Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сабыр ӕмӕ фӕрнджын цард мин азы дӕргъы – стӕй ӕнустӕм!

Сабыр ӕмӕ фӕрнджын цард мин азы дӕргъы – стӕй ӕнустӕм!

«Цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау» (1 КОР. 15:28).

1. «Тынг бирӕ адӕммӕ» цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

АХЪУЫДЫ-МА КӔН, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг хицау кӕй сӕргъы ис, ахӕм хъомысджын хицауадӕн иу мин азмӕ йӕ адӕмӕн цас хорздзинӕдтӕ у йӕ бон саразын! «Стыр бӕллӕхы», ома ацы фыддунейӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд, удӕгасӕй баззайдзысты, нымӕц кӕмӕн нӕ уа, уыцы «тынг бирӕ адӕм». Ӕмӕ уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты диссаджы хабӕрттӕ (Рарг. 7:9, 14).

2. Адӕмӕн 6 000 азы цы ӕрхастой?

2 Адӕм ныр 6 000 азы дӕргъы сӕхӕдӕг сӕхицӕн сты хицӕуттӕ, ӕмӕ уый уыйбӕрц маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕрхаста, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Библийы раджы ӕрцыд фыст: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Еккл. 8:9). Ӕмӕ абон та цы уынӕм? Хӕстытӕ кӕй цӕуы ӕмӕ адӕм хицауады ныхмӕ кӕй рацӕуынц, уымӕй уӕлдай ма бирӕ рӕтты адӕм цӕрынц тынг мӕгуыр, низтӕ сбирӕ сты, адӕм зӕхх ӕмӕ ӕрдз сафынц, климӕт ивы. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ ис ранымайӕн. Хицауады кусджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, хъуыддӕгтӕ цӕхгӕр куы нӕ фӕивӕм, уӕд хабар тынг ӕвзӕр уыдзӕн.

3. Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн?

3 Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы Паддзах Йесо Чырысти ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр 144 мин паддзахы, сабыргай афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, адӕм кӕрӕдзийӕн ӕмӕ зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд сӕххӕст уыдзысты Йегъовӕйы ныхӕстӕ, зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕны, уыдон: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17). Фидӕны ма нӕм цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Цӕй ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдты фӕрцы нӕ цӕст ахӕссӕм, цӕстӕй кӕй нӕма уынӕм, уыцы хабӕрттыл (2 Кор. 4:18).

«АДӔМ ХӔДЗӔРТТӔ АРАЗДЗЫСТЫ ӔМӔ... САДЗДЗЫСТЫ СӔНӔФСИРДӔТТӔ»

4. Абон бирӕтӕ цы уавӕрты цӕрынц?

4 Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ йӕ ма фӕнда, цӕмӕй йын уа йӕхи хӕдзар ӕмӕ дзы ӕнӕмӕтӕй, ӕдасӕй йӕ бинонтимӕ цӕра. Фӕлӕ, хъыгагӕн, абоны дунейы бирӕтӕн хӕдзар нӕй. Горӕтты уыйбӕрц адӕм цӕры, ӕмӕ дзы цӕугӕ дӕр нал кӕнынц. Бирӕтӕ цӕрынц, хӕдзар дӕр кӕй не схондзынӕ, ахӕм бынӕтты кӕнӕ та ныккӕлынӕввонг хӕдзӕртты, йе та иу хӕдзары фӕцӕрынц цалдӕргай бинонтӕй. Сӕхи хӕдзар сын искуы уыдзӕн, уый ныфс сӕ ӕппындӕр нӕй.

5, 6. а) Исайы 65:21 ӕмӕ Михейы 4:4 куыд сӕххӕст уыдзысты? ӕ) Куыд хъуамӕ бакӕнӕм, цӕмӕй уыцы арфӕдзинадӕй схайджын уӕм?

5 Адӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрой, уӕд алкӕй бӕллиц дӕр сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн йӕхи хӕдзар. Уый тыххӕй пехуымпар Исай афтӕ загъта: «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты» (Ис. 65:21). Фӕлӕ арфӕдзинад ӕрмӕст уый мидӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕхи хӕдзар кӕй уыдзӕн. Абон дӕр бирӕтӕн ис хӕдзӕрттӕ, кӕмӕндӕрты ма суанг стыр, хъӕздыг хӕдзӕрттӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы адӕм дӕр арӕх фӕмӕт кӕнынц, экономикӕйы уавӕр куы фӕфыддӕр уа, уӕд сын ӕй ауӕй кӕнын кӕй бахъӕудзӕн. Кӕнӕ та фӕтӕрсынц давджытӕй. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕмӕн сӕ цард уыдзӕн бынтон ӕндӕрхуызон. Пехуымпар Михей ныффыста: «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Мих. 4:4).

6 Кӕд нӕ ахӕм цард нӕхи цӕстӕй фенын фӕнды, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Бӕгуыдӕр, алкӕй дӕр хъӕуы, цӕмӕй йын уа, кӕм цӕра, уый. Фӕлӕ цымӕ раст уаид, цы хӕдзармӕ бӕллӕм, ахӕм хӕдзар самал кӕнынмӕ ныртӕккӕ куы тырниккам ӕмӕ ма уый тыххӕй стыр хӕстӕ дӕр куы скӕниккам? Хуыздӕр нӕ уаид, не ’ргом Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕм куы аздахиккам, уӕд? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо йӕхи тыххӕй цы загъта, уый: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Лук. 9:58). Йесойӕн йӕ бон уыд амӕй-ай хуыздӕр хӕдзар саразын кӕнӕ балхӕнын, ӕмӕ ахӕм хӕдзар зӕххыл никӕмӕн уыдаид. Фӕлӕ цымӕ афтӕ цӕуылнӕ бакодта? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ исты бахъыгдардтаид Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын. Цымӕ махӕн дӕр нӕ бон нӕу Йесойау нӕ цӕст иу цӕмӕдӕр саразын, цӕмӕй мулк ӕмӕ исбоныл ма катай кӕнӕм? (Матф. 6:33, 34).

«БИРӔГЪ ӔМӔ УӔРЫКК ХИЗДЗЫСТЫ ИУМӔ»

7. Йегъовӕ адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты тыххӕй цы загъта?

7 Зӕххыл цы ис, Йегъовӕ уыдӕттӕ куы фӕлдыста, уӕд фӕстагмӕ сфӕлдыста адӕмы. Йегъовӕ йӕ дӕсны кусӕгӕн, йӕ фыццаггуырд Фыртӕн, йӕ фӕнд бӕлвырдӕй загъта: «Скӕнӕм адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ, нӕхи хуызӕн. Ӕмӕ йӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр, стӕй ма зӕххыл ноджыдӕр цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдоныл дӕр» (Райд. 1:26). Афтӕмӕй Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй цӕрӕгойтӕ сӕ бар уыдаиккой ӕмӕ сӕм кастаиккой. Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.

8. Цӕрӕгойтӕм цавӕр миниуджытӕ ис?

8 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕмӕн ӕппӕт цӕрӕгойтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ семӕ хӕларӕй цӕрой? Зӕгъӕм, бирӕтӕ уарзынц сӕ куыйты ӕмӕ сӕ гӕдыты. Фӕлӕ хъӕддаг сырдтӕй та цы ис зӕгъӕн? Сырдӕн истӕмӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕрсгӕ дӕр фӕкӕны ӕмӕ знӕт дӕр свӕййы. Фӕлӕ, сырдтӕм хӕстӕг чи цард ӕмӕ сын сӕ цард чи иртӕста, уыцы ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, сырдтӕ цин дӕр фӕкӕнынц, тӕригъӕд кӕнын дӕр зонынц, стӕй уарзын дӕр зонынц. Уыцы ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сырдтӕ уӕлдайдӕр сӕ лӕппынтӕм фӕкӕсынц уарзон цӕстӕй, куы сӕ фӕхъомыл кӕнынц, уӕд.

9. Цӕрӕгойтӕ фидӕны куыд аивдзысты?

9 Уӕдӕ Библийы афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ цӕрдзысты хӕларӕй, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. (Бакӕс Исайы 11:6–9; 65:25.) Цӕуылнӕ? Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, Ной йӕ бинонтимӕ Доны хъаймӕты фӕстӕ науӕй куы рацыд, уӕд сын Йегъовӕ куыд загъта: «Ӕмӕ уӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр тӕрсдзысты зӕххыл ӕппӕт цӕрӕгойтӕ дӕр». Афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕ сӕхи хъахъхъӕдтаиккой (Райд. 9:2, 3). Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕу афтӕ саразын, цӕмӕй сырдтӕ адӕмӕй афтӕ тынг мауал тӕрсой ӕмӕ, ӕппӕты райдианы адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты тыххӕй цы загъта, уый сӕххӕст уа? (Оси 2:18). Ӕвӕдза, цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы рӕстӕг зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ!

«ӔМӔ СЫН НЫССӔРФДЗӔН СӔ ЦӔССЫГТӔ»

10. Адӕм афтӕ арӕх цӕмӕн фӕкӕуынц?

10 Соломон куы федта, «хуры бын адӕм цы ’фхӕрд ӕййафынц, уый», уӕд бахъарӕг кодта: «Федтон ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, ныфсытӕ сын чи бавӕрдтаид, уый та нӕ уыд» (Еккл. 4:1). Абон дӕр ницы фӕивта, кӕд уавӕр фыддӕр нӕ фӕци, уӕд. Цымӕ исчи зӕгъдзӕн, ӕз никуы ницӕуыл куыдтон, зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатгай-иу фырцинӕй дӕр куыдтам. Фӕлӕ арӕхдӕр адӕймагӕн йӕ цӕссыгтӕ йӕ мастӕфхӕрд зӕрдӕйӕ фӕкӕлынц.

11. Библийӕ дын дӕ зӕрдӕ тынгдӕр цавӕр хабар агайы?

11 Библийы ис, зӕрдӕ кӕмӕй уынгӕг кӕны, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Саррӕ 127-аздзыдӕй куы амард, уӕд «Авраам бацыд цатырмӕ ӕмӕ Саррӕйыл тынг фӕмаст кодта, фӕкуыдта йыл» (Райд. 23:1, 2). Ноемин йӕ дыууӕ идӕдз чындзы сӕхимӕ куы ’рвыста, уӕд «уыдон тынг ныккуыдтой». Ӕмӕ ма стӕй семӕ ноджыдӕр куы аныхас кодта, уӕд «та ногӕй хъӕрӕй ныккуыдтой» (Руф 1:9, 14). Паддзах Езеки мӕлӕтдзаг рынчын куы фӕци, уӕд Хуыцаумӕ кувын райдыдта ӕмӕ «тынг ныккуыдта». Ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууыд ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта (2 Пад. 20:1–5). Апостол Петр Йесойӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уыцы хабар кӕсгӕйӕ та кӕй зӕрдӕ нӕ фӕрисдзӕн? Уасӕг куы ныууасыд, уӕд Петр «ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта» (Матф. 26:75).

12. Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн удӕнцой куыд ӕрхӕсдзӕн?

12 Адӕмыл алыхуызон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕ тынг хъӕуы удӕнцой ӕмӕ ныфс. Ӕмӕ Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд сын Хуыцау «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4). Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа: адӕм маст нал кӕндзысты, хъарӕг ӕмӕ рыст цы у, уый дӕр ничиуал зондзӕн. Ӕмӕ ма суанг фесӕфдзӕн адӕмӕн се стырдӕр знаг дӕр – мӕлӕт. Уыцы хабар куыд ӕрцӕудзӕн?

«ИНГӔНТЫ ЧИДӔРИДДӔР ИС, УЫДОН... РАЦӔУДЗЫСТЫ»

13. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕлӕт адӕмыл куыд ӕндавы?

13 Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕлӕт адӕмӕн паддзах у. Уый у ӕнӕбасӕтгӕ знаг, тӕригъӕдджын адӕмӕй дзы иуы бон дӕр нӕу аирвӕзын. Мӕлӕт цас маст ӕмӕ рыст ӕрхаста, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ныккӕрзы (Ром. 5:12, 14). Милуангай адӕм мӕлӕтӕй афтӕ тынг тӕрсынц, ӕмӕ цагъартӕй уӕлдай не сты (Дзут. 2:15).

14. Мӕлӕт сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый пайда кӕмӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ куыд?

14 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Кор. 15:26). Уый пайда ӕрхӕсдзӕн дыууӕ къордӕн. Ныртӕккӕ цы «тынг бирӕ адӕм» цӕры, уыдон бацӕудзысты зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ, ӕмӕ сын уым уыдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой ӕмӕ мӕлӕт ма феной. Мӕлӕт кӕй байста, уыцы миллиардгай адӕм та райгас уыдзысты. Искуы хъуыды кодтай, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд «тынг бирӕ адӕм» куыд цин кӕндзысты? Библийы фыст ис, чи райгас, ахӕм адӕмы тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон у уыцы циндзинад иу гыццыл нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. (Бакӕс Марчы 5:38–42; Лукайы 7:11–17.)

15. Зынаргъ дын чи уыд, уыцы адӕймаг куы райгас уа, уӕд дӕ зӕрдӕ куыд кӕндзӕн?

15 Ахъуыды-ма кӕн ацы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, «фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой» ӕмӕ «Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой». Ды уым куы уыдаис, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ цинӕн кӕрон нал уыдаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи уыд, уыдон куы райгас уой, уӕд ма фырцинӕй зӕххыл дӕр лӕудзыстӕм? Уый уыдзӕн стыр диссаг! Йесо загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоан. 5:28, 29). Мард куыд райгас, уый нӕ иу дӕр никуы федта. Уӕдӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ уый уыдзӕн, цӕстӕй кӕй нӕма уынӕм, уыцы диссагдӕр хабӕрттӕй сӕ иу.

«АЛКӔМӔН ДӔР ХУЫЦАУ УЫДЗӔН ЙӔ ИУНӔГ ХИЦАУ»

16. а) Нырма цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм? ӕ) Павел коринфаг чырыстӕтты ныфсыл ныфс куыд бафтыдта?

16 Ацы уӕззау рӕстӕджы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонмӕ ахӕм цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Кӕд уыцы стыр арфӕдзинӕдтӕ нырма цӕстӕй нӕ уынӕм, уӕддӕр сыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ, нӕ хъарутӕ иууылдӕр саразӕм, ӕцӕгӕй ахсджиаг цы у, уымӕ ӕмӕ нӕ ацы дуне йӕ фӕдыл ма асайа (Лук. 21:34; 1 Тим. 6:17–19). Бинонты ахуыры рӕстӕг кӕнӕ искӕимӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ, стӕй не ’мчырыстӕттимӕ ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонимӕ ныхасгӕнгӕйӕ-иу, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй зӕрдиагӕй дзурӕм. Ӕмӕ уӕд уыцы фидӕн ӕдзух уыдзӕн нӕ цӕстыты раз. Апостол Павел дӕр йе ’мчырыстӕтты ныфсыл ныфс афтӕ бафтыдта. Цы сӕм ныффыста, уый фӕрцы цыма Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон фестадысты, афтӕ уыд. Павел цы хабӕртты кой кодта, уыдон-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты 1 Коринфӕгтӕм 15:24, 25, 28. (Бакӕс сӕ.)

17, 18. а) Зӕххыл адӕм куы фӕзындысты, уӕд Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр йӕ иунӕг Хицау куыд уыд? ӕ) Йесо цы сараздзӕн, цӕмӕй Хуыцауы бинонты ’хсӕн ногӕй уа фарн ӕмӕ иудзинад?

17 Мин азы кӕрон цард куыд уыдзӕн, уый бамбарын кӕнынӕн, ӕвӕццӕгӕн, мӕнӕ ацы ныхӕстӕй хуыздӕр ссарӕн нӕй, зӕгъгӕ, «цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау». Уыцы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, ӕххӕст адӕймӕгтӕ Адам ӕмӕ Евӕ Едемы куы цардысты, уыцы рӕстӕг. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы ӕнгом ӕмӕ фӕрнджын бинонтӕй. Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыд хицау, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр – зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр. Сӕ бон уыд йемӕ ныхас кӕнын, лӕггад ын кӕнын, ӕмӕ уыдысты йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын. Уӕд «алкӕмӕн дӕр Хуыцау уыд йӕ иунӕг Хицау».

Йесо, Паддзах уӕвгӕйӕ, йӕ хӕстӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд Паддзахад сӕрныллӕгӕй ратдзӕн йӕ Фыды къухтӕм

18 Хӕйрӕг адӕмы Йегъовӕйы ныхмӕ куы скодта, уӕд фарн фехӕлд. Фӕлӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахад архайы, цӕмӕй Хуыцауы бинонты ’хсӕн ногӕй уа фарн ӕмӕ иудзинад (Еф. 1:9, 10). Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, нырма цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы диссаджы хабӕрттӕ. Уый фӕстӕ уыдзӕн «кӕрон», ома Чырыстийы миназон хицаудзинад фӕуыдзӕн. Ӕмӕ дарддӕр та цы уыдзӕн? Кӕд Йесойӕн лӕвӕрд сты «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр», уӕддӕр кадмондаг нӕу ӕмӕ Йегъовӕйы бынат бацахсынмӕ нӕ бӕллы. Уый сӕрныллӕгӕй «паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм». Цы стыр бартӕ йӕм ис ӕмӕ цы стыр бынат ахсы, уыдонӕй спайда кӕндзӕн «Хуыцауы кадӕн» (Матф. 28:18; Фил. 2:9–11).

19, 20. а) Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрӕг адӕм куыд равдисдзысты, Йегъовӕ сӕ хицау уа, уый сӕ кӕй фӕнды? ӕ) Цавӕр диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм уӕдмӕ суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст. Уыдон дӕр Йесойау сӕрныллӕгӕй сӕхи бакӕндзысты Йегъовӕйы дӕлбар. Фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд равдисдзысты, зӕрдиагӕй сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ хицау уа (Рарг. 20:7–10). Ӕмӕ стӕй, зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр Хуыцауы ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдон ӕнустӕм фесӕфдзысты. Уый уыдзӕн стыр цины рӕстӕг! Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты йӕ бинонтӕ иууылдӕр – уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр – ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн «йӕ иунӕг Хицау». (Бакӕс Псалом 99:1–3.)

20 Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад ахӕм стыр хорздзинӕдтӕ кӕй сараздзӕн, уый дӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ дӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ саразай? Дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй дӕ Хӕйрӕджы дуне, цы митын мӕсгуытӕ амайы, уыдонӕй ма фӕсайа? Цыфӕндыйӕ дӕр Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй уыдзынӕ, уый дӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъыс? Уӕд дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, афтӕ аразын дӕ ӕнустӕм дӕр кӕй фӕнды. Ӕмӕ уӕд хайджын уыдзынӕ сабыр ӕмӕ фӕрнджын цардӕй мин азы дӕргъы – ӕмӕ ӕнустӕм!