Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, ӕцӕгдӕр аргъ кӕныс?

Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, ӕцӕгдӕр аргъ кӕныс?

«Йегъовӕ уын ахӕм лӕвар ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ мойы хӕдзары ӕнцойдзинад куыд ссара» (РУФ 1:9).

1. Хуыцау Адамӕн ус куы сфӕлдыста, уӕд Адам цы загъта?

«КӔДӔЙ-УӔДӔЙ! Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй. Ӕмӕ хуындзӕн Сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ ист у нӕлгоймагӕй» (Райд. 2:23). Йегъовӕ Адамӕн, фыццаг адӕймагӕн, ус куы сфӕлдыста, уӕд уымӕй амондджындӕр нӕ уыд! Ӕмӕ ахӕм рӕсугъд ныхӕстӕ дӕр уый тыххӕй загъта. Хуыцау Адамыл тарф фынӕй бафтыдта, йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа ӕмӕ дзы скодта уыцы рӕсугъд сылгоймаджы. Фӕстӕдӕр ӕй Адам схуыдта Евӕ. Хуыцау ацы дыууӕ адӕймаджы цард баиу кодта, ӕмӕ уыдысты амондджын. Йегъовӕ Евӕйы Адамы фӕрскӕй кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ уыдон кӕрӕдзийӕн куыд ӕввахс уыдысты, афтӕ ныртӕккӕ иу лӕг ӕмӕ ус дӕр не сты.

2. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзи цӕмӕн бауарзынц?

2 Йегъовӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ кӕрӕдзи бауарзынц, сӕ зӕрдӕты уарзты зынг ссудзы. Ӕнӕ кӕрӕдзи сӕ бон цӕрын нал вӕййы, ӕмӕ уӕд дыууӕ уды сӕ цард баиу кӕнынц. Адӕймаг йӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕны, уӕд ӕй ныфс вӕййы, сӕ уарзт сӕ зӕрдӕты цӕрӕнбонтӕм кӕй судздзӕн. Уымӕн цӕвиттон сты бирӕ бинонтӕ Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн.

УЫДОН ХУЫЦАУЫ ЛӔВАРӔН АРГЪ КОДТОЙ

3. Авраам цы сарӕзта, цӕмӕй Исахъӕн цардӕмбал ссардтаид?

3 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам тынг аргъ кодта, Йегъовӕ бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕн. Ӕмӕ йӕ хистӕр лӕггадгӕнӕджы Месопотамимӕ арвыста, цӕмӕй йын йӕ фырт Исахъӕн цардӕмбал ссардтаид. Йӕ лӕггадгӕнӕг уыцы хъуыддаджы тыххӕй Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ йын уый йӕ куывд фехъуыста. Хуыцауӕн кувӕг сылгоймаг Ревеккӕ Исахъы бинойнаг сси, ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕ Авраамӕн йӕ байзӕддаджы тыххӕй зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хъуыддаг Ревеккӕйы уылты дӕр сӕххӕст (Райд. 22:18; 24:12–14, 67). Абон бирӕтӕ сӕхицӕн цардӕмбал сӕхӕдӕг равзарынц. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ иуӕй-иуты фӕфӕнды искӕмӕн искӕй банымудзын. Фӕлӕ дын адӕймаг йӕхӕдӕг куы нӕ зӕгъа, искӕй-ма мын бацамон, зӕгъгӕ, уӕд ын искӕй нымудзын раст нӕ уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау нын цардӕмбал нӕ бӕсты нӕ равзардзӕн. Фӕлӕ дзы чырыстон адӕймаг разамынд куы кура ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ куы кӕна, уӕд ын ацы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгты дӕр ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн (Гал. 5:18, 25).

4, 5. Суламитаг чызг ӕмӕ фыййау лӕппу кӕрӕдзи кӕй уарзтой, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

4 Раджы заман Израилы царди иу суламитаг рӕсугъд чызг. Уый нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ сразы кодтаиккой ӕмӕ суыдаид паддзах Соломоны бирӕ устытӕй сӕ иу. Загъта сын: «О Иерусалимы чызджытӕ, расомы мын кӕнут, кӕй нӕ архайдзыстут мӕ риуы уарзт райхъал кӕныныл, мӕ риуы уарзты зынг ссудзыныл, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды ссудзын» (Сол. з. 8:4). Суламитаг чызгӕн уыди уарзон, фыййау лӕппу. Чызг йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ лӕппуйӕн загъта: «Ӕз дӕн хуымӕтӕг быдырон дидинӕг, дӕлвӕзты чи зайы, ахӕм лили». Фӕлӕ-ма кӕс, фыййау та куыд загъта: «Сындзыты ’хсӕн лили куыд у, афтӕ у мӕ хуры хай чызджыты ’хсӕн»! (Сол. з. 2:1, 2). Кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр тынг уарзтой.

5 Уыдонӕн сӕ цард никуы фехӕлдаид, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр се ’ппӕтӕй фылдӕр Хуыцауы уарзтой. Чызг ма йӕ уарзонӕн афтӕ дӕр загъта: «Дӕ зӕрдӕйыл мӕ мыхуырау сӕвӕр, мыхуырау мӕ сӕвӕр дӕ къухыл, уымӕн ӕмӕ уарзт у мӕлӕтау тыхджын, ингӕнау у ӕнӕбасӕтгӕ – домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион. Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт [ома уарзт уымӕй цӕуы]. Уарзты зынг бирӕ дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты, цӕугӕдӕттӕ дӕр ӕй нӕ аласдзысты. Адӕймагмӕ зынаргъӕй цы ис, уыдон иууылдӕр куы дӕттид уарзондзинады тыххӕй, уӕддӕр ын сӕ нӕ бакомиккой» (Сол. з. 8:6, 7). Уӕдӕ цымӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ацы хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсой ӕмӕ сыл сӕ цардӕмбал афтӕ иузӕрдион кӕй уыдзӕн, уымӕ хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсой?

КӔЙ РАВЗАРДЗЫНӔ, УЫМӔ ХУЫЦАУ КУЫДФӔНДЫЙЫ ЦӔСТӔЙ НӔ КӔСЫ

6, 7. Кӕцӕй йӕ зонӕм, цардӕмбалӕн кӕй равзардзыстӕм, уымӕ Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы?

6 Цардӕмбалӕн кӕй равзардзынӕ, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Зӕгъӕм, израилӕгты ханаайнӕгты тыххӕй фӕдзӕхста: «Хӕстӕгӕн... [сӕ] ма агурут. Сӕ лӕппутӕн сын чызг ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыдон уын уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты. Ӕмӕ уӕм уӕд Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ уайтагъд фесафдзӕн» (Дык. з. 7:3, 4). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ та сауджын Ездрӕ загъта: «Ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ кӕй ӕрхастат, уымӕй сымах Хуыцауыл гадзрахатӕй рацыдыстут ӕмӕ ма Израилы тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдтат» (Езд. 10:10). Ӕмӕ апостол Павел та йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Цалынмӕ усӕн йӕ лӕг ӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Фӕлӕ йӕ лӕг куы амӕла, уӕд ын ис бар, ӕмӕ смой кӕна, кӕмӕ йӕ фӕнды, уымӕ, ӕрмӕст кӕд уыцы адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг у, уӕд» (1 Кор. 7:39).

7 Йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уый йӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ куы баиу кӕна, уӕд разындзӕн Хуыцауӕн ӕгоммӕгӕс. Ездрӕйы рӕстӕджы израилӕгтӕй чидӕртӕ ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ ӕрхастой ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты. Фыстады комкоммӕ фыст ис, чырыстон йӕ цард кӕимӕ хъуамӕ баиу кӕна, уый тыххӕй. Ӕмӕ раст нӕ уаид, исчи Хуыцауы фӕдзӕхстыты сӕрты ахизынӕн ӕфсӕнттӕ куы агурид (Езд. 10:10; 2 Кор. 6:14, 15). Кӕд донаргъуыд чырыстон, донаргъуыд чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ йӕ цард баиу кодта, уӕд фӕзминаг нӕу ӕмӕ Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, нӕ аргъ кӕны. Уый тыххӕй ма, ӕмбырды йын цы кадджын хӕстӕ ис, уыдонӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн. Стӕй ма Хуыцаумӕ афтӕ куы кувид, Йегъовӕ, зонгӕ-зонын дын дӕ ныхасы сӕрты ахызтӕн, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курын, раарфӕ мын кӕн, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр цас раст уаид?

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ЗОНЫ

8. Бинонты царды тыххӕй Хуыцау цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

8 Зӕгъӕм, гӕрзтӕхсӕн машинӕ чи саразы, уый йӕ хорз фӕзоны, уыцы дзаума куыд кусы. Ӕмӕ йӕ бон у иннӕтӕн бацамонын, пайда кӕнын дзы куыд хъӕуы, уый. Фӕлӕ йын йӕ амындтӕм куы нӕ байхъусӕм ӕмӕ, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ дзы куы пайда кӕнӕм, уӕд цы рауайдзӕн? Хорзӕй ницы, хӕлгӕ дӕр ма фӕкӕндзӕн. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ бинонты цард амондджын уа, уӕд хъуамӕ архайӕм Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ бинонты цард уый скодта.

9. Йегъовӕ адӕмӕн бинонты цард цӕмӕн балӕвар кодта?

9 Йегъовӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ бинонты царды тыххӕй алцыдӕр зоны. Уый фӕндыд, цӕмӕй адӕм цот уагътаиккой ӕмӕ сбирӕ уыдаиккой, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ бакодта, цӕмӕй лӕг ӕмӕ усы фӕнда кӕрӕдзийы барӕвдауын ӕмӕ-иу ӕмуат ӕрцӕуой (Райд. 1:28). Уымӕй уӕлдай, Хуыцау ӕмбары, адӕймагӕн иунӕгӕй хатт ӕнкъард кӕй вӕййы, уый дӕр. Цалынмӕ Евӕйы не сфӕлдыста, уӕдмӕ афтӕ загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг» (Райд. 2:18). Стӕй Йегъовӕ уый дӕр зоны, ӕмӕ бинонты цард стыр цины хос кӕй вӕййы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 5:15–18.)

10. Чырыстон лӕг ӕмӕ ус сӕ сусӕг ахастдзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд рухс кӕндзысты?

10 Алы адӕймаг дӕр йӕ туджы рахаста тӕригъӕд ӕмӕ у ӕнӕххӕст. Уӕдӕ ныртӕккӕ ӕххӕст бинонтӕ нӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у, ӕмӕ амондджын уой, сӕ царды алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд. Зӕгъӕм, Павел радта бӕлвырд уынаффӕтӕ, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уый фӕдыл. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:1–5.) Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ-иу лӕг ӕмӕ ус ӕмуат хъуамӕ ӕрцӕуой ӕрмӕст цот рауадзыны тыххӕй. Ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕрцы ма сӕ бон у кӕрӕдзийыл цинтӕ кӕнын, узӕлын дӕр. Фӕлӕ хӕлд митӕ Хуыцауӕн ӕнад сты. Чырыстон лӕг ӕмӕ ус ацы ахсджиаг хъуыддагмӕ хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсой ӕмӕ хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой сыгъдӕг ӕмӕ фӕлмӕн уарзтӕй.

11. Йегъовӕйы цӕсты раст куыд уыд, Руф афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын?

11 Бинонты цард хъуамӕ уа цин ӕмӕ амонды хос. Афтӕ хъуамӕ ма уа, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бинонты цард уӕззау уаргъ у ӕмӕ хъуыды кӕны, гъеныр мӕ цӕмӕн хъуыди, зӕгъгӕ. Чырыстон бинонтӕн сӕ хӕдзары хъуамӕ цӕра фарн. Ӕркӕсӕм-ма, иу-ӕртӕ мин азы размӕ цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Ацӕргӕ сылгоймаг Ноемин ӕмӕ йӕ чындзытӕ Орфӕ ӕмӕ Руф идӕдзӕй баззадысты. Ӕмӕ Моавӕй Иудӕмӕ куы цыдысты, уӕд Ноемин йӕ чындзытӕн загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ адӕммӕ аздӕхтаиккой. Фӕлӕ Руф нӕ бакуымдта ӕмӕ Ноеминимӕ баззад. Стӕй ма ӕцӕг Хуыцауыл дӕр иузӕрдион уыд, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр Вооз, уый дӕр ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, загъта: «Дӕхи кӕй базыры бын бакӕнынмӕ ӕрцыдтӕ, уыцы Хуыцау, Израилы Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад ӕххӕстӕй бафидӕд» (Руф 1:9; 2:12). Руф тынг аргъ кодта Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, ӕмӕ смой кодта Воозмӕ, кӕд йӕхицӕй бирӕ хистӕр уыд, уӕддӕр. Руф ног дунейы куы райгас уа ӕмӕ куы базона, Йесо Чырысти йӕ байзӕддӕгтӕй кӕй рацыд, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыдзӕн! (Матф. 1:1, 5, 6; Лук. 3:23, 32). Йегъовӕйы цӕсты раст куыд уыд, афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын!

ХОРЗ УЫНАФФӔТӔ БИНОНТӔН

12. Бинонты царды фӕдыл хорз уынаффӕтӕ кӕм ис ссарӕн?

12 Бинонты цард Чи скодта, уый нын ӕмбарын кӕны, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый. Уыцы хъуыддаг афтӕ хорз иу адӕймаг дӕр нӕ зоны. Библи цы дзуры, ӕрмӕстдӕр уый вӕййы алкӕд раст. Ӕмӕ кӕд искӕй фӕнды искӕмӕн бинонты царды фӕдыл хорз уынаффӕ раттын, уӕд ӕй хъуамӕ ратта Библимӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, апостол Павел ныффыста: «Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Еф. 5:33). Ацы уынаффӕйы ахӕмӕй ницы ис, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн зын бамбарӕн уа. Хъуыддаг ӕндӕр цӕйдӕр мидӕг ис: Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ архайдзысты? Кӕд йӕ лӕварӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕнынц, уӕд о *.

13. 1 Петры 3:7 стихы цы уынаффӕ ис, лӕг уымӕ гӕсгӕ куы нӕ архайа, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

13 Чырыстон лӕг хъуамӕ йӕ усы уарза ӕмӕ йемӕ уа фӕлмӕн. Апостол Петр ныффыста: «Афтӕ сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, ӕмбарут сӕ, афтӕмӕй. Сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр уыдонимӕ райсдзыстут Хуыцауы стыр хорзӕх – цард. Науӕд уын Хуыцау уӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн» (1 Пет. 3:7). Лӕг Хуыцауы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы нӕ архайа, уӕд ын, гӕнӕн ис, Хуыцау йӕ куывдтытӕ мауал хъуса. Уый уымӕ дӕр ӕркӕндзӕн, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ ус дӕр Йегъовӕйӕ адард уыдзысты. Стӕй ма афтӕ дӕр рауайдзӕн, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн масты хос уыдзысты, ӕдзух кӕндзысты хыл ӕмӕ кӕрӕдзи ӕфхӕрдзысты.

14. Йӕ лӕджы чи уарзы, уыцы сылгоймагӕн йӕ бинонтӕн хорзӕй йӕ бон цы у саразын?

14 Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы сылгоймагӕн йӕ бон бирӕ у саразын, цӕмӕй йӕ хӕдзары уа фарн ӕмӕ амонд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон лӕг йӕ усы уарзы ӕмӕ йыл тыхсы. Ӕмӕ йӕ бинойнаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ лӕг уарза. Уый тыххӕй та йӕм хъуамӕ уа зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕ, ӕмӕ йӕ уӕд йӕ лӕг ноджы тынгдӕр уарздзӕн. «Зондджын сылгоймаг хӕдзараразӕг у, ӕнӕзонд та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй фехалы»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 14:1. Зондджын чи у ӕмӕ йӕ лӕджы чи уарзы, ахӕм сылгоймагӕн ӕцӕгдӕр йӕ бон бирӕ у – йӕ бинонтӕ вӕййынц амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг. Уый ӕвдисы, Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕны.

15. Ефесӕгтӕм 5:22–25 стихты цавӕр уынаффӕ ис?

15 Йесо Чырысти йе ’мбырдӕн куыд у, чырыстон лӕг ӕмӕ ус дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ куы вӕййынц, уӕд бӕрӕг вӕййы, Хуыцауы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнынц. Уыдон кӕрӕдзи уарзынц, кӕрӕдзийы нымайынц. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:22–25.) Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр куы уарзой, уӕд сӕрбӕрзонд нӕ уыдзысты ӕмӕ сывӕллӕттау тӕргӕйттӕ ӕмӕ мадзуратӕ нӕ кӕндзысты, стӕй ӕндӕр ӕвзӕр миниуджыты аххосӕй дӕр сӕ бинонты цард нӕ халдзысты. Ахӕм бинонтӕн Йегъовӕ ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн!

МАЧИ СӔ АХИЦӔН КӔНӔД

16. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ бинонтӕ цӕуылнӕ скӕнынц?

16 Адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕфӕнд кӕнынц иу бон сӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ бинонтӕ нӕма скодтой, уымӕн ӕмӕ нӕма фембӕлдысты, сӕхи зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр чи фӕцӕудзӕн, ахӕм адӕймагыл. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды бинонтӕ скӕнын. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн вӕййы фылдӕр рӕстӕг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, стӕй ӕнӕ бинонтӕй дӕр вӕййынц амондджын (Матф. 19:10–12; 1 Кор. 7:1, 6, 7, 17).

17. а) Йесо бинонты царды тыххӕй цы загъта? ӕ) Чырыстон искӕй усмӕ кӕнӕ искӕй лӕгмӕ куы бабӕлла, уӕд уайтагъд цы хъуамӕ сараза?

17 Бинонтӕ нын ис ӕви нӕ,– алчидӕр нӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара Йесойы ныхӕстӕ: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ кӕй загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:4–6). Искӕй усмӕ кӕнӕ искӕй лӕгмӕ бӕллын у тӕригъӕд (Дык. з. 5:21). Чырыстонӕн йӕ зӕрдӕйы ахӕм ӕнкъарӕн куы фӕзына, уӕд ӕй хъуамӕ уайтагъд бындзарӕй стона. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ бакӕна, уыцы хиуарзон монц йӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна ӕмӕ йын уый тынг зын куы уа, уӕд дӕр (Матф. 5:27–30). Адӕймаг хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй ахӕм зондахаст фӕива ӕмӕ йӕ мӕнгард зӕрдӕйы тӕригъӕдджын фӕнд ныххурх кӕна (Йер. 17:9).

18. Бинонты цардмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

18 Йегъовӕйы тыххӕй, стӕй, бинонты цард йӕ лӕвар кӕй у, уый тыххӕй гыццыл йеддӕмӕ йе та ӕппындӕр чи нӕ зоны, уыцы адӕм дӕр ма фӕаргъ кӕнынц бинонты цардӕн. Ӕмӕ йын уӕд мах ноджы тынгдӕр хъуамӕ ма аргъ кӕнӕм? Мах, «амондджын Хуыцау» Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, цин кӕнӕм йӕ лӕвӕрттыл ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цардӕй бӕрӕг уа, Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕнӕм! (1 Тим. 1:11).

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Бинонты царды тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Дӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн», 10 ӕмӕ 11 сӕртӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Бинонтӕ кӕрӕдзи куы ӕмбарой, уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр уыдзысты амондджын

[Ныв 5 фарсыл]

Руф равдыста, Хуыцауы лӕварӕн, бинонты цардӕн, кӕй аргъ кодта

[Ныв 7 фарсыл]

Йегъовӕйы лӕварӕн, бинонты цардӕн, кӕй аргъ кӕныс, уый бӕрӕг у?