Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг ӕнтыстджын кӕд уыдзынӕ?

Ӕцӕг ӕнтыстджын кӕд уыдзынӕ?

«Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (ЙЕС. Н. 1:8).

1, 2. а) Бирӕтӕ ӕнтыстджын адӕймӕгтыл кӕй нымайынц? ӕ) Ды та ӕнтыстдзинадыл цы нымайыс, уый дӕ бон куыд у базонын?

ЦАРДЫ ӕнтыстджын уай, уый цы нысан кӕны? Адӕмы куы бафӕрсай, уӕд сӕ иухуызон дзуапп нӕ фехъусдзынӕ. Зӕгъӕм, бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг ӕнтыстджын у, кӕд ӕм бирӕ ӕхца ӕфты, хорз куыст ын ис кӕнӕ уӕлдӕр ахуырад райста, уӕд. Чидӕртӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ бинонтимӕ, йе ’мбӕлттимӕ ӕмӕ йе ’мкусджытимӕ хорз куы уа, уӕд у ӕнтыстджын. Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр ма, чи зоны, хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, адӕймаг ӕнтыстджын у, кӕд ӕмӕ йын ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ис кӕнӕ йын уацамынды бирӕ ӕнтысы, уӕд.

2 Ды та куыд хъуыды кӕныс, ӕнтыстджын уай, уый цы нысан кӕны? Уый дӕ бон у базонын, зӕгъӕм, ӕнтыстджын адӕймагыл кӕй нымайыс, дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр чи цӕуы ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕмӕн аргъ кӕныс, цалдӕр ахӕм адӕймаджы нӕмттӕ гӕххӕттыл куы ныффыссай, уӕд. Цавӕр адӕймӕгтӕ сты? Хъӕздыг? Зындгонд? Сӕ къухы стыр бартӕ кӕмӕн ис, ахӕмтӕ? Ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ, уымӕй рабӕрӕг уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы цы ис, цӕмӕн аргъ кӕныс, уый. Ӕмӕ уый та тынг фӕзыны, цы уынаффӕтӕ рахӕссыс ӕмӕ цӕмӕ тырныс, ууыл (Лук. 6:45).

3. а) Йесо Навин цы хъуамӕ арӕзтаид, цӕмӕй ӕнтыстджын уыдаид? ӕ) Ныртӕккӕ цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Сӕйраг у, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ нымайа ӕнтыстджын адӕймӕгтыл, уымӕн ӕмӕ нӕ цард ууыл баст у. Йегъовӕ Йесо Навинӕн бахӕс кодта, цӕмӕй израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодтаид, ӕмӕ уый та ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй Моисейы закъон «ӕхсӕвӕй-бонӕй» кастаид ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый ӕххӕст кодтаид. Хуыцау ын зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (Йес. Н. 1:7, 8). Ӕмӕ йӕ куыд зоныс, афтӕмӕй Йесо Навин ӕцӕгдӕр уыд ӕнтыстджын. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Куыд ис базонӕн, Хуыцау ӕнтыстдзинадыл цы нымайы, мах дӕр уый нымайӕм ӕнтыстдзинадыл ӕви нӕ? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Библийы кӕй кой ис, дыууӕ ахӕм адӕймаджы хабармӕ.

СОЛОМОН ӔНТЫСТДЖЫН УЫД?

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Соломон ӕнтыстджын кӕй уыд?

4 Соломон бирӕ хъуыддӕгты тынг ӕнтыстджын уыд. Цӕй фӕрцы? Бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕй тарст ӕмӕ йӕм хъуыста, ӕмӕ йын уый дӕр арфӕ кодта. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ Соломонӕн куы загъта, зӕгъгӕ мын зӕгъ, цы дын раттон, уӕд дзы Соломон зонд кӕй ракуырдта, цӕмӕй адӕмӕн хорз разамынд лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ йын Хуыцау ӕрмӕст зонд нӕ радта, фӕлӕ ма хъӕздыгдзинад дӕр. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 3:10–14.) Соломон афтӕ зондджын уыд, ӕмӕ йӕ зонды раз «ӕгас Скӕсӕны цӕрджыты зонд ӕмӕ ӕгас Египеты зонд дӕр ницы уыд». Соломоны кад айхъуыст, «сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цард, уыдоныл» (1 Пад. 4:30, 31). Стӕй афтӕ хъӕздыг уыд, ӕмӕ йӕм алы аз дӕр ӕрмӕст сызгъӕрин ӕфтыд 20 тоннӕйӕ фылдӕр! (2 Аз. 9:13). Соломон хӕларӕй цард ӕндӕр бӕстӕты паддзӕхтимӕ, тынг ӕнтыстджын уыд арӕзтады, стӕй ӕхцайы хъуыддаджы. Уӕдӕ цалынмӕ Соломон Хуыцауыл иузӕрдион уыд, уӕдмӕ уыд ӕнтыстджын (2 Аз. 9:22–24).

5. Хуыцау ӕнтыстджын адӕймагыл кӕй нымайы, уый тыххӕй Соломон цы хъуыдымӕ ӕрцыд?

5 Соломон Екклесиасты чиныджы цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, афтӕ кӕй нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын ӕрмӕстдӕр хъӕздгуытӕ ӕмӕ барджынтӕ сты. Уый ныффыста: «Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, цӕмӕй цин кӕна ӕмӕ царды мидӕг хорздзинад араза, стӕй адӕймаг хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Еккл. 3:12, 13). Стӕй ма Соломон ӕмбӕрста, адӕймагӕн уыдӕттӕ ӕцӕг циндзинад кӕй хӕсдзысты, Хуыцау дзы райгонд куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ дӕр уымӕн ныффыста: «Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Еккл. 12:13).

6. Ӕцӕг ӕнтыстдзинад цы у, уый бамбарынӕн нын Соломоны цӕвиттон куыд ӕххуыс кӕны?

6 Бирӕ азты дӕргъы Соломон Хуыцауӕй тарст ӕмӕ йӕ коммӕ касти. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Соломон «уарзта Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ фыд Давид цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ ӕххӕст кодта» (1 Пад. 3:3). Ахӕм ныхӕстӕ кӕмӕй ис зӕгъӕн, уый ӕцӕг ӕнтыстджын куыннӕ у! Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ Соломон сарӕзта диссаджы кувӕндон, цӕмӕй дзы ӕцӕг Хуыцауӕн куывтаиккой, стӕй Библийы чингуытӕй ныффыста ӕртӕ. Мах уыдӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никуы сараздзыстӕм, фӕлӕ, цалынмӕ Соломон Хуыцауыл иузӕрдион уыд, уӕдмӕ куыд архайдта, уымӕй нӕ бон у базонын, ӕцӕг ӕнтыстдзинад цы у ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм. Зӕгъӕм, Соломон ныффыста хъӕздыгдзинад, зонд, кад ӕмӕ стыр барты тыххӕй. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр уыдӕттӕ нымайынц ӕнтыстдзинадыл. Фӕлӕ Соломон та загъта, уыдӕттӕм тырнын дзӕгъӕлы кӕй у, «дымгӕ сурӕгау». Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, ӕхца чи уарзы, уыдон афтӕ кӕй никуы фӕзӕгъынц, ӕмӕ сӕм ӕхца фаг ис. Стӕй арӕх сӕ исбоны мӕтӕй ӕнцой дӕр нал фӕзонынц. Ӕмӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр иу бон сӕ фӕллӕйттӕ ӕндӕр кӕйдӕр бауыдзысты. (Бакӕс Екклесиаст 2:8–11, 17; 5:10–12.)

7, 8. Соломон иузӕрдион куыд нӕ разынд ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

7 Фӕлӕ азтӕ рацыд, ӕмӕ Соломон Хуыцауыл иузӕрдион нал уыд, ӕмӕ уый дӕр куыннӕ зондзынӕ. Библийы фыст ис: «Зӕрондырдӕм ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нал уыд, йӕ фыд Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ. [...] Соломон райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын» (1 Пад. 11:4–6).

8 Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ Соломонӕн загъта: «Мӕ бадзырд ӕмӕ [мын] мӕ закъӕттӕ кӕй не ’ххӕст кодтай, уый тыххӕй дын паддзахад дӕ къухӕй ратондзынӕн ӕмӕ йӕ ратдзынӕн дӕ лӕггадгӕнӕгӕн» (1 Пад. 11:11). Куыд ӕвзӕр рауад йӕ хабар! Кӕд Соломонӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст, уӕддӕр фӕстагмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кодта. Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый йын нӕ бантыст – Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй нӕ баззад. Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цӕмӕй царды ӕнтыстджын уон, уый тыххӕй Соломоны хабарӕй мӕхицӕн зонд райсдзынӕн?»

ӔЦӔГ АМОНДДЖЫН ЦАРД

9. Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ Павел ӕнтыстджын уыд? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Апостол Павелы цард паддзах Соломоны цардӕй тынг хицӕн кодта. Павел пылыстӕгӕй паддзахбадӕныл нӕ бадт ӕмӕ паддзӕхтимӕ нӕ минас кодта. Уый зыдта, цы у ӕххормаг, дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг (2 Кор. 11:24–27). Йесо Мессийӕ кӕй у, Павел ууыл куы баууӕндыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын, дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыцы адӕмы ’хсӕн кад нал уыд. Дзуттаг дины разамонджытӕ ма дзы се сӕфт дӕр федтой. Уыди-иу ахӕстоны, фӕнадтой-иу ӕй уистӕй, ехсӕй, суанг ма йӕ дуртӕй дӕр фӕхостой. Павел йӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты тыххӕй дӕр загъта, зӕгъгӕ, ӕлгъитынц нӕ, ӕфхӕрынц нӕ ӕмӕ нӕ фыдкой кӕнынц. Стӕй ма афтӕ дӕр ныффыста: «Абоны онг дӕр нӕ нымайынц дунейӕн йӕ быроныл, йӕ уӕлдӕйттыл» (1 Кор. 4:11–13).

Адӕм хъуыды кодтой, Савлӕн ацы дунейы бирӕ кӕй бантысдзӕн

10. Адӕммӕ афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ Павел йӕ амонд йӕ къухтӕй ауагъта?

10 Апостол Павелы ӕрыгонӕй (Савл ма йӕ куы хуыдтой, уӕд) чи зыдта, уыдон хъуыды кодтаиккой, зӕгъгӕ, ацы лӕппуйӕн царды бирӕ бантысдзӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй уыд кадджын бинонтӕй. Ахуыр кодта Гамалиилмӕ, уӕды заманы номдзыд ахуыргӕнӕгмӕ. Павел фӕстӕдӕр афтӕ ныффыста: «Дзуттаг дины мӕнӕн цы бантыст, уый мӕ адӕмы ’хсӕн ме ’мгӕрттӕй бирӕтӕн нӕ бантыст» (Гал. 1:14). Савл сӕрибарӕй дзырдта дзуттагау ӕмӕ грекъагау. Уыди ромагыл нымад, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уыд, бирӕтӕ кӕмӕ бӕллыдысты, ахӕм стыр бартӕ ӕмӕ фадӕттӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕй куы спайда кодтаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, скадджын ӕмӕ схъӕздыг уыдаид. Фӕлӕ Павел цы цард равзӕрста, уый тыххӕй дзы адӕм – ӕмӕ, чи зоны, йӕ хиуӕттӕ дӕр – хъуыды кодтаиккой, зӕгъгӕ, амӕн йӕ сӕрызонд фӕцыд. Цӕмӕн равзӕрста ахӕм цард?

11. Павел цӕмӕн аргъ кодта ӕмӕ йӕ нысан цы уыд? Цӕмӕн?

11 Павел Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Схъӕздыг уыдаид ӕмӕ адӕмы цӕсты кадджын уыдаид, уымӕ та нӕ бӕллыд. Павел рӕстдзинад куы базыдта, уӕд райдыдта аргъ кӕнын Чырыстийы нывондӕн, хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфсӕн. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ та адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ нымады дӕр нӕ уыдысты ӕмӕ ныр дӕр не сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел зыдта, алы адӕймагмӕ дӕр чи хауы, уыцы дзырддаг фарстайы тыххӕй. Сайтан загъта, йӕ бон кӕй у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ Хуыцауӕн иу адӕймаг дӕр нал лӕггад кӕндзӕн (Иов 1:9–11; 2:3–5). Павелмӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ӕнхъӕлмӕ кастаид, уӕддӕр йӕ нысан уыд ӕцӕг Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Ацы дунейы адӕммӕ ахӕм нысанӕн йӕ кой дӕр нӕй.

Павел сси ӕцӕг ӕнтыстджын

12. Дӕ ныфс Хуыцауыл цӕмӕн дарыс?

12 Павелӕн йӕ нысан цы уыд, дӕуӕн дӕр уый у дӕ нысан? Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр мах зонӕм, афтӕмӕй нын Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕцӕг ӕнтыстджын та гъеуӕд уыдзыстӕм (Ӕмб. 10:22). Хуыцау нын абон дӕр арфӕ кӕны ӕмӕ нӕ фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.) Уӕдӕ мах нӕ ныфс, «ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ дарӕм, фӕлӕ Хуыцауыл, циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый нын рӕдауӕй чи дӕтты, ууыл». Мах нӕхицӕн «ӕмбырд кӕнӕм, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцӕм ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:17–19). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ, цасфӕнды азтӕ ма рацӕуа,– сӕдӕ азы, мин азы йе та ноджы фылдӕр,– уӕддӕр фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ зӕгъдзыстӕм: «Ӕвӕдза, куыд хорз у, ахӕм фӕндаг кӕй равзӕрстон!»

ДӔ ХӔЗНА КӔМ ИС?

13. Хӕзнатӕ ӕмбырд кӕныны тыххӕй Йесо цавӕр уынаффӕ радта?

13 Йесо Чырысти хӕзнаты тыххӕй афтӕ загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц. Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц. Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матф. 6:19–21).

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕххыл хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнын зондыл дзурӕг кӕй нӕу?

14 Адӕймаг зӕххыл цы хӕзнатӕ фембырд кӕны, уыдонмӕ ӕрмӕст ӕхца ӕмӕ мулк нӕй ахӕссӕн, фӕлӕ ма, Соломон цӕй кой кодта ӕмӕ адӕм тынг цӕмӕн аргъ кӕнынц, уыдӕттӕ дӕр – кад ӕмӕ стыр бартӕ. Йесойы ныхӕстӕн ӕмӕ Соломоны ныхӕстӕн сӕ хъуыды уыд иу – зӕххон хӕзнатӕ ӕнустӕм не сты. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхӕдӕг дӕр зоныс, ацы дунейы ахӕм хӕзнатӕ ӕнцонтӕй кӕй фесӕфынц. Профессор Дейл Брунер уый тыххӕй ныффыста: «Алчидӕр ӕй зоны, кад мӕнгард кӕй у. Абон дӕ ном айхъуыст, райсом та дӕ хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн. Иу аз ӕхцайы бын фӕдӕ, иннӕ аз та – хӕсты бын». Дарддӕр ма ныффыста: «[Йесо] адӕмы уарзта. Ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй кадмӕ ма тырной. Уый зыдта, кад мигъау кӕй ӕрбайсӕфы ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаг кӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййы. Ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгты уыцы хабарӕй бахизын. Куыд фӕзӕгъынц, цард тӕбӕгъы донӕй уӕлдай нӕу». Адӕмӕн сӕ фылдӕр ацы ныхӕстимӕ разы сты. Фӕлӕ цымӕ цал адӕймаджы бафӕнды Чырыстийы ныхӕстӕм байхъусын ӕмӕ сӕ цард фӕивын? Ӕмӕ дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн?

15. Цавӕр ӕнтыстдзинӕдтӕм хъуамӕ тырнӕм?

15 Дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ адӕмӕн дзурынц, зӕгъгӕ, ӕнтыстдзинӕдтӕм тырнын раст нӕу ӕмӕ адӕймагмӕ ахӕм фӕнд куы фӕзына, уӕд ӕй хъуамӕ ныххурх кӕна. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма тырнӕм ӕнтыстдзинӕдтӕм. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй раст цӕмӕдӕр тырной, дзырдта сын, цӕмӕй «хӕзнатӕ ӕмбырд кӕной уӕлӕрвты». Сӕйрагдӕр нын хъуамӕ уый уа, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ нымайа ӕнтыстджын адӕймагыл. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, алчи йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, цӕмӕ тырндзӕн ӕмӕ йӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрдзӕн, уый. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, цӕмӕн фӕаргъ кӕны, тырнгӕ дӕр уымӕ фӕкӕны.

16. Ӕппындӕр цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?

16 Нӕ зӕрдӕйы ахӕм фӕнд куы уа, цӕмӕй, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразӕм, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн. Чи зоны, Хуыцау бауадза, цӕмӕй Павелау мах дӕр рӕстӕгмӕ ӕххормаг кӕнӕ дойны уӕм (1 Кор. 4:11). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо цы хорз уынаффӕ радта, уый: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц. Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:31–33).

ӔНТЫСТДЖЫН У ХУЫЦАУЫ ЦӔСТЫ

17, 18. а) Ӕцӕг ӕнтыстдзинад цӕимӕ у баст? ӕ) Ӕнтыстдзинад цӕимӕ нӕу баст?

17 Уӕдӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа: ӕцӕг ӕнтыстдзинад, ацы дунейы нын цы бантыст ӕмӕ дзы цы бынат ахсӕм, уыимӕ баст нӕу. Стӕй, ӕмбырды нын цас кадджын хӕстӕ ис, уыимӕ дӕр нӕу баст – ахӕм хӕстӕ чырыстонӕн вӕййы, Хуыцаумӕ кӕй хъусы ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй у, уый фӕрцы. Ӕмӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм растдӕр уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библийы дӕр ис фыст: «Ахӕм стыр хъуыддаг кӕй бар бакодта, уыдон... хъуамӕ уой иузӕрдион» (1 Кор. 4:2). Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй кӕронмӕ дӕр уӕм иузӕрдион. Йесо загъта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 10:22). Ӕмӕ, адӕймаг куы фервӕза, уӕд ма уымӕй стырдӕр ӕнтыстдзинад цы хъуамӕ уа?

18 Куыд уынӕм, афтӕмӕй, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый нӕдӕр кадимӕ у баст, нӕдӕр ахуырадимӕ, нӕдӕр хъӕздыгдзинадимӕ, нӕдӕр стыр бартимӕ. Стӕй, цас зоныс ӕмӕ дӕм цавӕр курдиӕттӕ ис, уыимӕ дӕр нӕу баст. Уӕдӕ цыфӕнды уавӕрты ма уай, уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уай. Фыццаг ӕнусы Хуыцауы адӕмӕй чидӕртӕ уыдысты хъӕздыг, чидӕртӕ та мӕгуыр. Хъӕздгуытӕн Павел радта уынаффӕ, «цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой, хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй, уой цӕстуарзон ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕной» (1 Тим. 6:17–19). Абон дӕр ницы фӕивта. Не ’ппӕтӕн дӕр у нӕ бон, стӕй нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй иузӕрдион уӕм ӕмӕ «хъӕздыг уӕм хорз хъуыддӕгтӕй». Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ не Сфӕлдисӕг нымайдзӕн ӕнтыстджын адӕймӕгтыл, ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у, уый зонгӕйӕ цин кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11).

19. Цы араздзынӕ, цӕмӕй ӕнтыстджын уай?

19 Дӕ уавӕртӕ алыхатт дӕхицӕй кӕнгӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ сӕм цы цӕстӕй кӕсдзынӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у. Цыфӕнды уавӕры дӕр архай, цӕмӕй иузӕрдион уай, ӕмӕ уӕд никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йегъовӕ дын ныр дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕргъы дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн. Рох дӕ макуы уӕд, Йесо сӕрст чырыстӕттӕн цы загъта, уый: «Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – цард» (Рарг. 2:10). Ӕнусон цардӕй чи схайджын уа, уымӕй уыдзӕн зӕгъӕн, ӕцӕг ӕнтыстджын кӕй у!