Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы кад ӕвдисыс?

Йегъовӕйы кад ӕвдисыс?

«Кӕсӕнтау... ӕвдисӕм Йегъовӕйы кад» (2 КОР. 3:18).

1, 2. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕйы миниуджытӕ ӕвдисын?

ЗӔГЪӔН ИС, ӕмӕ нӕ алчидӕр цӕмӕйдӕр у йӕ ныййарджыты хуызӕн. Ӕвӕццӕгӕн, искуы фехъуыстаиккам, чидӕр гыццыл лӕппуйӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, дӕ фыды цӕрмыстыгъд бакодтай, кӕнӕ чызгӕн загъта, зӕгъгӕ, дӕ мады хуызӕн цы тынг дӕ. Ӕмӕ сывӕллӕттӕ арӕх фӕфӕзмынц сӕ ныййарджыты. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы фӕзмын нӕ бон у? Кӕд ӕй уынгӕ никуы фӕкодтам, уӕддӕр нӕ бон у базонын, цы диссаджы миниуджытӕ йӕм ис, уыдоны тыххӕй. Куыдӕй? Цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы кӕсӕм, стӕй Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕлдайдӕр та, йӕ Фырт Йесо Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Иоан. 1:18; Ром. 1:20). Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм Йегъовӕйы миниуджытӕ уой ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы кад ӕвдисӕм.

2 Хуыцау адӕмы куы нӕма сфӕлдыста, уӕдмӕ дӕр зыдта, сӕ бон кӕй уыдзӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, йӕ миниуджытӕ ӕвдисын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын. (Бакӕс Райдиан 1:26, 27.) Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды нӕ Хуыцауы миниуджытӕ ӕвдисын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм стыр хорзӕхӕй – Хуыцауы кад ӕвдисдзыстӕм. Ӕмӕ уый нӕ бон уыдзӕн аразын, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм ӕмӕ нӕм цыфӕнды ахуырад ма уа, уӕддӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35).

3. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы фенкъарӕм?

3 Сӕрст чырыстӕттӕ ӕвдисынц Йегъовӕйы кад. Апостол Павел дӕр уыд сӕрст чырыстон ӕмӕ ныффыста: «Мах не ’ппӕт дӕр кӕсӕнтау гом цӕсгӕмттӕй ӕвдисӕм Йегъовӕйы кад ӕмӕ уый хуызӕн кӕнӕм, йӕ кад тынгӕй-тынгдӕр зыны нӕ мидӕг» (2 Кор. 3:18). Павел кодта, Моисей Синайы хохӕй Дӕс фӕдзӕхстимӕ куы ӕрхызт, уыцы хабары кой. Моисейы цӕсгомӕй калди рухс, уымӕн ӕмӕ йемӕ ныхас кодта Йегъовӕ (Рац. 34:29, 30). Чырыстӕттӕ Моисейау Хуыцауимӕ никуы фӕныхас кӕнынц, ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕй дӕр рухс нӕ фӕкӕлы. Фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй, йӕ миниуджыты тыххӕй ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы диссаджы фӕнд ис, ууыл куы фӕдзурынц, уӕд сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс вӕййынц. Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр кӕсӕнтау ӕвдисынц Йегъовӕйы кад сӕ царды ӕмӕ сын цы куыст бахӕс кодта, уым (2 Кор. 4:1). Ды дӕр Йегъовӕйы кад ӕвдисыс? Дӕ цардӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныс ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕдзухдӕр архайыс?

ФӔНДЫ НӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ КАД ӔВДИСЫН

4, 5. а) Махӕн дӕр Павелау нӕ мидӕг цавӕр тох цӕуы? ӕ) Тӕригъӕд адӕмыл куыд ӕндавы?

4 Мах стӕм Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ алы хъуыддагӕй дӕр йӕ кад ӕвдисын. Фӕлӕ арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ нӕ цы фӕфӕнды саразын, уый нӕ саразӕм, фӕлӕ ӕндӕр цыдӕр. Уый Павел йӕхицӕй дӕр зыдта. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–25.) Нӕ мидӕг ахӕм тох цӕмӕн цӕуы, уый афтӕ бамбарын кодта: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ [комк. «кад»] ӕвдисын» (Ром. 3:23, фип.). Адӕм иууылдӕр Адамӕй сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ сты ӕгъатыр паддзахы, ома тӕригъӕды, цагъартӕ (Ром. 5:12; 6:12).

5 Цы у тӕригъӕд? Йегъовӕйы миниуджыты, йӕ уагӕвӕрдты ӕмӕ йӕ фӕндоны ныхмӕ цыдӕриддӕр у, уый. Тӕригъӕды тыххӕй адӕймаг Хуыцауӕй адард вӕййы. Тӕригъӕд адӕймаджы хъыгдары Йегъовӕйы кад ӕвдисын, фатӕхсӕджы йӕ нысан акъахын исты куыд хъыгдара, афтӕ. Адӕймаг тӕригъӕд саразы кӕнӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ, кӕнӕ зонгӕ-зонын (Ным. 15:27–31). Тӕригъӕд адӕмы мидӕг арф уидӕгтӕ ауагъта ӕмӕ къулау лӕууы се ’хсӕн ӕмӕ се Сфӕлдисӕджы ’хсӕн (Пс. 51:5; Ис. 59:2; Кол. 1:21). Адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕ цардыуаджы тыххӕй сӕхи Хуыцауӕй бынтондӕр фӕхицӕн кодтой ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой диссаджы фадатӕй – Хуыцауы кад ӕвдисынӕй. О, тӕригъӕдӕй ӕвзӕрдӕр адӕймагӕн ницы ис.

6. Тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ дӕр нӕ бон цӕй фӕрцы у Йегъовӕйы кад ӕвдисын?

6 Кӕд тӕригъӕдджынтӕй райгуырӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ ӕнӕ ныфсӕй нӕ ныууагъта (Ром. 15:13). Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы нын фӕзынд фадат тӕригъӕдӕй фервӕзынӕн. Уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы «тӕригъӕды цагъартӕ» нал стӕм ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕйы кад ӕвдисын (Ром. 5:19; 6:6; Иоан. 3:16). Хуыцауы хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын ныр дӕр арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын фидӕны та ахӕм арфӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ суыдзыстӕм ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. Йегъовӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ дӕр нӕ бон у йӕ кад ӕвдисын. Ӕмӕ уый стыр кад куыннӕ у!

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН ХУЫЦАУЫ КАД ӔВДИСЫНӔН?

7. Кӕд нӕ Хуыцауы кад ӕвдисын фӕнды, уӕд хъуамӕ цӕуыл басӕттӕм?

7 Цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауы кад ӕвдисын, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый (2 Аз. 6:36). Хъуамӕ йыл басӕттӕм, тӕригъӕдджын фӕндтӕ нӕм кӕй фӕзыны, ӕмӕ семӕ тох кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауы кадджын кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд ахӕм тӕригъӕд аразӕм, ӕмӕ порнографимӕ кӕсӕм, уӕд хъуамӕ басӕттӕм, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы, ууыл ӕмӕ сын стӕй уый тыххӕй зӕгъгӕ дӕр кӕнӕм (Иак. 5:14, 15). Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Хуыцауы кадджын кӕнын, уӕд уый уыдзӕн фыццаг къахдзӕф. Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм ӕмӕ-иу сбӕлвырд кӕнӕм, нӕ цард, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ аразӕм ӕви нӕ (Ӕмб. 28:18; 1 Кор. 10:12). Цыфӕнды тӕригъӕдджын фӕндтӕ-иу нӕм ма фӕзына, уӕддӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр семӕ тох кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауы кад ӕвдисын.

8. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр цӕуыл хъуамӕ архайӕм?

8 Йесо алы хъуыддаджы дӕр Хуыцаумӕ куыд хъуыста ӕмӕ йын йӕ кад куыд ӕвдыста, афтӕ ничи. Кӕд мах Йесойау ӕххӕст не стӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (1 Пет. 2:21). Йегъовӕ уыны, цы нын бантыст, уый дӕр ӕмӕ, кӕй архайӕм, уый дӕр, ӕмӕ нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны.

9. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны Хуыцауы кад хуыздӕр ӕвдисынӕн?

9 Библийӕ ис базонӕн, нӕ бон куыд у Хуыцауы кад хуыздӕр ӕвдисын, уый. Хъуамӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл арф хъуыды кӕнӕм (Пс. 1:1–3). Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд-иу фендзыстӕм, цы хъуамӕ аивӕм, цӕмӕй нӕ чырыстон удыхъӕд хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕна. (Бакӕс Иаковы 1:22–25.) Библийӕ цы базонӕм, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад, стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы раз уӕззау тӕригъӕд ма саразӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Пс. 119:11, 47, 48).

10. Куы кувӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн хуыздӕр лӕггад кӕнынӕн?

10 Цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауы кад ӕвдисын, уый тыххӕй ма хъуамӕ «ӕппынӕдзух кувгӕ» дӕр кӕнӕм (Ром. 12:12). Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ. Уый тыххӕй дзы нӕ бон у курын йӕ сыгъдӕг тых, фылдӕр уырнындзинад, тыхтӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ нын цӕмӕй ӕххуыс кӕна рӕстдзинады ныхас раст амонынӕн (2 Тим. 2:15; Матф. 6:13; Лук. 11:13; 17:5). Сывӕллон йӕ фыдӕй ныфсджын куыд вӕййы, афтӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕ ныфсджын уӕм. Йегъовӕмӕ уый тыххӕй куы кувӕм, цӕмӕй нын хуыздӕр лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕна, уӕд нын нӕ куывд ӕнӕмӕнгӕй фехъусдзӕн. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕй стыхсдзӕн. Уӕдӕ-иу нӕ куывды Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, бузныг ын дзурӕм ӕмӕ дзы разамынд курӕм, уӕлдайдӕр та зын уавӕрты. Стӕй ма нӕ бон у, ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм, цӕмӕй йӕ нӕ лӕггадӕй кадджын кӕнӕм (Пс. 86:12; Иак. 1:5–7).

11. Ӕмбырдтӕ нын Хуыцауы кад ӕвдисынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

11 Хуыцау йӕ зынаргъ фысты бакодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» бар (Матф. 24:45–47; Пс. 100:3). Ӕууӕнкджын цагъары тынг фӕнды, цӕмӕй нӕ бон уа Йегъовӕйы кад ӕвдисын, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ ӕххуыс дӕр кӕны – адӕймагӕн хуыйӕг йӕ дарӕс куыд бараст кӕны, цӕмӕй йыл хуыздӕр бада, афтӕ нын ӕууӕнкджын цагъар дӕр ӕмбырдты фӕрцы дӕтты хъӕугӕ уынаффӕтӕ, цӕмӕй нӕ чырыстон «уӕлӕдарӕс» бадзӕбӕхтӕ кӕнӕм, ома нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ӕмбырдтӕм афоныл ӕрбацӕуӕм. Ӕмбырдтӕм ӕрӕджы кӕнын ахуыр куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, махмӕ чи хауы, уыцы уынаффӕтӕй искӕцы ма фехъусӕм, ӕмӕ афтӕмӕй та нӕ чырыстон «уӕлӕдарӕс» нӕ «бараст» кӕндзыстӕм.

ЦӔЙ ӔМӔ ХУЫЦАУЫ ФӔЗМӔМ!

12. Нӕ бон куыд у Хуыцауы фӕзмын?

12 Йегъовӕйы кад ӕвдисын нӕ бон бауыдзӕн, «Хуыцауы [куы] фӕзмӕм», ӕрмӕстдӕр уӕд (Еф. 5:1). Нӕ бон ӕй куыд у фӕзмын? Зӕгъӕм, алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсын куы сахуыр уӕм. Хуыцау куыд дзуры, афтӕ нӕ, фӕлӕ, нӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ куы архайӕм, уӕд Хуыцауы ӕгад кӕндзыстӕм, нӕхи та зындзинӕдты хай бакӕндзыстӕм. Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт уынӕм ӕмӕ, цы уарзы, уый уарзӕм (Пс. 97:10; 1 Иоан. 5:19). Хъуамӕ йӕ фидарӕй зонӕм, нӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй цӕудзӕн, ӕмӕ алцыдӕр Хуыцауы кадӕн куы аразӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:31.)

13. Тӕригъӕдӕй не сӕфт цӕмӕн хъуамӕ уынӕм ӕмӕ нӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

13 Йегъовӕ тӕригъӕдӕй йе сӕфт уыны, ӕмӕ дзы мах дӕр хъуамӕ не сӕфт уынӕм. Тӕригъӕдӕй не сӕфт куы уынӕм, уӕд, тӕригъӕдмӕ нӕ чи ӕркӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕм хӕстӕг дӕр нӕ цӕудзыстӕм. Зӕгъӕм, хъуамӕ дард лӕууӕм, раст дины ныхмӕ кӕй тыххӕй суыдзыстӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцауы кадджын кӕнын нӕ бон нал уыдзӕн (Дык. з. 13:6–9). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыцы адӕмӕй ӕмӕ, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй Хуыцауы чи худинаг кӕны, уыдонӕй. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ архайӕм, нӕ бинонтӕй куы уой, уӕд дӕр (1 Кор. 5:11). Раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыдон кӕнӕ ӕндӕр исчи Йегъовӕйы организаци куы фауой, уӕд ӕппындӕр ницы пайда уыдзӕн, раст кӕй не сты, уый сын ӕмбарын кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, цы дзурынц, уый базонын нӕ хъуамӕ фӕндгӕ дӕр ма кӕна, фӕнды йӕ сӕ литературӕйы фыссой, фӕнды Интернеты, уымӕн ӕмӕ тӕссаг у, афтӕмӕй нӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзыстӕм. (Бакӕс Исайы 5:20; Матфейы 7:6.)

14. Йегъовӕйы фӕзмын уӕлдай тынгдӕр нӕ бон кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

14 Йегъовӕйы фӕзмын уӕлдай тынгдӕр нӕ бон кӕд уыдзӕн? Уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд (1 Иоан. 4:16–19). Нӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг у, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм (Иоан. 13:34, 35). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын хатт зын вӕййы уарзондзинад равдисын. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕты алкӕддӕр уарзӕм. Уарзондзинад ӕмӕ ма ӕндӕр чырыстон миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн тӕригъӕдӕй ӕмӕ, иннӕты зӕрдӕтӕ чи фӕриссын кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизын (2 Пет. 1:5–7).

15. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

15 Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны иннӕтӕн хорздзинад аразынмӕ (Ром. 13:8–10). Зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы куы уарзой, уӕд сӕ иу иннӕйыл гадзрахатӕй никуы рацӕудзӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгты куы уарзӕм ӕмӕ сын сӕ лӕггадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсдзыстӕм. Сӕ ныййарджыты цы сывӕллӕттӕ уарзынц, уыдон сӕм хъусынц, аргъ сын кӕнынц ӕмӕ сӕ никуы фӕхъаст кӕнынц. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕхи уыдонӕй уӕлдӕр не ’вӕрдзыстӕм ӕмӕ семӕ афтӕ нӕ ныхас кӕндзыстӕм, цыма сӕ ницӕмӕ дарӕм (Иак. 3:9). Хуыцауы фысты чи уарзы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ семӕ вӕййынц фӕлмӕн (Хъуыд. 20:28, 29).

16. Уарзондзинад нын уацамынды куыд ӕххуыс кӕны?

16 Нӕ уарзондзинад ма хъуамӕ бӕрӕг уа уацамынды дӕр. Адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕд дӕр-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм. Мах уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм. Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ нӕхи хорз цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, Хуыцауы Ныхас адӕмӕн хуыздӕр куыд амонӕм, ууыл. Кӕд Хуыцауы ӕмӕ адӕмы ӕцӕгдӕр уарзӕм, уӕд, нӕ хӕс кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъусын кӕндзыстӕм. Уыцы хъуыддаг нымайдзыстӕм стыр кадыл ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм (Матф. 10:7).

ЙЕГЪОВӔЙЫ АЛКӔДДӔР КАДДЖЫН КӔНӔМ

17. Тӕригъӕд нӕ Хуыцауы кад ӕвдисынӕн кӕй хъыгдары, уый зонгӕйӕ цы хъуамӕ аразӕм?

17 Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр тӕригъӕдмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсынц. Фӕлӕ йӕм мах ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, нӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ нӕ тох кӕнын кӕй хъӕуы. Ӕмбарӕм ма уый дӕр, ӕмӕ нӕ не ’фсарм ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, цӕмӕй нӕм ӕвзӕр фӕнд куыддӕр фӕзына, афтӕ-иу нын не ’фсарм, раст цы у, уый бацамона (Ром. 7:22, 23). Мах нӕхӕдӕг лӕмӕгъ стӕм, фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын ратта хъарутӕ, цӕмӕй-иу цыфӕнды уавӕры дӕр раст бакӕнӕм (2 Кор. 12:10).

18, 19. а) Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтыл цӕй фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм? ӕ) Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

18 Йегъовӕйы кадджын кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй ма хъуамӕ тох кӕнӕм Хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонты ныхмӕ дӕр. Цӕмӕй уыцы тохы уӕлахиз кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм, «Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты», уыдонӕй (Еф. 6:11–13). Хӕйрӕг ӕдзухдӕр архайы, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ чи ӕмбӕлы, уыцы кад адавыныл. Стӕй ма ӕдзух архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ мауал уӕм. Фӕлӕ уӕддӕр мах, стӕй ма ноджыдӕр милуангай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, Хуыцауыл иузӕрдион стӕм ӕмӕ йӕ кадджын кӕнӕм, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй Хӕйрӕг састы бынаты куыннӕ баззайы! Уӕдӕ цӕй ӕмӕ мах дӕр, Йегъовӕйы уӕлӕрвты чи кадджын кӕны, уыдонау дзурӕм: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Рарг. 4:11).

19 Уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд Йегъовӕйы алкӕддӕр кадджын кӕнын. Йегъовӕ тынг цин кӕны, зӕххыл ын уыйбӕрц иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕй ис ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайынц, цӕмӕй йӕ фӕзмой ӕмӕ йын йӕ кад ӕвдисой (Ӕмб. 27:11). Цӕй ӕмӕ мах дӕр Давидау зӕгъӕм: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕз дӕ кадджын кӕнын ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Дӕ ном дын ӕнустӕм бӕрзонд кӕндзынӕн» (Пс. 86:12). Фидӕны коммӕгӕс адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы кад ӕххӕстӕй ӕвдисын ӕмӕ йӕ ӕнустӕм кадджын кӕнын. Куыд тынг бӕллӕм мах уыцы бонмӕ! Уый уыдзӕн диссаджы рӕстӕг. Дӕу та фӕнды Йегъовӕ Хуыцауы кад ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр ӕвдисын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Йегъовӕйы кад ацы хъуыддӕгты ӕвдисыс?