Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл. Мыхуыры уадзын ӕй цӕмӕн райдыдтой?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл. Мыхуыры уадзын ӕй цӕмӕн райдыдтой?

БИРӔ азты дӕргъы ӕгас зӕххыл дӕр бирӕтӕ кӕсынц журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уыцы журнал сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ӕмӕ сын пайда хӕссы. Ахуыргӕнӕн статьятӕ кӕм вӕййы, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 2011 азы июлы фыццаг хатт рацыд хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл дӕр. Ӕмӕ дзы фыст уыд: «Нырма уал цӕудзӕн иу афӕдзы дӕргъы, ӕмӕ кӕд хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс фӕуа, уӕд ӕй дарддӕр дӕр мыхуыр кӕндзыстӕм».

Ӕмӕ уын ныр ӕхсызгонӕй хъусын кӕнӕм, ахӕм уынаффӕ кӕй рахастам, цӕмӕй уыцы журнал дарддӕр дӕр мыхуыры цӕуа! Стӕй ма фӕстӕдӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕудзӕн хуымӕтӕг французаг, португайлаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтыл дӕр.

БИРӔТЫ ЗӔРДӔМӔ ЦӔМӔЙ ФӔЦЫД

Сабыр океаны хуссар хайы сакъадӕхтыл чи лӕггад кӕны, уыдонӕй чидӕртӕ ныффыстой: «Ныр ӕфсымӕртӕн сӕ бон у кӕронмӕ бамбарын, журналы цы фыст вӕййы, уый». Ӕндӕр бӕстӕйӕ та иу хо йӕ бинонты номӕй ныффыста: «Раздӕр-иу нын дзырдуӕттӕ фӕлдахыныл ӕмӕ цавӕрдӕр дзырдбӕстытӕ бамбарыныл цы рӕстӕг ацыд, уыцы рӕстӕг ныр нӕ бон у хъуыды кӕнын Библийы стихтыл ӕмӕ, уыцы стихтӕ статьяимӕ куыд баст сты, ууыл».

«Раздӕр-иу нын дзырдуӕттӕ фӕлдахыныл ӕмӕ цавӕрдӕр дзырдбӕстытӕ бамбарыныл цы рӕстӕг ацыд, уыцы рӕстӕг ныр нӕ бон у хъуыды кӕнын Библийы стихтыл ӕмӕ, уыцы стихтӕ статьяимӕ куыд баст сты, ууыл»

Америкӕйы Иугонд Штатты чи цӕры ӕмӕ университет чи фӕци, иу ахӕм хо загъта, зӕгъгӕ, 18 азы дӕргъы дзырдтон ӕмӕ фыстон ахӕм ӕвзагӕй, ӕмӕ-иу мӕ бамбӕрстаиккой, уӕлдӕр ахуыр кӕмӕ ис, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕм. Стӕй ма загъта: «Хуымӕтӕг ӕвзагӕй нал дӕр дзурын зыдтон, нал дӕр хъуыды кӕнын. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, ацы хъуыддаджы мӕ ӕнӕмӕнг фӕивын хъӕуы». Хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл чи цӕуы, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ацы хойӕн баххуыс кодта, цӕмӕй хуыздӕр хъусынгӕнӕг суыдаид. Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Ног журнал мын стыр ӕххуыс фӕци. Цавӕрдӕр хабӕрттӕ хуымӕтӕгӕй куыд ис бамбарын кӕнӕн, уымӕн мын диссаджы цӕвиттон у, статьятӕ дзы куыд фыст вӕййынц, уый».

Английӕ иу хо, 1972 азы чи райста донаргъуыд, уый, хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл чи цӕуы, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» тыххӕй ныффыста: «Йӕ фыццаг номыр ын кӕсын куы райдыдтон, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр мӕ фарсмӕ бады ӕмӕ мӕ ӕрбахъӕбыс кодта, афтӕмӕй журнал иумӕ кӕсӕм. Мӕ зӕрдӕйӕн афтӕ ӕхсызгон уыд, раст мӕнӕ сывӕллонӕн йӕ фыд фынӕйы размӕ чиныг куы фӕкӕсы, уӕд ын куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ».

Америкӕйы Иугонд Штатты Вефилы чи лӕггад кӕны ӕмӕ донаргъуыд 40 азӕй фылдӕр чи у, уыцы хо загъта, хуымӕтӕг ӕвзагыл фыст «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕрцы ног цыдӕртӕ кӕй базоны. Зӕгъӕм, 2011 азы 15 сентябры номыры иу статьяйы цы рамкӕ уыд, «Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты», зӕгъгӕ, уым ӕмбарын кодтой, Дзуттӕгтӕм 12:1 (фип.) цы дзырдбаст ис, уый – «ӕвдисӕнты ахӕм стыр мигъ». Фыст дзы уыд: «Уыцы ӕвдисӕнтӕ афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыд». Уыцы хо загъта: «Уыцы ныхӕсты ахӕм хъуыды кӕй ис, уый ӕрмӕстдӕр гъеуӕд бамбӕрстон». Ахуыргӕнӕн статьятӕ ӕмбырды куыд февзарынц, уый тыххӕй та загъта: «Сывӕллон дзуапп куы фӕдӕтты ӕмӕ йӕ комкоммӕ хуымӕтӕг „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй куы фӕкӕсы, уӕд дӕр йӕ дзуапп иннӕтӕн цымыдисаг вӕййы, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ къухты вӕййы ӕнӕуи „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“, ӕмӕ уым та хъуыдытӕ ӕндӕр ныхӕстӕй фыст вӕййынц».

Ӕндӕр хо та, уый дӕр Вефилы лӕггад кӕны, ныффыста: «Ӕмбырды куы вӕййын, уӕд тынг фенхъӕлмӕ кӕсын сывӕллӕтты дзуаппытӕм. Хуымӕтӕг „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ фӕрцы уыцы зӕрдиагӕй фӕдзурынц, ӕмӕ диссаг. Сӕ дзуаппытӕй мӕ тынг бафидар кӕнынц».

Донаргъуыд 1984 азы чи райста, иу ахӕм хо хуымӕтӕг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» тыххӕй куыд бузныг у, уый тыххӕй загъта: «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ ацы журнал мӕн тыххӕй райдыдтой уадзын. Ныр цы фӕкӕсын, уый ӕнцонтӕй бамбарын. Ӕмӕ йӕ фидарӕй фӕзонын, ӕмбырды мӕ бон дзуапп раттын кӕй бауыдзӕн».

СТЫР ӔХХУЫС НЫЙЙАРДЖЫТӔН

Авдаздзыд лӕппу кӕмӕн ис, ахӕм хо загъта: «Ахуыргӕнӕн статья-иу куы цӕттӕ кодтам, уӕд-иу мӕ мӕ лӕппуйӕн статьяйӕ бирӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕмбарын кӕнын хъуыд. Ууыл-иу нын бирӕ рӕстӕг ацыд ӕмӕ-иу фӕлмӕцгӕ дӕр скодтам». Цымӕ йын хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» исты ӕххуыс фӕци? Уыцы хо фыссы: «Диссаг у, фӕлӕ ныр йӕхицӕн дӕр йӕ бон у абзацтӕ кӕсын ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ вӕййы, уыдон ӕмбарын. Статьяты зынӕмбарӕн дзырдтӕ кӕй нӕ вӕййы ӕмӕ дзы хъуыдыйӕдтӕ дӕр цыбырдӕр кӕй вӕййынц, уый фӕрцы сӕ ӕхсызгондӕрӕй фӕцӕттӕ кӕны. Ныр ӕнӕ мӕнӕй дӕр бацӕттӕ кӕны дзуаппытӕ, стӕй, ӕмбырды статья куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд не стыхсы, фӕлӕ вӕййы лӕмбынӕг».

«Диссаг у, фӕлӕ ныр йӕхицӕн дӕр йӕ бон у абзацтӕ кӕсын ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ вӕййы, уыдон ӕмбарын»

Иу фарастаздзыд чызджы мад та ныффыста: «Раздӕр-иу нӕ нӕ чызгӕн хъуыди ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу дзуаппытӕ бацӕттӕ кодтаид. Фӕлӕ сӕ ныр та йӕхӕдӕг фӕцӕттӕ кӕны. Статьяты цы дзырдтӕ ӕмӕ цы хъуыдыйӕдтӕ вӕййы, уыдон ын ӕмбарын кӕнын искуы иу хатт йеддӕмӕ нӕ бахъӕуы. Йӕ гыццыл зонд цӕуыл ахӕсса, статьяты уымӕй зындӕр цыдӕртӕ кӕй нӕ вӕййы фыст, уый фӕрцы ӕмбырды фӕрсырдыгӕй кӕсӕг нӕ вӕййы, фӕлӕ дзы йӕхӕдӕг фӕархайы».

СЫВӔЛЛӔТТӔ ТА ЦЫ ЗӔГЪЫНЦ?

Сывӕллӕттӕй дӕр бирӕтӕм афтӕ кӕсы, цыма «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл растдӕр уыдоны тыххӕй райдыдтой уадзын. Иу дыууадӕсаздзыд чызг, Ребеккӕ, афтӕ ныффыста: «Тынг уӕ курын, ацы ног журнал-ма дарддӕр дӕр мыхуыр кӕнут!» Ребеккӕ ма ныффыста: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы рамкӕ „Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты“. Тынг хорз ӕй саразут. Сывӕллӕттӕн у ӕнцонӕмбарӕн».

Авд азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм чызг, Николет, дӕр афтӕ хъуыды кӕны. Мӕнӕ цы загъта: «Раздӕр мын „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ тынг зынӕмбарӕн уыди. Ӕмӕ ныр та мӕхи бон у фылдӕр дзуаппытӕ дӕттын». Фарастаздзыд Эммӕ та ныффыста: «Ацы журнал тынг ӕххуыс кӕны мӕнӕн дӕр ӕмӕ ме ’фсымӕрӕн дӕр, ууыл та ӕхсӕз азы цӕуы. Ныр статьятӕ бирӕ хуыздӕр бамбарӕм! Бузныг уын!»

Бӕрӕг у, хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл чи цӕуы, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» бирӕтӕн хорз ӕххуыс кӕй у, уымӕн ӕмӕ дзы вӕййы ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕ ӕмӕ хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй у тынг пайда, ӕмӕ дарддӕр дӕр мыхуыры цӕудзӕн, ӕнӕуи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куыд цӕуы, афтӕ. Уыцы журнал та 1879 азӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕн уыди ӕмӕ у стыр ӕххуыс.