Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхи хиз Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй!

Дӕхи хиз Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй!

«Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй раирвӕз» (2 ТИМ. 2:26).

1, 2. Ацы статьяйы Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй кӕцытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

ХӔЙРӔГ зилы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕдыл. Фӕлӕ йӕ нысан ӕнӕмӕнг уый нӕу, цӕмӕй сӕ амара, цуанон сырд куыд амары, афтӕ. Хӕйрӕджы сӕйраджыдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ амӕттаджы удӕгасӕй ӕрцахса ӕмӕ йӕ цы фӕнды, уый йын аразын кӕна. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:24–26.)

2 Цуаноны куы фӕфӕнды сырд удӕгасӕй ӕрцахсын, уӕд ын ӕрцӕттӕ кӕны алыхуызон къӕппӕджытӕ. Зӕгъӕм, йе ’мбӕхсӕн бынатӕй йӕ расайы ӕмӕ йӕ стӕй истӕмӕй ӕрцахсы. Кӕнӕ та йын йӕ размӕ къӕппӕг сӕвӕры, куыд нӕ зына, афтӕ, ӕмӕ дзы сырд бахауы. Афтӕ Хӕйрӕг дӕр ахӕм къӕппӕджытӕ ӕрцӕттӕ кӕны, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджыты удӕгасӕй ахса. Ӕмӕ нӕ кӕд нӕ фӕнды йӕ къӕппӕджыты бахауын, уӕд хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕ цӕй фӕрцы ис базонӕн, уыдӕттӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕгӕн кӕйдӕрты ӕрцахсын кӕй фӕрцы бантысы, уыцы къӕппӕджытӕй ӕртӕмӕ. Уыдон сты: 1) адӕймаг йе ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕца; 2) адӕмӕй куы тӕрса ӕмӕ, уыдоны цы фӕнды, уый куы араза ӕмӕ 3) адӕймаг фӕсмонӕй йӕхи ӕгӕр куы хӕра. Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм ноджыдӕр дыууӕ къӕппӕгыл.

ДЕ ’ВЗАДЖЫ РОХТЫЛ ХӔЦ – ӔМБЫРДЫ АРТ МА ССУДЗ

3, 4. Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Цуаноны куы фӕфӕнды сырдты се ’мбӕхсӕн бынатӕй расайын, уӕд иуӕй-иу хатт хъӕдыл арт бафтауы. Ӕмӕ сырдтӕ лидзынмӕ куы фӕвӕййынц, уӕд сӕ ӕрцахсы. Афтӕ Хӕйрӕджы дӕр фӕнды чырыстон ӕмбырдыл арт бафтауын. Ӕмӕ уый йӕ къухы куы бафта, уӕд ӕмбырды адӕм уыцы ӕдас бынатӕй лидзынмӕ фӕуыдзысты ӕмӕ комкоммӕ йӕ дзӕмбытӕм бахаудзысты. Куыд ис уымӕн гӕнӕн, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕ Хӕйрӕгӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй йӕ къӕппӕджы бахауӕм?

4 Ахуыргӕнинаг Иаков ӕвзаг абарста зынгимӕ, кӕнӕ артимӕ. (Бакӕс Иаковы 3:6–8.) Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд ӕмбырдыл ахӕм арт бафтаудзыстӕм, ӕмӕ йын бауромӕн нал уыдзӕн. Куыдӕй? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: ӕмбырды фехъусын кодтой, ахӕм ӕмӕ ахӕм хойы пионерӕй снысан кодтой, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ дыууӕ хъусынгӕнӕджы ууыл ныхас кӕнынц. Иуӕн уыцы хабар тынг ӕхсызгон у ӕмӕ уыцы хойӕн йӕ зӕрдӕ зӕгъы, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый. Иннӕ та дзуры, зӕгъгӕ, дам, ӕй уӕртӕ фӕнды ӕмбырды йӕхи равдисын ӕмӕ, дам, пионер дӕр уый тыххӕй сси. Уыцы дыууӕ адӕймагӕй дӕхицӕн ӕмбалӕн кӕй равзарис? Сӕ дыууӕйӕ ӕмбырдыл арт кӕцы бафтаудзӕн, уый зын бамбарын нӕу.

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’взаджы рохтыл хӕцын зонӕм ӕмӕ ӕмбырды арт ма ссудзӕм?

5 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’взаджы рохтыл хӕцын зонӕм ӕмӕ ӕмбырды арт ма ссудзӕм? Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Уӕдӕ фыццаг къахдзӕф у нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Мыййаг, адӕймагмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дарӕм? Кӕд афтӕ у, уӕд уый не ’взагӕн бензинӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн, ӕмӕ иннӕтӕн нӕ ныхӕстӕй зиан хӕсдзыстӕм. Зӕгъӕм, искӕцы ӕфсымӕры тыххӕй куы базонӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕм кӕй тырны, уӕд цы ахъуыды кӕндзыстӕм? Афтӕ зӕгъдзыстӕм, зӕгъгӕ, уый Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй аразы? Ӕви зӕгъдзыстӕм, йӕхицӕн кад агуры, зӕгъгӕ? Кӕд иннӕтыл фаутӕ ӕвӕрын ахуыр стӕм, уӕд хорз уаид, куы-иу ӕрхъуыды кӕниккам, иуафон Хӕйрӕг дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовыл фаутӕ кӕй ӕвӕрдта (Иов 1:9–11). Кӕуылдӕр ӕнӕууӕнк кӕныны бӕсты-иу фӕлтау ахъуыды кӕнӕм, ахӕм цӕстӕй йӕм цӕмӕн кӕсӕм, ууыл. Уӕвгӕ нын исты ӕфсон ис, ӕмӕ йӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм? Кӕд, мыййаг, нӕ зӕрдӕ ацы дунейы зондахастӕй фӕхъӕстӕ, ома ацы фӕстаг бонты адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарзынц, уый махыл дӕр бандӕвта? (2 Тим. 3:1–4).

6, 7. а) Иуӕй-иу хатт иннӕтыл фаутӕ цӕмӕн февӕрӕм? ӕ) Исчи нӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

6 Искӕуыл ма фаутӕ ноджыдӕр цӕмӕн февӕрӕм? Чи зоны нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, цы сарӕзтам, уый иннӕтӕ дӕр базоной ӕмӕ нӕ ӕппӕлой. Ӕмӕ кӕуылдӕр фаутӕ ӕвӕргӕйӕ нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрӕм. Кӕнӕ та нӕхӕдӕг цыдӕр хъуамӕ сарӕзтаиккам, фӕлӕ йӕ нӕ сарӕзтам, ӕмӕ йӕ кӕйдӕр аххос кӕнӕм. Адӕймаг искӕуыл фаутӕ февӕры, сӕрбӕрзонд кӕй у, хӕлӕг кӕй кӕны кӕнӕ ӕнӕныфсхаст кӕй у, уый тыххӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа – йӕ ныхӕстӕй стыр зиан ӕрхӕссы.

7 Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ кӕйдӕр кой дзӕгъӕлы нӕ кӕнӕм. Чи зоны, уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр нӕ кой кодта ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ скъахта. Фӕлӕ йын ӕй ды дӕр уымӕй куы фидай, уӕд дзы хорзӕй ницы рауайдзӕн. Арт ма тынгдӕр бандзардзынӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон не ’ххӕст кӕндзынӕ, фӕлӕ Хӕйрӕджы фӕндон (2 Тим. 2:26). Ахӕм уавӕры хъуамӕ Чырыстийы бафӕзмӕм. Алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын куы кодтой, «уӕд сӕ уый не ’фхӕрдта», «фӕлӕ йӕхи бакодта, раст тӕрхон чи кӕны, уый бар» (1 Пет. 2:21–23). Йесо йӕ фидарӕй зыдта, цы хъӕуы, уый Йегъовӕ кӕй сараздзӕн, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ, ӕмӕ йӕхи кӕд фӕнды, уӕд. Мах дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл афтӕ хъуамӕ дарӕм. Нӕ ныхӕстӕ-иу иннӕтӕн ӕвдадзы хос куы уой, уӕд не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕндзыстӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:1–3.)

АДӔМӔЙ МА ТӔРС ӔМӔ, УЫДОНЫ ЦЫ ФӔНДЫ, УЫЙ МА АРАЗ

8, 9. Пилат Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон цӕмӕн рахаста?

8 Сырд къӕппӕджы куы бахауы, уӕд йӕ бон змӕлын нал вӕййы, сӕрибар нал вӕййы. Раст афтӕ, исчи адӕмӕй куы фӕтӕрсы ӕмӕ, уыдоны цы фӕнды, уый куы фӕаразы, уӕд йӕ цардыл ӕнӕхъӕнӕй йӕ бар нал фӕцӕуы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:25.) Ӕркӕсӕм, адӕмӕй чи фӕтарст ӕмӕ, уыдоны цы фӕндыд, уый чи сарӕзта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы хабармӕ ӕмӕ фенӕм, зондзонӕн нын куыд сты, уый.

9 Ромаг хицау Понтий Пилат зыдта, Йесо аххосджын кӕй нӕ уыд, ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын ӕвзӕрӕй исты сарӕзтаид. Афтӕ дӕр ма загъта, зӕгъгӕ, дам, ын «мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахӕссон», ахӕмӕй ницы сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр Пилат Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон рахаста. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Пилат бакодта, адӕм дзы цы домдтой, уый (Лук. 23:15, 21–25). Уыдон хъӕр кодтой: «Куы йӕ рауадзай, уӕд Ромы паддзахӕн ӕмбал нӕ дӕ». Ӕмӕ йын афтӕмӕй аразын кодтой, сӕхи цы фӕндыд, уый (Иоан. 19:12). Ӕвӕццӕгӕн, Пилат тарсти, Чырыстийы фарс куы рахӕца, уӕд йӕ бынат, стӕй, чи зоны, йӕ цард дӕр, кӕй фесафдзӕн. Афтӕмӕй къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, Хӕйрӕджы цы фӕндыд, уый сарӕзта.

10. Петр цӕуылнӕ басаст, Чырыстийы кӕй зыдта, ууыл?

10 Апостол Петр уыди Йесойы хуыздӕр ӕмбӕлттӕй сӕ иу. Уый ӕргом загъта, Йесо Мессийӕ кӕй у (Матф. 16:16). Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы ныхӕстӕ куы нӕ бамбӕрстой ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, уӕд ыл Петр иузӕрдионӕй баззад (Иоан. 6:66–69). Ӕмӕ знӕгтӕ Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд Петр хъама фелвӕста, цӕмӕй йӕ Хицауы бахъахъхъӕдтаид (Иоан. 18:10, 11). Фӕлӕ фӕстӕдӕр адӕмӕй фӕтарсти ӕмӕ суанг, Чырыстийы кӕй зыдта, ууыл дӕр нӕ басаст. Рӕстӕгмӕ Петр бахауди къӕппӕджы ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нӕ уыди хъӕбатырӕй архайын (Матф. 26:74, 75).

11. Фидар фӕлӕууын нӕ кӕд фӕхъӕуы?

11 Чырыстӕтты фӕхъӕуы фидар фӕлӕууын, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ сын куы фӕаразын кӕнынц, уӕд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ зонгӕтӕ аразын кӕной, сайдыл нымад чи у, ахӕм хъуыддаг кӕнӕ нӕ ӕнӕгъдау митыл ӕфтауой. Скъоладзаутӕн кӕнӕ студенттӕн се ’мбӕлттӕ фӕдзурынц, цӕмӕй сайой экзаменты, порнографимӕ кӕсой, тамако дымой, наркотиктӕ кӕной, нуазой кӕнӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕной. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм, ома адӕмӕй ма фӕтӕрсӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый ма саразӕм?

12. Пилат ӕмӕ нын Петры хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты?

12 Пилат ӕмӕ нын Петры хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты? Кӕд Пилат Йесо Чырыстийы тыххӕй бирӕ нӕ зыдта, уӕддӕр зыдта, Йесо аххосджын кӕй нӕ уыд, стӕй хуымӕтӕг адӕймаг дӕр кӕй нӕ уыд, уый. Фӕлӕ Пилат сӕрныллӕг нӕ уыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы нӕ уарзта. Ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг дӕр йӕ къӕппӕджы ӕнцонтӕй ӕрцахста. Петр та Хуыцауы уарзгӕ дӕр кодта, стӕй бӕлвырдӕй зыдта, ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти чи сты, уый. Фӕлӕ-иу хаттӕй-хатт йӕхицӕй ӕгӕр фӕныфсджын ӕмӕ-иу бонзонгӕ нӕ разынд, кӕнӕ та-иу дзы тас бацыд ӕмӕ-иу фӕрӕдыд. Йесойы куы ’рцахстой, уый размӕ Петр йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн!» (Мар. 14:29). Петр дӕр псаломзарӕггӕнӕгау йӕ ныфс Хуыцауыл куы дардтаид, уӕд фӕлварӕнтӕм хуыздӕр цӕттӕ уыдаид. Псаломзарӕггӕнӕг афтӕ зарыд: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Пс. 118:6). Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд Петры ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ апостолы йемӕ акодта Гефсиманийы дыргъдонмӕ. Йесо сын загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уыдаиккой, фӕлӕ Петр дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр бафынӕй сты. Йесо сӕ куы райхъал кодта, уӕд сын загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Мар. 14:38). Фӕлӕ та Петр уӕддӕр бафынӕй, ӕмӕ фӕстӕдӕр адӕмӕй фӕтарст ӕмӕ фӕрӕдыд.

13. Исты ӕвзӕр хъуыддаг нын куы аразын кӕной, уӕд фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?

13 Пилат ӕмӕ нын Петры хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, цӕмӕй адӕмӕй ма фӕтӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ, сӕрныллӕгдзинад, бонзонгӕдзинад, хъуамӕ Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ дзы тӕрсӕм. Нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур бӕлвырд зонындзинӕдтӕ куы уой, уӕд, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй ныфсджынӕй дзурдзыстӕм. Ӕмӕ нын уый та баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу адӕмы зондахасты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ сӕ ма тӕрсӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм. Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, фидар фӕлӕууынӕн нӕ Хуыцауы тых кӕй хъӕуы. Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ фӕлварӕнтӕм нӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ сывӕллӕтты-иу рагацау куы бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу семӕ куы скувӕм, уӕд зондзысты, куыд бакӕной, се ’мбӕлттӕ сын исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕной, уӕд (2 Кор. 13:7) *.

ДӔХИ ФӔСМОНӔЙ ӔГӔР МА ХӔР

14. Хӕйрӕг нӕ цавӕр хъуыдыйыл ӕфтауы?

14 Хатт цуанон сӕвӕры ахӕм къӕппӕг: сырдтӕ кӕм фӕрацу-бацу кӕнынц, уым фӕндаджы сӕрмӕ ӕрцауындзы стыр хъӕд кӕнӕ стыр дур. Стӕй фӕндаджы сӕрты айвазы тел, ӕмӕ йыл сырд куы андзӕвы, уӕд ыл дур кӕнӕ хъӕд ӕрхауы ӕмӕ йӕ быны фӕвӕййы. Нӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр куы хӕрӕм, уӕд уый уыдзӕн, цыма ныл ахӕм стыр дур ныффӕлдӕхт ӕмӕ йӕ быны фестӕм, уый хуызӕн. Нӕ раздӕры рӕдыдтытыл хъуыдыгӕнгӕйӕ хатгай «нӕ зӕрдӕ бынтон асӕтты». (Бакӕс Псалом 38:3–5, 8.) Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ ахӕм хъуыдыйыл бафтауа, ӕмӕ нын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нын никуы рауайдзӕн йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын.

15, 16. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр ма хӕрай?

15 Дӕ бон куыд у дӕхи ацы къӕппӕгӕй бахизын? Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд ӕнцад ма лӕуу, фӕлӕ ӕвӕстиатӕй бацархай фӕстӕмӕ Йегъовӕимӕ бафидауыныл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракур (Иак. 5:14–16). Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сараз, цӕмӕй дӕ рӕдыд сраст кӕнай (2 Кор. 7:11). Зонд дын куы бацамоной, уӕд-иу дӕхимӕ ма ныхъхъус, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ уарзы (Дзут. 12:6). Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, ахӕм тӕригъӕд кӕй нал сараздзынӕ ӕмӕ дӕ уымӕ цы ӕркодта, уыдӕттӕй дӕхи кӕй хиздзынӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ архай. Ӕмӕ иугӕр ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ дӕ цард аивтай, уӕд дӕ фидарӕй уырнӕд, Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты (1 Иоан. 4:9, 14).

16 Иуӕй-иутӕ ма ныр дӕр сӕхи фӕхӕрынц, Хуыцау сын кӕй ныххатыр кодта, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй. Кӕд ды дӕр афтӕ кӕныс, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕ Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн кӕй ныххатыр кодта, йӕ уарзон Фырты йын йӕ тӕккӕ зындӕр сахат кӕй ныууагътой, уый. Йегъовӕ ныххатыр кодта, Коринфы ӕмбырдӕй амӕй-ай хӕлддӕр мийы тыххӕй кӕй ацух кодтой, фӕлӕ уый фӕстӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн (1 Кор. 5:1–5; 2 Кор. 2:6–8). Хуыцауы Ныхасы фыст ис, уӕззау тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, ахӕм адӕмы тыххӕй. Фӕлӕ сыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын сӕ Хуыцау ныххатыр кодта (2 Аз. 33:2, 10–13; 1 Кор. 6:9–11).

17. Чырыстийы нывонд нын цы пайда хӕссы?

17 Кӕд дӕ рӕдыдтытыл зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕныс ӕмӕ дӕ уырны, Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисдзӕн, уӕд дын сӕ ӕнӕмӕнг ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ферох кӕндзӕн. Афтӕ макуы ахъуыды кӕн, ӕмӕ Йесойы нывонды фӕрцы дӕр нӕй дӕ тӕригъӕдтӕн ныххатыр кӕнӕн. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, уӕд Хӕйрӕджы къӕппӕджы бахаудтӕ. Хӕйрӕг дӕ цыфӕнды хъуыдытыл ма ӕфтауа, уӕддӕр уыцы нывонды фӕрцы хатыргонд цӕуынц алкӕй тӕригъӕдтӕ дӕр, кӕд сыл ӕрфӕсмон кодтой, уӕд (Ӕмб. 24:16). Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр ма хӕрай ӕмӕ уыцы уӕззау уаргъ де уӕхсчытӕй аппарай. Стӕй ма дӕм уый фӕрцы фӕзындзӕн хъарутӕ, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай (Матф. 22:37).

САЙТАН КУЫД АРХАЙЫ, УЫЙ НЫН ӔНӔЗОНГӔ НӔУ

18. Нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй нӕхи бахизын?

18 Хӕйрӕгӕн уӕлдай нӕу, йӕ къӕппӕджытӕй кӕцыйы бахаудзыстӕм, уый. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ ӕрцахса, ӕмӕ кӕцыфӕнды къӕппӕг дӕр уӕд. Фӕлӕ, куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у нӕхи бахъахъхъӕнын, цӕмӕй ныл хинӕй ма рацӕуа (2 Кор. 2:10, 11). Фӕлварӕнты Хуыцауӕй зонд куы курӕм, уӕд Хӕйрӕджы къӕппӕджыты нӕ бахаудзыстӕм. Иаков ныффыста: «Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн» (Иак. 1:5). Ӕмӕ нын цӕмӕй Йегъовӕ зонд ратта, уый тыххӕй та хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр Библи ӕдзух ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы литературӕ уадзы, уый ӕргом кӕны Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ нӕхи бахизӕм.

19, 20. Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт цӕмӕн хъуамӕ уынӕм?

19 Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм ӕмӕ Библи кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы тынгдӕр бауарзӕм, хорз цы у, уый. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын сахуыр уӕм (Пс. 97:10). Нӕ зӕрдӕйы хиуарзон фӕндтӕ нӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ фӕдыл нӕ ацӕудзыстӕм (Иак. 1:14, 15). Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын ӕмӕ, хорз цы у, уый ӕцӕгдӕр уарзын куы сахуыр уӕм, уӕд, Хӕйрӕг йӕ къӕппӕджыты цы сайӕнтӕ ӕвӕры, уыдонмӕ нӕ зӕрдӕ не ’хсайдзӕн, уыдзысты нын ӕнад.

20 Хуыцау нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ныл Сайтан хинӕй ма рацӕуа. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! Йегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы, йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы ирвӕзын кӕны «Фыдбылызӕй» (Матф. 6:13). Иннӕ статьяйы ма аныхас кӕндзыстӕм, Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты удӕгасӕй кӕмӕй ӕрцахсы, уыцы къӕппӕджытӕй дыууӕйыл ӕмӕ сӕ нӕхи куыд бахизӕм, ууыл.

[Фиппаинаг]

^ 13 абз. Хорз уаид, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ куы аныхас кӕниккой, чиныджы «Вопросы молодежи. Практические советы», 2 томы, цы ӕрмӕг ис, ууыл. 132, 133 фӕрстыл дзы ис «Мои действия в условиях прессинга». Аныхас ыл кӕнӕн ис бинонты ахуыры рӕстӕг.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Адӕймаг йе ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕца, уӕд ӕмбырдыл арт бафтаудзӕн ӕмӕ стыр зиан ӕрхӕсдзӕн

[Ныв 24 фарсыл]

Дӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр ма хӕр – дӕ уаргъ аппар