӕнын кӕй хъӕуы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:23.)

«ЗӔРДӔ» БИБЛИЙЫ ЦӔМӔ АМОНЫ?

3. Библийы «зӕрдӕ» ахӕсгӕ хуызы цы нысан кӕны, уый нӕ бон куыд у базонын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Дзырд «зӕрдӕ» ахӕсгӕ хуызы цы нысан кӕны, уый Библи не ’мбарын кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у базонын, цӕмӕ амоны, уый. Куыд? Зӕгъӕм, дӕ разы ис, мингай гыццыл дуртӕй арӕзт чи у, ахӕм рӕсугъд ныв. Кӕд дӕ фӕнды, ӕппӕт уыцы дуртӕй цы ныв рауад, уый ӕнӕхъӕнӕй фенын, уӕд ӕм хъуамӕ дардӕй бакӕсай. Раст афтӕ хъӕуы ӕркӕсын, Библийы дзырд «зӕрдӕ» кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, цӕмӕй «ныв» ӕнӕхъӕнӕй дӕр фенӕм. Цымӕ дзы цавӕр «ныв» фенӕн ис?

4. а) Библийы дзырд «зӕрдӕ» цӕмӕ амоны? ӕ) Матфейы 22:37 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

4 Библийы фысджытӕ дзырд «зӕрдӕ»-йӕ кӕм спайда кодтой, уым амоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ – ома йӕ фӕндтӕм, йӕ бӕллицтӕм, йӕ хъуыдытӕм, йӕ нысӕнттӕм, йӕ миниуджытӕм, йӕ курдиӕттӕм, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ исты аразынмӕ цы фӕразӕнгард кӕны, уымӕ. (Бакӕс Дыккаг закъон 15:7; Ӕмбисӕндтӕ 16:9; Хъуыддӕгтӕ 2:26.) Фӕлӕ дзырд «зӕрдӕ» алы хатт ӕппӕт адӕттӕм нӕ фӕамоны. Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матф. 22:37). Ам «зӕрдӕ» амоны адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтӕм ӕмӕ йӕ фӕндтӕм. Йесо зӕрдӕйы, уды ӕмӕ зонды кой хицӕнтӕй уымӕн ракодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд бамбарын кӕнын, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг кӕй хъуамӕ уа не ’нкъарӕнтӕй дӕр, стӕй, нӕ цард куыд аразӕм ӕмӕ нӕ зондӕй куыд архайӕм, уымӕй дӕр (Иоан. 17:3; Еф. 6:6). Фӕлӕ ӕрмӕст «зӕрдӕ»-йы кой кӕм вӕййы, уым фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ – йӕ удыхъӕдмӕ ӕнӕхъӕнӕй.

НӔ ЗӔРДӔ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ХЪАХЪХЪӔНӔМ

5. Цӕмӕн нӕ фӕнды ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа?

5 Паддзах Давид Соломонӕн загъта: «Мӕ фырт Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн зӕрдӕрайгӕйӕ, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны» (1 Аз. 28:9). О, Йегъовӕ кӕсы махӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр (Ӕмб. 17:3; 21:2). Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕты цы уыны, уымӕй райгонд куы уа, ӕрмӕст уӕд уыдзыстӕм йӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ нын фидӕны та уыдзӕн диссаджы цард. Уӕдӕ мах фӕнды Давиды уынаффӕмӕ хъусын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа ӕмӕ йын афтӕмӕй лӕггад кӕнӕм.

6. Кӕд Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр цы хъуамӕ ӕмбарӕм?

6 Мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, нӕ хъуыддаг зынгзӕрдӕйӕ кӕй аразӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды. Фӕлӕ йӕ ӕмбарӕм, Сайтаны фыддуне ӕмӕ ныл нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ тынг кӕй ӕндавынц ӕмӕ уый тыххӕй гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ афтӕ рауайа, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын мауал фӕнда (Йер. 17:9; Еф. 2:2). Цӕмӕй ныл ахӕм хабар макуы ӕрцӕуа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм. Уый нӕ бон куыд у аразын?

7. Нӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

7 Бӕлас мидӕгӕй цавӕр у, уый куыд никӕмӕн у йӕ бон фенын, афтӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу фенын, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый. Фӕлӕ, Йесо хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд загъта, бӕлас мидӕгӕй ӕмбыд у ӕви нӕ, уый йӕ дыргътӕй бӕрӕг кӕй вӕййы. Ӕмӕ раст афтӕ адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уый (Матф. 7:17–20). Ӕркӕсӕм иу ахӕм хъуыддагмӕ.

НӔ БОН КУЫД У НӔ ЗӔРДӔМӔ НЫККӔСЫН

8. Матфейы 6:33 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

8 Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд ма бамбарын кодта, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ кӕй ис, уый. Уый загъта: «Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:33). Нӕ царды фыццаг бынаты цы февӕрӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, арф нӕ зӕрдӕйы цӕмӕ бӕллӕм, цы хъуыдытӕ ӕмӕ нӕм цы фӕндтӕ ис, уый. Уӕдӕ нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ ис ӕви нӕ, уый базондзыстӕм, царды нын сӕйрагдӕр цы у, ууыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд.

9. Йесо кӕуыл фембӕлд, уыдонӕн цы загъта ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты?

9 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад», уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕрцыд иу хабар. Ӕмӕ уыцы хабарӕй дӕр рабӕрӕг, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕцӕгдӕр кӕй ис базонӕн, царды фыццаг бынаты цы ӕвӕры, уымӕй. Лука фыссы, Йесо фидарӕй кӕй сфӕнд кодта Иерусалиммӕ ацӕуын, кӕд ӕм уым цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый зыдта, уӕддӕр. Йӕ апостолтимӕ фӕндагыл куы уыд, уӕд фембӕлд цалдӕр адӕймагыл ӕмӕ сын загъта, мӕ фӕдыл рацӕут, зӕгъгӕ. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ разы уыдысты йӕ фӕдыл ацӕуыныл, фӕлӕ уал сӕ фыццаг фӕндыд ӕндӕр хъуыддӕгтӕ саразын. Сӕ иу ын загъта: «Хицау, ауадз мӕ, ӕмӕ уал мӕ фыды баныгӕнон». Иннӕ та афтӕ загъта: «Хицау, ӕз дӕ фӕдыл ацӕудзынӕн, фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъон» (Лук. 9:51, 57–61). Йесо Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын куыд фидарӕй сфӕнд кодта, уый куыд тынг хицӕн кодта, уыцы адӕймӕгтӕ цы ӕнӕбары дзуаппытӕ радтой, уыдонӕй! Уыдон фыццаг бынаты сӕвӕрдтой сӕхи фӕндтӕ ӕмӕ уымӕй равдыстой, сӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕй нӕ уыд.

10. а) Чырыстийы ныхӕстӕм, мӕ фӕдыл рацӕут, зӕгъгӕ, мах цы цӕстӕй ракастыстӕм? ӕ) Йесо цавӕр цӕвиттон ӕрхаста?

10 Уыцы нӕлгоймӕгтӕй уӕлдай, мах Йесойы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ айстам, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ систӕм ӕмӕ ныр Йегъовӕйӕн алы бон дӕр лӕггад кӕнӕм. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйӕн нӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕ зӕрдӕйӕн алкӕддӕр тӕссаг кӕй у. Цымӕ цӕмӕй? Уый нӕ бон у Йесойы ныхӕстӕй базонын. Йӕ фӕдыл рацӕуынмӕ кӕй хуыдта, уыдонӕн загъта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу» (Лук. 9:62). Ацы цӕвиттонӕй зондӕн цы ис райсӕн?

ХОРЗ ЦЫ У, УУЫЛ ФИДАР ХӔЦӔМ?

11. Йесо йӕ цӕвиттоны цы кусӕджы кой кодта, уый йӕ куыст куыд бакодта ӕмӕ цӕмӕн?

11 Йесойы цӕвиттонмӕ-ма лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, зондӕн дзы райсӕн цы ис, уый. Кусӕг быдыры хуым кӕны. Фӕлӕ хуымгӕнгӕйӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты йӕ хӕдзарыл. Хӕдзармӕ куы ацӕуид, уӕд уым фенид йӕ бинонты, йе ’мбӕлтты, бахӕрид адджын хӕринаг, байхъусид музыкӕмӕ, фӕхудид ӕмӕ аууоны абадид. Уыдӕттӕ тынг мысы. Афтӕ тынг сӕ мысы, ӕмӕ иуцасдӕр акуыста, ӕмӕ «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» кӕнын райдыдта. Кӕд хор байтауыны размӕ нырма бирӕ куыст бакӕнын хъӕуы, уӕддӕр кусӕг йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты аздӕхта ӕмӕ йӕ куыст хорз нӕ сарӕзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йӕ хицауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ кусӕг йӕ куыст кӕронмӕ нӕ сарӕзта.

12. Абон чырыстоныл куыд ӕрцӕуы, Йесойы цӕвиттоны кусӕгыл цы хабар ӕрцыд, ахӕм хабар?

12 Ныр та ӕркӕсӕм, абон та ахӕм хабар адӕймагыл куыд ӕрцӕуы, уымӕ. Уыцы кусӕгимӕ абарӕн ис, фыццаг бакастӕй, алцыдӕр куыд ӕмбӕлы, афтӕ чи аразы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ тӕссаг уавӕры кӕмӕн ис, ахӕм чырыстоны. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр ӕмбырдтӕм дӕр цӕуы ӕмӕ уацамынды дӕр вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ мауал хъуыды кӕна, ацы дунейы цы уарзы, уыдӕттыл. Уӕддӕр сӕм йӕ зӕрдӕ ’хсайы. Уыцы ӕфсымӕр уыдӕттӕм афтӕ тынг бӕллы, ӕмӕ цалдӕр азы фӕлӕггад кодта, фӕлӕ стӕй «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» кӕнын райдыдта. Кӕд хъусын кӕныны хъуыддаджы нырма бирӕ куыст ис, уӕддӕр уыцы ӕфсымӕр «царды дзырдыл фидар [нӕ] хӕцы» ӕмӕ Хуыцауӕн раздӕрау зӕрдиагӕй нал лӕггад кӕны (Фил. 2:16). Йегъовӕйӕн, «хуымы Хицауӕн», тынг зын вӕййы, йӕ кусджытӕй исчи кӕронмӕ фидар куы нӕ фӕлӕууы, уӕд (Лук. 10:2).

13. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн цы хъӕуы?

13 Уӕдӕ бӕрӕг у, ацы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн. Ӕмбырдтӕ ма цух кӕнай ӕмӕ уацамындмӕ ӕдзух цӕуай, уый, бӕгуыдӕр, хорз у. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа (2 Аз. 25:1, 2, 27). Кӕд чырыстон йӕ зӕрдӕйы мидӕг «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс кӕны», ома ацы дунейы цардыуаг уарзы, уӕд ын тӕссаг у, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзӕн, уымӕй (Лук. 17:32). Цӕмӕй «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцӕм» (Лук. 9:62; Ром. 12:9). Кӕд нӕм Хӕйрӕджы дунейы цыдӕртӕ пайда кӕнӕ ӕхсызгон кӕсынц, уӕддӕр хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй нӕ мацы бахъыгдара Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн (2 Кор. 11:14; бакӕс Филиппӕгтӕм 3:13, 14).

КЪӔРЦХЪУС У!

14, 15. а) Хӕйрӕг нын нӕ зӕрдӕмӕ куыд хъавы? ӕ) Цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг, Хӕйрӕг цы мадзалӕй пайда кӕны, уый тынг тӕссаг кӕй у?

14 Йегъовӕйӕн нӕ цард цӕмӕн снывонд кодтам? Кӕй йӕ бауарзтам, уый тыххӕй. Ӕмӕ, чи зоны, бирӕ азты дӕргъы нӕ цардӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды. Фӕлӕ нӕ Хӕйрӕг уӕддӕр ӕнцад нӕ уадзы. Абон дӕр нын хъавы нӕ зӕрдӕмӕ (Еф. 6:12). Уый йӕ, бӕгуыдӕр, ӕмбары, Йегъовӕйы ӕвиппайды кӕй нӕ ныууадздзыстӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хинӕй архайы «ацы цардӕвӕрды» уылты, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕты зынг гыццылгай ӕрмынӕг кӕна. (Бакӕс Марчы 4:18, 19, фип.) Ацы хинми йын афтӕ хорз цӕмӕн уайы?

15 Уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн иу цӕвиттон. Зӕгъӕм, 100 ватт чи у, ахӕм цырагъы рухсмӕ кӕсыс чиныг. Фӕлӕ уалынмӕ цырагъ басыгъди. Талынджы куы аззадтӕ, уӕд ма дӕ цы бамбарын хъуыди, хабар цӕй мидӕг ис, уый, ӕмӕ цырагъ баивтай. Уаты та рухс фӕзынд. Иннӕ изӕр дӕр та уыцы цырагъы рухсмӕ чиныг кӕсыс. Фӕлӕ йӕ ды зонгӕ дӕр нӕ бакодтай, афтӕмӕй чидӕр, 100 ватт чи уыд, уыцы цырагъ фӕивта, 95 ватт чи у, ахӕм цырагъӕй. Цырагъ кӕй фӕивтой, уый бамбарис? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Ӕмӕ йӕ, зӕгъӕм, иннӕ бон та чидӕр фӕивта, 90 ватт чи у, ахӕм цырагъӕй? Ӕвӕццӕгӕн ӕй уӕд дӕр зынтӕй бамбарис. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ цырагъы рухс мынӕг кодта гыццылгай. Хӕйрӕджы дуне дӕр нын нӕ зӕрдӕйы зынг сабыргай ӕрмынӕг кӕны. Ахӕм хабар ныл куы ӕрцӕуа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, Хӕйрӕгӕн кӕй бантыст, нӕ зӕрдӕйы цы «100 ватт цырагъ» сыгъд, уый къаддӕрыл баивын, ома афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ мауал лӕггад кӕнӕм. Чырыстон къӕрцхъус куы нӕ уа, уӕд ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн, йӕ уавӕр ӕвзӕрдӕр кӕй кӕны (Матф. 24:42; 1 Пет. 5:8).

ӔНӔМӔНГ ХЪӔУЫ КУВЫН

16. Хӕйрӕгӕй нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм?

16 Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕхи Хӕйрӕгӕй бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм? (2 Кор. 2:11). Мах ӕнӕмӕнг хъӕуы кувын. Павел йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууой». Ӕмӕ сын стӕй загъта: «Алкӕддӕр... кувут Хуыцаумӕ, кувут ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнут алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр» (Еф. 6:11, 18; 1 Пет. 4:7).

17. Йесо куыд куывта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

17 Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойы бафӕзмӕм. Уый зӕрдиагӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уыдаид, ӕмӕ уый бӕрӕг уыд йӕ куывдтытӕй. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв куыд куывта, уый тыххӕй Лука ныффыста: «Хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувын райдыдта» (Лук. 22:44). Йесо-иу уый размӕ дӕр зӕрдиагӕй куыннӕ куывта, фӕлӕ ацы хатт, йӕ зӕххон царды ӕппӕты уӕззаудӕр фӕлварӕны рӕстӕг, куывта «ноджы зӕрдиагдӕрӕй». Ӕмӕ йын Хуыцау дӕр йӕ куывд куыннӕ фехъуыста. Йесойы хабарӕй бӕрӕг у, иуӕй-иу хатт нӕ уӕлдай зӕрдиагӕй кӕй фӕхъӕуы кувын. Уӕдӕ нӕ фӕлварӕнтӕ цас уӕззаудӕр уой ӕмӕ ныл Хӕйрӕг цас тынгдӕр ӕндава, уыйас зӕрдиагдӕрӕй хъуамӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна.

18. а) Куыд кувӕм, уый фӕдыл нӕхимӕ хъуамӕ цавӕр фарстатӕ раттӕм ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Нӕ зӕрдӕйыл нын цы ӕндавы ӕмӕ куыд? (Кӕс рамкӕ  16 фарсыл.)

18 Нӕ зӕрдиаг куывдтытӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты? Павел загъта: «Алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ» (Фил. 4:6, 7). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа, уӕд хъуамӕ кувӕм арӕх ӕмӕ зӕрдиагӕй (Лук. 6:12). Уӕдӕ ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕз та Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй фӕкувын? Арӕх ӕм фӕкувын?» (Матф. 7:7; Ром. 12:12). Ацы фарстатӕн цавӕр дзуаппытӕ ратдзынӕ, уыдоны фӕрцы бамбардзынӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды ӕви нӕ.

19. Цы араздзынӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнай?

19 Куыд базыдтам, афтӕмӕй, царды фыццаг бынаты цы ӕвӕрӕм, уымӕй нӕ зӕрдӕйы тыххӕй бирӕ ис базонӕн. Мах фӕнды архайын, цӕмӕй нӕ мацы бахъыгдара Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн – нӕдӕр, фӕстейӕ цы баззад, уыдӕттӕ, нӕдӕр Хӕйрӕджы хинмитӕ. (Бакӕс Лукайы 21:19, 34–36.) Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр Давидау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм: «Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ» (Пс. 86:11).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 16 фарсыл]

НӔ ЗӔРДӔЙЫЛ ЧИ ӔНДАВЫ, ӔРТӔ АХӔМ ХЪУЫДДАДЖЫ

Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хорз куса, уый тыххӕй йӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Раст афтӕ мах дӕр хъӕуы цыдӕр аразын, цӕмӕй, Библи ахӕсгӕ хуызы кӕй кой кӕны, уыцы зӕрдӕ дӕр нын «ӕнӕниз» уа. Ӕркӕсӕм ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагмӕ.

1 Хӕринаг. Цӕмӕй зӕрдӕ хорз куса, уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ фаг хӕра пайда хӕринӕгтӕ. Раст афтӕ хъуамӕ фаг «хӕрӕм», нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм «хӕринаг», ома ӕппынӕдзух Библи ахуыр кӕнӕм, хъуыды йыл кӕнӕм, стӕй ӕмбырдтӕм дӕр цӕуӕм (Пс. 1:1, 2; Ӕмб. 15:28; Дзут. 10:24, 25).

 2 Фӕлтӕрӕнтӕ. Цӕмӕй зӕрдӕ ӕнӕниз уа, уый тыххӕй нӕ иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы фӕлтӕрӕнтӕ скӕнын ӕмӕ йӕ тынгдӕр скусын кӕнын. Раст афтӕ, Библи цы зӕрдӕйы кой кӕны, уый дӕр нын уыдзӕн «ӕнӕниз», хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд. Зӕгъӕм, нӕ бон у, ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фылдӕр балӕггад кӕнӕм (Лук. 13:24; Фил. 3:12).

3 Цавӕр адӕмы ’хсӕн вӕййӕм. Хуыцауӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй цӕрӕм ӕмӕ кӕй кусӕм, уый арӕх свӕййы зӕрдӕнизы ӕмӕ масты хос. Фӕлӕ уыдӕттӕ нӕ зӕрдӕйыл къаддӕр ӕндавдзысты, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, не ’мчырыстӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг куы ӕрвитӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ уыдоны нӕ хорз фӕнды ӕмӕ махау уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сты Хуыцауимӕ (Пс. 119:63; Ӕмб. 13:20).