Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зӕрдӕ дар «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцау Йегъовӕйыл

Дӕ зӕрдӕ дар «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцау Йегъовӕйыл

«Уый ивы рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ, паддзӕхты раппары ӕмӕ ӕндӕр паддзӕхты сӕвӕры» (ДАН. 2:21).

1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Йегъовӕ, рӕстӕг цы у, уый хорз кӕй ӕмбары?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ раздӕр афтӕ бакодта, цӕмӕй рӕстӕг нымайӕн уыдаид. Цыппӕрӕм сфӕлдыстадон бон Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ бон ӕхсӕвӕй хицӕн кӕнынӕн. Уыдон уыдзысты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыдзысты афӕдзы афонтӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ зонынӕн» (Райд. 1:14, 19, 26). Ӕмӕ Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ӕрцыд.

2 Ахуыргӕндтӕн ныр дӕр сӕ бон нӕу бамбарын кӕнын, рӕстӕг бӕлвырдӕй цы у, уый. Иу энциклопедийы фыст ис: «Дунейы стырдӕр сусӕгдзинӕдтӕй иу у рӕстӕг. Цы у, уый бӕлвырдӕй никӕй бон у зӕгъын». Фӕлӕ Йегъовӕ хорз ӕмбары, рӕстӕг цы у, уый. Ӕмӕ йӕ куыннӕ хъуамӕ ӕмбара, кӕд ӕмӕ у, «арв чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау... уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ». Стӕй ма йӕ бон у базонын, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ дӕр. Библийы фыст ис, Хуыцау «райдианӕй [кӕй] дзуры, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Ис. 45:18; 46:10). Цӕмӕй Хуыцауыл ӕмӕ йӕ Ныхас Библийыл тынгдӕр ӕууӕндӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм ӕмӕ, чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕм. Уый фӕрцы фендзыстӕм, Йегъовӕйӕн рӕстӕгыл йӕ бар кӕй цӕуы.

НӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔНЫ, ЙЕГЪОВӔ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТЫЛ ХЪУЫДЫГӔНГӔЙӔ

3. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ сахатау кӕй кусынц, уымӕн.

3 Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ, гыццыл уой ӕви стыр, кусынц сахатау. Зӕгъӕм, атомтӕн се змӕлд нӕдӕр тагъддӕр кӕны, нӕдӕр сындӕгдӕр. Рӕстӕг атомты змӕлдмӕ гӕсгӕ чи бары, ахӕм сахӕттӕ 80 милуан азы фӕстӕ дӕр иу секунд дӕр фӕстейӕ нӕ баззайдзысты. Планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ арвыл сӕ бынат ивынц бӕлвырд рӕстӕгмӕ гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕрцы вӕййы рагацау базонӕн, арвыл кӕд кӕм уыдзысты, уый. Афтӕмӕй адӕмӕн сӕ бон вӕййы афӕдзы афонтӕ базонын, стӕй искуыдӕм цӕугӕйӕ раст фӕндаг ссарын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм диссӕгтӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцаумӕ ис «стыр тых» ӕмӕ у кады аккаг. (Бакӕс Исайы 40:26.)

4. Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн сӕ цард бӕлвырд рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕм гӕсгӕ кӕй цӕуы, уымӕй йе стыр зонд куыд зыны?

4 Бирӕ зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ афтӕ конд сты, цыма сӕ мидӕг сахат ис ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрынц. Зӕгъӕм, бирӕ мӕргътӕ фӕзонынц, хъарм бӕстӕтӕм кӕд атӕхой, уый (Йер. 8:7). Адӕймагӕй дӕр зӕгъӕн ис, цыма йӕ мидӕг сахат ис. Зӕгъӕм, нӕ буар ӕй фӕзоны, бон у ӕви ӕхсӕв. Ӕмӕ адӕймаг хӕдтӕхӕгыл, ӕндӕр рӕстӕг кӕм ис, ахӕм бӕстӕмӕ куы атӕхы, уӕд ӕй цалдӕр боны дӕр бахъӕуы, цӕмӕй уымы рӕстӕгыл сахуыр уа. Уӕдӕ, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдонӕй бӕрӕг у, «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕм стыр тых ӕмӕ зонд кӕй ис. (Бакӕс Псалом 104:24.) Йегъовӕ ӕгӕрон зонд ӕмӕ тыхы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ӕууӕндын, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн!

НӔ УЫРНЫНДЗИНАД НЫН ФИДАР КӔНЫНЦ, ЧИ СӔХХӔСТ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ

5. а) Адӕмы фидӕн ӕрмӕстдӕр кӕцӕй ис базонӕн? ӕ) Цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуой ӕмӕ кӕд, уый Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕмӕн у раргом кӕнын?

5 Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ бирӕ ис базонӕн, «цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджыты» тыххӕй. Фӕлӕ уыдӕттӕй нӕй базонӕн дзуапп иу ахсджиаг фарстайӕн: адӕммӕ фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (Ром. 1:20). Уый базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасӕй, Библийӕ. Библийы ис, растдӕр йӕ афоныл чи сӕххӕст, ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Йегъовӕ ӕрцӕуинаг хабӕрттӕ раргом кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый базонын. Стӕй-иу Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр сӕ рӕстӕгыл сӕххӕст сты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у хабӕрттӕ афтӕ рауайын кӕнын, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст уа, цы рӕстӕг ын снысан кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг.

6. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм?

6 Хуыцау рӕстӕгмӕ адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы, фӕлӕ нын куы фӕдзуры, бӕлвырд рӕстӕджы цыдӕр кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа, уӕд фӕпайда кӕны, мах кӕй бамбардзыстӕм, ахӕм ныхӕстӕй. (Бакӕс Псалом 90:4.) Зӕгъӕм, Раргомады чиныджы дзырд цӕуы цыппар зӕды тыххӕй, бӕлвырд «сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодтой», уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сахат, бон, мӕй ӕмӕ аз цы у, уый мах хорз ӕмбарӕм (Рарг. 9:14, 15). Пехуымпарӕдтӕ нысангонд рӕстӕджы кӕй сӕххӕст сты, уый уынгӕйӕ «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцауыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдайӕм. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

7. Йереми Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд бӕлвырд кӕны, Йегъовӕ йӕ ныхас нысангонд рӕстӕджы кӕй сӕххӕст кӕны?

7 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, н. э. размӕ 7 ӕнусы цы ’рцыд, уымӕ. «Иосийы фырт Иоаким цыппӕрӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах... уӕд Йеремимӕ Хуыцауӕй ӕппӕт Иудӕйы адӕмы тыххӕй уыди ныхас» (Йер. 25:1). Йегъовӕ загъта, вавилойнӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ дзуттӕгты Иудӕйӕ Вавилонмӕ кӕй акӕндзысты. Уым «Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕндзысты ӕвдай азы». Н. э. размӕ 607 азы Вавилоны ӕфсад Иерусалим ныппырх кодтой, ӕмӕ дзуттӕгты ӕцӕгдӕр Иудӕйӕ Вавилонмӕ акодтой. Фӕлӕ 70 азы фӕстӕ та цы хъуамӕ ӕрцыдаид? Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта: «Вавилоны ӕвдай азы куы фӕуат, уӕд уӕм ме ’ргом раздахдзынӕн ӕмӕ уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн – фӕстӕмӕ уӕ ардӕм ӕркӕндзынӕн» (Йер. 25:11, 12; 29:10). Ацы пехуымпарад сӕххӕст, Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг. Дзуттӕгтӕ сӕ зӕхмӕ ӕрыздӕхтысты н. э. размӕ 537 азы, мидиӕгтӕ ӕмӕ сӕ персайнӕгтӕ Вавилонӕй куы ссӕрибар кодтой, уӕд.

8, 9. Данелы пехуымпарӕдтӕй куыд зыны, Йегъовӕ «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцау кӕй у?

8 Дзуттӕгтӕ Вавилонӕй куы рацыдысты, уымӕй иу-дыууӕ азы размӕ Данел ныффыста, Хуыцауы адӕммӕ чи хауд, ноджы иу ахӕм пехуымпарад. Уыцы пехуымпарады фыст уыд, Иерусалим ногӕй саразыны тыххӕй бардзырд куы рацӕуа, уымӕй 483 азы фӕстӕ кӕй фӕзындзӕн Мессийӕ. Уыцы бардзырд Мидо-Персы паддзах радта н. э. размӕ 455 азы. Ӕмӕ растдӕр 483 азы фӕстӕ – н. э. 29 азы – назаретаг Йесо донаргъуыд райста ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд, ӕмӕ афтӕмӕй сси Мессийӕ * (Неем. 2:1, 5–8; Дан. 9:24, 25; Лук. 3:1, 2, 21, 22).

9 Ныр та ӕркӕсӕм, Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонмӕ. Библимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты хъуамӕ ӕрфидар уыдаид 1914 азы. Уыцы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ, 1914 азы хъуамӕ фӕуыдаид «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» ӕмӕ Чырысти уӕлӕрвты Паддзах суыдаид (Лук. 21:24; Дан. 4:10–17) *. Ӕмӕ растдӕр 1914 азӕй цӕуын райдыдтой, Чырыстийы ӕрцыд кӕмӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыцы хабӕрттӕ. Стӕй ма уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххыл стыр бӕллӕхтӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд (Матф. 24:3–14; Рарг. 12:9, 12).

10. Сӕ афоныл цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзысты?

10 Тагъд райдайдзӕн, Чырысти кӕй кой кодта, уыцы «стыр бӕллӕх». Уый фӕстӕ Йесо Чырысти мин азы дӕргъы уыдзӕн Паддзах. Ӕмӕ ацы хабӕрттӕ сӕ афоныл кӕй ӕрцӕудзысты, ууыл дызӕрдыг кӕнӕн нӕй. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйӕн, уыцы хабӕрттӕ кӕд ӕрцӕудзысты, «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» уыд нысангонд (Матф. 24:21, 36; Рарг. 20:6).

УӔ РӔСТӔГӔЙ, ХУЫЗДӔР КУЫД У, АФТӔ ПАЙДА КӔНУТ

11. «Кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый куы ӕмбарӕм, уӕд цы араздзыстӕм?

11 Чырысти Паддзах кӕй сси ӕмӕ «кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый зонгӕйӕ цы хъуамӕ аразӕм? (Дан. 12:4). Адӕмӕй бирӕтӕ уынынц, дунейы уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц. Фӕлӕ йӕ не ’мбарынц, уымӕй, Библийы фӕстаг бонты тыххӕй цы фыст ис, уый кӕй ӕххӕст кӕны. Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ дунейы уавӕртӕ афтӕ фӕфыддӕр уыдзысты, ӕмӕ сын адӕмӕн сӕ бон ницыуал уыдзӕн бакӕнын. Иннӕтӕм та афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕмӕн бантысдзӕн «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» сфидар кӕнын (1 Фес. 5:3). Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Куы йӕ ӕмбарӕм, Сайтаны дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уӕд нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сафдзыстӕм, фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕ базоной (2 Тим. 3:1). Хъуамӕ уӕм зондджын ӕмӕ нӕ «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15–17.)

12. Чырысти Нойы бонты тыххӕй цы загъта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис?

12 Ацы дунейы бирӕ цыдӕртӕ ис, не ’ргом нын йӕхимӕ цы здахы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнцон нӕу «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын». Йесо фӕдзӕхста: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр». Ӕмӕ Нойы рӕстӕджы куыд уыд? Хуыцау Нойӕн загъта, уӕды дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн – ӕппӕт зӕххыл дӕр Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн ӕмӕ ӕвзӕр адӕм се ’ппӕт дӕр кӕй фесӕфдзысты. Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдонӕн Хуыцауы ныхас зӕрдиагӕй хъусын кодта (Матф. 24:37; 2 Пет. 2:5). Фӕлӕ уыдон «хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты... Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта». Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты уый тыххӕй фӕдзӕхста: «Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 24:38, 39, 44). Нойы рӕстӕджы цы адӕм цард, мах хъуамӕ уыдоны хуызӕн ма уӕм, фӕлӕ Нойы хуызӕн. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цӕттӕ уӕм?

13, 14. Адӕймаджы Фырты ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм?

13 О, Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн, ӕнхъӕл кӕд нӕ уӕм, уыцы сахат, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йӕ фӕнд алкӕддӕр нысангонд рӕстӕджы кӕй сӕххӕст кӕны. Ацы дунейы цыфӕнды хабӕрттӕ ма ’рцӕуа, адӕммӕ цыфӕнды фӕндтӕ ма уа, уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ бар цӕуы рӕстӕгыл дӕр ӕмӕ, хабӕрттӕ дарддӕр куыд цӕудзысты, ууыл дӕр. (Бакӕс Данелы 2:21.) Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 21:1 фыст ис: «Паддзахы зӕрдӕ Йегъовӕйы къухы у цӕугӕдоны хуызӕн – кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕй аздахы».

14 Йегъовӕйӕн йӕ бон у хабӕрттӕ афтӕ фӕивын, цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ рӕстӕгыл сӕххӕст уа. Дунейы цы стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдонӕй бирӕтӕй ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ, уӕлдайдӕр та, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа, уыцы пехуымпарад. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Советон Цӕдис кӕй фехӕлд, уый цӕмӕ ӕркодта, ууыл. Ахӕм цыбыр рӕстӕгмӕ ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн, уый ӕнхъӕл чи уыд? Фӕлӕ уыцы ивындзинӕдты фӕрцы хорз хабар ныр хъусын кӕнынц, раздӕр уый бар кӕм нӕ уыд, бирӕ ахӕм бӕстӕты. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔ АЛЦЫДӔР ЙӔ АФОНЫЛ КӔЙ АРАЗЫ, УУЫЛ ФИДАРӔЙ ӔУУӔНД

15. Йегъовӕйы организацийы исты ивындзинӕдтӕ куы ӕрцӕуы, уӕд нӕ бон куыд вӕййы нӕ уырнындзинад равдисын?

15 Цӕмӕй ацы фӕстаг бонты хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ алцыдӕр йӕ афоныл кӕй аразы, ууыл. Ацы дунейы уавӕр ӕдзух кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хатт бахъӕуы хъусын кӕныны мадзӕлттӕ фӕивын. Цӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса, уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цыдӕртӕ фӕивы. «Рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм, уый бӕрӕг у, алцыдӕр уыцы ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ кӕй аразӕм ӕмӕ, Хуыцауы Фырт йӕ «сӕр» кӕмӕн у, уыцы ӕмбырды иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Еф. 5:23).

16. Йегъовӕ нын бахъуаджы сахат кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна?

16 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кӕдфӕнды дӕр кувӕм ӕмӕ нӕ цӕмӕй уырна, «бахъуаджы сахат» нын кӕй баххуыс кӕндзӕн (Дзут. 4:16). Цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ нӕ алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы? (Матф. 6:8; 10:29–31). Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый равдисӕм, ӕдзухдӕр ӕм ӕххуысы тыххӕй кӕй фӕкувӕм ӕмӕ йын стӕй йӕ разамындмӕ кӕй фӕхъусӕм, уымӕй. Стӕй ма нӕ рох кӕнӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр кувын.

17, 18. а) Тагъд Йегъовӕ йе знӕгтӕн цы бакӕндзӕн? ӕ) Къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

17 Ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Ныртӕккӕ нӕ хъӕуы фидар уырнындзинад, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон хъӕбатырӕй ӕххӕст кӕнӕм (Ром. 4:20). Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдон архайынц, Чырысти нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый бауромыныл (Матф. 28:19, 20). Кӕд нӕ Хӕйрӕг ӕнцад нӕ уадзы, уӕддӕр ӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй у «удӕгас Хуыцау... алыхуызон адӕмӕн сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, уӕлдайдӕр та, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕн». Уый «зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (1 Тим. 4:10; 2 Пет. 2:9).

18 Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ ацы фыддуне фесафдзӕн. Бӕлвырдӕй йӕ нӕ зонӕм, уый куыд ӕмӕ кӕд бакӕндзӕн, фӕлӕ йӕ зонӕм, Чырысти Хуыцауы знӕгты растдӕр йӕ рӕстӕгыл кӕй ныппырх кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у. Уӕдӕ цы стыр рӕдыд уаид, цы «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонты» цӕрӕм, уый куы ферох кӕниккам, уӕд. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын ма райдайӕм, ӕмӕ «алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ» (1 Фес. 5:1; 2 Пет. 3:3, 4).

«ЦАС ХЪӔУА, УЫЙБӔРЦ ӔНХЪӔЛМӔ КӔС»

19, 20. Йегъовӕмӕ, цас хъӕуа, уыйбӕрц цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

19 Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ адӕм хъуамӕ цардаиккой ӕнустӕм. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй ног ӕмӕ ног цыдӕртӕ базыдтаиккой. Екклесиасты 3:11 Йегъовӕйы тыххӕй афтӕ фыст ис: «Уый йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард дӕр, ӕмӕ кӕронмӕ никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон».

20 Куыд ӕхсызгон нын у, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй нӕ аивта! (Мал. 3:6). Библи Хуыцауы тыххӕй зӕгъы, «аууон куыд ивы, афтӕ... нӕ ивы», зӕгъгӕ (Иак. 1:17). Йегъовӕйыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы. Уый у ӕнусон Хуыцау (1 Тим. 1:17). Цӕй ӕмӕ, «цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Мих. 7:7). Уӕдӕ, «Йегъовӕмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон уе ’ппӕт дӕр, хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ фидар уӕнт»! (Пс. 31:24).

[Фиппаинӕгтӕ]

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Данелы уырныдта, Хуыцауы пехуымпарӕдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты

[Ныв 21 фарсыл]

Дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕныс ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕныс?