Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Биографи

Ӕвдай азы дӕргъы хӕцын «дзуттаг лӕджы фӕдджийыл»

Ӕвдай азы дӕргъы хӕцын «дзуттаг лӕджы фӕдджийыл»

Радзырдта йӕ Ленард Смит

Ӕртындӕс азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд мӕ Библийӕ дыууӕ скъуыддзаджы хъуыдытыл бафтыдтой. Кӕд уымӕй 70 азӕй фылдӕр рацыд, уӕддӕр ӕй ныр дӕр ма хорз хъуыды кӕнын, Захари 8:23 цы нысан кӕны, уый мӕм куыд бахъардта. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, «дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“».

УЫЦЫ стихы «дзуттаг лӕг» амоны сӕрст чырыстӕттӕм, «дӕс адӕймаджы» та амонынц «ӕндӕр фыстӕм», кӕнӕ «Ионадавтӕм» – уӕд сӕ афтӕ хуыдтой * (Иоан. 10:16). Уыдӕттӕ куы бамбӕрстон, уӕд мӕм бахъардта: кӕд мӕ фӕнды зӕххыл ӕнустӕм цӕрын, уӕд хъуамӕ сӕрст чырыстӕтты къордӕн иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнон.

Ноджыдӕр ма мӕ зӕрдӕйы арф ахызт Йесойы фӕсномыг ныхас «фысты» ӕмӕ «сӕгъты» тыххӕй, фыст ис Матфейы 25:31–46 стихты. «Фыстӕ» сты, кӕроны рӕстӕг рӕстгӕнджытыл нымад чи ’рцӕудзӕн, уыцы адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон хорздзинад аразынц, Чырыстийы ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн. Ӕз дӕр, «Ионадавтӕй» сӕ иу, мӕхицӕн загътон: «Лен, кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ Чырысти „фысыл“ банымайа, уӕд ын хъуамӕ йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнай ӕмӕ сӕ разамындмӕ хъусай, уымӕн ӕмӕ Хуыцау семӕ ис». Уӕд цы хатдзӕгмӕ ӕрцыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ ныр 70 азӕй фылдӕр цӕрын.

«ЦЫМӔ МӔ БЫНАТ КӔМ ИС?»

Мӕ мад донаргъуыд райста 1925 азы. Донаргъуыд цы залы райста, уый хуыдтой Лондоны цатыр, уыди Вефилы цур, ӕмӕ дзы фембӕлдтӕ уагътой бынӕттон ӕмбырдтӕ. Ӕз райгуырдтӕн 1926 азы 15 октябры. 1940 азы мартъийы Дувры (Английы былгӕрон) уыди конгресс, ӕмӕ уым донаргъуыд райстон. Библийы цы рӕстдзинад ис, уый сабыргай тынг бауарзтон. Мӕ мад уыди сӕрст чырыстон, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, фыццаг цы «дзуттаджы фӕдджийыл» ныххӕцыдтӕн, уый уыд мӕ мад. Уыцы рӕстӕг мӕ фыд ӕмӕ мӕ хистӕр хо Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой. Мах цыдыстӕм Джиллингемы ӕмбырдмӕ (хуссар-скӕсӕн Английы). Уыцы ӕмбырды сӕ фылдӕр уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Мӕ мад уыд фӕзминаг, куыд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, уымӕй.

1941 азы сентябры горӕт Лестеры цы конгресс уыд, уым иу раныхасы, «Иузӕрдиондзинад», зӕгъгӕ, дзырд цыди, Дун-дунейы хицау чи хъуамӕ уа, ууыл. Уыцы раныхасы фӕрцы фыццаг хатт бамбӕрстон, Сайтан Йегъовӕйы хицаудзинад кӕй сдзырддаг кодта, уый махмӕ не ’ппӕтмӕ дӕр кӕй хауы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйы фарс слӕууӕм ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцауыл иузӕрдион уӕм.

Уыцы конгрессы бирӕ дзырдтой пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй ӕмӕ ӕрыгӕтты разӕнгард кодтой, цӕмӕй сӕ разы сӕвӕрой пионерӕй лӕггад кӕныны нысан. Иу раныхас дзы хуынди «Пионерты бынат нӕ организацийы». Уыцы раныхасы фӕстӕ ахъуыды кодтон: «Мӕнӕн та цымӕ мӕ бынат кӕм ис?» Уыцы конгрессы фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон: «Ионадавы» къордмӕ кӕй хауын, уымӕ гӕсгӕ мӕ хӕс у, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕн ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕнон хъусын кӕныны хъуыддаджы. Ӕмӕ уыцы конгрессы пионерӕй лӕггад кӕныны курдиат балӕвӕрдтон.

ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН ХӔСТЫ РӔСТӔДЖЫ

1941 азы 1 декабры мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй. Уӕд мыл цыди 15 азы. Фыццаг мӕ кӕимӕ снысан кодтой, уый мӕ мад уыди. Фӕлӕ иу азы бӕрц куы рацыд, уӕд йе ’нӕниздзинады тыххӕй йӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын нал уыд. Ӕмӕ мын уӕд Лондоны филиал снысан кодта ӕндӕр ӕмбалы – Рон Паркины. Уый ныр лӕггад кӕны Пуэрто-Рикойы, Филиалы комитеты.

Лӕггад кӕнынмӕ нӕ арвыстой, Кенты цы былгӕрон горӕттӕ уыд, уырдӕм – Бродстэрс ӕмӕ Рамсгитмӕ. Уым иу уат баххуырстам. Сӕрмагонд пионертӕ уӕд истой мӕй 40 шиллингы (уӕды ӕхцатӕй 8 америкаг доллӕры бӕрц). Ӕмӕ-иу нӕ уатӕн куы бафыстам, уӕд-иу нӕм гыццыл йеддӕмӕ нал баззад, ӕмӕ-иу арӕх зонгӕ дӕр нӕ кодтам, иннӕ бон цы хӕрдзыстӕм, уый. Фӕлӕ афтӕ никуы уыд, ӕмӕ ныл Йегъовӕ ма батыхстаид.

Уӕды рӕстӕг велосипедтыл бирӕ цыдыстӕм, ӕмӕ-иу уый арӕх ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ немӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыди ласын, ӕмӕ ма-иу нӕ цӕуын хъуыди, Цӕгат денджызӕй цы тыхджын дымгӕтӕ дымдта, уыдоны ныхмӕ дӕр. Тӕссаг ма-иу нын уыди, хӕдтӕхджытӕй-иу бомбӕтӕ куы ’ппӕрстой, уӕд, стӕй-иу немыцӕгтӕ Лондонмӕ цы бомбӕтӕ суагътой (V-1), уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ-иу Кенты сӕрмӕ тынг ныллӕг атахтысты. Иухатт ма мӕ бахъуыд мӕ велосипедӕй рагӕпп кӕнын ӕмӕ дзыхъхъы амбӕхсын дӕр – мӕ тӕккӕ сӕрмӕ бомбӕ атахти ӕмӕ гыццыл дарддӕр быдыры схӕцыд. Фӕлӕ уӕддӕр Кенты цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтам.

РАЙДЫДТОН ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНЫН

Мӕ мад-иу Вефилы кой арӕх кодта, тынг аргъ кодта, цы куыст дзы кӕнынц, уымӕн. Вефилы лӕггад кодтаин, уымӕй тынгдӕр ӕй ницы фӕндыд. Ӕмӕ мӕ 1946 азы январы Лондоны Вефилмӕ ӕртӕ къуыримӕ куы фӕхуыдтой, уӕд мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Уыцы ӕртӕ къуырийы куы фесты, уӕд мын филиалы цӕстдарӕг Прайс Хьюз загъта, зӕгъгӕ дӕ кӕд фӕнды, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ дарддӕр дӕр Вефилы лӕггад кӕнай. Уым цӕуыл сахуыр дӕн, уый мӕ цардыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕзынд.

Уыцы рӕстӕг Лондоны Вефилы лӕггад кодта 30 адӕймаджы бӕрц. Сӕ фылдӕр уыдысты ӕнӕус ӕрыгон ӕфсымӕртӕ. Стӕй ма дзы уыд цалдӕр сӕрст ӕфсымӕры дӕр, зӕгъӕм, Прайс Хьюз, Эдгар Клэй ӕмӕ Джек Барр (фӕстӕдӕр сси Разамонӕг советы уӕнг). Уыдоны схонӕн уыд «цӕджындзтӕ». Куыд стыр кад мӕм ӕрхауд: афтӕ ӕрыгонӕй ӕххуыс кодтон Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ мын зонд амыдтой, разамынд мын лӕвӕрдтой! (Гал. 2:9).

Иу бон мын ӕфсымӕртӕй иу афтӕ, дуары раз, дам, дӕм иу хо ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый разынд мӕ мад, йӕ дӕларм та уыд цавӕрдӕр тыхтон. Мидӕмӕ цӕуын нӕ бакуымдта, зӕгъгӕ, дам, дын дӕ куыст ма бакъуылымпы кӕнон. Цы тыхтон ӕм уыд, уый мӕм радта ӕмӕ ацыд. Уыцы тыхтоны уыд хъарм пъалто. Мӕ мад мыл куыд батыхст, уый мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Аннӕ-иу йӕ гыццыл лӕппу Самуилӕн кувӕндонмӕ ӕнӕдыс къаба куыд ӕрбахаста, уый (1 Сам. 2:18, 19).

ГАЛААДЫ СКЪОЛА – ДИССАДЖЫ РӔСТӔГ

1947 азы нӕ Вефилӕй фондзӕй фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ, Иугонд Штаттӕм. Ӕмӕ иннӕ аз бахаудтам 11-ӕм къласмӕ. Уыцы скъола цыди Нью-Йорчы цӕгат хайы, ӕмӕ уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд дзы уыди тынг уазал. Ӕмӕ загътон, зӕгъын, цы хорз у, мӕ мад мын уӕд уыцы хъарм пъалто кӕй ӕрбахаста.

Галаады скъолайы цы ӕхсӕз мӕйы ахуыр кодтон, уыдон абон дӕр нӕ рох кӕнын. Кӕимӕ ахуыр кодтон, уыцы ӕфсымӕртӕ уыдысты 16 бӕстӕйӕ, ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтон, бирӕ цӕмӕдӕрты ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Уыцы ахуырады фӕрцы Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй. Мемӕ чи ахуыр кодта, уыдонӕй иу, Ллойд Бэрри, стӕй ма нӕ ахуыргӕнджытӕй дӕр иу, Альберт Шрёдер, ӕмӕ Паддзахады фермӕйы (Галаады скъола кӕм уыд, уый) цӕстдарӕг Джон Бут фӕстӕдӕр систы Разамонӕг советы уӕнгтӕ. Уыцы ӕфсымӕртӕй тынг бузныг дӕн сӕ фӕлмӕн уынаффӕты тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл афтӕ иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙОНОН ЦӔСТДАРӔГӔЙ, СТӔЙ НОГӔЙ ВЕФИЛЫ

Галаады скъола куы фӕдӕн, уӕд мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй штат Огайомӕ (АИШ). Кӕд мыл 21 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр ӕфсымӕртӕ мӕ ныхасӕн аргъ кодтой ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕйы зынг нӕ хуыссын кодтой. Уыцы районы лӕггадгӕнгӕйӕ фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та мӕ ногӕй фӕхуыдтой Бруклины Вефилмӕ дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ. Уыцы рӕстӕг базонгӕ дӕн, «цӕджындзтӕ» кӕй ис схонӕн, ахӕм ӕфсымӕртимӕ: Милтон Хеншель, Карл Клейн, Нейтан Норр, Томас (Бад) Салливан ӕмӕ Лайман Суингл. Уыдон се ’ппӕт дӕр кӕцыдӕр азты уыдысты Разамонӕг советы уӕнгтӕ. Куыд куыстой ӕмӕ цавӕр чырыстӕттӕ уыдысты, уый уынгӕйӕ мӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райстон. Йегъовӕйы организацийыл цы ӕууӕндыдтӕн, уымӕй йыл, зӕгъӕн ис, сӕдӕ хатты фылдӕр райдыдтон ӕууӕндын. Уый фӕстӕ мӕ ногӕй Европӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ арвыстой.

1950 азы февралы мӕ мад фӕзиан. Зианы фӕстӕ мӕ фыдимӕ ӕмӕ мӕ хо Дорӕимӕ ӕргом аныхас кодтон. Бафарстон сӕ, зӕгъын, ныр нӕ мад нал ис, ӕз дӕр ам нал цӕрын, ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй цы хъуыды кӕнут, дарддӕр цы фӕнд кӕнут. Уыдон зыдтой иу ацӕргӕ сӕрст ӕфсымӕр Харри Браунингы ӕмӕ йын тынг аргъ кодтой. Ӕмӕ сразы сты, цӕмӕй-иу семӕ Библийыл ныхас кодтаид ӕмӕ афтӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой. Иу азмӕ мӕ фыд ӕмӕ мӕ хо донаргъуыд райстой. Мӕ фыды фӕстӕдӕр снысан кодтой Джиллингемы ӕмбырды лӕггадгӕнӕгӕй. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ Дорӕ смой кодта ӕнувыд хистӕр нӕлгоймагмӕ, Рой Мортонмӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг (амард 2010 азы).

ӔХХУЫС КӔНЫН ФРАНЦИЙЫ

Скъоладзау куы уыдтӕн, уӕд ахуыр кодтон французаг, немыцаг ӕмӕ латинаг ӕвзӕгтӕ, ӕмӕ мын уыцы ӕртӕ ӕвзагӕй французаг ӕвзаг ӕппӕты зындӕр уыд ахуыр кӕнын. Ӕмӕ мын куы загътой, Францийы Вефилы (Парижы) хъӕуы ӕххуыс ӕмӕ куы ацӕуис, зӕгъгӕ, уӕд куыддӕр стыхстӕн. Уым лӕггад кодтон филиалы цӕстдарӕгимӕ, ацӕргӕ сӕрст чырыстон Анри Жежаимӕ. Уый уыд стыр кад! Цы куыст дзы кодтон, уый алкӕд ӕнцон нӕ уыд, ӕмӕ-иу рӕдийгӕ дӕр куыннӕ кодтон. Фӕлӕ уӕд хуыздӕр бамбӕрстон, адӕмимӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый.

Хӕсты фӕстӕ фыццаг ӕхсӕнадӕмон конгресс Парижы хъуамӕ уыдаид 1951 азы, ӕмӕ йӕ бацӕттӕ кӕныныл ӕз дӕр архайдтон. Ӕххуыс ма мын кодта Леополь Жонтес, ӕрыгон цӕуӕг цӕстдарӕг. Уый тыххӕй уый дӕр ӕрцыд Вефилмӕ. Фӕстӕдӕр Леополы снысан кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй. Конгресс ацыд, Эйфелы мӕсыгмӕ ӕввахс цы Спорты галуан уыд, уым. Уыди дзы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ 28 бӕстӕйӕ. Фӕстаг бон конгрессы уыд 10 456 адӕймаджы, ӕмӕ 6 000 французаг Ӕвдисӕны цинӕн кӕрон дӕр нал уыд.

Францимӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мӕ французаг ӕвзаг хуыздӕрхъуаг уыд. Бӕллӕх ма уый мидӕг уыд, ӕмӕ-иу фидарӕй куы нӕ зыдтон, французагау мӕ хъуыды раст кӕй зӕгъдзынӕн, уӕд-иу мӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Фӕлӕ уый раст нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ, куы нӕ рӕдийай, уӕд дӕ ничи бараст кӕндзӕн ӕмӕ дын афтӕмӕй ӕнтысгӕ дӕр ницы кӕндзӕн.

Ӕвзаг сахуыр кӕныны тыххӕй бацыдтӕн, французаг ӕвзаг фӕсарӕйнӕгтӕн кӕм амыдтой, ахӕм курсытӕм. Ахуыр-иу кодтон изӕрыгӕтты, ӕмбырд-иу мын куы нӕ уыд, уыцы бонты. Сабыргай французаг ӕвзаг уарзын райдыдтон, ӕмӕ, азтӕ куыд цыдысты, афтӕ йӕ фылдӕр бауарзтон. Уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ мӕ бон баци Францийы филиалы тӕлмац кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын. Фӕстӕдӕр мӕхӕдӕг дӕр тӕлмацгӕнӕг сдӕн, тӕлмац кодтон англисагӕй французаг ӕвзагмӕ. Уыцы куысты архайын уыд стыр кад, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кодтон, цӕмӕй, ӕгас дунейы дӕр французаг ӕвзагыл цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дзурынц, уыдонмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» дзаджджын «хӕринаг» хӕццӕ кӕна (Матф. 24:45–47).

БИНОНТЫ ХЪУЫДДАГ ӔМӔ ӔНДӔР КАДДЖЫН ХӔСТӔ

1956 азы ракуырдтон Эстеры, швейцариаг хойы. Уый лӕггад кодта пионерӕй. Зонгӕ та уыдыстӕм цалдӕр азы. Нӕ чындзӕхсӕв уыд, Лондоны Вефилы цур цы Паддзахады зал уыд, уым (раздӕр Лондоны цатыр кӕй хуыдтой, уыцы зал, кӕддӕр мӕ мад донаргъуыд уым райста). Чындзӕхсӕвы раныхас уыд ӕфсымӕр Хьюзӕн. Эстеры мад дӕр уым уыд, уый дӕр уыд сӕрст чырыстон. Бинонтӕ кӕй ӕркодтон, уый фӕрцы мын фӕзынд уарзӕгой ӕмӕ ӕнувыд цардӕмбал. Уымӕй уӕлдай ма мӕ усы мад дӕр уыди тынг хорз адӕймаг, стӕй уыд фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзта. Йемӕ-иу бирӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ фӕкодтам. Йӕ зӕххон цард фӕци 2000 азы.

Нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ Эстеримӕ Вефилы нӕ цардыстӕм, фӕлӕ ӕндӕр ран. Ӕз дарддӕр дӕр лӕггад кодтон тӕлмацгӕнӕгӕй Вефилы, Эстер та уыд сӕрмагонд пионер ӕмӕ хъусын кодта, Парижы горӕты кӕрон цы районтӕ ис, уым. Эстер цалдӕр адӕймагӕн баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаиккой Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. 1964 азы нӕ дыууӕйы дӕр Вефилмӕ фӕхуыдтой ӕмӕ цӕрын дӕр уым райдыдтам. Стӕй 1976 азы, Филиалты комитеттӕ куы фӕзынд, уӕд, мӕн дӕр Францийы Филиалы комитетмӕ снысан кодтой. Эстеримӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр мӕ фарсмӕ ӕрбалӕууы.

«УЕМӔ ӔДЗУХ НӔ УЫДЗЫНӔН»

Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ-иу ацыдтӕн Нью-Йоркмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ. Уым-иу бирӕ хорз уынаффӕтӕ фехъуыстон, Разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй. Зӕгъӕм, иухатт ӕфсымӕр Норрӕн куы загътон, зӕгъын, тыхсын, куыст афоныл куы нӕ фӕуон, уӕд йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ мын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕн. Кус». Уый фӕстӕ дӕр-иу бирӕ хӕттыты уыд афтӕ, ӕмӕ-иу мӕ куыстытӕ ӕрӕмбырд сты. Ӕмӕ афтӕ куы вӕййы, уӕд не стыхсын, фӕлӕ уал фыццаг иу куыстмӕ бавналын, стӕй та иннӕмӕ. Ӕмӕ сӕ арӕхдӕр афоныл бакӕнын.

Чырысти йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уемӕ ӕдзух нӕ уыдзынӕн» (Матф. 26:11). Мах, «ӕндӕр фыстӕ», зонӕм, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ дӕр ӕдзух немӕ зӕххыл кӕй нӕ уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ мӕхицӕн уымӕй стырдӕр кадыл ницы нымайын, сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтимӕ уӕхски-уӕхск кӕй лӕггад кодтон ӕмӕ ныр дӕр кӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй 70 азӕй фылдӕр «дзуттаг лӕджы фӕдджийыл» кӕй хӕцын!

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. «Ионадавтӕ» сӕ кӕй хуыдтой, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 83, 165, 166 фӕрстӕ.

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Ӕфсымӕр Норр бахудт ӕмӕ загъта: «Тыхсгӕ ма кӕн. Кус»

[Нывтӕ 19 фарсыл]

(Галиуырдыгӕй) Мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд

(Рахизырдыгӕй) 1948 аз, Галаады кӕрты; мӕ уӕлӕ ис, мӕ мад мын кӕй ӕрбахаста, уыцы хъарм пъалто

[Ныв 20 фарсыл]

1997 аз, Францийы филиал куы нывонд кодтой, уӕд, тӕлмац кӕнын Ллойд Бэррийы раныхас

[Нывтӕ 21 фарсыл]

(Галиуырдыгӕй) Эстеримӕ нӕ чындзӕхсӕвы бон

(Рахизырдыгӕй) Иумӕ хъусын кӕнӕм