Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын»

«Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын»

«Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау» (ПС. 143:10).

1, 2. Хуыцауы фӕндон алкӕддӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Паддзах Давид нын фӕзминаг цӕмӕй у?

ЗӔГЪӔМ, ӕнӕзонгӕ ран фӕцӕуыс. Уалынмӕ кӕсыс, ӕмӕ фӕндаг фӕдих, ӕмӕ йӕ нал зоныс, ныр дӕ кӕцырдӕм хъӕуы ацӕуын. Куыд бакӕндзынӕ? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы бынат хорз чи зоны, ахӕм искӕй бафӕрсдзынӕ. Раст афтӕ, ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд уал хорз уаид, Хуыцау хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый базонын. Йегъовӕ Хуыцау алцыдӕр зоны, ӕмӕ разамынд уымӕй куы курӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, кӕй нын амоны, уыцы раст фӕндагыл цӕуын (Ис. 30:21).

2 Рагон Израилы паддзах Давид, зӕгъӕн ис, Хуыцауы фӕндон йӕ зӕрдыл алкӕддӕр дардта. Йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ. Ӕмӕ ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Давиды цардӕй цалдӕр хабармӕ ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ бон ӕй бафӕзмын цӕмӕй у, уый (1 Пад. 11:4).

ДАВИД ХУЫЦАУЫ НОМӔН ТЫНГ АРГЪ КОДТА

3, 4. а) Давиды цы сразӕнгард кодта Голиафы ныхмӕ рацӕуынмӕ? ӕ) Давид Хуыцауы номмӕ цы цӕстӕй каст?

3 Ӕркӕсӕм, Давид филистимаг богал Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уыцы хабармӕ. Цымӕ ӕрыгон Давиды цы сразӕнгард кодта, йӕ бӕрзӕнд 3 метры бӕрц кӕмӕн уыд, уыцы гӕрзифтонг уӕйыджы ныхмӕ рацӕуынмӕ? (1 Сам. 17:4, фип.). Йӕ хъӕбатырдзинад? Ӕви йӕ уырнындзинад? Ахӕм лӕгдзинад равдисынӕн ӕй ацы дыууӕ миниуӕджы дӕр хъуыдысты. Фӕлӕ йӕ уыцы стыр богалы ныхмӕ рацӕуынмӕ сӕйраджыдӕр сразӕнгард кодта, Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ кадджын номӕн кӕй аргъ кодта, уый. Давид мӕстыйӕ загъта: «Чи у уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, ӕмӕ удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕй хынджылӕг кӕна?» (1 Сам. 17:26).

4 Давид Голиафы ныхмӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ йын загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хъама ӕмӕ дыууӕ арцимӕ цӕуыс, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы номимӕ, ды кӕмӕй хынджылӕг кӕныс, уыцы Израилы ӕфсады Хуыцауы номимӕ» (1 Сам. 17:45). Давид йӕ зӕрдӕ дардта ӕцӕг Хуыцауыл, ӕмӕ филистимаг богалы иу дурӕй афӕлдӕхта. Давид Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг номӕн кӕй аргъ кодта, уый ӕрмӕст уӕд нӕ равдыста, фӕлӕ цӕрӕнбонты дӕр афтӕ уыд. Стӕй ма йӕ адӕмы дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг номӕй сӕрыстыр уыдаиккой. (Бакӕс 1 Азфыстыты 16:8–10.)

5. Абон адӕм Голиафау Йегъовӕйы тыххӕй цы фӕдзурынц?

5 Йегъовӕ дӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй сӕрыстыр дӕ? (Йер. 9:24). Дӕ сыхӕгтӕ, де ’мкусджытӕ, де ’мкъласӕгтӕ кӕнӕ дӕ хӕстӕджытӕ Йегъовӕйы куы фӕфауынц ӕмӕ йын йӕ адӕмыл куы фӕхудынц, уӕд куыд бакӕныс? Хуыцауы ном исчи куы фӕфауы, уӕд исты фӕзӕгъыс ӕмӕ дын Хуыцау кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл дӕ зӕрдӕ фӕдарыс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн», фӕлӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕй хъуамӕ ӕфсӕрмы ма кӕнӕм (Еккл. 3:1, 7; Мар. 8:38). Ӕвзӕр цӕстӕй нӕм чи ракӕсы, ахӕм адӕмимӕ хъуамӕ уӕзданӕй ныхас кӕнӕм, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ израилӕгты хуызӕн ма разынӕм – уыдон Голиафы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд «сӕ быны дон бацыд, тынг фӕтарстысты» (1 Сам. 17:11). Хъуамӕ-иу ныфсджынӕй архайӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы сыгъдӕг ном скадджын кӕнӕм. Мах фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй базоной, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр цавӕр Хуыцау у. Ӕмӕ уый аразӕм Библийы фӕрцы. Афтӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын сӕ цӕмӕн хъӕуы, уый бамбарынӕн (Иак. 4:8).

6. Давид Голиафы ныхмӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн рацыд? Махӕн сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа?

6 Давид ӕмӕ Голиафы хабарӕй ма ноджыдӕр зондӕн райсӕн цы ис? Давид тохы быдырмӕ куы ӕрбазгъордта, уӕд адӕмы бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы худинагӕй чи фервӕзын кӕна, уымӕ цавӕр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Уыдон ын загътой: «Чи йӕ амара, уымӕн паддзах ратдзӕн стыр хъӕздыгдзинӕдтӕ, йӕ чызджы та йын ратдзӕн усӕн» (1 Сам. 17:25–27). Фӕлӕ Давидӕн сӕйраг уый нӕ уыд, ӕмӕ йын цыдӕр ратдзысты. Сӕйраг ын уыд ӕцӕг Хуыцауы скадджын кӕнын. (Бакӕс 1 Самуилы 17:46, 47.) Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Мыййаг нын сӕйраг уый у, цӕмӕй схъӕздыг уӕм ӕмӕ ацы дунейы зындгонд суӕм? Дзырд дӕр ыл нӕй, мах фӕнды, цӕмӕй Давиды хуызӕн уӕм. Уый зарыд: «Мемӕ кадджын кӕнут Йегъовӕйы, йӕ ном ын иумӕ сбӕрзонд кӕнӕм» (Пс. 34:3). Уӕдӕ мах дӕр Давидау хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарӕм ӕмӕ сӕйраджыдӕр хъуыды кӕнӕм йӕ номыл, нӕхи номыл нӕ, фӕлӕ (Матф. 6:9).

7. Адӕм нӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕсынц, уӕд нӕ фидар уырнындзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Ахӕм уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн?

7 Давид йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы нӕ дардтаид, уӕд ӕм Голиафы ныхмӕ рацӕуынӕн хъӕбатырдзинад нӕ разындаид. Ӕрыгон Давидӕн уыд фидар уырнындзинад. Уый уыд фыййау ӕмӕ алы бон дӕр йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад сфидар кодта (1 Сам. 17:34–37). Мах дӕр хъӕуы фидар уырнындзинад, цӕмӕй Хуыцауӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм, уӕлдайдӕр та нӕм адӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕсынц, уӕд. Ахӕм уырнындзинад нӕм фӕзындзӕн, алы бон дӕр, цыфӕнды аразгӕйӕ дӕр, нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы дарӕм, уӕд. Зӕгъӕм, маршруткӕйы кӕнӕ автобусы нӕ фарсмӕ чи бада, уыцы адӕймагимӕ нӕ бон у рӕстдзинады тыххӕй аныхас кӕнын. Стӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд дӕр-иу хорз уаид, уынджы ма кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕмимӕ дӕр аныхас кӕнын (Хъуыд. 20:20, 21).

ДАВИД ӔНХЪӔЛМӔ КАСТ ЙЕГЪОВӔМӔ

Кӕд Давидӕн йӕ бон уыд Саулы амарын, уӕддӕр ӕм йӕ къух цӕуылнӕ систа?

8, 9. Давид Саулмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй куыд равдыста, Йегъовӕйы фӕндон йӕ зӕрдыл кӕй дардта?

8 Давид йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый ма бӕрӕг у, Саулмӕ, Израилы фыццаг паддзахмӕ, цы цӕстӕй каст, уымӕй дӕр. Саул Давидмӕ мӕсты кодта ӕмӕ йӕ ӕртӕ хатты хъавыд арцӕй къулмӕ ныххуыйын, фӕлӕ-иу Давид йӕхи фӕиуварс кодта, ӕмӕ-иу дзы йӕ маст дӕр нӕ райста. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Саулӕй алыгъд (1 Сам. 18:7–11; 19:10). Уӕд Саул ӕппӕт Израилӕй ракодта ӕртӕ мин хуыздӕр хӕстоны ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ йӕ агурӕг ацыд (1 Сам. 24:2). Иу бон афтӕ рауад, ӕмӕ Саул бацыд, Давид йӕ адӕмимӕ кӕм ӕмбӕхст, уыцы лӕгӕтмӕ. Хуыцау уӕдмӕ дӕр Саулы бӕсты паддзахӕй Давиды кӕй равзӕрста, уый тыххӕй Давидӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕнӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыцы паддзах мӕ къухтӕм бахауд ӕмӕ йӕ амарон (1 Сам. 16:1, 13). Давид йӕ адӕммӕ куы байхъуыстаид, уӕд паддзах уыцы лӕгӕты йӕ мӕлӕт ссардтаид. Фӕлӕ уый загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн, мӕ хицаумӕ, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ, мӕ къух нӕ сисдзынӕн». (Бакӕс 1 Самуилы 24:4–7.) Саул нырма уыд Йегъовӕйы сӕрст паддзах. Йегъовӕ йын йӕ паддзахы бынат нӕма байста ӕмӕ Давиды нӕ фӕндыд уыцы хъуыддаг йӕхимӕ райсын. Давид Саулӕн ницы ракодта, ӕрмӕст ын йӕ ӕнӕдыс халаты кӕрон ралыг кодта. Ӕмӕ уымӕй равдыста, Саулӕн ӕй ӕвзӕрӕй кӕй ницы фӕндыд саразын (1 Сам. 24:11).

9 Давид Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕгӕн кӕй аргъ кодта, уый та ногӕй равдыста, паддзахы ма фӕстаг хатт куы федта, уӕд. Давид Авессӕимӕ ӕрцыд, Саул йӕ адӕмимӕ кӕм ӕрлӕууыд, уыцы ранмӕ, ӕмӕ йӕ фынӕйӕ баййӕфтой. Авессӕ ахъуыды кодта, Хуыцау Давидӕн йе знаджы йӕ къухтӕм кӕй радта. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыдтаид, фӕлӕ йӕ Давид нӕ бауагъта (1 Сам. 26:8–11). Давид ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы разамындмӕ, ӕмӕ йӕ дарддӕр дӕр фӕндыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын, Авессӕ йын цыфӕнды ма дзырдтаид, уӕддӕр.

10. Цавӕр уавӕры у нӕ бон бахауын ӕмӕ адӕмы зондыл цӕй фӕрцы нӕ ацӕудзыстӕм?

10 Мах дӕр, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр уавӕры иннӕтӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайынмӕ ма разӕнгард кӕной, фӕлӕ, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ. Кӕнӕ та нын чидӕр Авессӕйау дзурдзӕн, зӕгъгӕ, мӕнӕ афтӕ бакӕн, Йегъовӕ уыцы уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл та ма ахъуыды кӕнӕм. Цӕмӕй адӕмы зондыл ма ацӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорз зонӕм, Йегъовӕ хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый ӕмӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ кӕй кӕндзыстӕм.

11. Давид куыд равдыста, Хуыцауы фӕндон йӕ царды ӕппӕты сӕйраг кӕй уыд? Нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?

11 Давид Йегъовӕмӕ куывта: «Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын». (Бакӕс Псалом 143:5, 8, 10.) Давид, йӕхӕдӕг куыд хъуыды кодта ӕмӕ йын иннӕтӕ цы дзырдтой, йӕ ныфс ууыл нӕ дардта. Уый фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцау ахуыр кодтаид. Давид хъуыды кодта Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хъуыддӕгтыл дӕр, йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, Хуыцау цы сарӕзта, ууыл. Махӕн дӕр нӕ бон у Хуыцауы фӕндон базонын, Фыстад лӕмбынӕг куы иртасӕм ӕмӕ арф куы хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ раджы заманты адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, ууыл. Ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ та Библийы бирӕ ис.

ДАВИД ӔМБӔРСТА, ЗАКЪОН ЦЫ УАГӔВӔРДТЫЛ АРӔЗТ УЫДИ, УЫДОН

12, 13. Давидӕн цы дон ӕрбахастой, уый цӕмӕн акалдта?

12 Давид ӕмбӕрста, Закъон цы уагӕвӕрдтыл уыди арӕзт, уыдон, ӕмӕ йӕ фӕндыд уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы дӕр у фӕзминаг. Ӕркӕсӕм, цы ’рцыд, Давид куы сдойны ӕмӕ афтӕ куы загъта: «Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уый донӕй иу хуыпп уӕддӕр акӕн!» Уӕд Давиды ӕртӕ хӕстоны, филистимӕгты ӕфсад кӕм уыди, уыцы горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ йын уырдыгӕй дон ӕрбахастой. «Фӕлӕ дзы Давид нуазын нӕ бакуымдта, Йегъовӕйы раз ӕй акалдта». Цӕмӕн? Давид уый афтӕ бамбарын кодта: «Куыд дзы хъуамӕ бануазон! Ӕз дӕр мӕ Хуыцауӕй тӕрсын. Йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ чи ӕппӕрста, уыдоны туг хъуамӕ бануазон?» (1 Аз. 11:15–19).

Давидӕн цы дон ӕрбахастой, уымӕй кӕй нӕ банызта, уый цӕуыл дзурӕг уыд?

13 Давид зыдта, Закъонмӕ гӕсгӕ туг Йегъовӕйы раз калын кӕй хъуыд ӕмӕ йӕ хӕрӕн кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ афтӕ цӕмӕн уыд, уый дӕр ӕмбӕрста. Зыдта йӕ, «зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд [кӕй] ис туджы». Фӕлӕ Давидӕн ӕрбахастой дон, туг нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ дзы уӕд нуазын цӕуылнӕ бакуымдта? Туджы тыххӕй закъон цы уагӕвӕрдыл уыд арӕзт, уый ӕмбӕрста. Давидӕн уыцы дон уыд уыцы ӕртӕ лӕджы тугау зынаргъ. Уымӕ гӕсгӕ дзы ницы хуызы банызтаид. Гъемӕ Давид уыцы дон зӕхмӕ акалдта (Лев. 17:11; Дык. з. 12:23, 24).

14. Давидӕн цӕй фӕрцы ӕнтыст, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын?

14 Давиды фӕндыд, цӕмӕй йын Хуыцауы закъон уыдаид фӕндагамонӕг. Уый зарыд: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8). Давид Хуыцауы закъон ахуыр кодта ӕмӕ йыл арф хъуыды кодта. Уый фидарӕй зыдта, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ йын пайда кӕй сты. Давиды фӕндыд ӕрмӕст Моисейы закъон нӕ, фӕлӕ, йӕ бындуры цы уагӕвӕрдтӕ уыд, уыдон дӕр ӕххӕст кӕнын. Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд ыл хъуамӕ хъуыды дӕр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уый нӕ зӕрдӕйы ӕвӕрӕм. Уӕд алыхуызон уавӕрты нӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын.

15. Соломон Хуыцауы закъонӕн кӕй нал аргъ кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

15 Йегъовӕ Давиды фырт Соломонӕн тынг арфӕ кодта. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Соломон Хуыцауы закъонӕн нал аргъ кодта. Йегъовӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Израилы паддзах хъуамӕ «йӕхицӕн бирӕ устытӕ... ма скӕна», фӕлӕ Соломон уыцы фӕдзӕхсты сӕрты ахызт (Дык. з. 17:17). Соломон ракуырдта бирӕ ӕндӕрбӕстаг устытӕ. Ӕмӕ куы базӕронд, уӕд «ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой». Йӕхи куыдфӕнды ма рӕстытӕ кодтаид, «Соломон райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын, ӕмӕ, йӕ фыд Давидӕй уӕлдай, Йегъовӕйы коммӕ алы хъуыддаджы нӕ каст» (1 Пад. 11:1–6). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, Хуыцауы Ныхасы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын! Зӕгъӕм, уый ӕнӕмӕнг у, адӕймаг бинонтӕ скӕныныл куы хъуыды кӕна, уӕд.

16. Йегъовӕ ахӕм закъон кӕй радта, зӕгъгӕ, уӕ цард баиу кӕнут, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст ахӕм адӕймагимӕ, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

16 Ӕнӕуырнӕг адӕймаджы зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм? Давиды зондахаст нын уыдзӕн ӕви Соломоны? Ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ цард баиу кӕной, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст ахӕм адӕймагимӕ (1 Кор. 7:39). Уӕдӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕр смой кӕнын кӕнӕ ус ракурын куы сфӕнд кӕна, уӕд хъуамӕ цардӕмбалӕн равзара, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, ӕрмӕстдӕр ахӕм чырыстоны. Ӕмӕ, ацы закъоны цы арф хъуыды ис, уый куы ӕмбарӕм, уӕд ӕнӕуырнӕг адӕймагимӕ нӕ цард нӕ баиу кӕндзыстӕм. Стӕй ма йын бамбарын кӕндзыстӕм, йемӕ ӕмбӕлгӕ дӕр кӕй нӕ кӕндзыстӕм.

17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи порнографийы къӕппӕгӕй бахизӕм?

17 Давид Хуыцауы разамынд куыд зӕрдиагӕй агуырдта, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ма нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй порнографийы къӕппӕгӕй дӕр нӕхи бахизӕм. Бакӕс ацы стихтӕ, ахъуыды кӕн, цы уагӕвӕрдтӕ дзы ис, уыдоныл, ӕмӕ бацархай, Йегъовӕ порнографийы тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. (Бакӕс Псалом 119:37; Матфейы 5:28, 29; Колоссӕгтӕм 3:5.) Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн порнографийы къӕппӕгӕй нӕхи бахизын.

ХУЫЦАУ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫ, УЫЙ АЛКӔДДӔР ДӔ ЗӔРДЫЛ ДАР

18, 19. а) Кӕд Давид ӕнӕххӕст уыд, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын цӕй фӕрцы уыд? ӕ) Цы араздзынӕ дарддӕр дӕр?

18 Кӕд Давид бирӕ хъуыддӕгты фӕзминаг уыд, уӕддӕр цалдӕр стыр тӕригъӕды сарӕзта (2 Сам. 11:2–4, 14, 15, 22–27; 1 Аз. 21:1, 7). Фӕлӕ-иу йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта. Уый Хуыцауӕн алкӕддӕр лӕггад кодта «иузӕрдионӕй» (1 Пад. 9:4). Цӕмӕн у нӕ бон афтӕ зӕгъын? Уымӕн ӕмӕ Давид архайдта алцыдӕр Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразыныл.

19 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр ис гӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уӕм. Уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасӕм, цы базонӕм, ууыл арф хъуыды кӕнӕм, нӕ зӕрдӕйы йӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй архайӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй кувдзыстӕм: «Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын».