Биографи
Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ базыдтам «иу сусӕгдзинад»
Радзырдта йӕ Оливье Рандриамура
«Ӕз зонын, цы у хъуаг ӕййафын дӕр ӕмӕ цы у, алцыдӕр дын парахатӕй уа, уый дӕр. Алы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ алы уавӕрты дӕр базыдтон иу сусӕгдзинад: куыд ис цӕрӕн ӕфсӕстӕй дӕр ӕмӕ ӕххормагӕй дӕр... Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:12, 13).
АПОСТОЛ Павелы ныхӕстӕ алкӕддӕр стыр ныфсы хос уыдысты мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинойнаг Улийӕн дӕр. Мадагаскары лӕггад кӕнгӕйӕ мах дӕр нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардтам Йегъовӕйыл ӕмӕ афтӕмӕй уыцы «сусӕгдзинад» базыдтам.
1982 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Улийы мадимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Уыцы рӕстӕг мах Улиимӕ уыдыстӕм фидыд. Мӕн дӕр бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын, фӕстӕдӕр та Ули дӕр райдыдта ахуыр кӕнын. 1983 азы нӕ цард баиу кодтам. 1985 азы донаргъуыд куы райстам, уый хӕдфӕстӕ райдыдтам ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. 1986 азы июлы та систӕм ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ.
1987 азы сентябры райдыдтам сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнын. Фыццаг нӕ арвыстой Мадагаскары цӕгат-ныгуылӕн хаймӕ, иу гыццыл горӕтмӕ. Уыцы горӕты ӕмбырд нӕ уыди. Мадагаскары цӕры иу-18 стыр адӕмыхатты ӕмӕ ма ноджыдӕр тынг бирӕ гыццыл адӕмыхӕттытӕ, ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Мадагаскары сӕйраг ӕвзаг у малагасиаг, фӕлӕ ма дзы ис алыхуызон диалекттӕ дӕр. Ӕмӕ мах дӕр, нӕ ног бынаты адӕм цы диалектыл дзырдтой, уый ахуыр кӕнынмӕ бавнӕлдтам. Уый фӕрцы нӕм бынӕттон цӕрджытӕ хуыздӕр хъуыстой.
Райдианты-иу ӕмбырды мах йеддӕмӕ ӕндӕр ничи уыди. Алы хуыцаубон дӕр мын уыди раныхас, ӕмӕ-иу куы фӕдӕн, уӕд-иу мын Ули амдзӕгъд кодта. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы-иу алы хай дӕр ауагътам. Ули-иу йӕ хӕслӕвӕрдтӕ афтӕ бацӕттӕ кодта, цыма-иу искӕимӕ ныхас кодта. Куыд нын фенцондӕр, районон цӕстдарӕг нӕм куы ӕрцыд ӕмӕ нын куы загъта, нӕ бон кӕй у фембӕлдтӕ ӕндӕрхуызон уадзын!
Почтӕ ӕвзӕр кӕй куыста, уымӕ гӕсгӕ-иу не ’хца алы хатт нӕ райстам. Афтӕмӕй, хъуаг ӕййафгӕйӕ цӕрын цы у, уый дӕр базыдтам. Иухатт нӕ хъуыди районон конгресмӕ ацӕуын ӕмӕ нӕм автобусы фаг ӕхца нӕ уыди. Цӕуын та нӕ хъуыди 130 километры бӕрц. Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты не ’фсымӕртӕй иуы ныхӕстӕ: «Цӕуыл фӕтыхсут, уый-иу Йегъовӕйӕн радзурут. Исты йын йӕ хъуыддаг нӕ аразут?!» Мах дӕр Йегъовӕмӕ скуывтам ӕмӕ сфӕнд кодтам къахӕй ацӕуын. Фӕлӕ нӕм нӕ ацыды размӕ ӕнӕнхъӕлӕджы иу ӕфсымӕр ӕрбацыд ӕмӕ нын ӕхца радта – растдӕр фӕндаггаджы фаг!
ӔМБЫРДТӔ БӔРӔГ КӔНӔМ
1991 азы февралы мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Уӕдмӕ нӕ гыццыл къорд
фӕфылдӕр ӕмӕ уыдыстӕм 9 хъусынгӕнӕджы, уыдонӕй 3 уыдысты донаргъуыд. Нӕ фембӕлдтӕм-иу арӕх ӕрбацыд иу-50 адӕймаджы. Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ мӕ куы бацӕттӕ кодтой, уӕд нӕ арвыстой сӕйраг горӕт Антананаривумӕ. 1993 азы та нӕ снысан кодтой нӕ бӕстӕйы скӕсӕн хаймӕ. Ам царды уавӕртӕ тынг хицӕн кодтой горӕты царды уавӕртӕй.Цӕмӕй ӕмбырдтӕ ӕмӕ, дард рӕтты цы къордтӕ уыди, уыдон бӕрӕг кодтаиккам, уый тыххӕй-иу нӕ бахъуыди къахӕй цӕуын, тархъӕдтӕ кӕм уыди, ахӕм хӕхтыл, хатт 145 километры бӕрц дӕр. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу немӕ бирӕ ницы рахастам. Фӕлӕ-иу раныхасы рӕстӕг слайдтӕ равдисын куы хъуыд (раздӕр-иу афтӕ дӕр уыди), уӕд-иу нӕ хӕссинӕгтӕ фӕуӕззаудӕр сты. Ули-иу хаста проектор, ӕз та – машинӕйы аккумулятор.
Цӕмӕй-иу иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ бафтыдаиккам, уый тыххӕй нӕ арӕх боны мидӕг хъуыди 40 километры бӕрц ацӕуын. Цыдыстӕм хӕххон фӕндӕгтыл хӕрды дӕр ӕмӕ уырдыджы дӕр, ахызтыстӕм-иу цӕугӕдӕттыл, стӕй-иу нӕ бахъуыди цъыфы цӕуын дӕр. Хатт-иу бахсӕвиуат кодтам фӕндаджы был, фӕлӕ арӕхдӕр архайдтам, цӕмӕй-иу искӕцы хъӕумӕ бахӕццӕ уыдаиккам ӕмӕ-иу ӕхсӕвы искӕмӕ ӕрлӕууыдаиккам. Афтӕ дӕр-иу рауад, ӕмӕ-иу ӕнӕзонгӕ адӕмӕн дӕр загътам, цӕмӕй-иу нӕ ӕхсӕв сӕхимӕ бауагътаиккой. Нӕхицӕн-иу бынат куы ссардтам, уӕд та-иу бавнӕлдтам хӕринаг кӕнынмӕ. Ули-иу фысымтӕй ракуырдта аг ӕмӕ-иу дон хӕссынмӕ ацыд цӕугӕдонмӕ йе та цадмӕ. Ӕз та-иу ракуырдтон фӕрӕт ӕмӕ-иу артӕн суг ӕрсастон. Ӕппӕт уыдӕттӕн бирӕ рӕстӕг куыннӕ хъуыди. Иуӕй-иу хатт-иу ӕхсӕвӕрӕн удӕгас карк балхӕдтам, аргӕвстам-иу ӕй ӕмӕ-иу ӕй ныссыгъдӕг кодтам.
Куы-иу бахордтам, уӕд-иу нӕхи ныхсынӕн дӕр дон ӕрбахастам. Хатгай-иу фынӕй кодтам, хӕринаг кӕм кодтам, уым. Къӕвда-иу куы уарыди, уӕд-иу къулгӕрон схуыссыдыстӕм, цӕмӕй ныл царӕй ма тагъдаид.
Алы хатт дӕр-иу архайдтам, цӕмӕй-иу нӕ фысымтӕн рӕстдзинады тыххӕй радзырдтаиккам. Нӕ бынатыл-иу куы сӕмбӕлдыстӕм, уӕд-иу ныл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ афтӕ фӕцин кодтой ӕмӕ-иу нӕ афтӕ суазӕг кодтой, ӕмӕ диссаг. Кӕй-иу сӕм ӕрцыдыстӕм, уымӕн афтӕ тынг аргъ кодтой, ӕмӕ-иу нӕ нӕ зындзинӕдтӕ рох дӕр фесты.
Не ’муырнджытӕм-иу куы ӕрлӕууыдыстӕм, уӕд-иу сӕм ӕхсызгонӕй фӕкастыстӕм сӕ хӕдзары куыстытӕ кӕнынмӕ. Уый фӕрцы-иу сӕ бон сси немӕ уацамынды ацӕуын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕхицӕн цы нӕ уыди, уыдӕттӕм сӕм не ’нхъӕлмӕ кастыстӕм: нӕдӕр амӕй-ай хуыздӕр уавӕртӕм, нӕдӕр амӕй-ай хуыздӕр хӕринӕгтӕм.
БӔРӔГ КӔНӔМ КЪОРДТӔ
Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, дард рӕтты чи уыди, уыцы къордтӕ бӕрӕг кӕнын. Уым-иу ӕфсымӕртӕ уыйбӕрц хъуыддӕгтӕ спълан кодтой, ӕмӕ нын-иу рӕстӕг дӕр нӕ уыди иу гыццыл нӕ фӕллад суадзынӕн (Мар. 6:31). Иу ран иу къай сӕхимӕ фӕхуыдтой, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр – 40 адӕймаджы. Фӕндыди сӕ, цӕмӕй мах дӕр семӕ сахуыр кодтаиккам. Ули ӕххуыс кодта уыцы хойӕн 20 ахуыры ауадзынӕн, ӕз та ӕххуыс кодтон ӕфсымӕрӕн иннӕ 20 ахуыргӕнинагимӕ сахуыр кӕнынӕн. Куыддӕр-иу ахуыргӕнинӕгтӕй иуимӕ ахуыр фестӕм, афтӕ-иу йӕ фӕстӕ иннӕимӕ райдыдтам ахуыр кӕнын. Уыцы бон ма ауагътам ӕмбырды фембӕлдтӕ дӕр, ӕмӕ та уый фӕстӕ дарддӕр иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ахуыр кодтам Библи. Арӕх-иу изӕры аст сахатӕй раздӕр не ссӕрибар стӕм.
Иухатт иу къорд куы бӕрӕг кодтам, уӕд семӕ сыхаг хъӕумӕ араст стӕм райсомы аст сахатыл. Нӕ уӕлӕ скодтам зӕронд дзаумӕттӕ. Бахъуыди
нӕ хъӕды бирӕ цӕуын, ӕмӕ нӕ бынатыл сӕмбӕлдыстӕм сихормӕ ӕввахс. Уым нӕ дзаумӕттӕ фӕивтам ӕмӕ уайтагъд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм. Хӕдзӕрттӕ дзы бирӕ нӕ уыд, фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ та бирӕ уыдысты, ӕмӕ сыл ӕрдӕг сахатмӕ ӕрзылдыстӕм. Уый фӕстӕ та ацыдыстӕм иннӕ хъӕумӕ. Уым дӕр куы фӕхъусын кодтам, уӕд нӕ хъуыди фӕстӕмӕ уыцы дард фӕндагыл рацӕуын. Фыццаг гыццыл нӕ ныфс асаст, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл бирӕ фӕфыдӕбон кодтам, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ та сахаты бӕрц йеддӕмӕ нӕ хъусын кодтам. Фӕлӕ бынӕттон Ӕвдисӕнтӕй хъаст ничи кодта, уыдон уӕддӕр цин кодтой.Цы къордтӕ бӕрӕг кодтам, уыдонӕй иу уыди горӕт Тавиранамбойы, хохы цъупмӕ ӕввахс. Уым цардысты иу бинонтӕ, уыдис сын, иу уат кӕм уыди, ахӕм хӕдзар. Фембӕлдтӕ-иу уагътой сӕ хӕдзары фарсмӕ иу гыццыл агъуысты. Куы ӕрцыдыстӕм, уӕд дын ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ фысым куы ныхъхъӕр кӕнид: «Ӕфсымӕртӕ!» Иннӕ хохы цъуппӕй йын дзуапп радтой: «Оуу!» Нӕ фысым та ногӕй ныхъхъӕр кодта: «Районон цӕстдарӕг ӕрцыди!» Дзуапп та йын радтой: «Хорз!» Ӕфсымӕртӕ уыцы хабар, ӕвӕццӕгӕн, фехъусын кодтой, ноджы дарддӕр чи цард, уыдонӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ адӕм ӕмбырд кӕнын райдыдтой, ӕмӕ нӕ фембӕлд куы райдыдта, уӕд дзы 100 адӕймагӕй фылдӕр уыди.
ЗЫНДЗИНӔДТӔ ФӔНДАГЫЛ
1996 азы нӕ ногӕй снысан кодтой Антананаривумӕ ӕввахс. Ацы районы сӕмбӕлдыстӕм ӕндӕр зындзинӕдтыл. Горӕтӕй дард цы районтӕ уыд, уырдӕм транспорт тынг ӕвзӕр цыди. Иу бон рараст стӕм, Беанканӕйы (Бесакейы) цы къорд уыди, уый бабӕрӕг кӕнынмӕ. Уырдӕм Антананаривуйӕ хъуыди цӕуын 240 километры бӕрц. Беанканӕмӕ цыди иу гыццыл уӕзласӕн машинӕ. Шофыримӕ фӕндаггагыл куы баныхас кодтам, уӕд машинӕйы сбадтыстӕм. Махӕй уӕлдай ма машинӕйы уыдис иу-30 адӕймаджы: чи машинӕйы сӕрыл хуыссыди, чи та йыл фӕстейӕ ӕрцауындзӕг.
Арӕх куыд вӕййы, афтӕ гыццыл фӕстӕдӕр нӕ машинӕ фехӕлд, ӕмӕ нӕ бахъуыди къахӕй цӕуын. Цалдӕр сахаты куы фӕцыдыстӕм, уӕд нӕ ӕрбаййӕфта стыр уӕзласӕн машинӕ. Кӕд машинӕ йӕ тӕккӕ дзаг уыди ӕмӕ дзы бадынӕн бынӕттӕ нӕ уыд, уӕддӕр нын шофыр баурӕдта ӕмӕ дзы лӕугӕйӕ ацыдыстӕм. Цасдӕры фӕстӕ цӕугӕдоны цурмӕ бахӕццӕ стӕм, фӕлӕ хидыл ацӕуӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ цалцӕг кодтой. Ӕмӕ та нӕ къахӕй цӕуын бахъуыди. Иуафон бахӕццӕ стӕм, сӕрмагонд пионертӕ кӕм цардысты, иу ахӕм гыццыл хъӕумӕ. Кӕд уыдоны бӕрӕг кӕнын нӕ фӕнд кодтам, уӕддӕр семӕ уацамынды цыдыстӕм, цалынмӕ хид цалцӕг кодтой ӕмӕ ӕндӕр машинӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ.
Машинӕ фӕзынд иу къуырийы фӕстӕ, ӕмӕ мах дӕр нӕ балц адарддӕр кодтам. Фӕндаг иууылдӕр уыди дзыхъхъытӕ. Арӕх-иу нӕ бахъуыд рахизын ӕмӕ машинӕ фӕстейӕ тъӕпп кӕнын. Уыцы дзыхъхъыты-иу дон уыди уӕрагмӕ ӕмӕ-иу къах быргӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ-иу адӕймаг цъыфы дӕр смидӕг. Райсомырдӕм бахӕццӕ стӕм иу гыццыл хъӕумӕ, уым рахызтыстӕм ӕмӕ дарддӕр араст стӕм пырындзы хуымтыл астӕумӕ чъизи доны.
Уыцы ран уыдыстӕм фыццаг хатт ӕмӕ сфӕнд кодтам, пырындзы хуымты чи куыста, уыдонӕн хорз хабар фехъусын кӕнын ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм цӕрынц, уымӕй сӕ бафӕрсын. Куыд ӕхсызгон нын уыди, уыцы кусджытӕ не ’фсымӕртӕ куы разындысты, уӕд!
ИННӔТЫ РАЗӔНГАРД КӔНӔМ ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАД КӔНЫНМӔ
Махӕн алы хатт дӕр тынг ӕхсызгон уыди иннӕты ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын. Зӕгъӕм, кӕй бӕрӕг кодтам, уыцы ӕмбырдтӕй иуы уыди 9 пионеры. Ӕмӕ уыцы пионертӕн загътам, зӕгъгӕ уӕ алчидӕр уе ’мбырды иу хъусынгӕнӕгӕн баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайа. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ та сӕм куы ӕрцыдыстӕм, уӕд сӕ ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ уыдысты 22. Дыууӕ пионер-хойӕ алчидӕр йӕ фыды сразӕнгард кодта, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Уыцы ӕфсымӕртӕ уыдысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон та се ’мбырды ӕртыккаг хистӕр нӕлгоймаджы сразӕнгард кодтой, ӕмӕ уый дӕр пионер сси. Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ йӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой. Цасдӕры фӕстӕ та йӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ йӕ усимӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодта. Иннӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы та цы баисты? Сӕ иу лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй, иннӕ та ис Паддзахады залтӕ аразджыты къорды.
Мах алы бон дӕр Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй нӕ бон ӕппындӕр кӕй ницы уаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕллайгӕ дӕр кӕнӕм ӕмӕ рынчын дӕр кӕнӕм, фӕлӕ нын цы бантыст, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд тынг амондджын вӕййӕм. Йегъовӕ нын арфӕ кӕны, ӕмӕ йӕ хъуыддаг размӕ цӕуы. Ныр лӕггад кӕнӕм сӕрмагонд пионертӕй, ӕмӕ нын ӕхсызгон у, йӕ хъуыддаджы цыдӕр кӕй аразӕм. О, Йегъовӕйыл, хъару нын чи дӕтты, уыцы Хуыцауыл, нӕ ныфс даргӕйӕ мах базыдтам «иу сусӕгдзинад».
[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]
Йегъовӕйыл нӕ ныфс даргӕйӕ мах базыдтам «иу сусӕгдзинад»
[Картӕ/Нывтӕ 4 фарсыл]
Мадагаскар, хонынц ма йӕ Стыр сырх сакъадах. Уый у стырдӕр сакъадӕхтӕй цыппӕрӕм. Йӕ сыджыт у сырх. Ацы сакъадахыл фенӕн ис бирӕ ӕнахуыр цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ
[Ныв 5 фарсыл]
Ӕппӕты зындӕр нын уыди фӕндагыл цӕуын
[Нывтӕ 5 фарсыл]
Адӕмимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын тынг ӕхсызгон у