Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕнхъизӕнӕй»

«Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕнхъизӕнӕй»

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕнхъизӕнӕй – цӕстмӕ митӕй» (Лук. 12:1). Ацы фӕдзӕхст ма фыст ӕрцыд Матфейы чиныджы дӕр, ӕмӕ уырдыгӕй ис базонӕн, ӕнхъизӕны кой кӕнгӕйӕ Йесо кӕй дзырдта, фарисейтӕ цы амыдтой, уыдӕтты тыххӕй (Матф. 16:12).

Библийы «ӕнхъизӕн» кӕмдӕрты фӕамоны, адӕймаджы цы фесафы, уымӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, фарисейтӕ цы амыдтой ӕмӕ куыд хъуыды кодтой, уый сӕфта, чи сӕм хъуыста, уыдоны. Фарисейтӕ цы амыдтой, уый тӕссаг цӕмӕн уыд?

1 Фарисейтӕ уыдысты сӕрбӕрзонд, сӕхи хуыдтой рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕммӕ кастысты уӕлейӕ дӕлӕмӕ.

Сӕхи афтӕ кӕй дардтой, уый кой Йесо ракодта йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй иуы. Уый загъта: «Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „О Хуыцау, бузныг, ӕз иннӕты хуызӕн стигъӕг, фыдгӕнӕг, хӕтаг кӕй нӕ дӕн, науӕд мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн. Къуыри дыууӕ хатты ком дарын, цыдӕриддӕр самал кӕнын, уымӕй дӕсӕм хай раттын“. Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „О Хуыцау, ныххатыр мын кӕн, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн“» (Лук. 18:11–13).

Йесо раппӕлыд хъалонисӕджы сӕрныллӕгдзинадӕй: «Зӕгъын уын: ацы лӕг сӕхимӕ... [фарисейӕ] рӕстагдӕрӕй ацыд. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Лук. 18:14). Кӕд бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ хъалонисджытӕ се ’ппӕт дӕр хӕрам митӕ кӕнынц, уӕддӕр Йесойы фӕндыд, чи йӕм дзы хъуыста, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъалонисӕджы, Матфей ӕмӕ Закхей, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ систы.

Чи зоны, мах иннӕтӕй уӕлдай цавӕрдӕр курдиӕттӕй хайджын стӕм кӕнӕ Йегъовӕйы организацийы нӕ бӕрны кадджын хӕстӕ ис. Кӕнӕ, чи зоны, иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ уынӕм. Уыдӕтты тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын куы райдайӕм, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр стӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм? Хъуамӕ ахӕм хъуыдытӕ уайтагъд нӕхицӕй фӕсурӕм, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны, уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы. Раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны, фӕлӕ цин кӕны рӕстдзинадыл» (1 Кор. 13:4–6).

Мах дӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм апостол Павелау. Павел афтӕ куы ныффыста, «Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ», зӕгъгӕ, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уыцы тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг» (1 Тим. 1:15).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн:

Ӕмбарын ӕй, тӕригъӕдджын адӕймаг кӕй дӕн ӕмӕ мӕ бон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй у фервӕзын? Ӕви бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнын, Хуыцауы организацийы мӕ бӕрны кадджын хӕстӕ кӕй ис кӕнӕ цавӕрдӕр курдиӕттӕй хайджын кӕй дӕн, уый тыххӕй мӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайын?

2 Фарисейтӕ иннӕты цӕстмӕ сӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдыстой. Уыдон сӕхицӕн кад агуырдтой ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ кадджын нӕмттӕй хуыдтаиккой.

Йесо фарисейты тыххӕй загъта: «Цы аразынц, уый та аразынц адӕмы цӕстмӕ: сӕхи фыдбылызӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ ныхтыл ӕмӕ сӕ цӕнгтыл Закъоны ныхӕстимӕ цы къоппытӕ дарынц, уыдон фестырдӕр кӕнынц, сӕ уӕлӕдарӕсы хаутӕ та даргъдӕр фӕкӕнынц. Уыдон уарзынц фынгтыл уӕлейӕ бадын, ӕмбырдгӕнӕнты та – разӕй. Уарзынц, цӕмӕй сын базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой ӕмӕ сӕм, ахуыргӕнӕг, зӕгъгӕ, дзурой» (Матф. 23:5–7). Йесо бынтон ӕндӕр зондыл хӕст уыд. Кӕд Хуыцауы Фырт уыд ӕмӕ уыд ӕххӕст адӕймаг, уӕддӕр уыд сӕрныллӕг. Иу адӕймаг ӕй «хорз» куы схуыдта, уӕд ын Йесо загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у» (Мар. 10:18). Ӕндӕр хатт та Йесо ныхсадта йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, уыдон дӕр алкӕддӕр сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой (Иоан. 13:1–15).

Ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ лӕггад кӕной сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн (Гал. 5:13). Ӕмӕ уый уӕлдайдӕр хауы, ӕмбырды цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонмӕ. «Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны», уый хорз хъуыддагмӕ тырны, фӕлӕ йӕ уымӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, иннӕтӕн ӕй ӕххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый. Цӕстдарӕг иннӕтӕй кадджындӕр нӕу, стӕй сын хицау дӕр нӕу. Цӕстдарджытӕй чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр хъуамӕ уой Йесойау «сӕрныллӕг» (1 Тим. 3:1, 6; Матф. 11:29).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн:

Мыййаг, ӕмбырды цӕстдарджыты иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын, зӕгъгӕ, кӕд мӕнӕн дӕр ӕмбырды мӕ бӕрны кадджын хӕстӕ бакӕниккой? Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ фылдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕ аразынмӕ тырнын? Иннӕты цӕсты кӕй тыххӕй скадджын уыдзынӕн ӕмӕ мӕ кӕй тыххӕй ӕппӕлдзысты, ахӕм хъуыддӕгтӕ? Мыййаг, ууыл архайын, ӕмӕ алкӕддӕр иннӕтӕй хуыздӕр уон?

3 Фарисейты амындтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй хуымӕтӕг адӕмӕн Закъон сси уӕззау уаргъ.

Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон радта, цӕмӕй зыдтаиккой, куыд ын хъӕуы лӕггад кӕнын, уый. Фӕлӕ дзы алцы лыстӕг хабӕртты онг фыст нӕ уыд. Зӕгъӕм, Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сабаты кусӕн нӕ уыд. Фӕлӕ куыстмӕ цы хауы ӕмӕ цы нӕ хауы, уый дзы лыстӕггай фыст нӕ уыд (Рац. 20:10). Фарисейтӕ та Закъонмӕ сӕхи амындтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ бафтыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы Закъон алцы дзӕбӕх не ’мбарын кӕны. Йесо Чырысти фарисейты ӕгъдӕуттӕ не ’ххӕст кодта, фӕлӕ Хуыцауы Закъон (Матф. 5:17, 18; 23:23). Йесо ӕмбӕрста, Хуыцауы закъӕттӕй алкӕцы дӕр ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъуыд, уый, ӕмӕ йӕ зыдта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм уой фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, цы сын дзырдта, уый-иу куы нӕ сарӕзтой, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, цы ӕхсӕв ӕй ӕрцахстой, уыцы ӕхсӕв йӕ апостолтӕй ӕртӕйӕн загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уыдаиккой, фӕлӕ та-иу бафынӕй сты. Фӕлӕ сӕ Йесо уӕддӕр ӕмбӕрста ӕмӕ фӕлмӕнӕй загъта: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Мар. 14:34–42).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн:

Мыййаг, мӕхӕдӕг цыдӕр уагӕвӕрдтӕ не ’рхъуыды кӕнын ӕмӕ иннӕтӕй дӕр нӕ фӕдомын, цӕмӕй уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайой? Мыййаг, мӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕнын, уымӕй закъон нӕ саразын? Иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домын?

Йесо Чырысти цы амыдта, уый тынг хицӕн кодта, фарисейтӕ цы амыдтой, уымӕй. Мыййаг дӕ исты фӕивын хъӕуы, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн тынгдӕр уай? Кӕд о, уӕд ууыл ӕппӕт тыхтӕй бацархай.

[Ныв 28 фарсыл]

Фарисейтӕ-иу сӕ уӕлӕ бакодтой къоппытӕ Закъоны ныхӕстимӕ (Матф. 23:2, 5)

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Сӕрбӕрзонд фарисейтӕй уӕлдай, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц

[Ныв 30 фарсыл]

Йесо иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домдта. Ды дӕр афтӕ архайыс?