Зондджын у – агур «хорз разамынд»
Цард абарӕн ис, адӕймаг науыл балцы куыд цӕуа, уыимӕ. Фӕлӕ арӕх адӕймагмӕ фаг зонд нӕ разыны, цӕмӕй йӕ «балцы» ӕнтыстджын уа. Бирӕтӕн сӕ «нау» царды «абухгӕ дӕтты» ныппырх вӕййы (Пс. 107:23, 27). Цымӕ цӕмӕн ис зындзинӕдтӕ зын балцимӕ абарӕн?
Раджы заманты денджызыл цӕуын ӕнцон нӕ уыди, уый тыххӕй хъуыди фӕлтӕрддзинад. Арӕх-иу уыцы хъуыддагыл иннӕты ахуыр кодтой дӕсны денджыздзаутӕ, ӕвӕццӕгӕн, наутӕрджытӕ (Хъуыд. 27:9–11). Наутӕрӕгӕн науыл ахсджиаг бынат кӕй ис, уый равдисыны тыххӕй-иу ӕй бирӕ рагон нывтыл стырдӕрӕй сныв кодтой. Денджызы балцы ацӕуыны размӕ уал-иу денджыздзаутӕ фылдӕр базыдтой стъалыты тыххӕй, дымгӕ куыд дымы, уый тыххӕй ӕмӕ ма сын фӕндагыл чи баххуыс кодтаид, ӕндӕр ахӕм хабӕртты тыххӕй. Библийы кӕйдӕрты тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уыдысты «дӕсны» наудзаутӕ (Йез. 27:8). «Дӕсны»-йӕ тӕлмац дзырд ма нысан кӕны «зондджын» дӕр.
Абон адӕймаг царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уыдон абарӕн ис, раджы заманты-иу денджызы цӕуын куыд зын уыди, уыимӕ. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сӕрты хизӕм?
КУЫД ИС «ХОРЗ РАЗАМЫНД» ССАРӔН?
Кӕд цард балцимӕ ис абарӕн, уӕд-ма ахъуыды кӕнӕм, Библи цы зӕгъы, ууыл: «Зондджын адӕймаг байхъусдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн, ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг бамбардзӕн, куыд бакӕнын хъӕуы, уый» (Ӕмб. 1:5, 6). Ацы ныхӕстӕй, «куыд бакӕнын хъӕуы, уый», зӕгъгӕ, цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «хорз разамынд» дӕр ӕмӕ амоны, раджы заманты-иу науы капитан цы арӕзта, уымӕ. Ацы дзырдӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг хорз кӕй арӕхсы разамынд дӕттынмӕ.
Кӕд нӕ тынг бафыдӕбон кӕнын хъӕуы, уӕддӕр нӕ бон у «хорз разамынд» ссарын ӕмӕ царды «денджызы» ӕнтыстджынӕй «ленк кӕнын». Ӕмбисӕндты чиныгӕй куыд базонӕн ис, афтӕмӕй нӕм хъуамӕ уа зонд, ӕмбарындзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад – ацы ӕртӕ миниуӕджы хъуамӕ иумӕ архайой (Ӕмб. 1:2–6; 2:1–9). Стӕй ма нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы разамынд агурын, уымӕн ӕмӕ ма суанг фыдгӕнджытӕ дӕр сӕ фыдхъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ цавӕрдӕр разамындмӕ гӕсгӕ фӕархайынц (Ӕмб. 12:5).
Уӕдӕ хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм. Уый фӕрцы базондзыстӕм бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй. Чырыстийы хуызӕн йӕ Фыды миниуджытӕ ничи равдыста (Иоан. 14:9). Бирӕ хорз уынаффӕтӕ ма фехъусӕм ӕмбырдты дӕр. Уымӕй уӕлдай ма нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн иннӕты ӕмӕ нӕ ныййарджыты царды фӕлтӕрддзинад дӕр (Ӕмб. 23:22).
РАГАЦАУ-ИУ АХЪУЫДЫ КӔН
Хорз разамынд нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, царды «змӕст дӕтты» куы бахауӕм, уӕд. Уӕззау уавӕры, Иак. 1:5, 6).
куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ зонӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ къухтӕ дӕр ауадзӕм, ӕмӕ нӕ уый та хорзмӕ не ’ркӕндзӕн (Библийы ӕндӕр рӕтты дзырдбаст «хорз разамынд» кӕм ӕмбӕлы, уым ма амоны хӕстимӕ баст хъуыддӕгтӕм дӕр. Фыст дзы ис: «Искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд. Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый у ирвӕзындзинад» (Ӕмб. 20:18; 24:6).
Хорз уаид, дӕсны хӕстон разамонӕг тохмӕ куыд фӕцӕттӕ кӕны, мах дӕр-иу афтӕ нӕхи рагацау куы цӕттӕ кӕниккам ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттыл, цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм (Ӕмб. 22:3). Зӕгъӕм дӕ фӕнды ӕндӕр куыстмӕ бацӕуын кӕнӕ, кӕм кусыс, уым дын зӕгъынц, уӕлдӕр бынаты дӕ кӕй сӕвӕрдзысты, ӕмӕ дӕ уый фӕдыл хъӕуы уынаффӕ рахӕссын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахъуыды кӕндзынӕ, цас дын фиддзысты, фӕндагыл дын цас рӕстӕг цӕудзӕн, стӕй ма ӕндӕр хабӕрттыл дӕр. Фӕлӕ ма дӕ хъӕуы ахӕм фарстатыл дӕр ахъуыды кӕнын: «Уыцы куыст, Библимӕ гӕсгӕ раст цы нӕу, ахӕм цӕимӕдӕр баст нӕу? Кӕнӕ дзы кӕд ӕхсӕвыгон дӕр хъӕуа кусын, уӕд мӕ Хуыцауы хъуыддӕгты нӕ къуылымпы кӕндзӕн?» (Лук. 14:28–30).
Лореттӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ йын уыди хорз куыст. Сӕ куыст сын ӕндӕр ранмӕ куы ивтой, уӕд Лореттӕйӕн загътой, стырдӕр бынаты йӕ кӕй сӕвӕрдзысты. Йӕ хицӕуттӕ йын загътой: «Дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Ахӕм фадат царды иу хатт йеддӕмӕ нӕ вӕййы. Мах ӕй базыдтам, уырдӕм хӕстӕг Паддзахады зал дӕр кӕй ис». Фӕлӕ Лореттӕйы та фӕндыди йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кодтаид. Ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, уыцы бынатыл куы сразы уа, уӕд ын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ йын кӕд хицӕуттӕй иу сусӕгӕй афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, дам, дӕу йеддӕмӕ ацы куысты никӕй ныууадзиккам, уӕддӕр йӕ куыстӕй ацыд. Лореттӕ ныр 20 азы бӕрц лӕггад кӕны пионерӕй. Ӕмӕ йӕ зоны, хорз разамындмӕ гӕсгӕ, ома Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕй архайдта, йӕ лӕггады ӕнтыстджын уый фӕрцы кӕй уыди. Тынгдӕр баввахс Йегъовӕмӕ ӕмӕ ма цалдӕр адӕймагӕн дӕр баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн.
Хорз разамынд ма ӕнӕмӕнг хъӕуы бинонты дӕр. Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын иу боны хъуыддаг нӕу. Ӕмӕ ныййарджытӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ сӕ дарой, уыдон ӕндавынц ӕгас бинонтыл дӕр (Ӕмб. 22:6). Зӕгъӕм, чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй нӕ сывӕллӕтты ууыл ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной ӕмӕ уый фӕрцы, куы сыстыр уой, уӕд ӕмбаргӕйӕ архайой? Цымӕ махмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбарынц, цардӕй райгонд уӕд кӕй уыдзысты, хуымӕтӕг цард куы кӕной ӕмӕ сӕ лӕггад фыццаг бынаты куы ӕвӕрой?» (1 Тим. 6:6–10, 18, 19).
Ацы дунейы адӕм фылдӕр тырнынц хъӕздыгдзинадмӕ кӕнӕ стыр бынатмӕ. Фӕлӕ, адӕймаг царды ӕцӕгӕй ӕнтыстджын уыдзӕн ӕви нӕ, уый уымӕй кӕнгӕ нӕу. Паддзах Соломон дӕр уый хорз ӕмбӕрста ӕмӕ ныффыста: «Хорз уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон тӕрсынц Хуыцауӕй» (Еккл. 8:12). Уӕдӕ бӕрӕг у, зондджын адӕймаг «хорз разамынд» Хуыцауы Ныхасы кӕй фӕагуры (2 Тим. 3:16, 17).
[Ныв 30 фарсыл]
Наутӕрӕгӕн науыл ахсджиаг бынат кӕй уыд, уый тыххӕй-иу ӕй нывтыл стырдӕрӕй сныв кодтой
[Барлӕвӕрдӕй]
Su concessione del Ministero per i Beni e le Attività Culturali. It is forbidden to reproduce or duplicate this image in any way or by any means.