Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» ӕцӕг Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнынц

«Рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» ӕцӕг Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнынц

«Ӕндӕрбӕстӕгтӕ уын кусдзысты уӕ зӕххытӕ ӕмӕ уӕ сӕнӕфсирдӕттӕ. Сымах та схондзысты Йегъовӕйы сауджынтӕ» (ИС. 61:5, 6).

1. Иуӕй-иу адӕм фӕсарӕйнӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ уый раст цӕуылнӕ у?

АЙРАЗМӔЙЫ статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй абон иуӕй-иутӕ фӕсарӕйнӕгтӕм, кӕнӕ, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыдонмӕ, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц, фӕнымайынц сӕ ӕцӕгӕлӕттыл. Афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ уыдон цӕмӕйдӕр ӕвзӕрдӕр сты, ӕмӕ сӕм ахӕм зӕрдӕ кӕй фӕдарынц, уый ӕмбӕхсгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ, кӕцыдӕр бӕстӕйы адӕмы дӕхи бӕстӕйы адӕмӕй ӕвзӕрдӕрыл нымайай, уый раст нӕу. Стӕй ма афтӕмӕй адӕймаг иу хъуыддаг рох кӕны. Иу брошюрӕйы фыст уыд: «Библи зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр хоны ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у» (The Races of Mankind). Ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕ тынг куы хицӕн кӕной, уӕддӕр сты ӕфсымӕртӕ.

2, 3. Рагон Израилы цы ӕндӕрбӕстаг адӕм уыд, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй каст?

2 Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр сӕмбӕлӕм, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, ахӕм адӕмыл. Рагон израилӕгты ’хсӕн дӕр уыди ӕндӕрбӕстӕгтӕ. Йегъовӕ Хуыцау израилӕгтимӕ скодта бадзырд, йе ’взӕрст адӕм кӕй уыдзысты, уый тыххӕй. Кӕд Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕн уыдоны хуызӕн бартӕ нӕ уыд, уӕддӕр сын израилӕгтӕ хъуамӕ аргъ кодтаиккой ӕмӕ сӕ ма ӕфхӕрдтаиккой. Абон мах дӕр хъуамӕ афтӕ архайӕм. Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕндӕрбӕстаг адӕмы хъулон ма кӕной ӕмӕ сӕм ӕвзӕр цӕстӕй ма кӕсой. Цӕуылнӕ? Апостол Петр загъта: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35).

3 Рагон Израилы цы ӕндӕрбӕстаг адӕм уыд, уыдон бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдысты, израилӕгты ’хсӕн кӕй цардысты, уый тыххӕй. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы ӕндӕрбӕстӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уый. Фӕстӕдӕр апостол Павел уый тыххӕй афтӕ ныффыста: «Хуыцау ӕрмӕстдӕр дзуттӕгты Хуыцау у? Иннӕ адӕмты Хуыцау дӕр нӕу? Бӕгуыдӕр, иннӕ адӕмты Хуыцау дӕр у» (Ром. 3:29; Иоил 2:32).

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ «Хуыцауы Израилы» ’хсӕн ӕндӕрбӕстӕгтӕ нӕ уыд?

4 Хуыцау сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдимӕ ног бадзырд куы скодта, уӕд йе ’взӕрст адӕм зӕххон Израил нал уыд, фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ. Ӕмӕ «Хуыцауы Израил» дӕр уымӕн хуыйнынц (Гал. 6:16). Уыцы ног адӕм кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой, уый тыххӕй Павел афтӕ загъта: «Уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Чырысти ӕмӕ уый ис ӕппӕты мидӕг дӕр» (Кол. 3:11). Уӕдӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ чырыстон ӕмбырды ӕцӕгӕлон, ома ӕндӕрбӕстаг, ничи уыд.

5, 6. а) Исайы 61:5, 6 стихты фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры? ӕ) Исай «Йегъовӕйы сауджынтӕ» ӕмӕ «ӕндӕрбӕстӕгтӕ» кӕй хоны, уыдон чи сты? б) «Йегъовӕйы сауджынтӕ» ӕмӕ «ӕндӕрбӕстӕгтӕ» иумӕ цы куыст кӕнынц?

5 Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, уӕдӕ уӕд, Исайы 61 сӕры цы фыст ис, уый куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ. Уыцы сӕры цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынц чырыстон ӕмбырды. Уым 6-ӕм стихы ис, «Йегъовӕйы сауджынтӕ» чи уыдзӕн, уыдоны кой. Фӕлӕ 5-ӕм стихы та фыст ис, уыцы сауджынтимӕ «ӕндӕрбӕстӕгтӕ» дӕр кӕй кусдзысты. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

6 Мах зонӕм, «Йегъовӕйы сауджынтӕ» кӕй сты сӕрст чырыстӕттӕ. Библимӕ гӕсгӕ, уыцы чырыстӕттӕ сты, «фыццаг чи райгас уа, уыдон», ӕмӕ «уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Рарг. 20:6). Фӕлӕ ма уыдонӕй уӕлдай ис бирӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, ахӕмтӕ. Уыдон, уӕлӕрвты чи цӕрдзӕн, уыцы чырыстӕттимӕ ӕнгом сты ӕмӕ семӕ ӕмгуыст кӕнынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр схонӕн ис ӕндӕрбӕстӕгтӕ. Уыдон «Йегъовӕйы сауджынтӕн» ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сын афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ «кусынц сӕ зӕххытӕ ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ». Хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад кӕй амонынц, уымӕй сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы кадджын кӕнынӕн. Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты агурынц ӕмӕ сын зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц рӕстдзинад базонынӕн, цӕмӕй уыдонӕн дӕр сӕ бон уа Хуыцауӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын (Иоан. 10:16).

АВРААМАУ «РӔСТӔГМӔЙЫ ЦӔРДЖЫТӔ»

7. Абон чырыстӕттӕ Авраамы ӕмӕ иннӕ рагон лӕггадгӕнджыты хуызӕн цӕмӕй сты?

7 Айразмӕйы статьяйы куыд фыст уыд, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ Хӕйрӕджы дунейы сты ӕндӕрбӕстӕгтау, кӕнӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытау. Ӕмӕ уымӕй сты, Хуыцауӕн раджы заманты цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдоны хуызӕн, сӕ иу уыд Авраам. Библийы уыдоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» уыдысты (Дзут. 11:13). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр нын ис диссаджы фадат, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уӕм, Авраам йемӕ куыд ӕнгом уыди, афтӕ. Иаков ныффыста: «„Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл“, ӕмӕ хуынд ӕрцыд „Йегъовӕйы хӕлар“» (Иак. 2:23).

8. Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ Авраам уый тыххӕй цы хъуыды кодта?

8 Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамы фӕрцы ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты фӕрцы иу адӕмыхатт нӕ, фӕлӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр кӕй ӕрцӕудзысты арфӕгонд. (Бакӕс Райдиан 22:15–18.) Уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, уый Авраам кӕд йӕхи цӕстӕй нӕ федта, уӕддӕр ӕй фидарӕй уырныдта, Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Авраам сӕдӕ азы дӕргъы йӕ бинонтимӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыди. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕстӕг Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта ӕмӕ йӕ хӕлар уыд.

9, 10. а) Авраамы цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон бафӕзмын? ӕ) Абон адӕмӕн цӕй тыххӕй хъусын кӕнӕм?

9 Авраам нӕ зыдта, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ йӕ цас хъӕудзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йыл алкӕддӕр уыд иузӕрдион. Уый никуы рох кодта, цы адӕмы ’хсӕн цард, уыдоны ’хсӕн ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕйы цӕрӕг кӕй уыд (Дзут. 11:14, 15). Хорз уаид, мах дӕр Авраамы куы фӕзмиккам ӕмӕ уыйау хуымӕтӕг цард куы кӕниккам! Уӕд нӕ мӕт ууыл нӕ уыдзӕн, цӕмӕй нын стыр исбон уа, адӕмы ’хсӕн нӕхицӕн ном скӕнӕм кӕнӕ уӕлдӕр бынаты кусын райдайӕм. Адӕм «хорз цард» цы хонынц, уымӕ цӕмӕ хъуамӕ тырнӕм, кӕд ӕмӕ ацы дунейӕн тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн? Рӕстӕгмӕ цы у, уыдӕттӕ нӕ удӕн цӕмӕн хъуамӕ адджын кӕнӕм? Авраамау мах дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм бирӕ хуыздӕр цӕмӕдӕр. Ӕмӕ, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:25.)

Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый Авраамау алкӕддӕр дӕ хъуыдыйы дардзынӕ?

10 Йегъовӕ абон дӕр хоны алыхуызон адӕмы, цӕмӕй Авраамы байзӕддаджы фӕрцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой. Ӕмӕ «Йегъовӕйы сауджынтӕ», ома сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ «ӕндӕрбӕстӕгтӕ», кӕнӕ «ӕндӕр фыстӕ», абон ӕгас зӕххыл дӕр 600 ӕвзагӕй фылдӕрыл хъусын кӕнынц, Хуыцау адӕмы цы диссаджы цардмӕ хоны, уый тыххӕй.

ЧИ ЦАВӔР АДӔМӔЙ У, УЫМӔ НӔ КӔСЫНЦ

11. Соломон йӕ куывды ӕндӕрбӕстӕгты тыххӕй цы загъта, уымӕй цы у бӕрӕг?

11 Н. э. размӕ 1026 азы Соломон Хуыцауӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд ӕм зӕрдӕбынӕй скуывта ӕмӕ дзы ракуырдта, цӕмӕй-иу ӕндӕрбӕстӕгты куывдтытӕ дӕр фехъуыстаид. Уый ӕндӕрбӕстӕгтӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыдонӕн дӕр уыди фадат Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн. Ӕмӕ уымӕй та ӕххӕст кодта, Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Соломон Хуыцауӕй ракуырдта: «Дӕ адӕм Израилӕй чи нӕу, ахӕм ӕндӕрбӕстаг дард бӕстӕйӕ дӕ номы тыххӕй куы ’рцӕуа,– уымӕн ӕмӕ фехъусдзысты де стыр номы тыххӕй, дӕ фидар къух ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы тыххӕй,– о, куы ’рцӕуа ӕмӕ ацы хӕдзармӕ кӕсгӕйӕ куы скува, уӕд-иу ӕй фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу сараз, ӕндӕрбӕстаг дӕм цӕй тыххӕй кува, уыдон иууылдӕр, цӕмӕй дын зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр дӕ ном базоной ӕмӕ дӕ тӕрсой, дӕ адӕм Израил дӕ куыд тӕрсынц, афтӕ» (1 Пад. 8:41–43).

12. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи бӕстӕйы куы цӕрой, уӕд дӕр сӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ цӕмӕн ис схонӕн?

12 Ӕндӕрбӕстаг кӕнӕ фӕсарӕйнаг фӕхонынц, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕйы чи цӕры кӕнӕ уырдӕм рӕстӕгмӕ чи ӕрцыд, ахӕм адӕймаджы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр ис схонӕн ӕндӕрбӕстӕгтӕ. Кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрой, уӕддӕр фыццаджыдӕр сты уӕларвон хицауады дӕлбар – Хуыцауы Паддзахады дӕлбар, ӕмӕ иузӕрдион сты йӕ Паддзах Йесо Чырыстийыл. Уымӕ гӕсгӕ уыдон политикӕйы ӕппындӕр нӕ архайынц, кӕд сӕ уый тыххӕй иуӕй-иутӕ не ’мбарынц, уӕддӕр.

Йегъовӕйы цӕсты сӕ иу дӕр фӕсарӕйнаг нӕу

13. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыдоны ӕцӕгӕлӕттыл ма нымайӕм? ӕ) Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ адӕмӕй исчи фӕсарӕйнаг хъуамӕ уыдаид? Бамбарын ӕй кӕн.

13 Ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыдоны арӕх ӕнцонтӕй вӕййы базонӕн, уымӕн ӕмӕ сын ис сӕхи ӕвзаг, сӕхи ӕгъдӕуттӕ, стӕй хуызӕй дӕр ӕмӕ кондӕй дӕр хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн иумӕйагӕй цы ис, уыдӕттӕ уыцы хицӕндзинӕдтӕй бирӕ фылдӕр сты. Уӕдӕ, ӕндӕрбӕстӕгтӕ махӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ куы нӕ кӕсӕм, уӕд сӕ ӕцӕгӕлӕттыл нал нымайдзыстӕм. Зӕххыл адӕм иууылдӕр иу бӕстӕйы куы цӕриккой ӕмӕ иу хицауады дӕлбар куы уаиккой, уӕд ахӕм дзырд, «фӕсарӕйнаг», зӕгъгӕ, уӕвгӕ дӕр нӕ уаид. Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕнд ӕппӕты райдианы уый уыд, цӕмӕй адӕм иууылдӕр цӕрой иу бинонтау ӕмӕ сын уа иу хицау – йӕхӕдӕг. Цымӕ уӕд абон уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй алы бӕстӕты адӕм кӕрӕдзи фӕсарӕйнӕгтыл ма нымайой?

14, 15. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл сахуыр сты?

14 Абон бирӕтӕ хъуыды кӕнынц ӕрмӕст сӕхиуыл ӕмӕ сӕ адӕмыхаттӕй хуыздӕр никӕй ӕнхъӕлынц. Фӕлӕ уӕддӕр ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ, чи цавӕр адӕмӕй у, уымӕ нӕ кӕсынц. Ӕмӕ уый ӕхсызгон куыннӕ у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕй алыхуызон адӕмыхӕттытӕм хорз цӕстӕй кӕсын райдайа. Телекомпани Си-эн-эны бындурӕвӕрӕг Тед Тернер, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй бирӕ курдиатджын адӕмимӕ кӕй куыста, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Уыцы адӕмимӕ кӕй базонгӕ дӕн, уый мын мӕ зондахаст тынг фӕивта. Ныр алыхуызон бӕстӕйы цӕрджыты „фӕсарӕйнӕгтыл“ нал нымайын, фӕлӕ, ацы Зӕххыл сыхӕгтӕ кӕимӕ стӕм, ахӕм адӕмыл. Ныр афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ адӕймаджы „фӕсарӕйнаг“ куы хонай, уӕд ын уымӕй йӕ кад дӕлӕмӕ кӕныс. Ӕмӕ нӕ телекомпанийы ахӕм уагӕвӕрд сфидар кодтон, цӕмӕй уыцы ныхас мачиуал дзура».

15 Ӕнӕхъӕн зӕххыл ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ахӕм адӕм, ӕмӕ архайынц алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсыныл. Ӕмӕ сӕ кӕд чидӕр раздӕр ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ӕвзӕр цӕстӕй касти, уӕд ныр та йӕ зондахаст фӕивта ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ дарын райдыдта. Абон бирӕтӕ цавӕрдӕр адӕмыхӕттытӕм зул цӕстӕй кӕсынц, адоныл ӕууӕндӕн нӕй, зӕгъгӕ, хатт та ӕргом равдисынц, се сӕфт сӕ кӕй уынынц, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм уыдӕттӕн сӕ кой дӕр нӕй. Уыдон ӕй зонынц, алыхуызон адӕмыхӕттытӕм алыхуызон миниуджытӕ ӕмӕ курдиӕттӕ кӕй ис, уымӕй цард рӕсугъддӕр кӕй кӕны. Никуы йыл хъуыды кодтай, Йегъовӕйы адӕм ахӕм зондӕй кӕй архайынц, уый куыд диссаг у? Нӕ йыл хъуыды кодтай, иннӕтӕм хорз цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый нӕ алкӕмӕн дӕр куыд стыр пайда хӕссы?

ФӔСАРӔЙНӔГТӔ КӔМ НАЛ УЫДЗӔН, УЫЦЫ ДУНЕ

16, 17. Раргомады 16:16 ӕмӕ Данелы 2:44 фыст ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд уый дӕуӕн цы ’рхӕсдзӕн?

16 Тагъд райдайдзӕн Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ фӕстаг хӕст, «дзуттагау Армагеддон чи хуыйны», уыцы хӕст. Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ӕрлӕудзысты Йесо Чырыстийы раз ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдты раз (Рарг. 16:14, 16; 19:11–16). 2 500 азы размӕ пехуымпар Данел ныффыста, Хуыцауы фӕнды ныхмӕ чи цӕуы, уыцы зӕххон хицауӕдтыл цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Дан. 2:44).

17 Ахъуыды-ма кӕн, уый дӕуӕн цы ’рхӕсдзӕн, ууыл. Зӕхх ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтыл нал дих кӕндзӕн, ӕмӕ нал уыдзӕн арӕнтӕ. Уӕд иу адӕймаг дӕр фӕсарӕйнаг нал уыдзӕн. Уыцы рӕстӕг дӕр адӕм кӕрӕдзийӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕндзысты. Фӕлӕ уымӕй ноджы ирддӕрӕй зындзӕн, Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕ куыд бирӕ ӕмӕ куыд алыхуызон сты, уый. Ахӕм диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй нӕ не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнын куыннӕ хъуамӕ фӕнда!

Ды дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, зӕхх ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтыл куы нал дих кӕна ӕмӕ иу адӕймаг дӕр фӕсарӕйнаг куы нал уа, уыцы рӕстӕгмӕ?

18. Ӕрӕджы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон куыд бӕлвырд кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи фӕсарӕйнӕгтыл кӕй нӕ нымайынц?

18 Зӕххыл ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уый цымӕ аргъау у? Ӕппындӕр нӕ! Ууыл ис фидарӕй ӕууӕндӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон дӕр адӕмы се ’мбӕстӕгтыл ӕмӕ фӕсарӕйнӕгтыл нӕ дих кӕнынц, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн, чи цавӕр адӕмыхаттӕй у, уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Зӕгъӕм, ӕрӕджы, сӕ филиалтӕй къаддӕртӕ чи сты, уыдонӕй цалдӕр баиу кодтой, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагмӕ хъус дарын ӕнцондӕр уа ӕмӕ сын уыцы куысты фылдӕр ӕнтыса (Матф. 24:14). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цалдӕр бӕстӕйы филиалтӕ куы иу кодтой, уӕд сын арӕнтӕ къуылымпыйы хос нӕ уыдысты (кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хабӕрттӕ арӕзтой уыцы бӕстӕты закъӕттӕм гӕсгӕ). Ӕмӕ уый у ноджы иу бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах Йесо Чырысти, адӕмы ’хсӕн цы арӕнтӕ ис, уыдон кӕй иуварс кӕны ӕмӕ тагъд уыцы хъуыддаджы кӕй «фӕуӕлахиз уыдзӕн» (Рарг. 6:2).

19. Йегъовӕйы адӕмӕн рӕстдзинады сыгъдӕг ӕвзаджы фӕрцы цы бантыст?

19 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты бирӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ дзурынц бирӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ се ’ппӕты дӕр иу кӕны рӕстдзинады сыгъдӕг ӕвзаг, ӕмӕ уыцы иудзинад ницы фехалдзӕн. (Бакӕс Софонийы 3:9.) Уыдон сты иу стыр бинонтӕ, ӕмӕ кӕд ацы фыддунейы цӕрынц, уӕддӕр дзы сты хибаргонд. Абон уыцы адӕм иу бинонтау ӕнгом кӕй сты, уыцы хабар айдӕнау ӕвдисы, тагъд рӕстӕджы цы дуне ралӕудзӕн, уый – фӕсарӕйнӕгтӕ кӕм нӕ уыдзӕн, уыцы дуне. Уӕд алы адӕймаг дӕр зӕрдиагӕй сразы уыдзӕн, ацы статьяйы райдианы цы ныхӕстӕ хаст уыд, уыдонимӕ: «Библи зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр хоны ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у» (The Races of Mankind).