Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийӕ дӕсныйы чиныгау ма пайда кӕн

Библийӕ дӕсныйы чиныгау ма пайда кӕн

«ХУЫЦАУЫ ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзут. 4:12). Ацы ныхӕстӕй апостол Павел бамбарын кодта, Йегъовӕйы ныхасӕн ахӕм тых кӕй ис, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайы ӕмӕ сын сӕ цард фӕивы.

Апостолты мӕлӕты фӕстӕ, раст дин чи ныууагъта, ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ уӕд, Библийы фыст ныхӕстӕн цавӕр тых ис, уый раст нал ӕмбарын кодтой (2 Пет. 2:1–3). Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дины разамонджытӕ дзурын райдыдтой, зӕгъгӕ, Хуыцауы Ныхасӕн ис ӕнахуыр тых. Профессор Харри Гэмбл куыд ныффыста, афтӕмӕй н. э. 3 ӕнусы аргъуаны ахуырӕдты бындурӕвӕрджытӕй сӕ иу, Ориген, загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг Хуыцауы сыгъдӕг ныхӕстӕ куы хъуса, ӕрмӕст уый дӕр ын баххуыс кӕндзӕн: кӕд, дам, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнты ныхӕсты цавӕрдӕр тых ис, уӕд Хуыцауы комытӕфӕй фыст ныхӕсты та цас стырдӕр тых хъуамӕ уа. Н. э. 4 ӕнусы кӕрон та Иоанн Златоуст ныффыста, зӕгъгӕ, «Евангели цы хӕдзары ис, уырдӕм бацӕуын хӕйрӕг уӕндгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн». Стӕй ма ныффыста, иуӕй-иутӕ, дам, сӕ хъуырыл фӕдарынц Евангелитӕй скъуыддзӕгтӕ, цӕмӕй фыдбылызӕй хъахъхъӕд уой. Профессор Гэмбл ма ноджыдӕр ныффыста, зӕгъгӕ, католикон диниртасӕг «Августины ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймагӕн йӕ сӕр куы рисса, уӕд ын ахӕм хос дӕр ис: йӕ базы бын Иоанны Евангели сӕвӕрӕд ӕмӕ афтӕмӕй бафынӕй кӕнӕд». Ахӕм ахуырӕдты тыххӕй адӕм Библийӕ афтӕ пайда кӕнын райдыдтой, цыма дзы цыдӕр ӕнахуыр тых ис. Ды дӕр Библи, дӕ хъуыддӕгтӕ-иу кӕй фӕрцы фӕрӕстмӕ уыдзысты ӕмӕ дӕ фыдбылызӕй чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм талисманыл нымайыс?

Адӕм ма Библийӕ раст нӕ пайда кӕнынц ӕндӕр хуызы дӕр – дӕсны дзы фӕфӕрсынц. Ома куыд? Кӕцыфӕнды фарсыл ӕй бакӕнынц ӕмӕ дзы сӕ цӕст фыццаг цы ныхӕстыл ӕрхӕца, уыдон банымайынц сӕ фарстайӕн дзуаппыл. Зӕгъӕм, профессор Гэмблы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иухатт Августин сӕ сыхӕгты хӕдзарӕй фехъуыста сывӕллоны афтӕ дзургӕ: «Райс ӕмӕ кӕс, райс ӕмӕ кӕс». Гэмбл загъта, Августин уый афтӕ кӕй банымадта, ӕмӕ йын Хуыцау дзуры, цӕмӕй Библи байгом кӕна ӕмӕ дзы фыццаг цы ныхӕстӕ фена, уыдон бакӕса.

Мыййаг, ды дӕр ахӕм адӕмы зоныс, ӕмӕ исты зын уавӕры куы бахауынц, уӕд Хуыцаумӕ скувынц ӕмӕ стӕй Библи байгом кӕнынц, зӕгъгӕ дзы фыццаг цы ныхӕстыл ӕрхӕца мӕ цӕст, уыдон мын мӕ уавӕры баххуыс кӕндзысты? Кӕд афтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕкӕнынц, уӕддӕр Библийӕ уыцы хуызы пайда кӕнын раст нӕу.

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕрӕрвитдзӕн «ӕххуысгӕнӕджы», ома сыгъдӕг тых. Ӕмӕ стӕй загъта: «Уый уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр» (Иоан. 14:26). Уӕдӕ нын зын уавӕры Библи баххуыс кӕндзӕн, кӕцыфӕнды фарсыл ӕй куы бакӕнӕм, уӕд нӕ, фӕлӕ йын йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ куы зонӕм, уӕд.

Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй бирӕтӕ Библи нымайынц, фыдбылызӕй сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм талисманыл кӕнӕ дзы дӕсны фӕфӕрсынц. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ, дӕсны фӕрсын ӕмӕ нысӕнттӕ халын у тынг ӕвзӕр хъуыддаг (Лев. 19:26; Дык. з. 18:9–12; Хъуыд. 19:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых», фӕлӕ дзы хъуамӕ раст пайда кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕива, уый тыххӕй Библийӕ дӕсныйы чиныгау нӕ хъӕуы пайда кӕнын, фӕлӕ йӕ хъӕуы ахуыр кӕнын. Бирӕтӕ растдӕр уый фӕрцы бамбӕрстой, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр, стӕй уый фӕрцы се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ сӕ бинонты цард фӕхуыздӕр ис. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хӕлар сси Библийы Автор – Хуыцау Йегъовӕ.