Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд

Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд

«Равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут» (ЙЕС. Н. 24:15).

1–3. а) Йесо Навин цы равзӕрста, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Исты уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

«РАВЗАР» – ацы ныхасӕй бирӕ кӕнгӕ вӕййы, цавӕрдӕр хъуыддаджы нӕ исты равзарын кӕнӕ уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд. Адӕймаг цы равзары, ууыл баст вӕййы, йӕ цард дарддӕр куыд ацӕудзӕн, уый. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм ахӕм уавӕр: адӕймаг фӕндагыл фӕцӕуы, ӕмӕ уалынмӕ иу ран фӕндаг фӕдих. Ныр ӕй хъӕуы равзарын, дарддӕр кӕцыйыл ацӕуа, уый. Кӕд бӕлвырд кӕдӕмдӕр цӕуы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, равзардзӕн, йӕ нысанмӕ ӕввахсдӕр кӕй фӕрцы фӕуыдзӕн, уыцы фӕндаг, дарддӕр ӕй чи фӕкӕндзӕн, уый нӕ, фӕлӕ.

2 Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын кӕй хъуыди, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ Библийы бирӕ ис. Зӕгъӕм, Каины хъуыди равзарын, йӕ масты фӕдыл ацӕудзӕн ӕви йӕ бауромдзӕн (Райд. 4:6, 7). Йесо Навин дӕр иухатт хъуамӕ равзӕрстаид, дарддӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви мӕнг хуыцӕуттӕн кувдзӕн (Йес. Н. 24:15). Йесо Навинӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ равзӕрста, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кодтаид, уыцы фӕндаг. Каинӕн та йӕ нысан уый нӕ уыд, ӕмӕ равзӕрста, Хуыцауӕй йӕ чи адард кодта, ахӕм фӕндаг.

3 Хатт мах дӕр ахӕм уавӕры вӕййӕм, цыма нӕ разы фӕндаг фӕдих ӕмӕ нӕ хъӕуы равзарын, дарддӕр кӕцыйыл ацӕудзыстӕм, уый. Ахӕм уавӕры-иу дӕ зӕрдыл дар, дӕ цыд кӕдӕм у, кӕнӕ дӕ нысан цы у, уый – цӕмӕй дӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйӕн кад хӕссай ӕмӕ дӕхи хизай, Хуыцауӕй дӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 3:12.) Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕйы ӕркӕсдзыстӕм авд хъуыддагмӕ. Уыцы хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ ма адард кӕной.

КУЫСТ

4. Кусын ӕнӕмӕнг цӕмӕн у?

4 Чырыстонӕн йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр дара. Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй адӕймаджы йӕ бинонты дарын куы нӕ фӕнда, уӕд ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у (2 Фес. 3:10; 1 Тим. 5:8). Уӕдӕ кусын ӕнӕмӕнг у. Фӕлӕ лӕмбынӕг куы нӕ уай, уӕд дӕ куысты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Куыд рауайдзӕн афтӕ?

5. Цалынмӕ исты куыстыл сразы уӕм, уӕдмӕ уал цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

5 Чи зоны, дӕхицӕн куыст агурыс. Кӕд ахӕм ран цӕрыс, ӕмӕ дзы куыст ссарын зын у, уӕд дӕм, чи зоны, ахӕм хъуыды фӕзына, зӕгъгӕ, цыфӕнды куыстыл дӕр сразы уыдзынӕн. Фӕлӕ, зӕгъӕм, цы куыст ссардтай, уый Библийы уагӕвӕрдтӕ халы, уӕд куыд? Кӕнӕ дын, зӕгъӕм, дӕ куысты тыххӕй ӕмбырды хъуыддӕгтӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн фаг рӕстӕг нал уыдзӕн, уӕд та? Уӕддӕр уыцы куыстыл сразы уыдзынӕ, зӕгъгӕ, цӕйнӕфӕлтау ӕгуыст уон, фӕлтау ахӕм куыст дӕр уӕд? Рох дӕ ма уӕд, раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссай, уӕд Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзынӕ (Дзут. 2:1). Уӕдӕ кӕд куыст агурыс кӕнӕ дын ныртӕккӕ цы куыст ис, уый фӕивыныл хъуыды кӕныс, уӕд дын раст уынаффӕ рахӕссынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

6, 7. а) Куыст иуты цӕй тыххӕй фӕхъӕуы ӕмӕ иннӕты та цӕй тыххӕй? ӕ) Уыцы дыууӕ нысанӕй дӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕцы фӕкӕндзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

6 Статьяйы райдианы куыд загъд уыд, афтӕмӕй хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, дӕ цыд кӕдӕм у, дӕ нысан цы у, уый. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Ацы куыст мӕ „кӕдӕм“ хъуамӕ ӕркӕна? Цӕй тыххӕй мӕ хъӕуы?» Кӕд дӕ уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй дӕхи ӕмӕ дӕ бинонты дарай ӕмӕ уӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уа, уӕд дын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн (Матф. 6:33). Зӕгъӕм, ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ кӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы экономикӕйы уавӕр фӕфыддӕр, уӕд дӕр Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн дӕуӕн баххуыс кӕнын (Ис. 59:1). Уый «зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 Пет. 2:9).

7 Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, куыст ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй схъӕздыг уай, уӕд та? Чи зоны, ӕмӕ дын уый дӕр бантыса. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр зон, ахӕм «ӕнтыстдзинад» дын ӕгӕр зынаргъ слӕудзӕн. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.) Куыст ӕмӕ ӕхцайыл куы суай, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ.

8, 9. Дзырд куыстыл куы цӕуа, уӕд ныййарджытӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной? Бамбарын ӕй кӕн.

8 Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ цӕвиттон сын цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Цы зӕгъиккой, ӕппӕты ахсджиагдӕр дын цы у, уый тыххӕй – дӕ куыст ӕви Йегъовӕимӕ хӕлардзинад? Куы йӕ уыной, сӕйраг дын уый кӕй у, цӕмӕй дӕхицӕн ном скӕнай, адӕмы ’хсӕн дын кад уа, схъӕздыг уай, уӕд уыдон дӕр дӕуау уыцы тӕссаг фӕндагыл нӕ ацӕудзысты? Кӕнӕ дын, мыййаг, сӕ цӕсты къаддӕр аргъ нӕ уыдзӕн? Иу ӕрыгон хо радзырдта: «Мӕхи цы хъуыды кӕнын, уымӕй мӕ фыды йӕ куыст йеддӕмӕ ницӕй мӕт уыд. Фыццаг рӕстӕг афтӕ зынди, цыма уыйбӕрц уый тыххӕй кусы, цӕмӕй нын уа, хуыздӕрӕй цы ис, уый ӕмӕ мацы цух уӕм. Фӕлӕ фӕстаг азты хабар фӕивта. Ӕдзухдӕр кусы ӕмӕ кусы, ӕмӕ хӕдзармӕ алыхуызон зынаргъ дзауматӕ хӕссы, афтӕмӕй та ӕнӕ уыдонӕй дӕр фӕцӕриккам. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй зонынц, бирӕ ӕхца кӕмӕ ис, ахӕм бинонтӕй, иннӕты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕмтӕй нӕ, фӕлӕ. Бӕргӕ, мӕ фыд нӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕныныл куы архаид, ӕхца бакусыныл нӕ, фӕлӕ. Уӕд бирӕ амондджындӕр уаин».

9 Ныййарджытӕ, уӕ куыстыл афтӕ ма сут, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уат. Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут – уадз ӕмӕ уыной, ӕппӕты стырдӕр хӕзна уын ӕхца кӕй нӕу, фӕлӕ, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стут, уый (Матф. 5:3).

10. Ӕрыгӕттӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной, фидӕны цы куысты ныллӕудзысты, уый аскъуыддзаг кӕныны размӕ?

10 Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, фидӕны цы куысты ныллӕууай, ууыл. Цы дын баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаджы раст фӕндаг равзарынӕн? Куыд загътам, афтӕмӕй хъуамӕ фидарӕй зонай, дӕ разы цавӕр нысан ис, царды дӕ цавӕр фӕндагыл фӕнды ацӕуын, уый. Цы куыстыл дӕ фӕнды сахуыр кӕнын, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕндзынӕ ӕви дзы адард уыдзынӕ? (2 Тим. 4:10). Дунейы бирӕтӕ сӕхи амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд фӕхонынц, сӕ дзыпп йедзаг куы вӕййы кӕнӕ сын банчы бирӕ ӕхца ӕвӕрд куы вӕййы. Мыййаг дӕу дӕр уыцы адӕмы цард кӕнын фӕнды? Ӕви дӕ нысан уый у, ӕмӕ Давидау дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарай? Давид афтӕ загъта: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25). Дӕ зӕрдыл дар: иу фӕндаг дӕ Йегъовӕйӕ адард кӕндзӕн, иннӕ та дӕ ӕркӕндзӕн ӕппӕты хуыздӕр цардмӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:22; Малахийы 3:10.) Уӕдӕ кӕцы фӕндаг равзардзынӕ? *

УЛӔФТ ӔМӔ ИРХӔФСӔНТӔ

11. Библи улӕфт ӕмӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй цы дзуры ӕмӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

11 Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ цин кӕнӕн нӕй. Стӕй дзы афтӕ дӕр нӕй фыст, ӕмӕ адӕймаг улӕфгӕйӕ ӕмӕ йӕхи ирхӕфсгӕйӕ йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафы. Павел Тимофейӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, «буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй» иугыццыл пайда уӕддӕр кӕй ис (1 Тим. 4:8). Библи ма афтӕ дӕр дзуры, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг худынӕн» ӕмӕ «рӕстӕг кафынӕн», стӕй ма зӕгъы, фаг улӕфын дӕр кӕй хъӕуы (Еккл. 3:4; 4:6). Фӕлӕ лӕмбынӕг куы нӕ уай, уӕд улӕфт ӕмӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Ома куыд? Уый баст у, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс ӕмӕ сыл цас рӕстӕг ӕрвитыс, уыимӕ.

Ирхӕфсӕнтӕ адӕймаджы уӕнгрог кӕндзысты, хорз куы уой ӕмӕ сыл фагӕй фылдӕр рӕстӕг куы нӕ цӕуа, уӕд

12. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?

12 Фыццаг уал ахъуыды кӕн, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс, ууыл. Хорз ирхӕфсӕнтӕ бирӕ ис. Фӕлӕ, ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр баст сты, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтимӕ, зӕгъӕм, тыхми, хинтӕ-кӕлӕнтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митимӕ. Уымӕ гӕсгӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарыс, ууыл. Куыд дыл фӕзынынц? Мыййаг дӕ ахӕм зондыл нӕ аразынц, цӕмӕй ӕгъатыр уай, цыфӕндыйӕ дӕр рамбулынмӕ тырнай кӕнӕ дӕ адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрай? (Ӕмб. 3:31). Уыцы ирхӕфсӕнты тыххӕй дӕ дзыпп нӕ сафтид вӕййы? Иннӕтӕн къуылымпыйы хос не сты? (Ром. 14:21). Цавӕр адӕмимӕ дӕ бӕттынц? (Ӕмб. 13:20). Дӕ зӕрдӕйы дын ӕвзӕр фӕндтӕ нӕ сӕвзӕрын кӕнынц? (Иак. 1:14, 15).

13, 14. Ирхӕфсӕнтыл дын цас рӕстӕг ацӕуы, ууыл ахъуыды кӕнын дӕ цӕмӕн хъӕуы?

13 Ахъуыды кӕн, улӕфт ӕмӕ дын ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг ацӕуы, ууыл дӕр. Зӕгъӕм, дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Мыййаг мын ирхӕфсӕнтыл афтӕ бирӕ рӕстӕг ацӕуы, ӕмӕ мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ нал баззайы?» Ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы хардз кӕнай, уӕд дӕ уӕнгрог нӕ кӕндзысты, фӕлӕ фӕллайын. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, ирхӕфсӕнтыл бирӕ рӕстӕг чи нӕ хардз кӕны, уыдон хуыздӕр баулӕфынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ фӕзонынц, раздӕр уал ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодтой, ӕмӕ сӕ сӕ улӕфты рӕстӕг сӕ цӕсгом нӕ фӕхӕры. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:10, 11.)

14 Бон изӕрмӕ улӕфай ӕмӕ дӕхи ирхӕфсай, уый дӕм, чи зоны, хорз фӕкӕса, фӕлӕ ахӕм «фӕндагыл» куы ацӕуай, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Иу 20-аздзыд хо, Ким, зӕгъгӕ, уый зоны йӕхицӕй. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Раздӕр иу бадт дӕр нӕ уагътон. Алы къуыри дӕр-иу майрӕмбоны, сабаты ӕмӕ хуыцаубоны хъуамӕ истӕй фӕдыл ӕрӕмбырд уыдаиккам. Фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарын, уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ бирӕ кӕй ис. Зӕгъӕм, пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ-иу мӕ уацамындмӕ ацӕуын кӕй фӕхъӕуы, уый тыххӕй райсомӕй сыстын ӕхсӕз сахатыл. Ӕмӕ-иу ме ’мбӕлттимӕ ӕхсӕвы иу кӕнӕ дыууӕ сахатмӕ фӕбадон, уый фадат мын нӕй. Ӕмбарын ӕй, исты бадтмӕ ацӕуай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ хатт уыдӕтты тыххӕй адӕймагӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ ныкъкъуылымпы вӕййынц. Алцӕмӕн дӕр хъуамӕ уа йӕхи бынат, ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕн дӕр афтӕ».

15. Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттимӕ хорз баулӕфой?

15 Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕр дарой, хъуамӕ архайой, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕной ӕмӕ рӕвдыдцух дӕр ма уой. Стӕй ма ууыл дӕр хъуамӕ батыхсой, цӕмӕй-иу сӕ бинонтӕ сӕ фӕллад суадзой. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн-иу сӕ цин ма фенад кӕнут, афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ иууылдӕр ӕвзӕр сты. Фӕлӕ ис ахӕм ирхӕфсӕнтӕ дӕр, уӕ бинонтыл ӕвзӕрырдӕм чи фӕзындзӕн, ӕмӕ сӕ уӕхи хизут (1 Кор. 5:6). Алцӕуылдӕр рагацау куы ахъуыды кӕнат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн ахӕм ирхӕфсӕнтӕ равзарын, цӕмӕй-иу уӕ сывӕллӕттимӕ ӕцӕгдӕр хорз баулӕфат *. Афтӕмӕй уӕ бинонтӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты.

ДӔ БИНОНТӔ

16, 17. Ныййарджытӕй бирӕтӕ цавӕр маст бавзарынц? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ сын сӕ зӕрдӕйы рыст кӕй ӕмбары?

16 Ныййарӕг ӕмӕ сывӕллон ахӕм ӕнгом тӕгтӕй баст сты, ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ адӕмы куыд уарзы, уый абарста ныййарӕджы уарзтимӕ (Ис. 49:15). Уӕдӕ ныййарджытӕн сӕ сывӕллон Йегъовӕйы куы ныууадзы, уӕд тынг кӕй фӕмаст кӕнынц, уым диссагӕй ницы ис. Иу хойӕн йӕ чызджы ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ ныммӕгуыр, мӕхицӕн ӕнцой нал ардтон. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, Йегъовӕйы цӕмӕн ныууагъта. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уый мӕн аххос у, ӕмӕ мӕхи хордтон».

17 Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕйы рыст ӕмбары. Уымӕн йӕхицӕн дӕр «йӕ зӕрдӕ фӕрыст», зӕххыл йӕ фыццаг хъӕбул йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд дӕр ӕмӕ, фӕстӕдӕр Доны хъаймӕты размӕ цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ куы бакодтой, уӕд дӕр (Райд. 6:5, 6). Ахӕм хабар кӕуыл не ’рцыд, уымӕн, чи зоны, зын уа уыцы рыст бамбарын. Фӕлӕ дын кӕд, дӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый сфӕразын тынг зын у, уӕддӕр ма бауадз, цӕмӕй уый ӕвзӕр миты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уай. Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн уыцы стыр маст сфӕразынӕн?

18. Ныййарджытӕ сӕхи цӕуылнӕ хъуамӕ аххосджын кӕной, сӕ сывӕллон Йегъовӕйы кӕй ныууагъта, уый тыххӕй?

18 Цы ’рцыд, уым дӕхи ма аххосджын кӕн. Йегъовӕ адӕмӕн радта бар, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, куыд бакӕндзысты, уый. Уӕдӕ дӕ бинонтӕй йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, уыдонӕй алчидӕр «йӕхи хӕссинаг... йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн» (Гал. 6:5). Йегъовӕйы раз дзуапп дӕтты, тӕригъӕд чи аразы, уый, ды нӕ, фӕлӕ (Йез. 18:20). Стӕй иннӕты дӕр ма аххосджын кӕн. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зонд куыд амоны, уымӕн аргъ кӕн. Ӕмбырд чи хъахъхъӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты ныхмӕ ма ныллӕуу, фӕлӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ (1 Пет. 5:8, 9).

Дӕ сывӕллон фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, ууыл дӕ ныфс дарай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис

19, 20. а) Йӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй кӕмӕн ацух кодтой, уыцы ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы рыстӕн фӕразой? ӕ) Ахӕм ныййарджыты сӕ ныфс цӕуыл хъӕуы дарын?

19 Дӕ зынаргъ хъӕбулыл цы ’рцыд, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куы мӕсты кӕнай, уӕд дзы адард уыдзынӕ. Дӕ сывӕллон хъуамӕ уына, Йегъовӕйӕ зынаргъдӕр дын кӕй ничи ис, суанг дӕ туг ӕмӕ де стӕг чи у, уый дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы рыстӕн фӕразай, уый тыххӕй архай, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уай. Дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй дӕхи дард ма лас (Ӕмб. 18:1). Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын де ’нкъарӕнтӕ ӕргом кӕн (Пс. 62:7, 8). Дӕхицӕн ӕфсӕнттӕ ма агур, цӕмӕй дын исты бастдзинад уа, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ, зӕгъӕм, цӕмӕй йӕм Интернеты уылты писмотӕ ӕрвитай кӕнӕ та йӕм СМС-тӕ фыссай (1 Кор. 5:11). Дӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сараз (1 Кор. 15:58). Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо загъта: «Ӕз зонын, дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон ӕмӕ мӕ уырнындзинад кӕй хъуамӕ фидар кӕнон, цӕмӕй, мӕ чызг Йегъовӕмӕ куы ӕрбаздӕха, уӕд ын мӕ бон уа ӕххуыс кӕнын».

20 Библи зӕгъы, уарзондзинад «алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары», зӕгъгӕ (1 Кор. 13:4, 7). Уӕдӕ дӕ сывӕллон фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, ууыл дӕ ныфс дарай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй алы аз дӕр бирӕтӕ ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ Йегъовӕйы организацимӕ ӕрбаздӕхынц. Йегъовӕ сын йе стыр хорзӕх не ’вгъау кӕны. Уый цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ (Пс. 86:5).

РАСТ УЫНАФФӔТӔ ХӔСС

21, 22. Уынаффӕтӕ хӕссыны бар дын кӕй ис, уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

21 Йегъовӕ йе сконд адӕмы схайджын кодта сӕрибардзинадӕй – сӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. (Бакӕс Дыккаг закъон 30:19, 20.) Фӕлӕ уыцы сӕрибардзинад адӕймагыл ӕвӕры ахӕм хӕс, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕсса. Алы чырыстон дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдон мӕ цавӕр фӕндагыл акӕнынц? Мыййаг, мӕ куысты тыххӕй, ирхӕфсӕнты тыххӕй кӕнӕ мӕ бинонты тыххӕй Йегъовӕйӕ нӕ адард дӕн?»

22 Хуыцау йӕ адӕмы цы уарзтӕй уарзы, уый никуы ӕрмынӕг уыдзӕн. Йегъовӕйӕ ӕрмӕстдӕр уӕд адард уыдзыстӕм, ӕмӕ раст фӕндагӕй куы аздӕхӕм (Ром. 8:38, 39). Фӕлӕ ныл ахӕм хабар хъуамӕ макуы ӕрцӕуа! Мацӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ноджыдӕр цыппар хъуыддагмӕ, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты дӕр хъуамӕ раст уынаффӕтӕ хӕссӕм.

^ 10 абз. Куыст ӕвзарыны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Ответы на твои вопросы», 2 том, 38 сӕр.

^ 15 абз. Уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕйы ис 2011 азы ноябры «Пробудитесь!»-ы, 17–19 фӕрстӕ.