Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидар лӕуу ӕмӕ ма бахау Хӕйрӕджы къӕппӕджыты!

Фидар лӕуу ӕмӕ ма бахау Хӕйрӕджы къӕппӕджыты!

«Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуут» (ЕФ. 6:11).

1, 2. а) Хӕйрӕг сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» тӕригъӕд цӕуылнӕ кӕны? ӕ) Ацы статьяйы Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй кӕцытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

САЙТАН ХӔЙРӔГ адӕмӕн ӕппындӕр нӕ тӕригъӕд кӕны, уӕлдайдӕр та, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонимӕ Хӕйрӕг тох кӕны (Рарг. 12:17). Уыцы чырыстӕттӕ разамынд дӕттынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнынц, стӕй адӕмӕн ӕргом кӕнынц, ацы дунейы хицау Сайтан кӕй у. Хӕйрӕг йе сӕфт уыны «ӕндӕр фыстӕй» дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, стӕй сӕ ныфс ис ӕнусон цардӕй, Хӕйрӕг та уыцы цардӕй ӕнӕхай фӕци (Иоан. 10:16). Уӕдӕ мӕстӕй куыннӕ хъуамӕ тона! Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс,– Хӕйрӕджы мах мӕт ӕппындӕр нӕй. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ ӕрцахса (1 Пет. 5:8).

2 Ӕмӕ цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта, уый тыххӕй Хӕйрӕг сӕвӕрдта алыхуызон къӕппӕджытӕ. Ӕнӕуырнджытӕн сӕ сӕрызонд кӕй «бакуырм кодта», уый тыххӕй уыдон хорз хабармӕ нӕ хъусынц ӕмӕ уыцы къӕппӕджытӕ дӕр нӕ уынынц. Фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты ӕрцахсы (2 Кор. 4:3, 4). Айразмӕйы статьяйы ныхас кодтам Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй ӕртӕйыл. Уыдон сты: 1) адӕймаг йе ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕца; 2) адӕмӕй куы тӕрса ӕмӕ, уыдоны цы фӕнды, уый куы араза ӕмӕ 3) адӕймаг фӕсмонӕй йӕхи ӕгӕр куы хӕра. Ныр та ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у нӕхи ноджыдӕр дыууӕ къӕппӕгӕй бахизын. Уыдон та сты: мулчы фӕдыл ацӕуын ӕмӕ хӕтындзинад.

АДӔЙМАДЖЫ МУЛК ЙӔ ФӔДЫЛ АСАЙЫ ӔМӔ ЙӔ НЫХХУРХ КӔНЫ

3, 4. Ацы царды сагъӕсты тыххӕй адӕймаг мулчы фӕдыл куыд ацӕуы?

3 Йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй иуы Йесо дзырдта, нӕмыг сындзыты ’хсӕн кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй. Уый загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг дзырд фехъусы, «фӕлӕ ацы царды сагъӕстыл свӕййы, хъӕздыгдзинад ӕй йӕ фӕдыл асайы, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг нӕ ратты» (Матф. 13:22). Ацы стихы дзырдбаст «дзырд нал сырӕзы» ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «дзырд ныххурх вӕййы». О, адӕймаджы мулк йӕ фӕдыл кӕй асайы, уый у, не знаг Хӕйрӕг кӕмӕй пайда кӕны, уыцы къӕппӕджытӕй иу.

4 Дзырд нал сырӕзы дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Иу у «ацы царды сагъӕстӕ». Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ адӕймаг бирӕ цӕуылдӕрты фӕтыхсы (2 Тим. 3:1). Алцыдӕр зынаргъдӕр кӕй кӕны ӕмӕ бирӕтӕн сӕ бон кӕй нӕу куыст ссарын, уый тыххӕй сын зын у цардамӕлттӕ кӕнын. Науӕд та, чи зоны, сагъӕс кӕныс дӕ сомбоныл ӕмӕ хъуыды кӕныс, пенсийы куы ацӕуон, уӕд мын цымӕ фаг кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ахӕм сагъӕсты тыххӕй иуӕй-иутӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл ацыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕм ӕхца куы уа, уӕд ӕнӕмӕт цард кӕндзысты.

5. Хъӕздыгдзинад адӕймаджы йӕ фӕдыл куыд асайы?

5 Йесо ма загъта, адӕймаджы «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайы», зӕгъгӕ. Ӕмӕ адӕймаг царды сагъӕстыл дӕр куы суа ӕмӕ ма йӕ хъӕздыгдзинад дӕр йӕ фӕдыл куы асайа, уӕд ӕнцонтӕй бахаудзӕн мулк уарзыны къӕппӕджы. Библийы фыст ис, адӕймаджы «ӕхца... хъахъхъӕны», зӕгъгӕ (Еккл. 7:12). Ома нӕм ӕхца куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ балхӕнын. Фӕлӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл цӕуын зондджын ми нӕу. Бирӕтӕ бамбӕрстой, хъӕздыгдзинадмӕ цас тынгдӕр тырнынц, уыйас тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕнынц мулкуарзаг ӕмӕ сын зын кӕй у уыцы къӕппӕгӕй раирвӕзын. Чидӕртӕ ма хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр систы (Матф. 6:24).

6, 7. а) Куыст адӕймагӕн къӕппӕг куыд свӕййы? ӕ) Чырыстоны фӕскуыст кусын куы хъӕуа, уӕд цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?

6 Хатт адӕймаг хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын райдайы, йӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбары, афтӕмӕй. Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл. Куысты дӕм дӕ хицау ӕрбацыд ӕмӕ дын зӕгъы: «Хорз хабар мӕм ис! Нӕ компаниимӕ арӕзт ӕрцыд стыр контракт. Ӕмӕ дӕ бахъӕудзӕн цалдӕр мӕйы дӕргъы арӕх фӕскуыст дӕр кусын. Фӕлӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзынӕ – бирӕ ӕхца бакусдзынӕ». Куыд бакӕнис ахӕм уавӕры? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис дыл хӕс – хъӕуы дӕ дӕ бинонты дарын,– ӕмӕ уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Фӕлӕ дыл ӕрмӕст уыцы хӕс нӕй (1 Тим. 5:8). Хъӕуы дӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл дӕр ахъуыды кӕнын. Фӕскуыст дӕ цас хъӕудзӕн кусын? Дӕ куыст дӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ аразын нӕ бахъыгдардзӕн, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын кӕнӕ дӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын?

7 Уыцы фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ дын ахсджиагдӕр цы уыдзӕн – фылдӕр ӕхца дӕм кӕй фӕзындзӕн, уый, ӕви дын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый? Фылдӕр ӕхца бакусын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй Хуыцауы Паддзахад дӕ царды фыццаг бынаты нал ӕвӕрдзынӕ? Ӕмбарыс ӕй, дӕхи уырнындзинадыл дӕр ӕмӕ дӕ бинонты уырнындзинадыл дӕр куы нӕ тыхсай ӕмӕ мулчы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд дыл уый куыд фӕзындзӕн? Кӕд ныртӕккӕ ахӕм уавӕры дӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард дӕ, уӕд дӕ бон куыд у фидар фӕлӕууын, цӕмӕй дӕ мулчы къӕппӕг ма ныххурх кӕна? (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.)

8. Библийӕ нын цавӕр цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты нӕ цардыл ахъуыды кӕнынӕн?

8 Цӕмӕй дӕ мулчы къӕппӕг ма ныххурх кӕна, уый тыххӕй-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ цардыл ахъуыды кӕн. Хъуамӕ ма уай, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кодта, уыцы Исавы хуызӕн (Райд. 25:34; Дзут. 12:16). Стӕй хъуамӕ ма уай, Йесо кӕимӕ ныхас кодта, уыцы хъӕздыг лӕппуйы хуызӕн дӕр. Йесо йын загъта, цӕмӕй йӕ фӕллӕйттӕ ауӕй кодтаид, йе ’хца мӕгуыртыл байуӕрстаид ӕмӕ йӕ фӕдыл цыдаид. Фӕлӕ уыцы лӕппу «ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм стыр фӕллӕйттӕ уыди» (Матф. 19:21, 22). Уый бахауд хъӕздыгдзинады къӕппӕджы ӕмӕ ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы фӕдылдзӕуӕг не сси – ахӕм стыр кадӕй ӕнӕхай фӕци! Ды дӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг, ӕмӕ дӕхи хъахъхъӕн, цӕмӕй уыцы кадӕй ӕнӕхай ма фӕуай.

9, 10. Библийы мулчы тыххӕй цы фыст ис? Куыд ӕй бамбӕрстай?

9 Цӕмӕй нӕ мулк йӕ фӕдыл ма асайа, уый тыххӕй хъуамӕ байхъусӕм Йесойы уынаффӕмӕ: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц» (Матф. 6:31, 32; Лук. 21:34, 35).

10 Цӕмӕй дӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл ма асайа ӕмӕ дӕ уыцы къӕппӕг ма ныххурх кӕна, уый тыххӕй хорз уаид Библийы фыссӕг Агуры бафӕзмын. Уый афтӕ загъта: «Ма бауадз, цӕмӕй ӕгӕр мӕгуыр дӕр суон ӕмӕ ӕгӕр хъӕздыг дӕр. Ратт мын, цы мӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уый» (Ӕмб. 30:8, Contemporary English Version). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Агур ӕмбӕрста, ӕхца адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны. Фӕлӕ ма уый дӕр ӕмбӕрста, ӕмӕ хъӕздыгдзинад сайгӕ кӕй кӕны. Рох дӕ ма уӕд, ацы царды сагъӕстыл куы суай ӕмӕ дӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл куы асайа, уӕд дӕ уырнындзинад кӕй ныххурх уыдзӕн. Уыдӕттыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд дын уый дӕ рӕстӕг дӕр хӕрдзӕн, тыхтӕ дӕр-иу дӕм нал баззайдзӕн ӕмӕ дӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын дӕр нал фӕнддзӕн. Уӕдӕ дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, Хӕйрӕджы къӕппӕджы кӕй нӕ бахаудзынӕ – мулчы фӕдыл кӕй нӕ ацӕудзынӕ! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.)

ХӔТЫНДЗИНАД – ХОРЗ ӔМБӔХСТ ДЗЫХЪХЪ

11, 12. Чырыстон йӕ куысты хӕтындзинады къӕппӕджы куыд бахауы?

11 Цуаноны куы фӕфӕнды стыр сырд ӕрцахсын, уӕд хатгай скъахы дзыхъхъ, сырдтӕ кӕм фӕрацу-бацу кӕнынц, уыцы фӕндагыл. Уыцы дзыхъхъ ӕрӕмбӕрзы къӕцӕлтӕй ӕмӕ сыджытӕй. Хӕйрӕг ӕппӕты ӕнтыстджындӕрӕй кӕмӕй пайда кӕны, уыцы къӕппӕджытӕй иу у ахӕм дзыхъхъы хуызӕн. Уый у хӕтындзинад (Ӕмб. 22:14; 23:27). Чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыцы «дзыхъхъы» ныххаудысты, уымӕн ӕмӕ сӕхи нӕ бахъахъхъӕдтой, фӕрӕдийын ӕнцон кӕм уыди, ахӕм уавӕртӕй. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацыдысты, сӕ зӕрдӕйы ӕндӕр кӕмӕндӕр бынат кӕй скодтой, уый тыххӕй.

12 Гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстон лӕг кӕнӕ ус йӕ зӕрдӕйы бынат скӕна йе ’мкусджытӕй искӕмӕн. Йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕн се ’мбис ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн та сӕ фылдӕр ӕмуат ӕрцыдысты се ’мкусӕгимӕ. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ хойы фӕхъӕуы нӕлгоймӕгтимӕ кусын, ӕфсымӕры та – сылгоймӕгтимӕ. Кӕд ды дӕр ахӕм куысты кусыс, уӕд дӕхи де ’мкусджытимӕ куыд фӕдарыс? Дӕхицӕн фидарӕй загътай, куыстӕй дарддӕр уын иумӕйагӕй кӕй ницы уыдзӕн? Зӕгъӕм, нӕ хо кусы нӕлгоймагимӕ. Цалдӕр хатты сӕ царды хабӕрттыл куы аныхас кодтой, уӕд уыцы нӕлгоймагӕн йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурын райдыдта, суанг ма, йӕ лӕгимӕ кӕрӕдзи цӕйдӕр тыххӕй кӕй не ’мбарынц, уый дӕр. Кӕнӕ та не ’фсымӕр, кӕимӕ кусы, ахӕм сылгоймагимӕ бахӕлар ӕмӕ хъуыдытӕ кӕны: «Исты йын куы фӕдзурын, уӕд мӕм куыд лӕмбынӕг фӕхъусы. Стӕй мын аргъ дӕр кӕны. Бӕргӕ, мӕ ус дӕр мын афтӕ куы аргъ кӕнид!» Уыныс ӕй, чырыстӕттӕн ахӕм уавӕрты куыд тӕссаг у ӕмӕ сын хӕтындзинадмӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ куыд нӕ вӕййы?

13. Уымӕн куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ чырыстон лӕг кӕнӕ ус ӕмбырдӕй ӕндӕр искӕмӕн йӕ зӕрдӕйы бынат скӕна?

13 Гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстон лӕг кӕнӕ ус ӕмбырдӕй дӕр ӕндӕр искӕмӕн йӕ зӕрдӕйы бынат скӕна. Ӕркӕсӕм-ма, иу лӕг ӕмӕ усыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Дэниел ӕмӕ Сарӕ * лӕггад кодтой пионертӕй. Дэниел уыд хистӕр нӕлгоймаг дӕр, ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй «нӕ» дзурын нӕ зыдта. Цыфӕнды йын ма бахӕс кодтаиккой, алцӕуыл дӕр-иу сразы. Дэниел фондз лӕппуимӕ Библи ахуыр кодта, ӕмӕ дзы ӕртӕйӕ донаргъуыд райстой. Уыцы ног ӕфсымӕрты нырма ӕххуыс хъуыди, хъуыди-иу сын ныфсытӕ бавӕрын. Ӕмӕ-иу Дэниел ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куы кодта, уӕд-иу уыцы лӕппутӕн ӕххуыс кодта Сарӕ. Афтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд. Фӕлӕ Сарӕйы дӕр хъуыди, цӕмӕй-иу йӕхӕдӕг дӕр искӕимӕ аныхӕстӕ кодтаид, исчи йӕм байхъуыстаид, ӕмӕ йын ахӕм ӕххуыс уыдысты, Дэниел Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ. Уый уыди тынг тӕссаг къӕппӕг. Дэниел дзуры: «Мӕ бинойнаг цалдӕр мӕйы йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кодтаид, ӕмӕ тынг сфӕлмӕцыд. Хъуамӕ-иу ын йӕхи дӕр исчи бафидар кодтаид, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтыдтаид. Стӕй ма йын-иу ӕз дӕр рӕстӕг не ссардтон, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕркодтой фыдбылызмӕ. Мӕ бинойнаг, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй иуимӕ ӕмуат ӕрцыд. Ӕмбырды мыл цы хӕстӕ уыд, уыдоныл афтӕ сдӕн, ӕмӕ мӕ бинойнагӕн йӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ куыд лӕмӕгъ кодта, уый уынгӕ дӕр нӕ кодтон». Дӕ бон куыд у дӕхи ахӕм бӕллӕхӕй бахизын?

14, 15. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕтындзинады «дзыхъхъы» ма ныххауой?

14 Цӕмӕй хӕтындзинады «дзыхъхъы» ма ныххауай, уый тыххӕй-иу ахъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уай, уый цы нысан кӕны. Йесо загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕ дӕ цардӕмбалӕй ахсджиагдӕр сты. Стӕй кӕд арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ, ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл ацӕуыс ӕмӕ дӕ цардӕмбалы иунӕгӕй ныууадзыс, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕ бинонты цардӕн тӕссаг у. Уый стыр тӕригъӕдмӕ дӕр ӕркӕндзӕн.

15 Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ӕмбырдыл тыхсай. Апостол Петр ныффыста: «Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй» (1 Пет. 5:2). Дӕ бар чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты рохуаты уадзӕн нӕй. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ дӕ цардӕмбал рохуаты ма баззайа. Цы пайда у, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ куы саразай, цӕмӕй ӕмбырд «ӕфсадай», дӕ хӕдзары та дӕ цардӕмбал «ӕххормагӕй куы мӕла»? Уый ма уӕ бинонты цардӕн тӕссаг дӕр у. Дэниел зӕгъы: «Царды ӕппӕты ахсджиаг уый нӕу, ӕмӕ дӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл архайай, кӕд дӕ бинонтӕн уый зиан хӕссы, уӕд».

16, 17. а) Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн куысты сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй бӕрӕг уа, сӕ цардӕмбалыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты? ӕ) Радзур, нӕ публикациты цы уыд фыст, чырыстӕттӕ сӕхи хӕтындзинадӕй куыд бахизой, уый тыххӕй.

16 Журналты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!» вӕййы бирӕ хорз уынаффӕтӕ, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн, цӕмӕй сӕхи бахизой хӕтындзинады къӕппӕгӕй. Зӕгъӕм, 2006 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм уынаффӕтӕ: «Куысты дӕр ӕмӕ ӕндӕр искуы дӕр дӕхи хъахъхъӕн, ӕмуат ӕрцӕуынмӕ чи ’ркӕна, ахӕм уавӕртӕй. Зӕгъӕм, фӕскуыст-иу дӕ кусын куы хъӕуа, уӕд-иу де ’мкусджытӕй искӕимӕ иунӕгӕй куы баззайай, уӕд уый, гӕнӕн ис, фӕлварӕн суа. Бинонджын адӕймаг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дӕ ныхасӕй ӕмӕ дӕ уагахастӕй бӕрӕг уа, дӕ цардӕмбалыл дӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзынӕ. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ иннӕты дӕхимӕ нӕ кӕсын кӕндзынӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕй ӕмӕ ӕнӕфсарм конд ӕмӕ уындӕй... Кӕм кусыс, уым дӕ цардӕмбал ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты къамтӕ дӕ разы куы уой, уӕд уый дӕуӕн дӕр ӕмӕ де ’мкусджытӕн дӕр хорз зӕрдылдарӕн уыдзӕн, фыццаг бынаты дын дӕ бинонтӕ кӕй сты. Макуы макӕй зӕрдӕйы ӕвзӕрын кӕн уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ, стӕй макуы быхс искӕй хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ».

17 2009 азы апрелы номыры журналы «Пробудитесь!» уыди статья «Супружеская верность. Что это на самом деле?». Дзырд дзы цыди, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ йӕхи хъахъхъӕна, цӕмӕй йӕм ма фӕзына, йӕ цардӕмбал чи нӕу, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕнӕфсарм хъуыдытӕ. Уыцы статьяйы ма фыст уыд, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ зӕрдӕйы ахӕм хъуыдытӕн бынат куы скӕна, уӕд ӕй уымӕ дӕр ӕркӕндзысты, ӕмӕ ӕцӕгдӕр искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕудзӕн (Иак. 1:14, 15). Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд хорз уаид, дӕ цардӕмбалимӕ-иу ахӕм ӕрмӕгыл рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы аныхас кӕниккат. Бинонты цардӕн бындур Йегъовӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ у табуйаг. Дӕ цардӕмбалимӕ-иу уӕ иумӕйаг цардыл аныхас кӕнынӕн рӕстӕг куы рахицӕн кӕнат, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, табуйаг цы у, уымӕн кӕй аргъ кӕнут (Райд. 2:21–24).

18, 19. а) Хӕтындзинад цӕмӕ ӕркӕны? ӕ) Дӕ цардӕмбалыл иузӕрдион куы уай, уӕд цавӕр хорзӕхтӕй хайджын уыдзынӕ?

18 Кӕд ӕй ӕмбарыс, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ӕндӕр кӕмӕндӕр бынат фӕзынд, уӕд ахъуыды кӕн, хӕтындзинад цы стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕны, ууыл (Ӕмб. 7:22, 23; Гал. 6:7). Ӕнӕгъдау ми чи бакӕны, уый фӕриссын кӕны Йегъовӕйы зӕрдӕ, стӕй йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕн дӕр ӕрхӕссы зиан. (Бакӕс Малахийы 2:13, 14.) Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, сыгъдӕг цард чи кӕны, уыдон цы стыр хорзӕхтӕй хайджын сты, ууыл. Ӕрмӕст ӕнусон царды ныфс сын нӕй, фӕлӕ ныртӕккӕ дӕр сӕ цард у фӕрнӕйдзаг ӕмӕ сӕ цӕсгом у сыгъдӕг. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:1, 2.)

19 Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы тыххӕй зарыд: «Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур» (Пс. 119:165). Уӕдӕ рӕстдзинад уарз ӕмӕ, «куыд цӕрыс, уымӕ лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уай, фӕлӕ зондджын» ацы ӕвзӕр рӕстӕджы (Еф. 5:15, 16). Нӕ фӕндагыл алы къахдзӕфыл дӕр ӕвӕрд ис Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕ – фӕнды йӕ, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕрцахса. Фӕлӕ нын Йегъовӕ алцыдӕр радта, цӕмӕй «фидар фӕлӕууӕм», Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнӕм»! (Еф. 6:11, 16).

[Фиппаинаг]

^ 13 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

Мулчы къӕппӕг ныххурх кӕны уырнындзинад. Ахӕм хабар дыл макуы ’рцӕуӕд

[Ныв 29 фарсыл]

Хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ куы кӕнай ӕмӕ искӕй хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ куы быхсай, уӕд хӕтындзинады «дзыхъхъы» ӕнцонтӕй ныххаудзынӕ