Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна

Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна

«Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уый фӕрцы уӕ Хуыцау йӕ тыхӕй хъахъхъӕны, цӕмӕй уӕ фервӕзын кӕна. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, цӕмӕй кӕроны рӕстӕджы раргом уа» (1 ПЕТ. 1:5).

1, 2. а) Йегъовӕ нын кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? ӕ) Йегъовӕ нӕ алкӕй тыххӕй дӕр цы зоны?

«КӔРОНМӔ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн»,– загъта Йесо Чырысти (Матф. 24:13). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у: цӕмӕй Хуыцауы тӕрхоны бон Хӕйрӕджы дунеимӕ ма фесӕфӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи зонд ӕмӕ хъаруйы фӕрцы фӕлӕууӕм фидар. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Кор. 10:13). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

2 Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ма бауадза, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауыдзӕн, ахӕм фӕлварӕны бахауын, уый тыххӕй хъуамӕ мах тыххӕй алцыдӕр зона – цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, цавӕр удыхъӕды хицау стӕм ӕмӕ нӕ бон бафӕразын цас у, уый. Цымӕ нӕ Йегъовӕ ӕцӕгӕйдӕр афтӕ хорз зоны? Бӕгуыдӕр. Библи нын дзуры, Йегъовӕ махӕй алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр кӕй зоны. Зоны, алы бон цы хъуыддӕгтӕ фӕкӕнӕм, цы фӕаразӕм, уый. Суанг ма, арф нӕ хъуыдыты ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр зоны. (Бакӕс Псалом 139:1–6.)

3, 4. а) Йегъовӕ Давидмӕ йӕ хъус кӕй дардта, уымӕй куыд зыны, махӕй алкӕмӕ дӕр йӕ хъус кӕй дары, уый? ӕ) Йегъовӕ нӕм абон йӕ хъус кӕй дары, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

3 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хуымӕтӕг зӕххон адӕймагмӕ йӕ хъус кӕй дары, уый диссаг нӕу? Ууыл хъуыды кодта псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр. Давид Йегъовӕйӕн загъта: «Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты фыдӕбонмӕ, де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм, уӕд цы у зӕххон адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай?» (Пс. 8:3, 4). Ӕвӕццӕгӕн, Давидмӕ ахӕм фарста фӕзынд, Йегъовӕ йын йӕхимӕ дӕр йӕ хъус кӕй ӕрдардта, уый тыххӕй. Давид уыди Йессейы кӕстӕр фырт, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ банымадта, «йӕ зӕрдӕйӕн адджын чи уыд, ахӕм адӕймагыл» ӕмӕ йӕ ракодта, «фысты фӕдыл кӕм цыд, уырдыгӕй, цӕмӕй... Израилӕн разамонӕг суыдаид» (1 Сам. 13:14; 2 Сам. 7:8). Ӕгас Дун-дуне дӕр чи сфӕлдыста, уый зыдта, Давидӕн, хуымӕтӕг фыййау лӕппуйӕн, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, цӕуыл хъуыды кодта, уыдӕттӕ. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, Давид уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ зӕрдӕ куыд кодтаид!

4 Йегъовӕ абон махмӕ дӕр йӕ хъус куыд дары, уый дӕр диссаг у. Хуыцау ӕмбырд кӕны «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ», цӕмӕй йын лӕггад кӕной (Аг. 2:7). Стӕй ма йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уой. Ӕмӕ сын цымӕ куыд ӕххуыс кӕны? Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны размӕ уал аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ адӕмы рӕстдзинады фӕндагмӕ куыд ӕрбакӕны, ууыл.

ХУЫЦАУ НӔ ӔРБАКОДТА

5. Йегъовӕ адӕмы йӕ Фыртмӕ куыд ӕрбакӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Йесо Чырысти загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс. Цымӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмы йӕ Фыртмӕ куыд ӕрбакӕны? Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Зӕгъӕм, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Филиппты куы хъусын кодтой, уӕд фембӕлдысты иу сылгоймагыл, Лидийӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой. Дарддӕр цы уыд, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕ [йын] йӕ зӕрдӕ байгом кодта ӕмӕ, Павел цы дзырдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф айста». Хуыцау ын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кодта, цӕмӕй, цы хабар ын хъусын кодтой, уый бамбӕрстаид ӕмӕ йыл баууӕндыдаид. Ӕмӕ Лидийӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ донаргъуыд райстой (Хъуыд. 16:13–15).

6. Хуыцау махӕй алкӕйдӕр рӕстдзинады фӕндагмӕ куыд ӕрбакодта?

6 Цымӕ ахӕм хабар ӕрмӕстдӕр Лидийӕйыл ӕрцыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Кӕд дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай, уӕд дӕу дӕр рӕстдзинады фӕндагмӕ Хуыцау ӕрбакодта. Нӕ уӕларвон Фыд Лидийӕйы зӕрдӕйы куыд федта хорз цыдӕр, афтӕ дӕ зӕрдӕйы дӕр хорзӕй цыдӕр федта. Хорз хабармӕ хъусын куы райдыдтай, уӕд дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы хабар бамбӕрстаис ӕмӕ йыл баууӕндыдаис (1 Кор. 2:11, 12). Библийӕ-иу цы базыдтай, уымӕй дӕ царды пайда кӕныныл куы архайдтай, уӕд дын Йегъовӕ дӕ фыдӕбонӕн арфӕ кодта. Дӕхи йын куы снывонд кодтай, уӕд йӕ зӕрдӕ фырцинӕй ныррухс. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, царды фӕндагыл фыццаг къахдзӕфтӕ куы скодтай, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ демӕ ис.

7. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм?

7 Йегъовӕ нын йӕ фӕндагыл слӕууынӕн куы баххуыс кодта, уӕд афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, ныр дӕ хъару ӕмӕ дӕхӕдӕг, амӕй фӕстӕмӕ дӕхӕдӕг архай, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайай. Хуыцау ӕй зоны, рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн нӕ куыд хъуыди ӕххуыс, афтӕ нӕ уыцы фӕндагыл дарддӕр цӕуынӕн дӕр ӕххуыс кӕй хъӕуы. Апостол Петр сӕрст чырыстӕттӕм фыста: «Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уый фӕрцы уӕ Хуыцау йӕ тыхӕй хъахъхъӕны, цӕмӕй уӕ фервӕзын кӕна. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, цӕмӕй кӕроны рӕстӕджы раргом уа» (1 Пет. 1:5). Фӕлӕ Петры ныхӕстӕ хауынц чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ абон куыд хъахъхъӕны? Ацы фарстайӕн дзуапп базонын ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм.

ХУЫЦАУӔН ЙӔ БОН У, ӔМӔ НӔ РӔДЫД КЪАХДЗӔФӔЙ БАХИЗА

8. Рӕдыд къахдзӕф саразынӕй нын тӕссаг цӕмӕн вӕййы?

8 Зындзинӕдты тыххӕй ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ хабӕрттӕм Йегъовӕйы цӕстӕй мауал кӕсӕм. Ӕмӕ уӕд тӕссаг уыдзӕн, ӕмбаргӕ дӕр ӕй ма бакӕнӕм, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм, уымӕй. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:1.) Ахӕм хабар иухатт ӕрцыд Давидыл.

9, 10. Йегъовӕ Давиды стыр рӕдыдӕй куыд бахызта? Абон махӕн та куыд ӕххуыс кӕны?

9 Паддзах Саул Давиды фӕдыл куы зылд, уӕд Давид тынг хиуылхӕцгӕ разынд. Фадат ын куы фӕци, уӕддӕр Саулӕй йӕ маст нӕ райста (1 Сам. 24:2–7). Фӕлӕ йыл фӕстӕдӕр иу хабар ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бон нӕ баци йӕхи бауромын. Давиды ӕмӕ йӕ адӕмы хъуыди хӕринаг ӕмӕ дон, ӕмӕ иу израилагӕй, Навалӕй, ӕххуыс ракуырдта. Навалы нӕ бафӕндыд Давидӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ ма йӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакодта. Уый тыххӕй Давид афтӕ смӕсты, ӕмӕ сфӕнд кодта Навалӕй ӕмӕ, йӕ хӕдзары нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уыд, уыдонӕй йӕ маст райсын. Ууыл та нӕ ахъуыды кодта, афтӕмӕй ӕнаххос адӕмы туг кӕй ныккалдтаид ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд кӕй сарӕзтаид. Фӕлӕ йӕ Навалы ус Авигейӕ ахӕм стыр рӕдыд саразын нӕ бауагъта. Давид бамбӕрста, Авигейӕйы уылты Йегъовӕ кӕй архайдта, ӕмӕ Авигейӕйӕн загъта: «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн, абон дӕу мӕ размӕ чи рарвыста! Де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд. Арфӕгонд у, абон мӕ туг ныккалын ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсын кӕй нӕ бауагътай, уый тыххӕй» (1 Сам. 25:9–13, 21, 22, 32, 33).

10 Ацы хабарӕй цы ис базонӕн? Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ стыр рӕдыдӕй бахиза. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ уый ӕнхъӕл ма уӕм, ӕмӕ-иу нын рӕдыд къахдзӕф саразынӕй тӕссаг куы уа, уӕд-иу Йегъовӕ алы хатт дӕр искӕй кӕй рарвитдзӕн, цӕмӕй нӕ баурома. Стӕй мах бӕлвырдӕй никуы фӕзонӕм, цавӕрдӕр уавӕры Хуыцау куыд архайдзӕн кӕнӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цавӕр хабӕрттӕ бауадздзӕн ӕрцӕуын, уый (Еккл. 11:5). Фӕлӕ хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын нӕ уавӕртӕ алкӕддӕр кӕй фӕуыны ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (Пс. 32:8). Йегъовӕ нын уынаффӕ куыд фӕдӕтты? Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын йӕ уынаффӕ пайда ӕрхӕсса? Стӕй цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, абон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты? Ӕркӕсӕм, ацы фарстатӕн Раргомады чиныджы цавӕр дзуапп ис, уымӕ.

ХУЫЦАУ НӔ ХЪАХЪХЪӔНЫ ЙӔ УЫНАФФӔЙЫ ФӔРЦЫ

11. Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕмбырдты тыххӕй цы зоны, уый фӕдыл цы ис зӕгъӕн?

11 Раргомады 2 ӕмӕ 3 сӕрты цы цӕстылуайӕны кой ис, уым дзырд цӕуы, Паддзах Йесо Чырысти кӕй кӕсы, Къаннӕг Азийы авд ӕмбырды цы цӕуы, уымӕ. Уыцы ӕмбырдты иумӕйагӕй цы цӕуы, Чырысти ӕрмӕст уый нӕ уыны. Ацы цӕстылуайӕны Йесо дзуры, алы ӕмбырды дӕр бӕлвырдӕй цы хъуыддӕгтӕ цыди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ ма бӕлвырд кӕйдӕрты кой дӕр кӕны. Стӕй ма уыцы ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕ дӕр бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй ӕппӕлы кӕнӕ йын дӕтты бӕлвырд уынаффӕ. Ацы цӕстылуайӕн махӕн цӕуыл дзурӕг у? Уыцы авд ӕмбырды ӕвдисынц сӕрст чырыстӕтты 1914 азы фӕстӕ. Фӕлӕ кӕд Чырыстийы уынаффӕтӕ сӕйраджыдӕр сӕрст чырыстӕттӕм хауынц, уӕддӕр абон Хуыцауы адӕмы ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕн дӕр сты пайда. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон дӕр йӕ Фырты уылты разамынд дӕтты. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын уыцы разамынд пайда ӕрхӕсса?

12. Йегъовӕйӕн фадат куыд фӕдӕттӕм, цӕмӕй нын фӕндаг амона?

12 Цӕмӕй нын Йегъовӕ разамынд дӕтта, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр Библи ахуыр кӕнӕм. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы нын Йегъовӕ дӕтты тынг бирӕ уынаффӕтӕ (Матф. 24:45). Фӕлӕ нын цӕмӕй уыцы уынаффӕтӕ пайда ӕрхӕссой, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй сыл ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу стӕй, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Библи нӕхӕдӕг куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн фадат фӕдӕттӕм, цӕмӕй нӕ «фӕкӕлынӕй бахиза» (Иуд. 24). Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ нӕ литературӕйы цыдӕр бакастӕ ӕмӕ загътай, ай мӕн тыххӕй фыст куы у, зӕгъгӕ? Уӕд ӕй зон, уый дын Йегъовӕ кӕй амоны зонд. Адӕймагӕн йе ’мбал йе уӕхск куыд ӕрхойы, цӕмӕй йын йе ’ргом цӕмӕдӕр раздаха, афтӕ нын Йегъовӕ дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы не ’ргом раздахы, нӕ уагахасты кӕнӕ нӕ нӕ удыхъӕды фӕивын цы хъӕуы, уымӕ. Ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы байхъусӕм, уӕд Йегъовӕйӕн фадат раттӕм, цӕмӕй нын фӕндаг амона. (Бакӕс Псалом 139:23, 24.) Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Библи цас ӕмӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм, ууыл.

13. Библи цас ӕмӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм, ууыл нӕ ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

13 Ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм, уӕд нын Библи ахуыр кӕнынӕн фаг рӕстӕг нал уыдзӕн. Иу ӕфсымӕр загъта, тынг ӕнцонтӕй кӕй рауайы афтӕ. Цӕмӕн? Уыцы ӕфсымӕр зӕгъы: «Ирхӕфсӕнтӕ абон куыд бирӕ ӕмӕ куыд аслам сты, афтӕ никуы уыд. Телевизорӕй зӕгъай, компьютерӕй, телефонӕй – алы ран дӕр сӕ ис ссарӕн». Ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд ирхӕфсӕнтыл фылдӕрӕй-фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын райдайдзыстӕм ӕмӕ нын Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнынӕн къаддӕрӕй-къаддӕр рӕстӕг зайдзӕн, ӕппынфӕстаг та нын уымӕн рӕстӕг ӕппындӕр нал уыдзӕн (Еф. 5:15–17). Уӕдӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Хуыцауы Ныхас арфдӕр иртасынӕн рӕстӕг арӕх рахицӕн кӕнын? Ӕви мын раныхас куы вӕййы кӕнӕ мын ӕмбырды исты хӕслӕвӕрд куы бахӕс кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уӕд?» Кӕд афтӕ у, уӕд нӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕуы бацархайын, цӕмӕй Библи бинонтимӕ кӕнӕ иунӕгӕй арфдӕр ӕмӕ лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зонд зынаргъ хӕзнайау агурӕм. Уыцы зонды фӕрцы нӕ Хуыцау хъахъхъӕны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм (Ӕмб. 2:1–5).

ХУЫЦАУ НЫН НӔ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУЫ

14. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ кӕй уыны, уый Библийӕ куыд у бӕрӕг?

14 Давид бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, царды бирӕ маст федта (1 Сам. 30:3–6). Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ кӕй уыдта. (Бакӕс Псалом 34:18; 56:8.) Ӕмӕ, мах цы фенкъарӕм, уый дӕр зоны. «Зӕрдӕсаст» ӕмӕ «ныфссаст» куы вӕййӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ хӕстӕгдӕр ӕрбалӕууы. Ӕрмӕст уый дӕр нын ныфсы хос куыннӕ у. Давиды дӕр уый ныфс уагъта ӕмӕ зарыд: «Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл, уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар» (Пс. 31:7). Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ мӕстытӕ ӕрмӕст уынгӕ нӕ кӕны. Уый нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауы, ратты нын удӕнцой ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Йегъовӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы, зӕгъӕм, чырыстон ӕмбырдты фӕрцы.

15. Асафы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

15 Ӕмбырдтӕм цӕуын цӕмӕн хъӕуы, уый хорз ӕвдисы псаломзарӕггӕнӕг Асафы хабар. Асаф хъуыдытӕ кодта, зӕгъгӕ, афтӕ цӕмӕн у, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сӕхицӕн дзӕбӕх цӕрынц, рӕстгӕнджытӕ та ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ма афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзӕгъӕлы лӕггад кӕны. Асафӕн йӕ ныфс асаст. Ӕмӕ цы ӕнкъардта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй дзаг, мӕ хуылф дудгӕ рыст кодта». Гыццыл ма, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппындӕр нал лӕггад кодтаид. Цы йын баххуыс кодта йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн? «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ... бацыдтӕн»,– загъта Асаф. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн кӕй уыд, уый фӕрцы та хабӕрттӕм раст цӕстӕй кӕсын райдыдта. Бамбӕрста йӕ, фыдгӕнджыты хорз цард рӕстӕгмӕ кӕй у ӕмӕ Йегъовӕ йӕ афоныл алцыдӕр кӕй сраст кӕндзӕн (Пс. 73:2, 13–22). Чи зоны, махӕн дӕр иуӕй-иу хатт Асафау нӕ ныфс асӕтты, Хӕйрӕджы дунейы цы хӕрам хъуыддӕгтӕ уынӕм, уыдоны тыххӕй. Фӕлӕ ӕмбырды нӕ хотимӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы фембӕлӕм, уӕд та нӕм хъарутӕ фӕзыны ӕмӕ нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕн дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.

16. Аннӕйы хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, цӕйдӕр тыххӕй дӕ зӕрдӕ ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ комы, уӕд та? Чи зоны дӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ныууадзын бахъуыди ӕмӕ ныр куыддӕр ӕфсӕрмы кӕныс. Йе та, чи зоны, кӕцыдӕр ӕфсымӕр кӕнӕ хоимӕ кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстат. Кӕд ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дын Аннӕйы хабар баххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Самуилы 1:4–8.) Аннӕйӕн-иу йӕ лӕджы иннӕ ус Феннанӕ тынг смаст кодта. Уавӕр-иу ноджы фӕфыддӕр, алы аз дӕр-иу сӕ бинонтимӕ Силоммӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ куы ацыдысты, уӕд. Аннӕ афтӕ маст кодта, ӕмӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта». Фӕлӕ уӕддӕр цыди, йӕ бон Хуыцауӕн кувын кӕм уыд, уыцы бынатмӕ, афтӕ нӕ загъта, ӕз уырдӕм нал ацӕудзынӕн, зӕгъгӕ. Йегъовӕ йын йӕ иузӕрдиондзинадӕн тынг аргъ кодта ӕмӕ йын раарфӕ кодта (1 Сам. 1:11, 20).

17, 18. а) Ӕмбырдты нӕ ныфсыл ныфс цӕй фӕрцы бафты? ӕ) Йегъовӕ дӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй рӕвдауы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?

17 Абон чырыстӕттӕн Аннӕ у фӕзминаг. Хъуамӕ ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуӕм. Алчидӕр нӕ йӕхицӕй куыннӕ зоны, ӕмбырды нӕ ныфсыл ныфс кӕй бафты (Дзут. 10:24, 25). Уым нӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ сӕ уарзтӕй батавынц, ӕмӕ нын уый вӕййы удӕнцойы хос. Нӕ зӕрдӕмӕ нын рухс бауадзы раныхасы исты хъуыды кӕнӕ искӕй дзуапп. Ӕмбырды размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хотӕй искӕимӕ куы аныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕм лӕмбынӕг куы байхъусы кӕнӕ нын ныфсытӕ куы бавӕры, уӕд нын фенцондӕр вӕййы (Ӕмб. 15:23; 17:17). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн зарджытӕ куы фӕзарӕм, уӕд та нӕ зӕрдӕйыл базыртӕ базайы ӕмӕ та нӕм цӕрын ӕрцӕуы. Ӕмбырдтӕ нын цы удӕнцой ӕмӕ ныфс хӕссынц, уый нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, «тыхст хъуыдытӕ» нын ӕнцой куы нал фӕдӕттынц, уӕд. Ӕмбырды фехъусӕм Йегъовӕйы «зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ», ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар лӕууын ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын (Пс. 94:18, 19).

18 Псаломзарӕггӕнӕг Асаф Йегъовӕйӕн зарыд: «Ды мын хӕцыс мӕ рахиз къухыл. Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы». Ӕмӕ Асафау мах дӕр нӕхиуыл ӕнкъарӕм нӕ Хуыцауы фӕлмӕн рӕвдыд ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсӕм (Пс. 73:23, 24). О, Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн. Уый тыххӕй дзы куыд бузныг стӕм!

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Дӕу дӕр Йегъовӕ ӕрбакодта

[Ныв 30 фарсыл]

Хуыцауы уынаффӕтӕм кӕй хъусӕм, уый нӕ хъахъхъӕны

[Ныв 31 фарсыл]

Нӕ ныфсыл ныфс кӕй бафты, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар лӕууын