Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уадз ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕцӕг сӕрибардзинад раттӕд

Уадз ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕцӕг сӕрибардзинад раттӕд

«Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг... иртас» (ИАК. 1:25).

1, 2. а) Адӕмы сӕрибардзинады тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ афтӕ цӕмӕн у? ӕ) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр сӕрибардзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

МАХ ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ адӕм бонӕй-бонмӕ кӕнынц зыдгӕнагдӕр, ӕгъатырдӕр ӕмӕ закъӕттӕ халынц (2 Тим. 3:1–5). Уымӕ гӕсгӕ хицауад фылдӕр закъӕттӕ рауадзы, пъӕлицӕйӕн фылдӕр бартӕ ратты, бирӕ рӕтты камерӕтӕ дӕр сӕвӕрын кӕны, цӕмӕй уыной, адӕм цы кусынц, уый. Иуӕй-иу бӕстӕты та адӕм сӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ хӕдзӕртты сӕвӕрынц сигнализаци, сӕ дуӕрттыл – цалдӕр гуыдыры, ӕмӕ ма суанг сӕ заборты ток дӕр ауадзынц. Бирӕтӕ изӕрыгон ӕддӕмӕ рацӕуын нӕ уӕндынц, стӕй сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй ӕддӕмӕ хъазынмӕ дӕр нӕ фӕуадзынц. Бӕрӕг у, адӕмӕн сӕ сӕрибардзинад бонӕй-бонмӕ къаддӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй уавӕр хуыздӕр нӕ фӕуыдзӕн.

2 Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, адӕм ӕцӕг сӕрибар уыдзысты ӕнӕ Йегъовӕйӕ. Уӕдӕй абонмӕ цытӕ цӕуы, уымӕй бӕрӕг у, сайгӕ кӕй кодта. Уымӕй фыддӕр мӕнг ныхас ма цы хъуамӕ уыдаид! Адӕм Хуыцауы закъӕтты сӕрты цас фылдӕр хизынц, уыйас зындӕр кӕны адӕмы цард. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц. Фӕлӕ нӕ ныфс ис, иу бон адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ сын кӕй уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уыцы сӕрибардзинадмӕ абон дӕр цӕттӕ кӕны. Цымӕ куыд?

3. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цавӕр закъон радта? Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Цӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фидӕны сӕрибардзинадмӕ бацӕттӕ кӕна, уый тыххӕй сын радта, Иаков «сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» кӕй схуыдта, уыцы закъон. (Бакӕс Иаковы 1:25.) Адӕмӕн арӕхдӕр закъӕттӕ сӕрибардзинадыл дзурӕг нӕ вӕййынц. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ бӕттынц. Уӕдӕ уӕд «сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» цы у? Ӕмӕ нӕ куыд сӕрибар кӕны?

СӔРИБАР НӔ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ЗАКЪОН

4. «Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» цы у? Пайда кӕмӕн хӕссы?

4 «Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» Моисейы закъон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисейы закъон радта, цӕмӕй сын равдыстаид, тӕригъӕдджынтӕ кӕй сты. Ӕмӕ уыцы Закъон Чырысти сӕххӕст кодта (Матф. 5:17; Гал. 3:19). Уӕдӕ Иаков цавӕр закъоны кой кодта? Уый дзырдта «Чырыстийы закъоны» тыххӕй, хуыйны ма «уырнындзинады закъон» ӕмӕ «сӕрибар адӕмы закъон» дӕр (Гал. 6:2; Ром. 3:27; Иак. 2:12). Уӕдӕ «ӕнаипп закъонмӕ» хауы, Йегъовӕ нӕ цыдӕриддӕр домы, уый. Уыцы закъон пайда хӕссы куыд сӕрст чырыстӕттӕн, афтӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр (Иоан. 10:16).

5. Сӕрибардзинады закъон зынӕххӕстгӕнӕн цӕуылнӕ у?

5 Бирӕ бӕстӕты закъӕттӕй уӕлдай, «ӕнаипп закъон» нӕдӕр зынӕмбарӕн, нӕдӕр зынӕххӕстгӕнӕн у. Ис дзы хуымӕтӕг фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕйраг уагӕвӕрдтӕ (1 Иоан. 5:3). Йесо дӕр афтӕ загъта: «Ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:29, 30). Стӕй уыцы «ӕнаипп закъоны» алы гыццыл хъуыддаджы тыххӕй дӕр бӕлвырд закъӕттӕ уа, уый хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ бындур у уарзондзинад, ӕмӕ фыст у къӕйдуртыл нӕ, фӕлӕ адӕмӕн сӕ зонды ӕмӕ сӕ зӕрдӕты. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 8:6, 10.)

«ӔНАИПП ЗАКЪОН» НӔ КУЫД СӔРИБАР КӔНЫ

6, 7. Йегъовӕйы закъӕтты тыххӕй нӕ бон цы у зӕгъын? Сӕрибардзинады закъоны фӕрцы нӕ бон цы у аразын?

6 Йегъовӕ цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон иууылдӕр адӕмы хъахъхъӕнгӕ кӕнынц ӕмӕ сын сты пайда. Ахъуыды-ма кӕн ӕрдзы закъӕттыл, зӕгъӕм, химӕлвасынады закъоныл. Искуы адӕм уыцы закъӕттӕй рахъаст кодтой, хъыгдарынц нӕ, зӕгъгӕ? Аргъ сын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, уыцы закъӕттӕ сын пайда йеддӕмӕ зиан кӕй нӕ хӕссынц. Раст афтӕ, Йегъовӕ нӕ Чырыстийы «ӕнаипп закъонмӕ» гӕсгӕ цы домы, уыдӕттӕ дӕр сты нӕ пайдайӕн.

7 Сӕрибардзинады закъон нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны, уымӕй уӕлдай ма уыцы закъоны фӕрцы нӕ бон у, хорзӕй нӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый афтӕ аразын, цӕмӕй нӕхицӕн зиан ма ’рхӕссӕм, ӕмӕ иннӕтӕн та сӕ бартӕ ӕмӕ сӕ сӕрибардзинад ма байсӕм. Уӕдӕ цӕмӕй ӕцӕгдӕр сӕрибар уӕм,– ома нӕ цы фӕнды, уый аразӕм,– уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа раст фӕндтӕ, ома хъуамӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой ӕмӕ уый цӕсты дӕр уой раст. Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзын ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт уынын. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы та ӕххуыс кӕны сӕрибардзинады закъон (Амос 5:15).

8, 9. Сӕрибардзинады закъон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы не ’взӕр фӕндтимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ сӕрибардзинады закъон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд абон дӕр ӕцӕг сӕрибардзинады ад бавзардзыстӕм. Зӕгъӕм, иу нӕлгоймаг, Джей, зӕгъгӕ, тамако дымдта. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд базыдта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Ӕмӕ йӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын: дарддӕр дӕр йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ кӕсдзӕн ӕви Йегъовӕмӕ хъусдзӕн? Кӕд ын йӕ тамако ныууадзын тынг зын уыд, уӕддӕр рахаста зондджын уынаффӕ – Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Джей йӕ тамако куы ныууагъта, уӕд, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй, банкъардта диссаджы сӕрибардзинад ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд.

9 Ацы дуне адӕмӕн ахӕм сӕрибардзинад дӕтты, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдджын буары фӕдыл цӕуой. Ӕцӕгӕй та афтӕмӕй тӕригъӕды цагъартӕ свӕййынц, ӕмӕ уый Джей йӕхиуыл бавзӕрста. Хуыцауы сӕрибардзинады закъон чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдон та ссӕрибар вӕййынц, ӕмӕ ахӕм адӕм схайджын уыдзысты «цард ӕмӕ фарнӕй» (Ром. 8:5, 6). Джей тамако ныууадзынӕн тыхтӕ кӕм ссардта? Ахӕм тых йӕхимӕ нӕ разынд, Хуыцау ын радта тыхтӕ. Ӕдзух Библи ахуыр кодта, Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых куырдта ӕмӕ йын ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой. Адӕтты фӕрцы нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕцӕг сӕрибардзинад ссарын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, куыд.

ХУЫЦАУЫ ЗАКЪОН ЛӔМБЫНӔГ ИРТАС

10. Хуыцауы закъон «лӕмбынӕг иртасын» цы нысан кӕны?

10 Иаковы 1:25 фыст ис: «Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый... афтӕ кӕй кӕны, уый фӕрцы уыдзӕн амондджын». «Лӕмбынӕг иртасын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «истӕмӕ ӕргуыбыр кӕнын ӕмӕ йӕм ныккӕсын», ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы бацархайын. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй сӕрибардзинады закъон нӕ зондыл ӕмӕ нӕ зӕрдӕйыл ӕндава, уӕд хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр бацархайӕм – хъуамӕ Библи ӕдзух ӕмӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм (1 Тим. 4:15).

11, 12. а) Йесойы ныхӕстӕй куыд у бӕрӕг, рӕстдзинады фӕндаг нӕ царды фӕндаг кӕй хъуамӕ суа, уый? ӕ) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уӕлдайдӕр та кӕд ӕрыгӕттӕ стӕм, уӕд?

11 Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, ууыл хъуамӕ фидар хӕцӕм, ома йӕ ӕххӕст кӕнӕм. Рӕстдзинады фӕндаг хъуамӕ суа нӕ царды фӕндаг. Йесо дӕр, чи йыл баууӕндыд, уыдонӕй кӕмӕндӕрты афтӕ загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:31, 32). Иу дзырдуаты куыд фыст ис, афтӕмӕй ма ацы ран «зонын» амоны, адӕймаг цы зоны, уымӕн кӕй аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ ахсджиагыл нымайы. Уӕдӕ, рӕстдзинад ӕцӕгдӕр кӕй «базыдтам», уый нӕ бон уыдзӕн зӕгъын, нӕ цард уыцы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд. Афтӕмӕй «Хуыцауы ныхас» нӕ мидӕг «йӕ куыст кӕндзӕн». Ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕндзӕн нӕ удыхъӕд дарддӕр дӕр ивынӕн, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды хуызӕн тынгдӕр кӕнӕм (1 Фес. 2:13).

12 Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстатыл: «Рӕстдзинад ӕцӕгдӕр базыдтон? Мӕ царды фӕндаг ӕй скодтон? Ӕви ма ныр дӕр фӕбӕллын, ацы дуне цы „сӕрибардзинад“ дӕтты, уымӕ?» Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм хо йӕхи тыххӕй радзырдта, ӕрыгонӕй Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, фӕлӕ, цавӕр Хуыцау у, уый кӕй нӕ базыдта. Уый фыссы: «Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй ме сӕфт уынын нӕ сахуыр дӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ, цы аразын, уый йӕм нымады дӕр нӕу. Ӕмӕ нӕ сахуыр дӕн, цӕмӕй-иу дзы зын рӕстӕджы ӕххуыс куырдтаин. Хабӕрттӕ мӕхӕдӕг куыд ӕмбӕрстон, мӕ ныфс ууыл дардтон, фӕлӕ мӕм ныр уый худӕг кӕсы, уымӕн ӕмӕ ницы зыдтон». Хорз уыд, ӕмӕ уыцы хо фӕстӕдӕр бамбӕрста, раст кӕй нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ фӕивын цы хъуыди, уый фӕивта. Суанг ма райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр.

СЫГЪДӔГ ТЫХ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ СӔРИБАР УАЙ

13. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрибар уӕм?

13 2 Коринфӕгтӕм 3:17 кӕсӕм: «Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад». Сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрибар уӕм? Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй нӕм уой, сӕрибардзинадӕн цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдон: «Уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (Гал. 5:22, 23). Ӕнӕ ацы миниуджытӕй адӕм ӕцӕг сӕрибар никуы уыдзысты, уӕлдайдӕр та сӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд. Хабар афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, дуне цы уавӕры ис, уымӕй. Апостол Павел, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ куы ранымадта, уӕд ма загъта: «Ахӕм миниуджыты ныхмӕ закъон нӕй». Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Ома, дам, нӕй ахӕм закъон, ӕмӕ дзы фыст уа, зӕгъгӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъ нӕй фылдӕр рӕзын кӕнӕн (Гал. 5:18). Йегъовӕйы афтӕ фӕнды, цӕмӕй ацы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды ӕнустӕм дӕр фидар кӕнӕм ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной.

14. Ацы дунейы зонд адӕмӕй цагъартӕ куыд саразы?

14 Ацы дунейы зонд кӕуыл ӕндавы ӕмӕ йӕ буары монцты фӕдыл чи цӕуы, уыдонмӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕрибар сты. (Бакӕс 2 Петры 2:18, 19.) Фӕлӕ йӕ не ’мбарынц, ӕцӕгӕй цагъартӕ кӕй сты. Цӕмӕй адӕм се ’взӕр фӕндты фӕдыл бынтон ма ацӕуой ӕмӕ сӕхи бынтон ма суадзой, уый тыххӕй хицауады бахъӕуы тынг бирӕ закъӕттӕ рауадзын. Павел дӕр загъта: «Закъон рӕстгӕнджытӕн... не сфидар кӕнынц, фӕлӕ фыдгӕнджытӕн, хивӕндтӕн» (1 Тим. 1:9, 10). Стӕй ахӕм адӕм сты сӕ тӕригъӕдджын буары цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ «буары фӕндты» фӕдыл цӕуынц, ӕмӕ «буар» та у ӕгъатыр хицау (Еф. 2:1–3). Мӕнӕ бындзытӕ мыды куыд ныббырынц ӕмӕ сӕ бон фӕстӕмӕ сбырын куыд нал вӕййы, афтӕ адӕм дӕр се ’нӕфсис буары фӕндты фӕдыл ацӕуынц ӕмӕ тӕригъӕды къӕппӕджы бахауынц (Иак. 1:14, 15).

ӔМБЫРДЫ ССАРДТАМ СӔРИБАРДЗИНАД

15, 16. Чырыстон ӕмбырдмӕ куы ’рбацыдыстӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ цавӕр сӕрибардзинадӕй стӕм хайджын?

15 Ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбацыдтӕ, уыцы хъуыддаг нӕй абарӕн, адӕймаг цавӕрдӕр хиирхӕфсӕн клубмӕ куыд бацӕуы, уыимӕ. Ӕмбырдмӕ дӕ ӕрбакодта Йегъовӕ (Иоан. 6:44). Цымӕ цӕмӕн? Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм рӕстгӕнӕг кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй? Ӕвӕццӕгӕн, зӕгъис, кӕцӕй, зӕгъгӕ. Уӕдӕ дӕ цымӕ цӕмӕн ӕрбакодта? Уый дын федта дӕ зӕрдӕ: федта, йӕ сӕрибардӕттӕг закъонмӕ йын кӕй хъусдзынӕ ӕмӕ дӕхи уымӕ гӕсгӕ кӕй ивдзынӕ. Ӕмбырдмӕ куы ’рбацыдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыл Йегъовӕ тыхсы, ахуыр дӕ кӕны йӕ Ныхасы уылты. Мӕнг динты ахуырӕдтӕй дӕ ссӕрибар кодта ӕмӕ дын амоны, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уай. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:22–24.) Уый фӕрцы дӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ ды дӕр дӕ, ӕцӕг сӕрибар кӕй ис схонӕн, уыцы адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ зӕххы цъарыл ӕндӕр ахӕм адӕм нӕй (Иак. 2:12).

16 Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи уарзы, уыдоны ’хсӕн куы вӕййыс, уӕд истӕмӕй фӕтӕрсыс? Паддзахады залы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд дӕ дзауматӕ, мыййаг, дӕ къухы фӕдарыс, ма мын фесӕфой, зӕгъгӕ? Уым ницӕмӕй фӕтӕрсыс ӕмӕ ницӕуыл фӕтыхсыс. Ӕндӕр бынаты ӕндӕр адӕмы ’хсӕн дӕр афтӕ зӕгъис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Фӕлӕ нӕм фидӕны цы сӕрибардзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый та ноджы диссагдӕр у. Ныртӕккӕ йын ӕрмӕстдӕр иу гыццыл бавзӕрстам йӕ ад.

«ХУЫЦАУЫ СЫВӔЛЛӔТТЫ... ДИССАДЖЫ СӔРИБАРДЗИНАД»

17. «Хуыцауы фыртты кад куы раргом уа», уӕд уый фӕрцы адӕм куыд ссӕрибар уыдзысты?

17 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕххыл цы сӕрибардзинад ратдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Павел загъта: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы фыртты кад куы раргом уа, уымӕ». Стӕй ма загъта: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:19–21). Ацы ныхӕстӕ, «цыдӕриддӕр сфӕлдыста», зӕгъгӕ, амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Хуыцауы сӕрст фыртты «кад куы раргом уа», уӕд уый уыцы адӕмӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Йӕ фыртты кад та ӕргом кӕнын райдайдзӕн, уӕлӕрвтӕй Чырыстиимӕ иумӕ зӕхх фыддзинадӕй куы сыгъдӕг кӕной ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» ног дунемӕ куы бакӕной, уӕд (Рарг. 7:9, 14).

18. Коммӕгӕс адӕм ноджы сӕрибардӕр куыд кӕндзысты? Фӕстагмӕ адӕм цавӕр сӕрибардзинадӕй схайджын уыдзысты?

18 Уыцы рӕстӕг адӕм банкъардзысты, уӕдмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм сӕрибардзинад – нал сӕ хъыгдардзысты Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ (Рарг. 20:1–3). Уӕд адӕм куыд сулӕфдзысты! Уый фӕстӕ, паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзысты, уыцы 144 мины Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмы сӕрибар кӕндзысты тӕригъӕдӕй ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй, цалынмӕ сӕ бынтондӕр не ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ (Рарг. 5:9, 10). Адӕмӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон схайджын уыдзысты ӕххӕст сӕрибардзинадӕй, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цы сӕрибардзинадӕй хъуамӕ уыдаиккой хайджын, уымӕй – уыдзӕн сын, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад». Уый диссаг куыннӕ уыдзӕн! Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын дын зын нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ буар, дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ дӕ удыхъӕд ӕгасӕй дӕр суыдзӕн Хуыцауы удыхъӕды хуызӕн.

19. Дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын уа, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад»?

19 «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» дын уа, уый дӕ фӕнды? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй дын «сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» дӕ зондыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйыл ӕндава. Библи ӕдзух ӕмӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕн. Рӕстдзинады фӕндаг дӕ царды фӕндаг скӕн. Хуыцауӕй сыгъдӕг тых кур. Чырыстон ӕмбырды фӕрцы хайджын цӕмӕй дӕ, стӕй нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕй пайда кӕн. Хӕйрӕг дӕ ма асайӕд, Евӕйы куыд асайдта, афтӕ ӕмӕ дӕ ахӕм хъуыдыйыл ма бафтауӕд, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ дын дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ къӕхтӕ бӕттынц. Хӕйрӕг тынг зондджын у, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныл ӕнӕмӕнгӕй хинӕй рацӕудзӕн, «уымӕн ӕмӕ, куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу». Ӕмӕ уый тыххӕй та аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы (2 Кор. 2:11).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Ныр дӕр ма фӕбӕллын, ацы дуне цы «сӕрибардзинад» дӕтты, уымӕ?

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Рӕстдзинады фӕндаг мӕ царды фӕндаг скодтон?