Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн

Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн

«Сымах... талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, боны рухс давджыты куыд ӕрӕййафы, афтӕ» (1 ФЕС. 5:4).

1. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цырддзаст уӕм ӕмӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм?

ТАГЪД зӕххыл ӕрцӕудзӕн, иууылдӕр арвы цӕфау кӕмӕй фӕуыдзысты, ахӕм хабӕрттӕ. Уый бӕрӕг у, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цырддзаст уӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Апостол Павел нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй кӕсӕм, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ». О, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ нын ӕнусон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн – кӕмӕндӕр уӕлӕрвты, кӕмӕндӕр та зӕххыл. Павел ацы ныхӕстӕ йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста, цӕмӕй хъуыды кодтаиккой, иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд цавӕр хорзӕхтӕй схайджын уыдзысты, ууыл. Уый ма сын ӕххуыс кодтаид фӕлварӕнты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр фидар фӕлӕууынӕн (2 Кор. 4:8, 9, 16–18; 5:7).

2. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа? ӕ) Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Павелы фӕдзӕхсты ис ахсджиаг хъуыды: цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ, ныртӕккӕ цы уынӕм, ӕрмӕст уымӕ ма кӕсӕм. Хъуамӕ ма ӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм, нырма цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ дӕр (Дзут. 11:1; 12:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ, ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы дӕр ӕркӕсдзыстӕм, ӕнусон царды ныфсимӕ баст чи у, уыцы дӕс ӕрцӕуинаг хабармӕ.

КӔРОНЫ ХӔДРАЗМӔ ЦАВӔР ХАБӔРТТӔ ӔРЦӔУДЗӔН?

3. а) 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3 стихты фидӕны хабӕрттӕй кӕцыйы кой ис? ӕ) Хицӕуттӕ цы араздзысты ӕмӕ ма уыдонау чи архайдзӕн?

3 Фидӕны хабӕрттӕй иуы кой ис, Павел фессалоникӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3.) Павел йӕ фыстӕджы дзуры «Йегъовӕйы боны» тыххӕй. Уыцы «бон» райдайдзӕн, мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд ӕмӕ фӕуыдзӕн Армагеддоны хӕстӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы бон куы райдайа, уый хӕдразмӕ ацы дунейы хицӕуттӕ дзурдзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Уыцы ныхӕстӕ, чи зоны, иу хатт зӕгъой, чи зоны та цалдӕр хатты дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, паддзахӕдтӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ тагъд се стырдӕр зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕндзысты. Уыцы рӕстӕг дины разамонджытӕ та цы кусдзысты? Уыдон дӕр ацы дунейӕ сты, ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыдон дӕр хицӕуттау дзурой, «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ (Рарг. 17:1, 2). Афтӕмӕй дины кусджытӕ разындзысты, рагон Иудӕйы чи уыд, уыцы мӕнг пехуымпарты хуызӕн. Йегъовӕ уыдоны тыххӕй загъта: «Дзурынц: „Мӕнӕ, фарн! Мӕнӕ, фарн!“ – афтӕмӕй та фарн нӕй» (Йер. 6:14; 23:16, 17).

4. Ацы дунейы адӕмӕй уӕлдай мах цы ӕмбарӕм?

4 «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, чифӕнды ма дзура – уыцы хабар ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы бон йӕ райдайӕныл у. Павел дӕр уымӕн загъта афтӕ: «Сымах, ме ’фсымӕртӕ, талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, боны рухс давджыты куыд ӕрӕййафы, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах иууылдӕр стут рухсы хъӕбултӕ» (1 Фес. 5:4, 5). Ацы дунейы адӕмӕй уӕлдай мах ӕмбарӕм, ныртӕккӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй Библи цы дзуры, уый. «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, кӕй дзурдзысты, уыцы пехуымпарад бӕлвырдӕй куыд сӕххӕст уыдзӕн? Уый рӕстӕг равдисдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзух «уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» (1 Фес. 5:6; Соф. 3:8).

МӔНГ ДИНЫ ЙӔ ФЫНТӔ ФӔСАЙДЗЫСТЫ

5. а) «Стыр бӕллӕх» цӕмӕй райдайдзӕн? ӕ) Раргомады 18:7 цы «паддзахы» кой ис, уый йӕ фынтӕ куыд фӕсайдзысты?

5 Уый фӕстӕ та цавӕр хабар ӕрцӕудзӕн? Павел загъта: «Афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт». Цымӕ се сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн? Фыццаг уал рацӕудзысты, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдоны ныхмӕ. Библи сӕ хоны «Стыр Вавилон», стӕй ма «хӕтаг сылгоймаг» дӕр (Рарг. 17:5, 6, 15). Ӕппӕт динты ныхмӕ кӕй рацӕудзысты,– уыдонимӕ чырыстон динты ныхмӕ дӕр,– уымӕй райдайдзӕн «стыр бӕллӕх» (Матф. 24:21; 2 Фес. 2:8). Бирӕтӕн уый уыдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы хабар. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы боны онг «хӕтаг сылгоймаг» йӕхи нымайдзӕн «паддзахыл» ӕмӕ хъуыды кӕндзӕн, «маст никуы фендзынӕн», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бамбардзӕн, йӕ фынтӕ йӕ кӕй фӕсайдтой. Йе сӕфт ӕрцӕудзӕн тынг тагъд, зӕгъӕн ис, «иу бонмӕ» (Рарг. 18:7, 8).

6. Мӕнг дин чи фесафдзӕн?

6 Библийы фыст ис, хӕтаг сылгоймагыл йӕхи кӕй ныццӕвдзӕн, «дӕс сыкъайы» кӕмӕн ис, ахӕм «сырд». Раргомады чиныг иртасгӕйӕ базонӕн ис, уыцы сырд кӕй амоны Иугонд Нациты Организацимӕ. «Дӕс сыкъайы» ӕвдисынц, «сырх-сырхид сырдӕн» чи ӕххуыс кӕны, уыцы хицауӕдты се ’ппӕты дӕр * (Рарг. 17:3, 5, 11, 12). Цымӕ ма уыцы хӕтаг сылгоймагӕй исты баззайдзӕн? Иугонд Нациты Организацийы цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон хӕтаг сылгоймагӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ фӕхӕсдзысты, йе ’цӕг цӕсгом ын равдисдзысты, «бахӕрдзысты» йӕ ӕмӕ йӕ «арты басудздзысты». Афтӕмӕй ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн, ницыуал дзы баззайдзӕн. (Бакӕс Раргомад 17:16.)

7. «Сырд» хӕтаг сылгоймагыл йӕхи цӕмӕн ныццӕвдзӕн?

7 Библийы пехуымпарадӕй ма базонӕн ис, «сырд» хӕтаг сылгоймагыл йӕхи цӕмӕн ныццӕвдзӕн, уый дӕр. Куыддӕр ӕгъдауӕй Йегъовӕ хицӕутты зӕрдӕты бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын», ома хӕтаг сылгоймаджы фесафыны фӕнд (Рарг. 17:17). Дин ӕгас дунейы дӕр ӕндзары хӕстытӕ ӕмӕ у фыдбылызхӕссӕг. Ӕмӕ уый тыххӕй хицауӕдтӕ, чи зоны, ахъуыды кӕной, ӕмӕ, хӕтаг сылгоймаджы куы фесафой, уӕд, сӕ бӕстӕтӕн хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕндзысты. Ӕмӕ мӕнг дины ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ сӕхи «иумӕйаг фӕнд» ӕххӕст кӕнынц. Ӕцӕгӕй та сӕ Хуыцау спайда кӕндзӕн, цӕмӕй мӕнг динтӕ иууылдӕр фесафа. Хабӕрттӕ рауайдзысты, ӕнхъӕл куыд ничи уыд, афтӕ: Хӕйрӕджы дунейы иу хай рацӕудзӕн иннӕ хайы ныхмӕ, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бон ӕппындӕр ницы уыдзӕн саразын (Матф. 12:25, 26).

РАЦӔУДЗЫСТЫ ХУЫЦАУЫ АДӔМЫ НЫХМӔ

8. «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн, уый куыд ӕмбаргӕ у?

8 Мӕнг дин сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уӕддӕр цӕрдзысты «ӕдасӕй» ӕмӕ сын «къултӕ» дӕр нӕ уыдзӕн (Йез. 38:11, 14). Афтӕ зындзӕн, цыма Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн хъахъхъӕнӕг нӕй. Ӕмӕ цымӕ цы бауыдзысты? Куыд зыны, афтӕмӕй сыл ӕгас зӕххыл дӕр «бирӕ адӕмтӕ» сӕхи ныццӕвдзысты. Хуыцауы Ныхас уыцы хабары тыххӕй дзуры, «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн, зӕгъгӕ. (Бакӕс Йезекилы 38:2, 15, 16.) Уыцы хабармӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

9. а) Чырыстонӕн йӕ сӕйраг мӕт цы у? ӕ) Ныртӕккӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм?

9 Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый кӕд рагацау зонӕм, уӕддӕр ӕгӕр нӕ тыхсӕм. Нӕ сӕйраг мӕт нӕ ирвӕзындзинад нӕу, фӕлӕ, Йегъовӕйы ном срухс уа ӕмӕ, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уа, уый. Йегъовӕ афтӕ загъта: «Базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ». Ацы ныхӕстӕ ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм ныхӕстӕ Йезекилы чиныджы ӕмбӕлынц 60 хаттӕй фылдӕр (Йез. 6:7). Уымӕ гӕсгӕ мах тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы диссаджы хабар куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, «Йегъовӕ [кӕй] зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 Пет. 2:9). Уӕдмӕ та уал нӕ фӕнды алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уа цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? Хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, йӕ Ныхас ын иртасӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм, стӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ ныфс – ӕнустӕм цӕрыны ныфс – уыдзӕн «науӕнгуырау» фидар (Дзут. 6:19; Пс. 25:21).

АДӔМТӔ БАЗОНДЗЫСТЫ, ЧИ У ЙЕГЪОВӔ

10, 11. Армагеддон куыд райдайдзӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн?

10 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд адӕм арвы цӕфау цавӕр хабарӕй фӕуыдзысты? Йегъовӕ Йесойы ӕмӕ уӕларвон ӕфсӕдты рарвитдзӕн йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ (Рарг. 19:11–16). Уый уыдзӕн, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст» – Армагеддон (Рарг. 16:14, 16).

11 Уыцы хӕсты тыххӕй Йегъовӕ Йезекилы уылты загъта: «„Ӕз ме ’гас хӕхбӕстыл расиддзынӕн, цӕмӕй Гогы ныхмӕ рацӕуа хъама,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Алчидӕр йӕ хъама сисдзӕн йе ’фсымӕрмӕ“». Хӕйрӕджы фарс чи уа, уыдон схӕццӕтӕ уыдзысты, сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъдын райдайдзысты. Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт ӕрцӕудзӕн. Йегъовӕ Гогы тыххӕй зӕгъы: «Йӕхиуыл, йе ’фсӕдтыл ӕмӕ, йемӕ цы бирӕ адӕмтӕ уа, уыдоныл ныккалдзынӕн... зынг ӕмӕ сондон» (Йез. 38:21, 22). Хуыцау афтӕ куы бакӕна, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

12. Адӕмтӕ цы базондзысты?

12 Адӕмтӕ йӕ бамбардзысты, се сӕфт Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрцыд. Ӕмӕ уӕд, Хӕйрӕджы фарс чи уа, уыдон дӕр, чи зоны, хъӕр кӕндзысты, раджы заманты израилӕгты Сырх денджызы цур чи баййӕфта, уыцы египетӕгтӕ куыд хъӕр кодтой, афтӕ, зӕгъгӕ, «Йегъовӕ сӕ сӕрыл тохы бацыд» (Рац. 14:25). О, адӕмтӕ базондзысты, чи у Йегъовӕ, ӕндӕр гӕнӕн сын нал уыдзӕн. (Бакӕс Йезекилы 38:23.) Цымӕ ма нӕ уыцы хабӕрттӕм бирӕ хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

ӔНДӔР ДУНЕОН ПАДДЗАХАД НАЛ ФӔЗЫНДЗӔН

13. Данел цы гуымирыйы кой кӕны, уымӕн йӕ фӕндзӕм хайы тыххӕй цы зонӕм?

13 Данелы чиныджы цы пехуымпарад ис, уый фӕрцы базонӕн ис, ныртӕккӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Данел дзуры, алыхуызон ӕрмӕгӕй конд чи уыд, ахӕм гуымирыйы тыххӕй (Дан. 2:28, 31–33). Уыцы гуымиры амоны, кӕрӕдзи чи ивта ӕмӕ комкоммӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи цыд, уыцы дунеон паддзахӕдтӕм. Раджы заманты уыцы паддзахӕдтӕ уыдысты Вавилон, Мидо-Перс, Греци ӕмӕ Ром. Фӕстаг дунеон паддзахад та ис нӕ рӕстӕджы. Данелы пехуымпарад иртасгӕйӕ базонӕн ис, гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕмӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ кӕй амонынц фӕстаг дунеон паддзахадмӕ. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ бадзырд скодтой ӕмӕ иумӕ архайын райдыдтой. Уӕдӕ гуымирыйӕн йӕ фӕндзӕм хай у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ сты гуымирыйӕн йӕ фӕстаг хай, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕххыл ӕндӕр дунеон паддзахад нал фӕзындзӕн. Къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕмӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыгӕй конд кӕй сты, уый амоны, Англо-Америкаг дунеон паддзахад афтӕ фидар кӕй нӕу, уымӕ.

14. Армагеддон куы райдайа, уӕд кӕцы паддзахад уыдзӕн дунеон паддзахад?

14 Ацы пехуымпарады Хуыцауы Паддзахадмӕ амоны стыр дур – 1914 азы уыцы дур хохӕй фӕхицӕн. Хох та амоны Йегъовӕйы хицаудзинадмӕ. Уыцы дур тагъд сӕмбӕлдзӕн йӕ нысаныл – гуымирыйӕн фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы хай уыд, ууыл. Армагеддоны гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ иннӕ хӕйттӕ дӕр ныппырх уыдзысты. (Бакӕс Данелы 2:44, 45.) Уӕдӕ Армагеддон куы райдайа, уӕд дунеон паддзахад уыдзӕн Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Ацы пехуымпарад ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд сӕххӕст, уый нӕхи цӕстӕй куы фенӕм, уӕд уый куыд диссаг уыдзӕн! * Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн та цымӕ Йегъовӕ цы ’рцӕттӕ кодта?

ЦЫ БАУЫДЗӔН ХУЫЦАУЫ СӔЙРАГ ЗНАГ

15. Армагеддоны фӕстӕ Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ цы бауыдзысты?

15 Фыццаг уал Сайтан Хӕйрӕг фендзӕн, йӕ организаци зӕххыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн, уый. Стӕй та йын йӕхимӕ дӕр бавналдзысты. Апостол Иоанн фыссы, уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй. (Бакӕс Раргомад 20:1–3.) Йесо Чырысти – «дӕлдзӕхы дӕгъӕл» кӕмӕ уыд, уыцы «зӕд» – Сайтаны ӕмӕ хӕйрӕджыты дӕлдзӕхмӕ ныппардзӕн ӕмӕ сӕ уым дардзӕн мин азы (Лук. 8:30, 31; 1 Иоан. 3:8). Афтӕмӕй Чырысти райдайдзӕн калмы сӕр цъӕл кӕнын * (Райд. 3:15).

16. Сайтан «дӕлдзӕхы» куы уа, уӕд цы уавӕры уыдзӕн?

16 Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ цы «дӕлдзӕхмӕ» ӕппӕрст ӕрцӕудзысты, уый цы у? Иоанн кӕмӕй спайда кодта, уыцы грекъаг дзырд ави́сос нысан кӕны «тынг арф». Тӕлмац ма вӕййы афтӕ дӕр: «ӕнӕбын, ӕнӕкӕрон». Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ӕмӕ, «дӕлдзӕхы дӕгъӕл» кӕмӕ ис, уыцы зӕды бон у Сайтаны ӕмӕ хӕйрӕджыты дӕлдзӕхӕй рауадзын. Уым Сайтан мардӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн, йӕ бон ӕппындӕр ницы уыдзӕн аразын, цӕмӕй «адӕмты мауал сайа». Афтӕмӕй уыцы «богътӕгӕнаг домбай» ныхъхъус уыдзӕн! (1 Пет. 5:8).

САБЫР ЦАРД КУЫ РАЛӔУУА, УЫЙ РАЗМӔ ЦАВӔР ХАБӔРТТӔ ӔРЦӔУДЗӔН

17, 18. а) Цӕстӕй цы хабӕрттӕ нӕ уынӕм, уыдонӕй ацы статьяйы кӕцытӕм ӕркастыстӕм? ӕ) Уыцы хабӕртты фӕстӕ цавӕр рӕстӕг скӕндзӕн?

17 Тагъд рӕстӕджы зӕххыл ӕрцӕудзӕн, иууылдӕр арвы цӕфау кӕмӕй фӕуыдзысты, ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ. Зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, куы дзурой, уымӕ. Стӕй нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Стыр Вавилон сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куыд рацӕудзӕн, уый ӕмӕ Армагеддоны хӕст. Уый фӕстӕ Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ уыцы хабӕртты фӕстӕ, фыддзинадӕн йӕ кой дӕр куы нал уа, уӕд, райдайдзӕн ног цард – Чырыстийы Миназон хицаудзинад. Уыцы рӕстӕг «фарнӕй бафсӕддзыстӕм» (Пс. 37:10, 11).

18 Ацы статьяйы ӕркастыстӕм, цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, ома чи нӕма ӕрцыд, фондз ахӕм хабармӕ. Фӕлӕ ма уыдонӕй уӕлдай ноджыдӕр ис ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ хъуамӕ уыдонмӕ дӕр «кӕсӕм». Уыцы хабӕрттыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 6 абз. Кӕс чиныг «Откровение: его грандиозный апогей близок!», 251–258 фӕрстӕ.

^ 14 абз. Данелы 2:44 стихы ацы ныхӕстӕ, «фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр», зӕгъгӕ, хауынц, гуымирыйы хӕйттӕ цы дунеон паддзахӕдтӕм амонынц, уыдонмӕ. Фӕлӕ ӕндӕр пехуымпарады та фыст ис, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» кӕй ӕрӕмбырд уыдзысты ӕмӕ кӕй рацӕудзысты Йегъовӕйы ныхмӕ «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны» (Рарг. 16:14; 19:19–21). Уымӕ гӕсгӕ, Армагеддоны фесӕфдзысты, гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм амонынц, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ ацы дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр.

^ 15 абз. Калмы сӕр бынтондӕр цъӕл ӕрцӕудзӕн, мин азы куы фӕуой, уӕд – Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты «судзгӕ сондоны цады» (Рарг. 20:7–10; Матф. 25:41).