Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Куыд ӕмбарын хъӕуы, «Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы» йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕтмӕ, зӕгъгӕ?

▪ Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕтмӕ» (Пс. 116:15). Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй цард дӕр тынг зынаргъ у. Фӕлӕ 116-ӕм псаломӕй цы стих ӕрхастам, уым дзырд хицӕн адӕймӕгты мӕлӕтыл нӕ цӕуы.

Чырыстӕттӕй исчи куы фӕзиан уа, уӕд раст нӕ уаид зианы раныхасы Псаломы 116:15 фыст ныхӕстӕ ӕрхӕссын, кӕд, чи фӕзиан, уый Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад, уӕддӕр. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕн сӕ хъуыды уӕрӕхдӕр у. Сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ афтӕ зынаргъ сты, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр амӕлой. (Кӕс Псалом 72:14; 116:8.)

Псалом 116:15 стих нӕ ныфс уадзы, Йегъовӕ кӕй нӕ бауадздзӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр зӕххы цъарӕй фесафын. Ӕмӕ нӕ организацийы историмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ныронг дӕр стыр фӕлварӕнты ӕмӕ ӕфхӕрды рӕстӕг фидар кӕй фӕлӕууыдыстӕм. Ӕмӕ уыцы хабар дӕр бӕлвырд кӕны, Хуыцау нӕ скуынӕг кӕнын кӕй никуы бауадздзӕн.

Йегъовӕ ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у ӕмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгӕй кӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, уымӕ гӕсгӕ ахӕм хабар не ’руадздзӕн, ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр фесӕфой. Уый куы бауадзид, уӕд афтӕ рауаид, ӕмӕ дзы йе знӕгтӕ тыхджындӕр сты, ӕмӕ уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ нӕу. Стӕй уӕд нӕ сӕххӕст уаид Йегъовӕйы фӕнд, ома цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр цӕрой, иузӕрдион ыл чи у, ахӕм адӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнд ма сӕххӕст уа, уымӕн гӕнӕн нӕй (Ис. 45:18; 55:10, 11). Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр куы фесӕфиккой, уӕд ма йын йӕ кадджын ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты чи лӕггад кӕнид! Стӕй ма уӕд нӕ уаид «ног зӕхх», ома, «ног арвы» дӕлбар чи цӕрид, уыцы рӕстаг адӕм (Рарг. 21:1). Ӕмӕ ма уӕд Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах кӕмӕн уыдзӕн, йӕ Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕра, уыдон куы нӕ уой, уӕд! (Рарг. 20:4, 5).

Хуыцау йе знӕгтӕн уый бар куы раттид, цӕмӕй йын йӕ адӕмы зӕххы цъарӕй фесафой, уӕд йӕ ном фегад уаид. Уӕд ма Йегъовӕйы Дунедарӕг Стыр Хуыцау схонӕн куыд уаид? Стӕй ма Йегъовӕ йӕхицӕн ӕмӕ йӕ сыгъдӕг номӕн кӕй аргъ кӕны, уымӕ гӕсгӕ дӕр нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр мӕлӕт баййафа. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Хуыцаумӕ «хӕрамӕй... ницы ис», ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмы ма бахъахъхъӕна (Дык. з. 32:4; Райд. 18:25). Уымӕй уӕлдай, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдын куы бауадзид, уӕд уый Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ уаид. Уым фыст ис: «Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн йе стыр номы тыххӕй» (1 Сам. 12:22). Дзырд дӕр ыл нӕй, «Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы ӕмӕ йӕ бынтӕ нӕ ныууадздзӕн» (Пс. 94:14).

Йегъовӕйы адӕм зӕххы цъарӕй никуы фесӕфдзысты. Ӕмӕ нӕ уый куыд стыр ныфс уадзы! Уӕдӕ цӕй ӕмӕ алкӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй ӕвӕры, ууыл: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чифӕнды ма дзура – йӕхи йын фӕзылын кӕндзынӕ. Уый у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинад у мӕнӕй» (Ис. 54:17).

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

Хуыцау йӕ адӕмы скуынӕг кӕнын никуы бауадздзӕн