Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Биографи

Ме ’мбӕлттӕ уыдысты фӕлтӕрдджын хистӕртӕ

Ме ’мбӕлттӕ уыдысты фӕлтӕрдджын хистӕртӕ

Радзырдта йӕ Елвӕ Джерди

Иу-ӕвдай азы размӕ нӕ хӕдзары уыд иу уазӕг. Ӕмӕ уӕд мӕ фыдӕн цы загъта, уый мын мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕивта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мын мӕ царды фӕндагыл ноджыдӕр бирӕтӕ баххуыс кодтой. Стӕй ма ссардтон, ӕппӕты зынаргъдӕр мын чи у, ахӕм хӕлары дӕр. Цӕй ӕмӕ уын мӕ царды хабӕрттӕ радзурон.

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1932 азы, горӕт Сиднейы (Австрали). Мӕ ныййарджытӕ Хуыцауыл ӕууӕндыдысты, фӕлӕ аргъуанмӕ нӕ цыдысты. Мӕ мад-иу мын афтӕ дзырдта, зӕгъгӕ дӕм Хуыцау ӕдзухдӕр кӕсгӕ кӕны, ӕмӕ фыдуаг куы кӕнай, уӕд дӕ бафхӕрдзӕн. Уый тыххӕй Хуыцауӕй тарстӕн. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕндыд, Библийы цы фыст ис, уый базонын. Улӕфты бонты-иу нӕм мӕ мадыхо ӕрбацыд ӕмӕ-иу мын Библийӕ бирӕ диссаджы хабӕрттӕ радзырдта. Ӕмӕ-иу йе ’рбацыдмӕ алы хатт дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кастӕн.

Иу-13 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ мадӕн иу ацӕргӕ сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, радта цалдӕр чиныджы, ӕмӕ сӕ мӕ фыд касти. Цы дзы бакаст, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ сразы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныныл. Иу изӕр Библи куы ахуыр кодтой, уӕд мӕ фыд ауыдта, сусӕгӕй сӕм кӕй хъусын. Куыддӕр мӕ хъуамӕ мӕ уатмӕ арвыстаид, ацу ӕмӕ схуысс, зӕгъгӕ, афтӕ йын нӕ уазӕг загъта: «Ӕмӕ йӕ цӕуылнӕ уадзыс? Уадз ӕмӕ Елвӕ дӕр байхъуса». Гъе уӕд мӕ цард ивын райдыдта ӕмӕ уӕд базонгӕ дӕн, мӕ хӕлар чи сси, уыцы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕимӕ.

Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фыдимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтам. Мӕ фыд-иу цы базыдта, уый фӕрцы ивта. Суанг ма йӕ маст уромын дӕр сахуыр. Уый уынгӕйӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр Фрэнк дӕр райдыдтой немӕ ӕмбырдтӕм цӕуын *. Нӕ цыппар дӕр нӕ царды ивындзинӕдтӕ скодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мын хистӕртӕй бирӕтӕ мӕ царды алыхуызон рӕстӕджыты ӕххуыс кодтой.

МӔ ТЫХТӔ ЦӔМӔ САРАЗОН?

Мӕхӕдӕг ӕрыгон уыдтӕн, фӕлӕ не ’мбырды хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтимӕ балымӕн дӕн. Уыдонӕй иу уыд Элис Плейс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй нӕ хӕдзармӕ фыццаг чи ӕрбацыд, уыцы ацӕргӕ хо. Раст мын мӕхи нанайы хуызӕн сси. Элис мӕ ахуыр кодта хъусын кӕнын ӕмӕ мӕ разӕнгард кодта донаргъуыд райсынмӕ. Ӕмӕ мыл 15 азы куы цыди, уӕд донаргъуыд райстон.

Ме ’ввахс хӕлӕрттӕ ма систы ацӕргӕ бинонтӕ Перси ӕмӕ Мадж [Маргарет] Данем. Уый тынг фӕзынд, мӕ цард дарддӕр куыд ацыд, ууыл. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ математикӕ тынг уарзтон ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй математикӕйы ахуыргӕнӕг суыдаин. Дыккаг дунеон хӕсты размӕ Перси ӕмӕ Мадж лӕггад кодтой Латвийы миссионертӕй. Фӕлӕ хӕст куы райдыдта, уӕд сӕ фӕхуыдтой Сиднеймӕ, Австралийы Вефилмӕ. Перси ӕмӕ мыл Мадж зӕрдиагӕй тыхстысты. Арӕх-иу дзырдтой, миссионертӕй куы лӕггад кодтой, уӕд-иу сыл цы ӕхсызгон ӕмӕ диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Ӕмӕ бамбӕрстон, адӕмӕн математикӕ нӕ, фӕлӕ Библи куы амонон, уӕд бирӕ амондджындӕр кӕй уыдзынӕн. Гъемӕ мӕхицӕн загътон, миссионер кӕй суыдзынӕн.

Данемтӕ мӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи бацӕттӕ кодтаин миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ ӕз дӕр 1948 азы, 16 азы мыл куы цыд, уӕд, пионер сдӕн ӕмӕ ӕрбаиу дӕн, не ’мбырды ма цы дӕс ӕрыгон пионеры уыд, уыдонмӕ. Уыцы пионертӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой Херствилы (Сидней).

Уый фӕстӕ цыппар азы дӕргъы пионерӕй лӕггад кодтон цыппар ӕндӕр горӕты Ног Хуссар Уэльсы ӕмӕ Квинсленды. Библи ахуыр кӕнын фыццаг кӕимӕ райдыдтон, уыдонӕй иу уыд Бетти Ло (ныр йӕ мыггаг у Ремнант). Бетти уыд тынг хӕларзӕрдӕ чызг, мӕнӕй уыд дыууӕ азы хистӕр. Фӕстӕдӕр иумӕ пионертӕй лӕггад кодтам горӕт Каурӕйы. Уыцы горӕт у Сиднейӕ ныгуылӕнырдӕм 230 километры дарддӕр. Беттиимӕ иумӕ бирӕ нӕ балӕггад кодтам, фӕлӕ абоны онг дӕр ӕмбӕлттӕ стӕм.

Сӕрмагонд пионерӕй мӕ куы снысан кодтой, уӕд мӕ арвыстой Наррандерӕмӕ. Уыцы горӕт у Каурӕйӕ хуссар-ныгуылӕнырдӕм 220 километры дарддӕр. Уым лӕггад кодтон ӕндӕр хоимӕ, Джой Ленноксимӕ (ныр йӕ мыггаг у Хантер). Джой уыди зынгзӕрдӕ пионер, уый дӕр мӕ дыууӕ азы хистӕр уыд. Уыцы горӕты мах йеддӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд. Ӕз ӕмӕ Джой цардыстӕм иу уазӕгуарзон бинонты хӕдзары, Рей ӕмӕ Эстер Айены хӕдзары. Уыди сын иу лӕппу ӕмӕ ӕртӕ чызджы. Уыцы бинонтӕй алкӕйдӕр фӕндыд рӕстдзинад базонын. Рей ӕмӕ йӕ лӕппу куыстой фысты фермӕйы, стӕй ма уыцы ран мӕнӕуы куыст дӕр кодтой. Уыцы бинонтӕн уыд гыццыл уазӕгдзӕрӕн, ӕмӕ Эстер ӕмӕ чызджытӕ та уый кой кодтой. Алы хуыцаубон дӕр-иу Джоимӕ ӕрцӕттӕ кодтам бирӕ хӕринаг Айенты бинонтӕн ӕмӕ, уазӕгдзӕрӕны чи ӕрлӕууыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕн – ӕфсӕнвӕндаджы кусджытӕн, уыдысты дыууадӕсы бӕрц. Ахӕм ӕххормаг-иу уыдысты, ӕмӕ диссаг. Нӕ фысымтӕн цы фыстам, уымӕн йӕ иу хай уыд, сихор-иу кӕй ӕрцӕттӕ кодтам, уый. Куы-иу бахордтой, уӕд-иу бафснайдтам, ӕмӕ-иу стӕй Айенты бинонтимӕ иумӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй статья равзӕрстам. Ӕппынфӕстаг Рей ӕмӕ Эстер, стӕй сӕ цыппар сывӕллоны дӕр донаргъуыд райстой. Наррандерӕйы ӕмбырды уыдон уыдысты фыццӕгтӕ.

1951 азы Сиднейы цы конгресс уыд, уым уыди фембӕлд, миссионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы пионертимӕ. Ӕмӕ ӕз дӕр уырдӕм бацыдтӕн. Уыцы фембӕлд уыд стыр пъалаткӕйы ӕмӕ дзы ӕрӕмбырд 300 адӕймагӕй фылдӕр. Немӕ ныхас кодта Нейтан Норр, Бруклины Вефилӕй, ӕмӕ дзырдта, хорз хабар зӕххыл алы ран дӕр кӕй хъӕуы ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕнын. Мах иууылдӕр хъустӕ фестадыстӕм. Уым чи уыд, уыцы пионертӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр райдыдтой хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг Сабыр океаны хуссар хайы сакъадӕхты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. 1952 азы Галаады скъолайы 19-ӕм къласмӕ Австралийӕ фӕхуыдтой 17 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы, ӕмӕ уыдонӕй сӕ иу уыдтӕн ӕз. Мӕ цинӕн ма кӕрон кӕм уыд – мӕ бӕллиц уыд миссионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ мыл 20 азы йеддӕмӕ нӕма цыд, афтӕ мын ӕххӕст кӕнын райдыдта!

ХЪУЫДИ МӔ МӔ ЗОНДАХАСТ АИВЫН

Галаады скъолайы фӕрцы Библи хуыздӕр базыдтон ӕмӕ мӕ уырнындзинад дӕр фӕфидардӕр. Фӕлӕ ма уый фӕрцы мӕхӕдӕг дӕр тынг фӕивтон. Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ мӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ домдтон. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ алцыдӕр хъӕуы ӕнӕ рӕдыдӕй аразын. Иуӕй-иу хабӕртты тыххӕй афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ раст не сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Норры ӕрыгон вефилӕгтимӕ пуртийӕ хъазгӕ куы федтон, уӕд джихӕй аззадтӕн.

Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕ уыдысты арфуынӕг ӕмӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдтой, мӕ мидӕг цы тох цӕуы, уый. Сӕ хъус мӕм тынг фӕдардтой ӕмӕ мын баххуыс кодтой мӕ зондахаст аивынӕн. Сабыргай йӕ ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕ тызмӕг ӕмӕ домаг Хуыцау кӕй нӕу, фӕлӕ фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой ӕмӕ, цы аразӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕны. Мемӕ чи ахуыр кодта, уыдонӕй дӕр мын чидӕртӕ баххуыс кодтой. Хъуыды йӕ кӕнын, иу хо мын афтӕ куы загъта: «Елвӕ, Йегъовӕ нӕ уӕлхъус хъилимӕ нӕ лӕууы. Дӕхицӕй афтӕ бирӕ ма дом!» Йе ’ргом ныхас мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта.

Ахуыр куы фестӕм, уӕд мӕн ӕмӕ ма нӕ къласӕй цыппары арвыстой Намибимӕ (Африкӕ). Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фондзӕй 80 адӕймагимӕ Библи ахуыр кодтам. Намибийы мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, стӕй миссионерӕй лӕггад кӕнын дӕр уарзтон. Фӕлӕ, Галаады куы ахуыр кодтон, уӕд дзы иу ӕфсымӕры бауарзтон. Ӕмӕ уый та снысан кодтой Швейцаримӕ. Ӕмӕ Намибийы иу аз куы фӕдӕн, уӕд мӕ уарзонмӕ Швейцаримӕ ацыдтӕн. Уый уыди районон цӕстдарӕг, ӕмӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд дарддӕр иумӕ лӕггад кодтам.

МӔ ЗӔРДӔ МЫН ЧИ СКЪАХТА, АХӔМ ХАБАР

Ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнгӕйӕ ӕхсызгонӕй фӕлӕггад кодтам фондз азы, ӕмӕ нӕ стӕй фӕхуыдтой Швейцарийы Вефилмӕ. Вефилы уыди бирӕ фӕлтӕрдджын хистӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, ӕмӕ тынг цин кодтон, се ’хсӕн кӕй уыдтӕн, ууыл.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ базыдтон тынг ӕвзӕр хабар – мӕ лӕг мӕныл дӕр ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр гадзрахатӕй рацыд. Куы мӕ ныууагъта, уӕд зӕрдӕхӕлд куыннӕ фӕдӕн. Нӕ йӕ зонын, куыд кодтаин, мӕ зӕрдиаг ӕмбӕлттӕ, хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мын куы нӕ баххуыс кодтаиккой, уӕд. Мӕ зӕрдӕ-иу дзурын куы агуырдта, уӕд-иу мӕм байхъуыстой, ӕмӕ-иу мӕ иунӕгӕй аззайын куы фӕндыд, уӕд та-иу мӕ нӕ хъыгдардтой. Сӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ, сӕ хӕларзӕрдӕдзинад мын баххуыс кодтой уыцы стыр рыст сфӕразынӕн, стӕй уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн.

Ӕз ма-иу ӕрхъуыды кодтон, ме ’мбӕлттӕ мын бирӕ азты размӕ цы дзырдтой, уый дӕр. Уыцы куырыхон хистӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ бирӕ фӕлварӕнтӕ бавзӕрстой ӕмӕ уый фӕрцы сфӕлтӕрдтой. Иухатт мын Мадж Данем афтӕ загъта: «Елвӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ фӕлварӕнты бахаудзынӕ. Фӕлӕ дын ӕппӕты зындӕр сфӕразӕн уыдзысты, зынаргъ дын чи у, уыдоны тыххӕй кӕуыл сӕмбӕлай, уыцы фӕлварӕнтӕ. Ахӕм рӕстӕг-иу Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн. Дӕ зӕрдыл дар, уымӕн кӕй лӕггад кӕныс, ӕнӕххӕст адӕмӕн нӕ, фӕлӕ!» Маджы уынаффӕ мын зын уавӕрты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баххуыс кодта. Мӕхицӕн фидарӕй загътон, ахӕм хабар кӕй никуы ӕруадздзынӕн, цӕмӕй мӕ лӕджы рӕдыдтыты тыххӕй Йегъовӕйы ныууадзон.

Фӕстӕдӕр сфӕнд кодтон Австралимӕ аздӕхын, цӕмӕй мӕ бинонтӕм ӕввахсдӕр уыдаин ӕмӕ уым пионерӕй лӕггад кодтаин. Уый уыд дард фӕндаг, цӕуын та хъуыди науыл. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг, науыл ма чи цыд, уыдонӕй цалдӕримӕ Библийы тыххӕй арӕх ныхас кодтон. Сӕ иу уыди норвегиаг, сабыр ӕмӕ уӕздан нӕлгоймаг. Йӕ ном хуынди Арне Джерди. Библийӕ цы дзырдтон, уый Арнейы зӕрдӕмӕ фӕцыд. Ӕмӕ нӕм фӕстӕдӕр Сиднейы хӕдзармӕ ӕрбацыд. Арнейӕн йӕ уырнындзинад тынг тагъд рӕзыд ӕмӕ донаргъуыд райста. 1963 азы Арнеимӕ нӕ цард баиу кодтам. Дыууӕ азы фӕстӕ та райгуырд нӕ лӕппу Гэри.

ӔНДӔР УӔЗЗАУ ХАБАР

Ӕз, Арне ӕмӕ Гэри уыдыстӕм тынг амондджын. Фӕстӕдӕр Арне нӕ хӕдзар фестырдӕр кодта, цӕмӕй мӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ дӕр махимӕ цардаиккой. Фӕлӕ нӕ бинонты цардыл ӕхсӕз азы куы рацыд, уӕд Арнейӕн йӕ сӕрымагъзы рак ссардтой. Уый куы базыдтам, уӕд арвы цӕфау фестӕм. Арнейы рынчындоны схуыссын кодтой ӕмӕ йӕ бирӕ рӕстӕг рентгены тынтӕй дзӕбӕх кодтой. Ӕз алы бон дӕр уыдтӕн йӕ фарсмӕ. Иу рӕстӕг цыма фӕхуыздӕр, фӕлӕ стӕй йӕ уавӕр февзӕрдӕр ӕмӕ йӕ паралич ныццавта. Дохтыртӕ мын загътой, цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ кӕй нал ахӕсдзӕн. Фӕлӕ Арне аирвӕзт. Фӕстӕдӕр ӕй рафыстой, ӕмӕ йӕм хӕдзары зылдтӕн, ӕмӕ сабыргай радзӕбӕх ис. Цасдӕры фӕстӕ йӕ бон сси цӕуын дӕр ӕмӕ та ногӕй райдыдта ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын. Арне уыд хъӕлдзӕг адӕймаг ӕмӕ ахудын дӕр зыдта, ӕмӕ йын уый дӕр баххуыс кодта йӕ къахыл слӕууынӕн, стӕй йӕм уый фӕрцы кӕсын дӕр ӕнцондӕр уыд.

Бирӕ азты фӕстӕ та, 1986 азы, Арне ногӕй февзӕрдӕр. Уӕдмӕ мӕ ныййарджытӕ ӕгас нал уыдысты, ӕмӕ Сиднейӕ цӕрынмӕ ралыгъдыстӕм ӕндӕр ранмӕ, Блу-Маунтинсмӕ. Уый уыд рӕсугъд бынат, стӕй уым уыдыстӕм не ’мбӕлттӕм ӕввахсдӕр. Фӕстӕдӕр Гэри ракуырдта иу дзӕбӕх хойы, Карины, ӕмӕ нын Гэри ӕмӕ Карин загътой, иумӕ, дам, куы цӕриккам, зӕгъгӕ. Гъемӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ цыппарӕй ӕрцардыстӕм иу хӕдзары, ӕз ӕмӕ Арне кӕм цардыстӕм, уымӕй цалдӕр уынджы фалдӕр.

Фӕстаг афӕдз ӕмӕ ’рдӕг Арне уыд уатон рынчын ӕмӕ йӕм ӕдзух хъуыди кӕсын. Уый тыххӕй-иу ӕз фылдӕр рӕстӕг хӕдзары уыдтӕн, ӕмӕ-иу алы бон дӕр дыууӕ сахаты дӕргъы кастӕн Библи ӕмӕ нӕ литературӕ. Уыцы рӕстӕг-иу ссардтон, мӕ уавӕры мын фидар фӕлӕууынӕн чи ӕххуыс кодта, бирӕ ахӕм хорз хъуыдытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ. Стӕй ма нӕ не ’мбырды хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр бӕрӕг кодтой. Чидӕртӕ дзы сӕхӕдӕг дӕр ахӕм зындзинӕдтӕ бавзӕрстой. Уыцы уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ-иу мын мӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой. Арне фӕзиан 2003 азы апрелы. Фӕлӕ йын фидар ныфс уыд, кӕй райгас уыдзӕн.

МЕ СТЫРДӔР ӔХХУЫСГӔНӔГ

Ӕрыгон куы уыдтӕн, уӕд мӕ фӕндыд, цӕмӕй алцыдӕр уыдаид, мӕнмӕ раст куыд касти, афтӕ. Фӕлӕ йӕ бамбӕрстон, адӕймагӕн йӕ царды алцы йӕхи фӕндиаг стӕм хатт кӕй рауайы. Ӕз бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдтӕн, фӕлӕ мыл дыууӕ уӕззау хабары дӕр ӕрцыд – мӕ фыццаг цардӕмбал мӕныл дӕр ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ мӕ ныууагъта, дыккаг цардӕмбалы та мын низ байста. Фӕлӕ-иу уыцы фӕлварӕнты рӕстӕг уынаффӕ ӕмӕ удӕнцой дӕр ссардтон. Ме стырдӕр ӕххуысгӕнӕг та уыд ӕмӕ ныр дӕр у, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый» – Йегъовӕ Хуыцау (Дан. 7:9). Йӕ уынаффӕты фӕрцы фӕивтон мӕ удыхъӕд ӕмӕ мыл миссионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ ӕрцыди бирӕ ӕхсызгон хабӕрттӕ. Зындзинӕдты рӕстӕг-иу мын Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт хъарутӕ лӕвӕрдта ӕмӕ-иу мын йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд (Пс. 94:18, 19). Стыр ӕххуыс ма мын уыдысты мӕ зынаргъ бинонтӕ ӕмӕ, «зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры», уыцы ӕмбӕлттӕ дӕр (Ӕмб. 17:17). Ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты фӕлтӕрдджын хистӕртӕ.

Раджы заманты иузӕрдион Иов загъта: «Зонд зӕрӕдтӕм нӕй? Ӕмӕ ӕмбарындзинад, бирӕ чи фӕцард, уыдонмӕ?» (Иов 12:12). Мӕ цардыл мӕ цӕст ахӕсгӕйӕ мӕ бон у зӕгъын, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Фӕлтӕрдджын хистӕртӕ мын сӕ уынаффӕтӕй ӕххуыс кодтой, сӕ ныхӕстӕй мын мӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ, ме ’мбӕлттӕ кӕй уыдысты, уый фӕрцы мӕ цард срӕсугъд. Ахӕм ӕмбӕлттӕ мын кӕй уыд, уый тыххӕй мӕхи хъӕздыг хонын.

Ныр мыл цӕуы 80 азы ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр дӕн ацӕргӕ. Царды цы федтон, уый фӕрцы иннӕ ацӕргӕтӕн сӕ зын хорз ӕмбарын. Ныр дӕр тынг уарзын хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ мын ӕрыгӕтты ’хсӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы. Цас хъарутӕ сӕм ис, уый уынгӕйӕ мӕнӕн дӕр мӕ хъарутыл бафты. Сӕ зынгзӕрдӕдзинадӕй мын мӕ зӕрдӕйы зынг дӕр ссудзынц. Уынаффӕ ӕмӕ мӕ ӕххуыс куы фӕагурынц, уӕд сӕ фарсмӕ балӕууон, уымӕй ӕхсызгондӕр мын ницы вӕййы.

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Елвӕйы ӕфсымӕр Фрэнк Ламберт сси зынгзӕрдӕ пионер ӕмӕ хъусын кодта Австралийы, цӕрджытӕ бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм районты.

[Ныв 14 фарсыл]

Джой Ленноксимӕ пионертӕй лӕггад кӕнӕм Наррандерӕйы

[Ныв 15 фарсыл]

Швейцарийы Вефилы чи лӕггад кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, 1960 аз

[Ныв 16 фарсыл]

Арнеимӕ, рынчын куы уыд, уӕд