Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Самсонӕн йӕ тых йӕ сӕрыхъуынты мидӕг уыд?

Ӕцӕгӕй Самсонӕн йӕ тых йӕ сӕрыхъуынты мидӕг нӕ уыд. Ахӕм ӕнахуыр тых ӕм уыд, Йегъовӕ йӕ назорейӕ кӕй равзӕрста, уый фӕрцы. Йӕ сӕрыхъуынтӕ та уыдысты, назорей кӕй уыд, уый нысан. Далидӕ иу адӕймагӕн Самсоны дзыккутӕ куы ралыг кӕнын кодта, уӕд Самсон фесӕфта, Хуыцау ын цы тых радта, уый (15/4, 9 фарс).

Цавӕр ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ «ӕнӕниз» уа?

1) Хӕринаг. Цӕмӕй зӕрдӕ хорз куса, уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ хӕра пайда хӕринӕгтӕ. Раст афтӕ хъуамӕ фаг «хӕрӕм», нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм «хӕринаг». 2) Фӕлтӕрӕнтӕ. Библи цы зӕрдӕйы кой кӕны, уый нын уыдзӕн «ӕнӕниз», хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд. 3) Цавӕр адӕмы ’хсӕн вӕййӕм. Цӕмӕй къаддӕр зӕрдӕниз ӕмӕ маст ӕвзарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ не ’мчырыстӕттимӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны нӕ хорз фӕнды (15/4, 16 фарс).

Искӕуыл йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацӕуа, уӕд цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй та кӕрӕдзийыл ӕууӕндын райдайой?

Хъуамӕ 1) ӕргом ныхас кӕной; 2) ӕмвӕндӕй архайой; 3) сӕ зондахаст аивой ӕмӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууадзой; 4) йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уый хъуамӕ архайа, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна, ӕмӕ та кӕрӕдзийыл ӕнувыд суой (1/5, 12–15 фӕрстӕ).

Чырыстӕттӕй исчи куы фӕзиан уа, уӕд раст цӕуылнӕ уаид зианы раныхасы Псаломы 116:15 фыст ныхӕстӕ ӕрхӕссын?

Стихы фыст ис: «Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕтмӕ». Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ афтӕ зынаргъ сты, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр амӕлой. Йегъовӕ нӕ бауадздзӕн йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр зӕххы цъарӕй фесафын (15/5, 22 фарс).

Чи уыдысты чиныгхӕсджытӕ?

1931 азы онг чиныгхӕсджытӕ хуыдтой, ныртӕккӕ пионертӕ кӕй хонынц, уыцы лӕггадгӕнджыты (15/5, 31 фарс).

Цӕмӕй бӕрӕг у, Библи, адӕм кӕй ныффыстой, уыцы чингуытӕй кӕй хицӕн кӕны?

Библийы ис, чи сӕххӕст, бирӕ ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Фыст дзы ис ӕцӕг хабӕрттӕ, таурӕгътӕ нӕ, фӕлӕ. Библи раст у наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ ӕмӕ дзы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу. Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр сты пайда (1/6, 4–8 фӕрстӕ).

Данелы 2:44 стихы «уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр» чи сты?

Ацы ныхӕстӕ хауынц, Данел кӕй ӕмбарын кодта, уыцы гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм, кӕнӕ хицауӕдтӕм, амонынц, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ (15/6, 17 фарс).

Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад ӕвдӕм дунеон паддзахад кӕд сси?

Дунеон паддзахад сси, Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ иумӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг стыр хъуыддӕгты архайын куы райдыдтой, уӕд (15/6, 19 фарс).

Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ Хуыцау куыд ныххатыр кӕны ӕмӕ сын сӕ куыд ферох кӕны?

Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй загъта: «Ӕз сын... сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Йӕ бон тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын у, ахӕсты аргъ фыст кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы. Ӕмӕ нын сӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ ферох кӕны, ома нын сӕ нӕ зӕрдыл нал ӕрлӕууын кӕны – уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нӕ нал бафхӕры (1/7, 18 фарс).

Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдоныл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

Диссӕгтӕй бирӕтӕ адӕм сӕхи цӕстӕй федтой, сусӕгӕй-иу арӕзт не ’рцыдысты. Цы диссӕгтӕ ’рцыд, уыдон фокустӕ нӕ уыдысты. Диссӕгтӕ-иу чи арӕзта, уыдон кадмӕ нӕ бӕллыдысты, уыцы диссӕгтӕй-иу Хуыцауы скадджын кодтой. Тынг бирӕ диссӕгтӕ ӕрцыд арӕзт, ӕмӕ знӕгтӕн дӕр сӕ ныхмӕ сӕ бон ницы уыд зӕгъын. Ацы хабӕрттӕ сты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыдысты, уымӕн, ӕмӕ сыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын (1/8, 7, 8 фӕрстӕ).