Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕггад кӕн сӕрибардӕттӕг Хуыцауӕн

Лӕггад кӕн сӕрибардӕттӕг Хуыцауӕн

«Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 ИОАН. 5:3).

1. Йегъовӕ сӕрибардзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ уый Адам ӕмӕ Евӕйы хабарӕй куыд зыны?

ЙЕГЪОВӔЙӔ фылдӕр сӕрибардзинад никӕмӕн ис. Фӕлӕ йӕ сӕрибардзинадӕй алы хатт дӕр раст фӕпайда кӕны. Стӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ алы къахдзӕфыл нӕ дзуры, афтӕ бакӕн, кӕнӕ, афтӕ ма бакӕн, зӕгъгӕ. Уый сын радта уынаффӕ хӕссыны бар ӕмӕ сӕ бон у, хорзӕй сӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый аразын. Зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕйӕн бар уыд алцӕмӕн дӕр, нӕ сын уыд ӕрмӕст, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» хӕрӕн (Райд. 2:17). Уӕдӕ сын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ цӕй диссаджы сӕрибардзинад уыдаид!

2. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд сӕрибардзинадӕй ӕнӕхай куыд фесты?

2 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн уыйбӕрц сӕрибардзинад цӕмӕн радта? Уый сӕ сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ схайджын кодта ӕфсармӕй. Ӕмӕ йӕ ныфс уыд, се Сфӕлдисӕджы кӕй уарздзысты ӕмӕ уый фӕрцы раст фӕндагыл кӕй цӕудзысты (Райд. 1:27; Ром. 2:15). Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ сӕ диссаджы Царддӕттӕгӕн ӕмӕ сын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн нӕ саргъ кодтой. Уый бӕсты равзӕрстой, Хӕйрӕг сын цы сӕрибардзинадӕй бавӕрдта зӕрдӕ, уый, ома сӕ бафӕндыд, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой. Фӕлӕ кӕд афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй фылдӕр сӕрибардзинад уыдзӕн, уӕд ӕцӕгӕй та хабар иннӕрдӕм рауад – сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕды цагъартӕ систы, ӕмӕ уый та ӕркодта хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ мӕлӕтмӕ (Ром. 5:12).

3, 4. Хӕйрӕг нӕ цавӕр хъуыдыйыл ӕфтауы?

3 Кӕд Хӕйрӕг дыууӕ ӕххӕст адӕймаджы, стӕй ма тынг бирӕ зӕдты Хуыцауы ныхмӕ скодта, уӕд ын мах асайын та цас диссаг у. Хӕйрӕг куыд архайы, уым бирӕ ницы фӕивта. Фӕнды йӕ, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауы закъӕттӕ зынӕххӕстгӕнӕн сты, уаргъӕй уӕлдай не сты ӕмӕ нӕ нӕ уадзынц, цӕмӕй царды исты фенӕм, нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитӕм (1 Иоан. 5:3). Ахӕм хъуыдытӕ арӕх куы хъусӕм, уӕд мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзыстӕм. Иу 24-аздзыд хо загъта: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ мыл тынг бандӕвтой, уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ тарстӕн, мӕ хъуыды ме ’мгӕртты хъуыдыйӕ куы хицӕн кӕна, уымӕй». Уый тыххӕй уыцы хо ӕнӕгъдау ми бакодта. Чи зоны йӕ ды дӕр дӕхицӕй зоныс, ӕмгӕрттӕ адӕймагыл куыд тынг ӕндавынц.

4 Хъыгагӕн, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕй ис схонӕн, ахӕмтӕ суанг чырыстон ӕмбырды дӕр вӕййы. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр загъта: «Не ’мбырды ӕрыгӕттӕй чидӕртӕ ӕнӕуырнджытимӕ ӕмбӕлдысты. Иуафон ӕй бамбӕрстон, семӕ цас фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстон, уыйас уыдоны хуызӕн кӕй кодтон. Мӕ уырнындзинад райдыдта лӕмӕгъ кӕнын. Ӕмбырды дӕр-иу тыххӕй бадтӕн, ӕмӕ-иу уацамындмӕ дӕр искуы иу хатт ацыдтӕн. Уӕд мӕм бахъардта, уыцы ӕмбӕлтты мӕ ныууадзын кӕй хъӕуы, ӕмӕ сӕ ныууагътон». Ӕмбӕлттӕ адӕймагыл куыд тынг ӕндавынц, уый ӕмбарыс? Ацы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн Библийӕ иу хабар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсӕм (Ром. 15:4).

СӔ ЗӔРДӔТӔ СЫН ДАВТА

5, 6. Авессалом адӕмы куыд сайдта ӕмӕ йӕ хинвӕндӕй исты рауад?

5 Библийы ис, иннӕты-иу ӕвзӕр зондыл чи арӕзта, бирӕ ахӕм адӕмы кой. Иу дзы уыд Авессалом, паддзах Давиды фырт. Авессалом тынг рӕсугъд уыди. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ уый дӕр Хӕйрӕгау сси кадмондаг, бабӕллыд йӕ фыды бынатмӕ, кӕд йӕ фыды фӕстӕ паддзахы бынат уымӕ не ’мбӕлд, уӕддӕр *. Цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй Авессалом йӕхи израилӕгтыл тыхсӕг скодта, паддзахӕй та дзырдта, адӕмы мӕт ӕй ӕппындӕр нӕй, зӕгъгӕ. Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны йӕхи хӕрзгӕнӕгӕй куыд равдыста, афтӕ Авессалом дӕр йӕхи хӕрзгӕнӕгӕй равдыста, йӕ фыдыл та цъыф калдта (2 Сам. 15:1–5).

6 Авессаломы хинвӕндӕй исты рауад? Цыдӕр ын бантыст, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «израилӕгты зӕрдӕтӕ давта» (2 Сам. 15:6, фип.). Фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ йӕ сӕрбӕрзонддзинад фесӕфта. Ӕмӕ ӕрмӕст йӕхи нӕ бабын кодта, фӕлӕ ма кӕй асайдта, уыцы мингай адӕмы дӕр (2 Сам. 18:7, 14–17).

7. Авессаломы хабар нын зондзонӕн куыд у? (Кӕс нывмӕ 14 фарсыл.)

7 Авессалом уыцы израилӕгты афтӕ ӕнцонтӕй цӕмӕн фӕсайдта? Чи зоны, бӕллыдысты, зӕрдӕ сын цӕмӕй ӕвӕрдта, уыдӕттӕм. Кӕнӕ сӕ, чи зоны, йӕ рӕсугъддзинад фӕсайдта. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис: Йегъовӕйыл ӕмӕ йе ’вӕрд паддзахыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Хӕйрӕг абон дӕр пайда кӕны Авессаломы хуызӕн адӕмӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты зӕрдӕтӕ дава. Ахӕм адӕм фӕзӕгъынц: «Йегъовӕйы закъӕттӕ адӕймагӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕттынц. Акӕс-ма, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕммӕ – уыдон сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цӕрынц». Ахӕм ныхӕстӕ куы фехъусай, уӕд ӕй цымӕ бамбардзынӕ, уыдон мӕнг, афтид ныхӕстӕ кӕй сты, ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзынӕ? Дӕ зӕрдыл дардзынӕ, ӕцӕг сӕрибардзинад дын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы «ӕнаипп закъон», Чырыстийы закъон, кӕй ратдзӕн? (Иак. 1:25). Кӕд о, уӕд уыцы закъонӕн аргъ кӕн ӕмӕ дын, чырыстон уӕвгӕйӕ, цы сӕрибардзинад ис, уымӕй афтӕ пайда кӕн, дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуой. (Бакӕс 1 Петры 2:16.)

8. Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты ахизгӕйӕ адӕймаг амондджындӕр кӕй нӕ фӕвӕййы, уый цавӕр хабӕрттӕй бӕрӕг у?

8 Хӕйрӕгӕн йӕ хъавд уӕлдайдӕр ӕрыгӕттӕм у. 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр радзырдта, ӕрыгонӕй куыд хъуыды кодта, уый тыххӕй: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ, Йегъовӕ ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармы тыххӕй цы закъӕттӕ сӕвӕрдта, уыдон мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕ бӕттынц. Хъахъхъӕнгӕ мӕ кӕй кӕнынц, уый не ’мбӕрстон». Ахӕм зондахаст ӕй уымӕ ӕркодта, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми бакодта. Фӕлӕ уымӕй амондджындӕр нӕ фӕци. Уыцы ӕфсымӕр загъта: «Бирӕ азты дӕргъы мӕ мӕ цӕсгом хордта ӕмӕ фӕсмон кодтон». Иу хо, ӕрыгонӕй йыл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй афтӕ ныффыста: «Адӕймаг ӕнӕгъдау ми куы бакӕны, уӕд уый фӕстӕ зӕрдӕ ныммӕгуыр вӕййы, сафтид вӕййы. Кӕд уыцы хабарӕй 19 азы рацыд, уӕддӕр ма ныр дӕр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы». Ӕндӕр хо та ныффыста: «Афтӕ тынг кӕй уарзын, уыцы адӕмӕн мӕ хъуыддӕгтӕй сӕ зӕрдӕтӕ кӕй скъахтон, уыцы хъуыды мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, мӕхи хордтон ӕмӕ Хуыцауӕй дӕр тынг адард дӕн. Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай уай, царды уымӕй ӕвзӕрдӕр ницы ис». Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнай, тӕригъӕд дӕ ахӕм цӕмӕдӕрты кӕй ӕркӕндзӕн, ууыл.

9. а) Йегъовӕмӕ, стӕй йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарынӕн нын цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты? ӕ) Хуыцауы хорз зонын цӕмӕн хъӕуы?

9 Хъыгагӕн, ӕмбырды ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, ӕмӕ ма суанг хистӕртӕй дӕр чидӕртӕ, сӕхиуыл бавзӕрстой, тӕригъӕдджын фӕндты фӕдыл цӕуын хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны, маст цы ’рхӕссы, ӕндӕр (Гал. 6:7, 8). Уӕдӕ дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Хӕйрӕг мӕ йӕ хинмитӕй асайынмӕ кӕй фӕхъавы, уый базонын? Йегъовӕйы мӕ хуыздӕр Хӕларыл нымайын? Ӕмбарын ӕй, Йегъовӕ сайгӕ кӕй нӕ кӕны ӕмӕ, мӕнӕн хуыздӕр уа, ууыл кӕй тыхсы? Фидарӕй мӕ уырны, ӕцӕгӕй дӕр хорз цы у ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕн, ахӕмӕй мын кӕй никуы ницы бавгъау кӕндзӕн?» (Бакӕс Исайы 48:17, 18.) Цӕмӕй ацы фарстатӕн зӕрдиагӕй «о» зӕгъай, уый тыххӕй Йегъовӕйы уӕлӕнгай зонын фаг нӕу – хъуамӕ йӕ хорз зонай. Стӕй хъуамӕ ӕмбарай, Библийы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон уый тыххӕй кӕй нӕ радта, ӕмӕ дӕ фезмӕлын нӕ уадзы, фӕлӕ дӕ уарзгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (Пс. 25:14).

ЗОНДДЖЫН ӔМӔ КОММӔГӔС ЗӔРДӔЙЫ ТЫХХӔЙ КУВ

10. Мах дӕр ӕрыгон паддзах Соломонау цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

10 Соломон нырма ӕрыгон куы уыд, уӕд сӕрныллӕгӕй куывта: «Ӕз нырма сывӕллон дӕн. Ацӕуын дӕр ӕмӕ ӕрбацӕуын дӕр куыд хъӕуы, уый нӕ зонын». Стӕй Хуыцауӕй ракуырдта зондджын ӕмӕ коммӕгӕс зӕрдӕ (1 Пад. 3:7–9, 12). Йегъовӕ йын йӕ зӕрдиаг куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ дӕ куывдтытӕн дӕр дзуапп ратдзӕн, ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ дӕ ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зондӕй диссаджы хуызы не схайджын кӕндзӕн. Фӕлӕ йын йӕ Ныхас лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнай, сыгъдӕг тых дзы куы курай ӕмӕ дын ӕмбырды уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ куы хъусай, уӕд суыдзынӕ зондджын (Иак. 1:5). Уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕ суанг йе ’рыгон лӕггадгӕнджыты дӕр скӕны, йӕ уынаффӕтӕм ын чи нӕ хъусы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр зондджындӕр, суанг ма, ацы дунейы «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕ» кӕй хонынц, уыдонӕй дӕр (Лук. 10:21; бакӕс Псалом 119:98–100).

11–13. а) Псаломы 26:4, Ӕмбисӕндты 13:20 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 15:33 цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Ацы стихтӕй дӕ царды куыд спайда кӕндзынӕ?

11 Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы хорз базондзыстӕм. Афтӕ кӕй у, уый фендзыстӕм, цалдӕр стихмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Алкӕцы стихы дӕр дзы ис уагӕвӕрд, ӕмбӕлттӕ агурын куыд хъӕуы, уый тыххӕй: «Ӕз никуы бадтӕн мӕнгард адӕмимӕ ӕмӕ, йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕнын» (Пс. 26:4). «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмб. 13:20). «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33).

12 Ацы стихтӕй зондӕн цы ис райсӕн? 1) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ ӕвзарын зонӕм. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй исты фыдбылызы бахауӕм кӕнӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. 2) Не ’мбӕлттӕ нӕ кӕнӕ хорз зондыл аразынц, кӕнӕ ӕвзӕр. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый цард йӕхӕдӕг ӕвдисы. Ацы стихтӕ куыд фыст сты, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕтӕ бацагайой. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Дӕ хъус-ма ӕрдар, иу стих дӕр дзы закъоны хуызӕн кӕй нӕу, зӕгъгӕ, «афтӕ кӕн», кӕнӕ, «афтӕ ма кӕн». Фӕлӕ дзы фыст ис, царды куыд вӕййы, уый. Йегъовӕ нын цыма афтӕ дзуры: «Мӕнӕ афтӕ у хабар. Ӕмӕ ды та куыд бакӕндзынӕ? Дӕуӕн дӕ зӕрдӕйы цы ис?»

13 Уӕдӕ ацы ӕртӕ стихы фыст ис, царды ӕцӕгӕй куыд вӕййы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый фӕрцы уыцы уынаффӕтӕ хауынц абонмӕ дӕр, стӕй сӕ ис спайда кӕнӕн бирӕ алыхуызон уавӕрты. Дӕхимӕ-ма ахӕм фарстатӕ ратт: «Мӕхи куыд бахизон, „йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы, уыдонӕй“? Ахӕм адӕмыл кӕм ис сӕмбӕлӕн?» (Ӕмб. 3:32; 6:12). «Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ме ’мбӕлттӕ уой „зондджынтӕ“. Ӕмӕ чи сты уыцы зондджынтӕ? Мӕхи кӕмӕй хъуамӕ хизон, уыцы „ӕнӕзӕндтӕ“ та чи сты?» (Пс. 111:10; 112:1; Ӕмб. 1:7). «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ мын куы уа, уӕд цавӕр „хорз ӕгъдӕуттӕ“ фехалдзынӕн? Ӕвзӕр ӕмбӕлттыл ӕрмӕстдӕр дунейы ис фембӕлӕн?» (2 Пет. 2:1–3). Ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

14. Уӕ бон куыд у уӕ бинонты ахуыр фӕхуыздӕр кӕнын?

14 Ацы ӕртӕ стихы куыд равзӕрстам, афтӕ дӕ бон у, ӕмӕ дӕу ӕмӕ дӕ бинонты цы тыхсын кӕны, уый фӕдыл Библийӕ ӕндӕр стихтӕ дӕр равзарай ӕмӕ бамбарай, уыцы фарстаты тыххӕй Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый *. Ныййарджытӕ, спълан кӕнут ахӕм фарстатӕ уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг равзарын. Ӕмӕ-иу уӕ зӕрдыл дарут, уӕ нысан кӕй у, цӕмӕй уӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕнат, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ йе стыр уарзондзинадыл дзурӕг кӕй сты, уый бамбарынӕн (Пс. 119:72). Ахӕм ахуыры фӕрцы Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзимӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстут.

15. Куыд ис базонӕн, дӕ зӕрдӕ зондджындӕр ӕмӕ коммӕгӕсдӕр кӕны ӕви нӕ?

15 Куыд ис базонӕн, дӕ зӕрдӕ зондджындӕр ӕмӕ коммӕгӕсдӕр кӕны ӕви нӕ? Зӕгъӕм, абар, ды куыд хъуыды кӕныс ӕмӕ рагзаманты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куыд хъуыды кодтой, уый. Зӕгъӕм, паддзах Давид ныффыста: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8). 119-ӕм псалом чи ныффыста, уый дӕр загъта: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Пс. 119:97). Ахӕм уарзондзинад зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ уӕд ауадзы, ӕмӕ адӕймаг Библи лӕмбынӕг куы фӕахуыр кӕны, арф ыл куы фӕхъуыды кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ куы фӕкувы, стӕй ма йӕ царды куы фӕуыны, Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уый йын цас арфӕдзинӕдтӕ хӕссы (Пс. 34:8).

ТОХ КӔН ДӔ СӔРИБАРДЗИНАДЫЛ!

16. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй, нӕ сӕрибардзинадыл цы тох цӕуы, уым фӕуӕлахиз уӕм, уӕд нӕ рох цы хъуамӕ ма уа?

16 Адӕм ӕнусты дӕргъы тох кӕнынц сӕрибардзинадыл, ӕмӕ уый тугкалӕн хӕстытӕм дӕр ӕркӕны. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн, чырыстон уӕвгӕйӕ, цы сӕрибардзинад ис, ууыл хъуамӕ тынгдӕр ма тох кӕнай? Рох дӕ ма уӕд, де знӕгтӕ ӕрмӕст Хӕйрӕг ӕмӕ ацы дуне, стӕй дунейы маргджын зондахаст кӕй не сты. Хъӕуы ма дӕ тох кӕнын де ’нӕххӕстдзинадимӕ ӕмӕ дӕ мӕнгард зӕрдӕимӕ дӕр (Йер. 17:9; Еф. 2:3). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы уыцы тохы фӕуӕлахиз уыдзынӕ. Уымӕй уӕлдай ма, куы-иу фӕуӕлахиз уай – стыр хъуыддаджы уа ӕви гыццыл,– уӕд-иу дӕ къухы бафтдзӕн ӕппынкъаддӕр дыууӕ нысаны. Фыццаг: Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ (Ӕмб. 27:11). Дыккаг та: дӕхиуыл-иу бавзардзынӕ, «сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» дӕ ӕцӕгӕй дӕр кӕй сӕрибар кӕны, ӕмӕ-иу дӕ уӕд тынгдӕр фӕнддзӕн, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы «уынгӕг фӕндагыл» дарддӕр цӕуын. Ӕмӕ фидӕны та хайджын уыдзынӕ ноджы стырдӕр сӕрибардзинадӕй – Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ныфс кӕмӕй ӕвӕры, уымӕй (Иак. 1:25; Матф. 7:13, 14).

17. Куы-иу фӕрӕдийӕм, уӕд-иу нӕхимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ныхъхъусӕм? Ахӕм рӕстӕг нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчидӕр нӕ хатт фӕрӕдийы (Еккл. 7:20). Фӕлӕ-иу куы фӕрӕдийай, уӕд-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, куыд ницӕйаг дӕн, зӕгъгӕ, кӕнӕ-иу дӕхимӕ ма ныхъхъус. Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст ӕмӕ дарддӕр размӕ цу – уый тыххӕй дӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын куы бахъӕуа, уӕддӕр. Иаков ныффыста: «Уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Иак. 5:15). Уӕдӕ макуы рох кӕн, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ дӕ ӕмбырдмӕ уый кӕй ӕрбакодта, уымӕн ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы хорзӕй цыдӕр федта. (Бакӕс Псалом 103:8, 9.) Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ куы уа, уӕд дӕ никуы ныууадздзӕн (1 Аз. 28:9).

18. Йесойы куывдмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?

18 Йесо Чырысти фӕстаг ӕхсӕв йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ куы куывта, уӕд йӕ Фыдӕн зӕрдиагӕй балӕгъстӕ кодта: «Фыдбылызӕй [сӕ] хъахъхъӕн» (Иоан. 17:15). Фӕлӕ Чырысти ӕрмӕст йӕ апостолтыл нӕ тыхст – уый тыхсы йе ’ппӕт фӕдылдзӕуджытыл дӕр. Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ацы уӕззау рӕстӕджы кӕй хъахъхъӕндзӕн, ууыл. «Рӕстӕй чи цӕры, уыдонӕн [Йегъовӕ] у сӕ уарт... ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн сӕ фӕндаг хъахъхъӕндзӕн» (Ӕмб. 2:7, 8). О, рӕстӕй цӕрын ӕнцон нӕу, фӕлӕ ӕнусон цардмӕ ӕмӕ ӕцӕг сӕрибардзинадмӕ ӕндӕр фӕндаг нӕй (Ром. 8:21). Уӕдӕ дӕ мачи фӕсайӕд ӕмӕ дӕ уыцы фӕндагӕй мачи фӕиппӕрд кӕнӕд!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Хуыцау Давидӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, дӕ «байзӕддаг» паддзахбадӕныл ӕрбаддзӕн, зӕгъгӕ, уӕд уый уыд Авессаломы райгуырды фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ Авессалом хъуамӕ зыдтаид, Йегъовӕ йӕ Давиды фӕстӕ паддзахӕй кӕй нӕ равзӕрста (2 Сам. 3:3; 7:12).

^ 14 абз. Зӕгъӕм, уӕ бон у аныхас кӕнын 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 стихтыл (уым Павел дзуры уарзондзинадыл) ӕмӕ 19-ӕм псаломы 7–11 стихтыл (уым та дзырд цӕуы, Йегъовӕйы закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уый цы стыр арфӕдзинӕдтӕй у хайджын, ууыл).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 14 фарсыл]

Авессаломы хуызӕн адӕмы куыд ис базонӕн ӕмӕ сӕ нӕхи куыд бахиздзыстӕм?