Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?»

«Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?»

«Мемӕ куы схӕцой, уӕд дӕр ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн» (ПС. 27:3).

1. 27-ӕм псаломы фӕрцы хуыздӕр цы бамбардзыстӕм?

КӔД дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕмӕн цӕуы? Кӕд бирӕтӕн цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у, уӕддӕр нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ хъусын кӕнынӕн ӕхсызгонӕй цӕмӕн дӕттӕм? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ныфсджын ӕмӕ хъӕбатыр уӕм, кӕд бирӕтӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй тӕрсынц, уӕддӕр? Ацы фарстатӕн дзуапп ис паддзах Давиды зарӕджы, 27-ӕм псаломы.

2. Адӕймаг истӕмӕй тынг куы фӕтӕрсы, уӕд ыл уый куыд фӕзыны, фӕлӕ фидарӕй нӕ бон цы у зӕгъын?

2 Ацы псалом Давид райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕ у мӕ рухс ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад. Кӕмӕй хъуамӕ тӕрсон? Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг. Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?» (Пс. 27:1). Адӕймаг истӕмӕй куы фӕтӕрсы ӕмӕ тӕссӕй куы фӕризы, уӕд ӕм хъарутӕ нал баззайы, ӕмӕ йӕ бон аразын ницыуал вӕййы. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уый у хъӕбатыр ӕмӕ тӕссӕй нӕ ризы (1 Пет. 3:14). Йегъовӕ нӕ «фидар мӕсыг» куы уа, уӕд «цӕрдзыстӕм ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзыстӕм» (Ӕмб. 1:33; 3:25). Цӕмӕн афтӕ у?

«ЙЕГЪОВӔ У МӔ РУХС ӔМӔ МӔ ИРВӔЗЫНДЗИНАД»

3. Йегъовӕ нӕ рухс цы хуызы у? Ӕмӕ нӕхӕдӕг та цы хъуамӕ аразӕм?

3 «Йегъовӕ у мӕ рухс», зӕгъгӕ, амоны, Йегъовӕ нын зонындзинӕдтӕ кӕй дӕтты ӕмӕ нӕ афтӕмӕй талынгӕй рухсмӕ кӕй кӕны, уый (Пс. 27:1). Адӕймаг рухсы фӕрцы фены, йӕ фӕндагыл тӕссагӕй исты ис кӕнӕ йӕ размӕ цӕуын исты бахъыгдардзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ дзы исты куы уа, уӕд ӕй рухс нӕ аиуварс кӕндзӕн. Адӕймаг хъуамӕ йӕхӕдӕг бацархайа, цӕмӕй йӕхи фыдбылызӕй бахиза. Раст афтӕ нын Йегъовӕ ӕргом кӕны, дунейы цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый. Фӕдзӕхсы нӕ, ацы фыддунейы нын тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Библийы фӕрцы нын дӕтты, алкӕддӕр нын пайда чи фӕвӕййы, ахӕм уынаффӕтӕ. Фӕлӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм не «знӕгтӕй зондджындӕр» ӕмӕ нӕ «ахуыргӕнджытӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбаргӕдӕр» (Пс. 119:98, 99, 130).

4. а) Давидӕн йӕ бон фидарӕй цӕмӕн уыд зӕгъын, Йегъовӕ у мӕ ирвӕзындзинад, зӕгъгӕ? ӕ) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕд фервӕзын кӕндзӕн?

4 27-ӕм псаломы 1-аг стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Давид кӕй нӕ рох кодта, Йегъовӕ-иу ӕй раздӕр куыд фервӕзын кодта, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕ-иу ӕй фервӕзын кодта домбай ӕмӕ арсы дзӕмбытӕй. Йегъовӕйы фӕрцы ма Давид фӕуӕлахиз богал Голиафыл дӕр. Фӕстӕдӕр та паддзах Саул хъавыд Давиды арцӕй амарынмӕ, фӕлӕ-иу ӕй Йегъовӕ алы хатт дӕр фервӕзын кодта (1 Сам. 17:37, 49, 50; 18:11, 12; 19:10). Уӕдӕ Давид фидарӕй уымӕн загъта афтӕ: «Йегъовӕ у... мӕ ирвӕзындзинад»! Йегъовӕ Давиды куыд ирвӕзын кодта, афтӕ тагъд рӕстӕджы фервӕзын кӕндзӕн, абон ын чи лӕггад кӕны, уыдоны. Куыд? «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг сӕ бахъахъхъӕндзӕн (Рарг. 7:14; 2 Пет. 2:9).

УЫЦЫ ХАБӔРТТӔЙ-ИУ АЛКӔЦЫ ДӔР ӔРХЪУЫДЫ КӔН

5, 6. а) Раздӕры хабӕрттӕ-иу куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм фылдӕр хъӕбатырдзинад уа? ӕ) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн раздӕр куыд ӕххуыс кодта, уый дӕ ныфс куыд уадзы?

5 Фылдӕр хъӕбатырдзинад нӕм кӕй фӕрцы уыдзӕн, иу ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй бакӕсӕн ис Псаломы 27:2, 3. (Бакӕс сӕ.) Давид-иу ӕрхъуыды кодта, Йегъовӕ-иу ӕй куы фервӕзын кодта, уыцы рӕстӕджытӕ (1 Сам. 17:34–37). Ӕмӕ дзы уый ахӕм ныфс уагъта, ӕмӕ цӕттӕ уыди цыфӕнды зындзинӕдтӕм дӕр. Йегъовӕ-иу дын куыд баххуыс кодта, уый хъуыды кӕныс? Уыцы хабӕрттӕ дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууынц, уӕд нӕ фӕныфсджындӕр вӕййыс? Зӕгъӕм, искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ дын ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, ахӕм зындзинады тыххӕй Йегъовӕмӕ бирӕ куывтай, ӕмӕ стӕй федтай, уыцы зындзинады сӕрты ахизынӕн дын зонд ӕмӕ тыхтӕ кӕй радта? Йе та дын, чи зоны, цыдӕр къуылымпыдзинӕдты тыххӕй дӕ лӕггад циндзинад нал хаста, фӕлӕ дын Йегъовӕ баххуыс кодта. Кӕнӕ, чи зоны, федтай, Йегъовӕ дын лӕггад кӕнынӕн стыр дуар кӕй байгом кодта (1 Кор. 16:9). Уыцы хабӕрттӕ куы ӕрхъуыды кӕныс, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр нӕ фӕуырны, Йегъовӕ дын стырдӕр зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн? (Ром. 5:3–5).

6 Зӕгъӕм, цавӕрдӕр хъомысджын хицауад сфӕнд кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци фесафын, уӕд куыд? Нӕ рӕстӕджы бирӕтӕ хъавыдысты афтӕ бакӕнынмӕ, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн раздӕр куыд ӕххуыс кодта, уый-иу куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ ныфс бацӕудзӕн ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй нӕ тӕрсдзыстӕм (Дан. 3:28).

ӔЦӔГ ХУЫЦАУӔН КӔЙ КУВЫС, УЫМӔН АРГЪ КӔН

7, 8. а) Псалом 27:4 стихмӕ гӕсгӕ, Давид Йегъовӕйӕ цы куырдта? ӕ) Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у ӕмӕ дзы куыд лӕггад кӕнӕм?

7 Ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй кувӕм, уый махӕн у тынг зынаргъ. Ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый дӕр нын тынг ӕххуыс кӕны хъӕбатырӕй архайынӕн. (Бакӕс Псалом 27:4.) Давиды рӕстӕджы «Йегъовӕйы хӕдзар» хуыдтой цатыр. Фӕстӕдӕр Давид йӕхӕдӕг кувӕндон саразынӕн алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодта, ӕмӕ йӕ фырт Соломон Йегъовӕйӕн рӕсугъд кувӕндон сарӕзта. Сӕдӕазты фӕстӕ Йесо бамбарын кодта, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн, уый куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕныны тыххӕй кувӕндонмӕ цӕуын нал хъӕудзӕн (Иоан. 4:21–23). Дзуттӕгтӕм 8–10 сӕрты апостол Павел бамбарын кодта, н. э. 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куы снывонд кодта, уӕд кӕй фӕзынд стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон (Дзут. 10:10). Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон Йегъовӕ скодта, цӕмӕй, Йесо Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон уа Хуыцауӕн, уый куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йын уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны куыд лӕггад кӕнӕм? Кувӕм ӕм «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, фидар ныфсимӕ ӕмӕ уырнындзинадимӕ», адӕмӕн нӕ ныфсы тыххӕй ӕргом ӕмӕ фидарӕй дзурӕм, стӕй ӕмбырдты ӕмӕ нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕм ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Дзут. 10:22–25). Ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй кувӕм, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый ацы фӕстаг уӕззау бонты хъарутӕ дӕтдзӕн.

8 Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ архайынц фылдӕр хъусын кӕныныл, ӕндӕр ӕвзӕгтӕ сахуыр кӕнынц, стӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуынц. Ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц, псаломзарӕггӕнӕгау уыдон дӕр Йегъовӕйӕ ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаг кӕй курынц: цӕмӕй «Йегъовӕйы рӕсугъддзинад» уыной ӕмӕ, цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр ын сӕ бон лӕггад кӕнын уа. (Бакӕс Псалом 27:6.)

ХУЫЦАУЫ ӔХХУЫСЫЛ ДӔ ЗӔРДӔ ДАР

9, 10. Псалом 27:10 нӕ ныфс куыд уадзы?

9 Давиды ныхӕстӕй ирдӕй зыны, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куыд тынг дардта, уый. Давид загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид» (Пс. 27:10). 1 Самуилы 22 сӕрӕй бӕрӕг у, Давиды йӕ ныййарджытӕ кӕй нӕ ныууагътой. Фӕлӕ абон бирӕты сӕ бинонтӕ ныууадзынц, сӕ къух сыл сисынц. Ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕй бирӕтӕн баххуыс кодтой ӕмӕ сӕ барӕвдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды.

10 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл батыхсы, кӕд сӕ иннӕтӕ ныууадзынц, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд нын ӕндӕр зын уавӕрты куыннӕ хъуамӕ баххуыс кӕна? Зӕгъӕм, нӕ бинонты куыд фӕдарӕм, ууыл тыхсӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ баххуыс кӕндзӕн? (Дзут. 13:5, 6). Йегъовӕ зоны, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр цы уавӕрты ис ӕмӕ цӕуыл тыхсы, уый.

11. Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый иннӕтӕ куы фенынц, уӕд куыд ахъуыды кӕнынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Ӕркӕсӕм-ма, Либерийы чи цӕры, уыцы сылгоймаг Викторийӕйы хабармӕ. Викторийӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕхи донаргъуыд райсынмӕ дӕр цӕттӕ кодта. Уыцы рӕстӕг ӕй, кӕимӕ цард, уыцы нӕлгоймаг ныууагъта. Ӕмӕ Викторийӕ йе ’ртӕ сывӕллонимӕ ӕнӕ хӕдзарӕй баззад, стӕй йын куыст дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад рӕзыд ӕмӕ донаргъуыд райста. Фӕстӕдӕр йӕ 13-аздзыд чызг ссардта ӕхцатӕй йедзаг ӕхцадон. Викторийӕ ӕмӕ йӕ чызг уыцы ӕхцатӕ нымайгӕ дӕр нӕ бакодтой, зӕгъгӕ, дам, нӕм ахӕм хъуыды ма фӕзына, ӕмӕ кӕйдӕр ӕхцатӕй нӕхицӕн исты ныууадзӕм. Ӕхцадон кӕй уыд, уыцы ӕфсӕддоны ссардтой ӕмӕ йын йе ’хцатӕ радтой. Уӕд сын уый афтӕ, зӕгъгӕ, дам, адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтау ӕнӕзӕрдӕхудт куы уаиккой, уӕд ӕнӕхъӕн дунейы дӕр цард хуыздӕр уаид ӕмӕ адӕм ницӕмӕй тӕрсиккой. Викторийӕ йын Библийӕ равдыста, Йегъовӕ ног дунейӕ зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уый. Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕнды ӕмӕ куыд ӕнӕзӕрдӕхудт у, уый уыцы ӕфсӕддонмӕ афтӕ диссаг фӕкаст, ӕмӕ сын йе ’хцатӕй дзӕвгар балӕвар кодта. О, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты алчидӕр зоны, сайгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм адӕмӕй. Ӕмӕ ахӕм та уымӕн сты, ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндынц, Йегъовӕ сыл кӕй батыхсдзӕн, ууыл.

12. Нӕ куыст куы фесафӕм кӕнӕ ’хцайӕ хъуаг куы ӕййафӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд цы равдисдзыстӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Ӕркӕсӕм-ма, Сьерра-Леонейы иу ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгыл, Томасыл, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Томас райдыдта скъолайы ахуыргӕнӕгӕй кусын, фӕлӕ йын афӕдзы бӕрц мызд нӕ фыстой, уымӕн ӕмӕ ма сӕ цыдӕртӕ хъуыди сбӕлвырд кӕнын. Цӕмӕй Томас, цы рӕстӕг бакуыста, уый тыххӕй мызд райстаид, уый тыххӕй ма йемӕ хъуамӕ фӕстагмӕ аныхас кодтаид скъолайы разамонджытӕй сӕ иу, ӕмӕ уый та уыд сауджын. Уыцы сауджын Томасӕн загъта, зӕгъгӕ, ацы скъолайы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты динӕн бынат нӕй ӕмӕ, дам, дӕ кӕд фӕнды, ӕмӕ дарддӕр ам кусай, уӕд дӕ дин ныууадз. Уӕд Томас уыцы куыст ныууагъта, ӕмӕ, афӕдзы бӕрц кӕй фӕкуыста, уый тыххӕй дӕр ын ницы бафыстой. Уый фӕстӕ Томас ссардта ӕндӕр куыст – радиотӕ ӕмӕ дзыппыхӕсгӕ телефонтӕ арӕзта. Ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй зыны: ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста ӕмӕ йӕ адӕмы чи хъахъхъӕны, уыцы Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд иннӕ адӕмау нӕ тӕрсдзыстӕм, хъуаг кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕй.

13. Мӕгуыр бӕстӕты чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ цӕмӕн ӕнтысы?

13 Мӕгуыр бӕстӕтӕй бирӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг бирӕ ӕнтысы. Иу ахӕм бӕстӕйы филиалӕй ныффыстой: «Бирӕ адӕмӕн куыст кӕй нӕй ӕмӕ сын боны дӕргъы рӕстӕг кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сразы вӕййынц Библи ахуыр кӕныныл. Ӕфсымӕртӕн дӕр хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг ис. Тынг ӕвзӕр уавӕрты чи цӕры, уыдонӕн, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ӕмбарын кӕнын дӕр нӕ хъӕуы – сӕхи цӕстӕй йӕ уынынц». Иу миссионер 12 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны ахӕм бӕстӕйы, ӕмӕ дзы алы хъусынгӕнӕг дӕр Библи ахуыр кӕны ӕртӕ адӕймагӕй фылдӕримӕ. Уый афтӕ ныффыста: «Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ хуымӕтӕг цард кӕй кӕнынц ӕмӕ сӕ лӕггад кӕнынӕн бирӕ кӕй ницы хъыгдары, уый фӕрцы сын ис фылдӕр рӕстӕг хъусын кӕнынӕн ӕмӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн».

14. Хуыцау «тынг бирӕ адӕмы» куыд хъахъхъӕны?

14 Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, кӕй сӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй ирвӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ уый хауы куыд сӕ цардмӕ, афтӕ сӕ уырнындзинадмӕ дӕр. Ӕмӕ йыл мах, кӕй зӕгъын кӕй хъӕуы, нӕ зӕрдӕ дарӕм (Пс. 37:28; 91:1–3). «Стыр бӕллӕхы» сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы адӕм ӕнӕмӕнгӕй тынг бирӕ уыдзысты (Рарг. 7:9, 14). Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы «тынг бирӕ адӕмы», ацы фӕстаг бонтӕй ма чи баззад, уыцы рӕстӕг Хуыцау кӕй хъахъхъӕндзӕн, фесафын сӕ кӕй нӕ бауадздзӕн. Йегъовӕ сын алцыдӕр дӕтдзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууой ӕмӕ сын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕной. Ӕмӕ стыр бӕллӕхы кӕрон, Армагеддоны, Йегъовӕ йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн.

«О ЙЕГЪОВӔ, САРАЗ МӔ ДӔ ФӔНДАГЫЛ»

15, 16. Хуыцау нын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Цӕмӕй дарддӕр дӕр ныфсджын уӕм ӕмӕ хъӕбатырӕй архайӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ Хуыцау дарддӕр дӕр ахуыр кӕна. Давид дӕр афтӕ куывта: «О Йегъовӕ, сараз мӕ дӕ фӕндагыл, кӕн мӕ раст фӕндагыл ӕмӕ мӕ хъахъхъӕн ме знӕгтӕй» (Пс. 27:11). Цӕмӕй ацы куывдмӕ гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм, Йегъовӕйы организаци нын Библимӕ гӕсгӕ цыдӕриддӕр амоны, уымӕ. Ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайыныл хъуамӕ фӕстӕ ма кӕнӕм. Зӕгъӕм, бирӕтӕ байхъуыстой ахӕм зондджын уынаффӕмӕ, уӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнут, зӕгъгӕ. Сӕ хӕстӕ бафыстой ӕмӕ сӕ мулкӕй дӕр цыдӕртӕ ауӕй кодтой. Ӕмӕ ӕрӕджы дунейы экономикон уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕфыддӕр, уӕд афтӕ тынг нӕ фӕтыхстысты. Бирӕ фидинӕгтӕ дӕр сын нӕй ӕмӕ сӕ бирӕ кусын дӕр нӕ хъӕуы. Ӕмӕ уый фӕрцы та сӕ бон у фылдӕр лӕггад кӕнын. Уӕдӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Библийы ӕмӕ „ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары“ уагъд литературӕйы цыдӕриддӕр бакӕсын, уымӕй уайтагъд спайда кӕнын, кӕд мын уый ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр?» (Матф. 24:45).

16 Йегъовӕйӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕна ӕмӕ нӕ раст фӕндагыл кӕна, уӕд нӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕудзӕн. Америкӕйы Иугонд Штатты пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр курдиат балӕвӕрдта, цӕмӕй йын куысты ӕндӕр бынат раттаиккой, уымӕн ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдаид йӕ бинонтимӕ дарддӕр дӕр пионертӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йын йӕ хицау загъта, зӕгъгӕ дӕм уыцы бынат ӕнӕ уӕлдӕр ахуырадӕй никуы ’рхаудзӕн. Зӕгъгӕ, ахӕм хабар дӕуыл ӕрцыд, уӕд, уӕлдӕр ахуырад кӕй нӕ райстай, фӕлӕ пионерӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдтай, ууыл фӕфӕсмон кӕнис? Уыцы хабарӕй дыууӕ къуырийы фӕстӕ уыцы хицауы йӕ бынатӕй систой, ӕмӕ йын йӕ бӕсты кӕй сӕвӕрдтой, уый не ’фсымӕры бафарста, зӕгъгӕ дӕм цы фӕндтӕ ис. Ӕфсымӕр ын бамбарын кодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты ӕмӕ, ныронг куыд кодтой, афтӕ сӕ дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй фӕнды. Хицау ӕфсымӕры дарддӕр дзурын дӕр нӕ бауагъта, ӕмӕ йын афтӕ: «Уыдтон ӕй, иннӕты хуызӕн кӕй нӕ дӕ! Мӕ фыд йӕ мӕлӕты размӕ хуыссӕнӕй куы нал стад, уӕд ӕм сымахуӕттӕй дыууӕйӕ алы бон дӕр цыдысты ӕмӕ йын Библи кастысты. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын мын искуы ахӕм фадат куы уа, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн баххуыс кӕнон, уӕд ын ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзынӕн». Иннӕ бон уыцы ӕфсымӕрӕн радтой, йӕ фыццаг хицау ын кӕй нӕ радта, уыцы бынат. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг нын фыццаг бынаты куы вӕййы, уӕд Йегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕй нӕ цух никуы ныууадзы (Матф. 6:33).

ӔНӔМӔНГ ХЪӔУЫ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ НЫФС

17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй ма тӕрсӕм?

17 Уырнындзинад ӕмӕ ныфс ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуынц, уый зыны, Давид дарддӕр цы загъта, уымӕй: «Ныр кӕм уаин, Йегъовӕйы хорздзинад удӕгӕсты зӕххыл кӕй фендзынӕн, уый мӕ куы нӕ уырныдтаид, уӕд?» (Пс. 27:13). Уӕвгӕ, кӕм уыдаиккам ӕмӕ нӕ цард цы уыдаид, Хуыцау нын ныфс куы нӕ радтаид ӕмӕ, 27-ӕм псаломы цӕй кой ис, уыдӕттӕ куы нӕ зыдтаиккам! Уӕдӕ цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм, цӕмӕй нын хъарутӕ дӕтта ӕмӕ нӕ Армагеддоны фервӕзын кӕна. (Бакӕс Псалом 27:14.)

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Давид-иу ӕрхъуыды кодта, Йегъовӕ-иу ӕй куыд фервӕзын кодта, ӕмӕ йын уый хъарутӕ лӕвӕрдта

[Ныв 25 фарсыл]

Цардамӕлттӕ кӕнын нын зын куы уа, уӕд фылдӕр хъусын кӕндзыстӕм?