Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы дунейы дарддӕр дӕр «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» уӕм

Ацы дунейы дарддӕр дӕр «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» уӕм

«Ацы дунейы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ма цӕут» (1 ПЕТ. 2:11).

1, 2. Петр «ӕвзӕрстытӕ» кӕй схуыдта? Афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» сты?

ЙЕСО уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уымӕй иу-30 азы фӕстӕ апостол Петр ныффыста фыстӕг, «Понтмӕ, Галатимӕ, Каппадокимӕ, Азимӕ ӕмӕ Вифинимӕ чи фӕлыгъд» ӕмӕ «уыцы рӕтты рӕстӕгмӕ чи цард, уыцы ӕвзӕрстытӕм» (1 Пет. 1:1). Петр уыцы чырыстӕтты «ӕвзӕрстытӕ» уымӕн схуыдта, ӕмӕ уыдоны дӕр Петрау Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста ӕмӕ сӕ «ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ сын радта удӕгас ныфс», Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. (Бакӕс 1 Петры 1:3, 4.) Фӕлӕ сӕ уый фӕстӕ «ацы дунейы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» цӕмӕн схуыдта? (1 Пет. 2:11). Ӕмӕ кӕд абон, ӕнӕхъӕн дунейы цы Ӕвдисӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр сӕрст чырыстӕттӕ не сты, уӕд уыцы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

2 Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕтты ай-гъай дӕр уыд схонӕн «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ», уымӕн ӕмӕ уыдон зӕххыл ӕцӕгдӕр рӕстӕгмӕ уыдысты. Ӕмӕ афтӕ у сӕ хабар, сӕрст чырыстӕттӕй ма абон зӕххыл чи ис, уыдонӕн дӕр. Апостол Павел дӕр уыд сӕрст чырыстӕттӕй, ома «гыццыл дзугӕй», ӕмӕ афтӕ ныффыста: «Махӕн нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты. Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ирвӕзынгӕнӕгмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстимӕ, уӕлӕрвты чи ис, уымӕ» (Лук. 12:32; Фил. 3:20). Сӕ бӕстӕ уӕлӕрвты кӕй ис, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ сӕрст чырыстон йӕ зӕххон цардӕй куы ахицӕн вӕййы, уӕд схайджын вӕййы, бирӕ хуыздӕр цы у, уымӕй – ӕнӕмӕлгӕ цардӕй уӕлӕрвты. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:21–23.) Уӕдӕ, Хӕйрӕджы къухы чи ис, уыцы дунейы сӕрст чырыстӕттӕ ӕцӕгдӕр сты «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ».

3. «Ӕндӕр фысты» кой кӕнгӕйӕ цавӕр фарста фӕзыны?

3 Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис «ӕндӕр фыстӕй» та? (Иоан. 10:16). Библимӕ гӕсгӕ уыдонӕн ис фидар ныфс, зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты. Уыцы рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд зӕххыл цӕрдзысты ӕнустӕм. Уӕдӕ абон уыдоны дӕр ис схонӕн рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

«ХУЫЦАУ ЦЫДӔРИДДӔР СФӔЛДЫСТА, УЫДОН... ДЗЫНАЗЫНЦ»

4. Политиктӕн ӕмӕ ӕндӕр разамонджытӕн сӕ бон цы нӕу?

4 Цалынмӕ дуне Хӕйрӕджы къухы ис, уӕдмӕ адӕм иууылдӕр, ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр, хъизӕмар кӕндзысты, кӕддӕр Хӕйрӕг Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыд, уый аххосӕй. Ромӕгтӕм 8:22 фыст ис: «Мах ӕй зонӕм, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй кӕй дзыназынц ӕмӕ кӕй удхар кӕнынц абоны онг дӕр». Ӕмӕ кӕд политиктӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ, гуманитарон куыст чи кӕны, уыдон сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕархайынц цард фӕхуыздӕр кӕныныл, уӕддӕр адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын сӕ бон нӕу.

5. 1914 азӕй фӕстӕмӕ милуантӕ цавӕр къахдзӕф скодтой ӕмӕ цӕмӕн?

5 1914 азӕй фӕстӕмӕ милуантӕ сӕхи бакодтой Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы дӕлбар. Уыдоны нӕ фӕнды, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейӕ уой. Ӕмӕ ууыл дӕр нӕ архайынц, цӕмӕй Хӕйрӕджы дуне истӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной. Уыдон архайынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа ӕмӕ уый тыххӕй не ’вгъау кӕнынц сӕ хъарутӕ, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕм цы ис, уый (Ром. 14:7, 8).

6. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрцӕуӕггӕгтӕ цӕмӕн ис схонӕн?

6 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕрынц 200 бӕстӕйӕ фылдӕры ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ бӕстӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынц. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы ран сты ӕрцӕуӕггӕгтӕ. Уыдон политикӕйӕ дард лӕууынц ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕныны хӕс сӕхимӕ нӕ исынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныр дӕр сӕхи нымайынц, Хуыцау кӕй скӕндзӕн, уыцы ног дунейы цӕрджытыл. Уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ацы ӕнӕххӕст дунейы сӕ рӕстӕгмӕйы цард кӕд фӕуыдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уый та уыдзӕн тынг тагъд.

Мах Хӕйрӕджы дуне фӕхуыздӕр кӕныныл нӕ архайӕм. Мах дзурӕм Хуыцауы ног дунейы тыххӕй

7. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕд нал уыдзысты ӕмӕ уӕд кӕм цӕрдзысты?

7 Тагъд Йесо Чырысти Хӕйрӕджы фыддуне фесафдзӕн. Чырыстийы хицауад архайдзӕн рӕстӕй ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн тӕригъӕдӕй ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй. Кӕддӕр Хӕйрӕг рацыд Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ, ӕмӕ уый ӕркодта бирӕ бӕллӕхтӕм. Фӕлӕ Чырыстийы хицауад афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ уыцы бӕллӕхтӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уыдзӕн зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ уӕд рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ нал уыдзысты. (Бакӕс Раргомад 21:1–5.) Адӕм бынтондӕр «ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21).

ӔЦӔГ ЧЫРЫСТӔТТӔ СӔХИ ЦӔМӔЙ ХЪУАМӔ ХИЗОЙ?

8, 9. Бамбарын кӕн, Петр афтӕ куы загъта, «уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ма цӕут», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта.

8 Чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой, уый Петр бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы дунейы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ма цӕут – уыдон тох кӕнынц уӕ ныхмӕ» (1 Пет. 2:11). Кӕд уыцы ныхӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕн загъта, уӕддӕр Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕм» дӕр хауынц.

9 Буары монцтӕ, кӕнӕ фӕндтӕ, иууылдӕр ӕвзӕр схонӕн нӕй. Ӕмӕ кӕд уыцы фӕндтӕ, не Сфӕлдисӕг нын куыд амоны, афтӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ницӕмӕй рӕдийӕм. Уый нӕ, фӕлӕ ма нӕ цард афтӕмӕй кӕны ӕхсызгондӕр. Зӕгъӕм, адӕймаджы фӕфӕнды йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн исты бахӕрын ӕмӕ бануазын, йӕхи аирхӕфсын ӕмӕ йӕ фӕллад суадзын, стӕй йе ’мбӕлттимӕ рӕстӕг арвитын. Лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийы барӕвдауын ӕмӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕй фӕфӕнды, уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис (1 Кор. 7:3–5). Фӕлӕ Петр цы фӕндты кой кодта, уыдон схуыдта «тӕригъӕдджын буары монцтӕ» ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уыдон тох кӕнынц уӕ ныхмӕ». «Тӕригъӕдджын буары монцтӕм» хауынц, Йегъовӕйы фӕдзӕхстыты ныхмӕ чи сты, уыцы фӕндтӕ. Ӕмӕ сын уӕдӕ хъуамӕ сӕ рохтыл хӕцӕм, науӕд уыдоны тыххӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ нал уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры баппардзыстӕм.

10. Хӕйрӕг цавӕр мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕхи ацы дунейы «рӕстӕгмӕйы цӕрджытыл» мауал нымайой?

10 Хӕйрӕгӕн йӕ нысан у, цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕхи ацы дунейы «рӕстӕгмӕйы цӕрджытыл» мауал нымайой. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр иннӕ адӕмау хъӕздыгдзинадмӕ бӕллӕм, ӕнӕгъдау митӕ кӕнӕм, кадмондаг уӕм, цыфӕнды хъуыддаджы дӕр нӕ разӕй макӕй уадзӕм ӕмӕ нӕ адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ахӕм фӕндтӕй нӕ Хӕйрӕг йӕ къӕппӕджытӕм кӕй сайы. Уыцы ӕвзӕр монцты фӕдыл куы нӕ цӕуӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хӕйрӕджы дунемӕ нӕ хӕстӕг цӕуын дӕр кӕй нӕ фӕнды ӕмӕ дзы ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ кӕй цӕрӕм. Мах уымӕ тырнӕм, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг ног дунейы цӕрджытӕ суӕм ӕмӕ дзы ӕнустӕм цӕрӕм.

УАГ ӔМӔ ӔГЪДАУӔЙ – ФӔЗМИНАГ

11, 12. Фӕсарӕйнӕгтӕм хатт цавӕр цӕстӕй фӕкӕсынц? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй та цы фӕдзурынц?

11 «Рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» уӕвгӕйӕ чырыстӕттӕн цавӕр уагахаст хъуамӕ уа, уый Петр бамбарын кодта дарддӕр 12-ӕм стихы: «Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной, ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕной, уый хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы бон». Фӕсарӕйнӕгтӕм, ома, ӕндӕр бӕстӕйы рӕстӕгмӕ чи фӕцӕры, уыдонмӕ хатт ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц. Иннӕты хуызӕн кӕй нӕ вӕййынц, ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр сӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ хоной. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ ныхасӕй, сӕ митӕй, сӕ дарӕсӕй ӕмӕ ма, чи зоны, хуызӕй дӕр уой ӕндӕрхуызон. Фӕлӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, ома сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй фӕзминаг куы вӕййынц, уӕд адӕм бамбарынц, ӕвзӕртӕ сӕ дзӕгъӕлы кӕй дзурынц.

12 Раст афтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр, цы адӕмы ’хсӕн цӕрынц, уыдонӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕхицӕн кӕнынц, зӕгъӕм, куыд ӕмӕ цӕуыл фӕныхас кӕнынц кӕнӕ цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынц, уымӕй. Сӕ конд ӕмӕ сӕ уындӕй дӕр фылдӕр хатт иннӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнынц. Ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хорз чи нӕ зоны, уыдон сӕм уыдӕтты тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц, раст цыма фыдгӕнджытӕ сты, уыйау. Фӕлӕ сӕ иннӕтӕ та сӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй ӕппӕлгӕ фӕкӕнынц.

13, 14. «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Ӕцӕгдӕр, нӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у фенын, ӕвзӕртӕ нӕ дзӕгъӕлы кӕй дзурынц. Йесо Чырысти уыд ӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ Хуыцаумӕ уый куыд хъуыста, афтӕ ничи, фӕлӕ ма уый дӕр адӕм ӕнаххосӕй аххосджын кодтой. Чидӕртӕ йӕ хуыдтой «гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзаг», стӕй дзы афтӕ дзырдтой, «хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн» у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Йесо архайдта зондӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй уыдысты. «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй»,– загъта Йесо (Матф. 11:19). Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Зӕгъӕм, Германийы Зельтерсы Вефилы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты сӕ сыхӕгтӕй иуӕй-иутӕ нымайынц ӕнахуыр адӕмыл. Фӕлӕ Зельтерсы мэр сӕ фарс рахӕцыд ӕмӕ загъта: «Уым чи кусы, уыцы Ӕвдисӕнтӕ сӕ цардыуагӕй иннӕтӕй тынг хицӕн кӕнынц, фӕлӕ хъыгдаргӕ никӕй кӕнынц».

Ацы уӕрӕсейаг бинонтӕ Библийы фӕрцы ӕнгомдӕр систы

14 Мӕскуыйы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цалдӕр хъуыддаджы аххосджын кодтой. Дзырдтой, зӕгъгӕ, бинонты цард халынц, стӕй, дам, адӕмы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй дохтырты ӕххуысыл ма разы кӕной, кӕд сӕ цард ууыл баст вӕййы, уӕддӕр. Фӕлӕ 2010 азы июны Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон (Страсбург, Франци) рахаста уынаффӕ, Мӕскуыйы тӕрхондонӕн уый бар кӕй нӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ Хуыцауӕн кувын ӕмӕ ӕмбырд кӕнын мауал уадза. Европӕйы тӕрхондон куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы тӕрхондӕттӕ фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ не ’рхастой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр аххосджын кӕй уыдысты, уымӕн. Стӕй ма загътой, зӕгъгӕ, уыцы тӕрхондӕттӕ цы закъӕттӕй пайда кодтой, уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ахӕссӕн нӕ уыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ тӕрхон дӕр раст нӕ уыд. Уый, дам, уыд ӕгӕр карз тӕрхон, уымӕн ӕмӕ, дам, Уӕрӕсейы закъӕттӕ дӕр ӕгӕр карз сты.

ХИЦӔУТТӔН – КОММӔГӔС

15. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕппӕт дунейы дӕр цавӕр фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц?

15 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Мӕскуыйы дӕр ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр ӕххӕст кӕнынц ноджыдӕр иу фӕдзӕхст. Уыцы фӕдзӕхсты кой дӕр ракодта Петр, афтӕ куы ныффыста, зӕгъгӕ, коммӕгӕс ут, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр, паддзах уа ӕви ӕндӕр хицӕуттӕ уой (1 Пет. 2:13, 14). Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы фыддунейӕ не сты. Фӕлӕ, Павел куыд загъта, афтӕ хицауады закъӕттӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнынц, кӕд уыцы закъӕттӕ Хуыцауы закъоны ныхмӕ нӕ вӕййынц, уӕд. (Бакӕс Ромӕгтӕм 13:1, 5–7.)

16, 17. а) Мах хицауӕдты ныхмӕ кӕй не стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Иуӕй-иу хицӕуттӕ ӕргом цы фӕзӕгъынц?

16 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы дунейы «рӕстӕгмӕйы цӕрджытау» кӕй цӕрынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хицауады кӕнӕ адӕмы ныхмӕ сты. Уыдон ӕй ӕмбарынц, алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыды кӕй ис, хицауады чи хъуамӕ уа кӕнӕ адӕмы зындзинӕдтӕ куыд скъуыддзаг кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл. Иуӕй-иу динтӕй уӕлдай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы хъуыддӕгты нӕ архайынц. Уыдон хицӕуттӕн нӕ амонынц, адӕмы цард куыд аразын хъӕуы, уый. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы змӕнтынц ӕмӕ хицауады ныхмӕ цӕуынц, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъынӕн бындур ӕппындӕр нӕй!

17 Петр загъта, зӕгъгӕ, «паддзахы нымайут». Ӕмӕ чырыстӕттӕ, хицӕутты коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕй ӕвдисынц, кӕй сӕ нымайынц ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнынц (1 Пет. 2:17). Иуӕй-иу хатт хицӕуттӕ ӕргом фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тӕссаг ницӕмӕй сты. Зӕгъӕм, иу немыцаг политик, Штеффен Райхе, загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ лагерты ӕмӕ ахӕстӕтты бадгӕйӕ диссаджы миниуджытӕ кӕй равдыстой: ӕгъатырӕй сӕ куы ӕфхӕрдтой, уӕддӕр сӕ диныл сӕ къух нӕ систой ӕмӕ-иу ахӕстоны семӕ чи бадт, уыдонмӕ-иу уыдысты тынг фӕлмӕнзӕрдӕ. Уыцы политик загъта, зӕгъгӕ, ахӕм миниуджытӕ раздӕр куыд ахсджиаг уыдысты, афтӕ абон дӕр. Адӕм, дам, бонӕй-бонмӕ ӕвзӕрдӕр цӕстӕй кӕсынц фӕсарӕйнӕгтӕм, стӕй, политикӕйы ӕмӕ дины хабӕртты ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст чи у, уыдонмӕ. Ӕмӕ, дам, уымӕ гӕсгӕ нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕй алкӕмӕ дӕр хъуамӕ уой уыцы хорз миниуджытӕ.

КӔРӔДЗИЙЫ УАРЗЫНЦ

18. а) Не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты се ’ппӕты дӕр цӕмӕн уарзӕм? ӕ) Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ цы бафиппайынц?

18 Апостол Петр ныффыста: «Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут, Хуыцауӕй тӕрсут» (1 Пет. 2:17). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тӕрсынц, уый тыххӕй сӕ фӕнды йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ сын ӕнӕхъӕн дунейы дӕр цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ «се ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзынц». Абон адӕм фылдӕр сӕхи мӕт кӕнынц, ӕмӕ уый тыххӕй ахӕм уарзондзинад иуӕй-иутӕм диссаг фӕкӕсы. Зӕгъӕм, 2009 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Германийы ӕхсӕнадӕмон конгресс куы уыд, уӕд сӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыд бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ сыл бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ куыд бацин кодтой ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кодтой, ууыл иу сылгоймаг тынг бадис кодта. Уый куыста америкаг туристон компанийы ӕмӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, туристтимӕ уал азы кусын, ӕмӕ ахӕм диссаг никуыма федтон. Фӕстӕдӕр иу ӕфсымӕр уый тыххӕй загъта: «Йӕ алы ныхасӕй дӕр бӕрӕг уыд, йӕ зӕрдӕмӕ куыд тынг фӕцыдыстӕм». Мыййаг, ды дӕр конгрессы рӕстӕг фехъуыстай, адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй куыд ӕппӕлынц, уый?

19. Дарддӕр дӕр нӕ цы хъуамӕ фӕнда аразын ӕмӕ цӕмӕн?

19 Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй, ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕлвырд кӕнынц, Хӕйрӕджы дунейы ӕцӕгдӕр «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» кӕй сты. Ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ цӕрой. Уыдоны фидар ныфс ис, тынг тагъд рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй нал уыдзысты, фӕлӕ Хуыцауы рӕстаг ног дунейы ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Ды дӕр уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсыс?