Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ды дӕ, Хуыцау кӕуыл ӕууӕнды, ахӕм лӕггадгӕнӕг!

Ды дӕ, Хуыцау кӕуыл ӕууӕнды, ахӕм лӕггадгӕнӕг!

«Сымах уӕхицӕн хицау не стут» (1 КОР. 6:19).

1. Адӕм дзырд «цагъар» куы фехъусынц, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕнынц?

«ЦАГЪАРЫ ӕфсондз хӕссын иу адӕймаджы дӕр нӕ фӕнды»,– ныффыста иу грекъаг драматург иу-2 500 азы размӕ. Йӕ ныхӕстимӕ абон дӕр бирӕтӕ сразы уыдзысты. Адӕм дзырд «цагъар» куы фехъусынц, уӕд сӕ цӕстытыл ауайы мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаг, сӕрибар чи нӕу ӕмӕ, йӕхицӕн нӕ, фӕлӕ кӕмӕндӕр чи фыдӕбон кӕны, ахӕм.

2, 3. а) Чырыстийы цагъартӕн сӕ уавӕр цавӕр у? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Йесо Чырысти бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр кӕй хъуамӕ уой сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕ, кӕнӕ цагъартӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын сӕ хицау сӕ кадыл дӕлӕмӕ хӕцдзӕн ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзӕн. Уыдонӕн сӕ хицау аргъ кӕны ӕмӕ сыл ӕууӕнды. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырысти йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ иу «цагъарӕй» цы загъта, уый. Йесо загъта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ йӕ бар кӕй бакӕндзӕн (Матф. 24:45–47).

3 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Лукайы фыст чиныгмӕ гӕсгӕ Йесо уыцы цагъары кӕй схуыдта «хӕдзармӕгӕсӕг». (Бакӕс Лукайы 12:42–44.) Абон ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр уыцы ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕджы къордмӕ нӕ хауынц. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр ис схонӕн «хӕдзармӕгӕсджытӕ», кӕнӕ, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бар бакодтой, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ. Уӕдӕ нын цавӕр хъуыддӕгтӕ бакодтой нӕ бар? Ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, раджы заманты-иу хӕдзармӕгӕсӕгӕн цавӕр хӕстӕ уыд, уымӕ.

ХӔДЗАРМӔГӔСӔДЖЫ ХӔСТӔ

4, 5. Раджы заманты-иу хӕдзармӕгӕсӕгӕн цавӕр хӕстӕ уыд? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

4 Раджы заманты-иу хӕдзармӕгӕсӕгӕй сӕвӕрдтой, хицау-иу кӕуыл ӕууӕндыд, ахӕм цагъары. Хицау-иу йӕ хӕдзар ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ уый бар бакодта. Хӕдзармӕгӕсӕгӕн-иу уыд стыр бартӕ, йӕ бӕрны-иу уыдысты хицауӕн йӕ исбон, йе ’хца ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ. Афтӕ уыд йӕ хабар Елиезерӕн дӕр, Авраамы стыр исбон кӕй бар уыд, уымӕн. Авраам Месопотамийӕ йӕ фырт Исахъӕн ус ӕркӕнын, ӕвӕццӕгӕн, Елиезерӕн бахӕс кодта. Ӕмӕ уый стыр ӕмӕ ахсджиаг хӕс куыннӕ уыд! (Райд. 13:2; 15:2; 24:2–4).

5 Авраамы фыртӕн йӕ фырты фырт Иосиф ӕвӕрд уыди Потифары хӕдзары сӕргъы (Райд. 39:1, 2, 4). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Иосифӕн йӕхицӕн дӕр фӕзынд, йӕ «хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди», ахӕм лӕггадгӕнӕг. Иосифы дӕс ӕфсымӕры куы ’рцыдысты, уӕд сӕм йӕ хӕдзармӕгӕсӕг йӕ хъус фӕдардта ӕмӕ сӕ цы хъуыди, ууыл батыхст. Стӕй Иосиф афтӕ куы сарӕзта, цыма йын йе ’взист къус адавтой, уӕд дӕр уыцы хабӕрттӕ бакӕнын йӕ хӕдзармӕгӕсӕгӕн бахӕс кодта. Уӕдӕ бӕрӕг у, раджы заманты-иу хицау йӕ хӕдзармӕгӕсӕгыл тынг кӕй ӕууӕндыд (Райд. 43:19–25; 44:1–12).

6. Чырыстон цӕстдарджытӕн цавӕр алыхуызон хӕстӕ ис?

6 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Павел ныффыста, чырыстон цӕстдарджытӕ кӕй сты «Хуыцауы ӕвӕрд уынаффӕгӕнджытӕ» (Тит. 1:7). Уыцы цӕстдарджытӕ «Хуыцауы дзугӕн» сты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕмбырдӕн разамынд дӕттынц (1 Пет. 5:1, 2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ хӕстӕ сты алыхуызон. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр фӕлӕггад кӕнынц ӕрмӕст иу ӕмбырды. Цӕуӕг цӕстдарджытӕ та ӕххуыс кӕнынц бирӕ ӕмбырдтӕн. Филиалы комитетты чи ис, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та сӕ хъус дарынц, ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонмӕ. Фӕлӕ кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алыхуызон хӕстӕ ис, уӕддӕр сӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕууӕнкджынӕй ӕххӕст кӕной. Се ’ппӕты дӕр Хуыцауы раз «дзуапп раттын хъӕудзӕн» (Дзут. 13:17).

7. Алы чырыстоны дӕр хӕдзармӕгӕсӕг схонӕн кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм?

7 Фӕлӕ ма ис бирӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ, цӕстдарджытӕ чи не сты, ахӕмтӕ, ӕмӕ уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Апостол Петр чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр цы фыстӕг ныффыста, уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау уын уӕ бар бакодта, алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, уыцы стыр хорзӕх, ӕмӕ сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (1 Пет. 1:1; 4:10). Хуыцау йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ алы чырыстоны дӕр схайджын кодта цавӕрдӕр курдиӕттӕ ӕмӕ миниуджытӕй, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын. Уӕдӕ иугӕр Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр цӕмӕйдӕр схайджын кодта, ома сын сӕ бар цыдӕр бакодта, уӕд се ’ппӕты дӕр схонӕн ис «уынаффӕгӕнджытӕ» кӕнӕ «хӕдзармӕгӕсджытӕ». Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын Хуыцау кад кӕны, ӕууӕнды сыл, стӕй йӕ ныфс ис, сӕ бар сын цы бакодта, уымӕй раст кӕй пайда кӕндзысты.

НӔ ХИЦАУ У ХУЫЦАУ

8. Нӕ зӕрдыл цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ дарӕм?

8 Чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр хӕдзармӕгӕсджытӕ кӕй ис схонӕн, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕртӕ сӕйраг хъуыддаджы. Фыццаг: не ’ппӕтӕн дӕр нӕ хицау у Хуыцау ӕмӕ йӕ разы дзуапп дӕттӕм. Павел ныффыста: «Сымах уӕхицӕн хицау не стут, уымӕн ӕмӕ стыр аргъӕй [ома Чырыстийы нывонды тугӕй] ӕлхӕд ӕрцыдыстут» (1 Кор. 6:19, 20). Мах Йегъовӕйы стӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс у, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ уыдон та зынӕххӕстгӕнӕн не сты (Ром. 14:8; 1 Иоан. 5:3). Уымӕй уӕлдай, мах стӕм Чырыстийы цагъартӕ дӕр. Раджы заманты-иу хӕдзармӕгӕсӕгӕн бирӕ бартӕ куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр ис бирӕ бартӕ, кӕнӕ сӕрибардзинад. Фӕлӕ нӕ куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ архайыны бар дӕр нын нӕй. Цы нын бахӕс кодтой, уый хъуамӕ аразӕм, куыд нын амонынц, афтӕ. Нӕ бӕрны цасфӕнды кадджын хӕстӕ ма уа, уӕддӕр уыдзыстӕм Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы лӕггадгӕнджытӕ.

9. Хицау йӕ цагъармӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Йесо куыд бамбарын кодта?

9 Хицау йӕ цагъармӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый бамбарынӕн нын ӕххуыс кӕны, Йесо Чырысти цы цӕвиттон ӕрхаста, уый. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта иу цагъары тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, ӕнӕхъӕн бон фӕкуыста ӕмӕ стӕй хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Цымӕ йын йӕ хицау афтӕ загъта: «Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынгыл ӕрбад»? Нӕ. Уый йын загъта: «Ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ уӕлӕ раздарӕн ӕрбакӕн ӕмӕ, цалынмӕ ӕз фынгыл бадон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн, уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕрбаддзынӕ». Уыцы цӕвиттонӕй Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл фӕндыд сахуыр кӕнын? Йесо сын загъта: «Афтӕ сымах дӕр, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхсынц, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах стӕм ницӕйаг цагъартӕ. Нӕ хӕс цы уыд, уый бакодтам“» (Лук. 17:7–10).

10. Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕн аргъ кӕны. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ Йегъовӕ никуы фӕдомы. Уымӕй уӕлдай, цы нӕ домы, уый у нӕхи пайдайӕн ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн никуы вӕййы. Фӕлӕ, Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй цагъар, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ фӕархайы. Сӕйраг ын вӕййы, йӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, йӕ хицауы цы фӕнды, уый. Раст афтӕ, нӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд равдисӕм, царды нын ӕппӕты сӕйраг йӕ фӕндон кӕй у. Разы нӕ дӕ уыимӕ?

ЙЕГЪОВӔ НЕ ’ППӔТМӔ ДӔР ЦӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ

11, 12. Цавӕр миниуӕг нӕм хъуамӕ уа? Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

11 Нӕ зӕрдыл цы сӕйраг хъуыддӕгтӕ хъуамӕ дарӕм, уыдонӕй дыккаг у ахӕм: не ’ппӕтыл дӕр ис уыцы иу хӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ бакӕнынц ӕрмӕст иуӕй-иуты бар. Фӕлӕ ис ахӕм хӕстӕ, ӕмӕ сӕ хъуамӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр ӕххӕст кӕной. Зӕгъӕм, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм. Йесо загъта, ӕцӕг чырыстӕтты уарзондзинадӕй кӕй уыдзӕн базонӕн (Иоан. 13:35). Фӕлӕ ма не ’мчырыстӕттӕй уӕлдай уарзӕм иннӕ адӕмы дӕр. Ахӕм уарзондзинад ӕвдисын махӕй алкӕмӕн дӕр у йӕ бон, стӕй уый нӕ хӕс дӕр у.

12 Стӕй ма нӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй фӕзминаг уа. Хуыцауы Ныхас ӕвзӕр цы хъуыддӕгтӕ хоны, уыдонӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм. Павел ныффыста: «Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ; нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Кор. 6:9, 10). Цӕмӕй нӕ цард Хуыцауы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразӕм, уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ хорздзинӕдтӕй. Зӕгъӕм, не ’нӕниздзинад уыдзӕн хуыздӕр, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд уыдзӕн. (Бакӕс Исайы 48:17, 18.)

13, 14. Хуыцау чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр цавӕр куыст радта ӕмӕ уыцы куыстмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

13 Стӕй ма-иу раджы заманты хӕдзармӕгӕсӕджы цавӕрдӕр куыст аразын куыд хъуыд, афтӕ мах дӕр хъӕуы бӕлвырд хъуыддаг аразын. Хуыцау нын скодта зынаргъ лӕвар – рӕстдзинад нын раргом кодта. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй, цы базыдтам, уый иннӕтӕн дӕр дзурӕм (Матф. 28:19, 20). Павел загъта: «Уӕдӕ нӕ адӕм нымайӕнт, Чырыстийы дӕлбар чи ис, ахӕм лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ, Хуыцауы сусӕгдзинӕдтӕ кӕй бар сты, уыдоныл» (1 Кор. 4:1). Павел ӕмбӕрста: кӕд «Хуыцауы сусӕгдзинӕдтӕ» йӕ бар сты, уӕд уыцы «сусӕгдзинӕдты» тыххӕй дзуапп дӕтты, стӕй сӕ хъуамӕ иннӕтӕн дӕр амона, йӕ Хицау Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕ (1 Кор. 9:16).

14 Адӕмӕн рӕстдзинады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕн сӕ уавӕртӕ алыхуызон сты, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы иуӕн цас у йӕ бон, иннӕмӕн уыйбӕрц нӕу. Йегъовӕ уый ӕмбары. Сӕйраг у, цӕмӕй, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзӕм.

Цӕй ӕмӕ нӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕууӕнкджын уӕм

ХЪУАМӔ УӔМ ИУЗӔРДИОН ӔМӔ ӔУУӔНКДЖЫН

15–17. а) Хӕдзармӕгӕсӕг иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын цӕмӕн хъуамӕ уа? ӕ) Адӕймаг ӕууӕнкджын куы нӕ уа, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый Йесо куыд бамбарын кодта?

15 Нӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртыккаг та у ахӕм: хъуамӕ уӕм иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын. Хӕдзармӕгӕсӕгмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уа бирӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ курдиӕттӕ, фӕлӕ йӕ хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй куы кӕса ӕмӕ йӕ хицаумӕ куы нӕ хъуса, уӕд уыдӕттӕн аргъ нӕй. Хӕдзармӕгӕсӕг хъуамӕ уа иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын, цӕмӕй дзы зӕгъӕн уа, хорз хӕдзармӕгӕсӕг у, зӕгъгӕ. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Павел афтӕ кӕй ныффыста: «Ахӕм стыр хъуыддаг кӕй бар бакодта, уыдон та хъуамӕ уой иузӕрдион» (1 Кор. 4:2).

16 Дзырд дӕр ыл нӕй, иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын куы уӕм, уӕд нӕ Хуыцау йӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Ӕууӕнкджын куы нӕ разынӕм, уӕд та Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый зыны, Йесо талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй. Ӕууӕнкджын чи разынд, уыцы цагъартӕ сӕ хицауы ӕхцатӕй «спайда... кодтой» ӕмӕ дзы ноджы фылдӕр бакуыстой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй сӕ хицау раппӕлыд ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кодта. Хицау ын йӕ бар цы бакодта, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи ракаст, уыцы цагъары та схуыдта «ӕвзӕр», «зивӕггӕнаг» ӕмӕ «ницӕйаг». Цы талант ын ныууагъта, уый дзы байста ӕмӕ загъта, ацы цагъары ӕддӕмӕ аппарут, зӕгъгӕ. (Бакӕс Матфейы 25:14–18, 23, 26, 28–30.)

17 Йесо ма ноджыдӕр иу хабар ракодта, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, адӕймаг ӕууӕнкджын куы нӕ уа, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Мӕнӕ цы радзырдта: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕй рахъаст кодтой, дӕ фӕллӕйттӕ дын хӕры, зӕгъгӕ. Гъемӕ йӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ куысты тыххӕй мын дзуапп ратт. Ды мӕ хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг нал уыдзынӕ“» (Лук. 16:1, 2). Хӕдзармӕгӕсӕг йӕ хицауы фӕллӕйтӕ кӕй хордта, уый тыххӕй хицау загъта, кӕй йӕ арвитдзӕн. Уыцы хабар нын хорз зондзонӕн куыннӕ у! Мах фӕнды, цӕмӕй ӕууӕнкджын уӕм ӕмӕ нын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ аразӕм.

НӔХИ ИННӔТИМӔ БАРӔМ, УЫЙ РАСТ У?

18. Нӕхи иннӕтимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ барӕм?

18 Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Хорз хӕдзармӕгӕсӕг дӕн?» Фӕлӕ уыцы фарстайыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд раст нӕ уыдзӕн, нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм. Библи нын дзуры: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (Гал. 6:4). Нӕ хъуыддӕгтӕ иннӕты хъуыддӕгтимӕ барыны бӕсты хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕхи бон цы у аразын, ууыл. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сӕрбӕрзонд дӕр не суыдзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс дӕр нӕ асӕтдзӕн. Стӕй-ма хъуамӕ ӕмбарӕм уый дӕр, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ уавӕртӕ ивынц. Чи зоны, не ’нӕниздзинад фӕцудыдта, азтӕ ныл сӕ уӕз ӕруагътой йе та нын фылдӕр хӕстӕ фӕзынд, ӕмӕ уый тыххӕй, раздӕр цас арӕзтам, уыйбӕрц нӕ бон нал у. Иннӕрдыгӕй та, чи зоны, нӕ уавӕртӕ афтӕ фӕивтой, ӕмӕ нӕ бон у, ныронг цас лӕггад кодтам, уымӕй фылдӕр лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уӕд хорз нӕ уаид, афтӕ куы бакӕниккам?

19. Цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ нын нӕ бӕрны куы нӕ кӕной, уӕд нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ сӕтта?

19 Чи зоны, кӕмӕндӕр ис, мах кӕмӕ бӕллӕм, ахӕм кадджын хӕстӕ. Уыдонимӕ дӕр хъуамӕ ма барӕм нӕхи. Зӕгъӕм, ӕфсымӕры фӕнды, цӕмӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕна йе та йын цӕмӕй конгрессты раныхӕстӕ уа. Ахӕм кадджын хӕсты аккаг суай, ууыл архайын хорз у. Фӕлӕ нӕ уымӕ, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, уымӕй фылдӕр куы бахъӕуа ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕд хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый, чи зоны, нырма не ’мбарӕм, фӕлӕ уымӕн, ӕвӕццӕгӕн, ис бӕлвырд аххоссӕгтӕ. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Моисеймӕ афтӕ каст, ӕмӕ израилӕгты Египетӕй ракӕнынмӕ цӕттӕ у, фӕлӕ йӕ уымӕ бахъуыди 40 азы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уыцы рӕстӕг ын фадат уыд, ӕнӕсӕттон ӕмӕ змӕнтӕг адӕмӕн разамынд дӕттынӕн цы миниуджытӕ хъуыди, уыдоныл бакусынӕн (Хъуыд. 7:22–25, 30–34).

20. Ионафаны хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

20 Цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ та нын, чи зоны, нӕ бар макуы бакӕной. Ахӕм хабар ӕрцыд Ионафаныл. Ионафан уыд Саулы фырт ӕмӕ йӕ фыды фӕстӕ Израилы паддзах уый хъуамӕ суыдаид. Фӕлӕ Хуыцау равзӕрста Давиды, Ионафанӕй бирӕ кӕстӕр чи уыд, уый. Хабар афтӕ кӕй рауад, уымӕ Ионафан цы цӕстӕй ракаст? Хуыцауы уынаффӕимӕ сразы ис. Ӕмӕ-иу кӕд йӕ цардӕн дӕр тӕссаг уыди, уӕддӕр Давидӕн ӕххуыс кодта. Ионафан Давидӕн загъта: «Ды уыдзынӕ Израилы паддзах, ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг» (1 Сам. 23:17). Ионафанӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Уый йӕ уавӕрӕй хъаст нӕ кодта ӕмӕ, йӕ фыдӕй уӕлдай, Давидмӕ хӕлӕг кӕнын нӕ райдыдта. Уӕдӕ мах дӕр иннӕтӕм, сӕ бӕрны цы кадджын хӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй хӕлӕг нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ хъуыды кӕндзыстӕм, нӕхи бӕрны цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон куыд хуыздӕр аразӕм, ууыл. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, ног дунейы Йегъовӕ ууыл кӕй батыхсдзӕн, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ хорз фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.

21. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

21 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй нӕ Йегъовӕ нымайы йӕ хӕдзармӕгӕсджытыл. Мах цыдӕр ницӕйаг цагъартӕ не стӕм ӕмӕ ӕгъатыр хицауӕн тыхкуыст нӕ кӕнӕм. Хъуыддаг у бынтон ӕндӕрхуызон. Махӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны ӕмӕ ныл ӕууӕнды. Уый нын нӕ бар бакодта, чи никуыуал уыдзӕн, уыцы куыст – ацы дунейы фӕстаг бонты хорз хабар хъусын кӕнын. Цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уый аразгӕйӕ нын ис стыр сӕрибардзинад. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ уӕм иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсджытӕ ӕмӕ макуы рох кӕнӕм, цӕй стыр кад у Йегъовӕйӕн, ӕнӕхъӕн Дун-дуне кӕй къухы ис, уымӕн, лӕггад кӕнын.