Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Уыцы диссаг уыди йӕ тӕккӕ афоныл

Уыцы диссаг уыди йӕ тӕккӕ афоныл

«ДИССАГ!» Афтӕ дзырдтой, «Сфӕлдыстады драмӕ»-мӕ чи бакаст, уыдонӕй бирӕтӕ. Уыцы драмӕ уыди йӕ тӕккӕ афоныл ӕмӕ йӕм чи бакаст, уыдонӕн сӕ зӕрдӕты арф фӕд ныууагъта. «Сфӕлдыстады драмӕ»-йы фӕрцы тынг бирӕ адӕм хорз хабар фехъуыстой ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ном скадджын. Уыцы хабар ӕрцыд, Гитлер Йегъовӕйы адӕмы Европӕйы карзӕй ӕфхӕрын куы нӕма райдыдта, уымӕй гыццыл раздӕр. Фӕлӕ цы уыди уыцы «Сфӕлдыстады драмӕ»?

Чиныг «Сфӕлдыстад» (Schöpfung); ацы чиныджы номӕй схуыдтой ног драмӕ

1914 азы Йегъовӕйы адӕмы сӕйраг хайад Бруклины (штат Нью-Йорк, АИШ) рауагъта «Сфӕлдыстады фотодрамӕ». Драмӕ цыди аст сахаты, уыди дзы слайдтӕ ӕмӕ хуызджын киноныв звукимӕ. «Фотодрамӕ» ӕгас дунейы дӕр федтой милуангай адӕм. Йӕ цыбыр вариант дӕр – «Драмӕ эврикӕ» – рацыд 1914 азы. 1920 азтӕм слайдтӕ, кинопленкӕтӕ ӕмӕ сӕ цӕуыл ӕвдыстой, уыдӕттӕ ныззӕронд сты. Фӕлӕ бирӕты фӕндыд «Фотодрамӕ»-мӕ ногӕй бакӕсын. Зӕгъӕм, Людвигсбурджы (Германи) цӕрджытӕ фарстой: «„Фотодрамӕ“ нын ногӕй кӕд равдисдзыстут?» Цы саразӕн уыди?

Цӕмӕй «Драмӕ» дарддӕр сӕ бон ӕвдисын уыдаид, уый тыххӕй 1920 азты Магдебурджы (Германи) Вефилы ӕфсымӕртӕ Парижы (Франци) ног хабӕртты агентствойӕ балхӕдтой кинопленкӕтӕ. Лейпциг ӕмӕ Дрездены та, нывтӕ чи арӕзта, ахӕм компанитӕй балхӕдтой слайдтӕ. Уыдӕттӕ баиу кодтой, зӕронд «Фотодрамӕ»-йы слайдтӕй ма чи бӕззыд, уыдонимӕ.

Ӕфсымӕр Эрих Фрост уыди курдиатджын музыкант ӕмӕ уыцы кинокадртӕм ӕмӕ слайдтӕм музыкӕ ныффыста. Уыцы драмӕйы ныхӕстӕ ист уыдысты чиныгӕй «Сфӕлдыстад». Уымӕ гӕсгӕ «Фотодрамӕ»-йы ног вариант схуыдтой «Сфӕлдыстады драмӕ».

Ног «Драмӕ» дӕр «Фотодрамӕ»-йау цыди аст сахаты ӕмӕ йӕ алы изӕр дӕр хайгай ӕвдыстой. Сфӕлдыстады бонты тыххӕй дзы ӕвдыстой лыстӕг хабӕрттӕ. Ныхас ма дзы цыди Библийы истори ӕмӕ ӕнӕуи историйы тыххӕй, стӕй ма мӕнг дин адӕмы Хуыцауӕй кӕй адард кодта, уый тыххӕй дӕр. «Сфӕлдыстады драмӕ» равдыстой Австри, Германи, Люксембург, Швейцарийы ӕмӕ ма немыцаг ӕвзагыл кӕм дзырдтой, уыцы рӕтты.

Эрих Фрост ӕмӕ, «Сфӕлдыстады драмӕ»-мӕ цы музыкӕ ныффыста, уый нотӕтӕ

Эрих Фрост дзуры: «„Драмӕ“ куы ’вдыстам, уӕд-иу мемӕ чи уыди, уӕлдайдӕр та оркестры чи цагъта, уыдонӕн-иу дзырдтон, цӕмӕй-иу улӕфты рӕстӕг залы азылдаиккой ӕмӕ-иу адӕмӕн нӕ диссаджы чингуытӕ ӕмӕ буклеттӕ байуӕрстаиккой. Рӕгъӕй-рӕгъмӕ-иу цас литературӕ апарахат кодтам, уыйбӕрц-иу хӕдзарӕй-хӕдзармӕ зилгӕйӕ никуы апарахат кодтам». Йоханнес Рауте бацархайдта, цӕмӕй «Драмӕ» равдыстаиккой Польшӕ ӕмӕ нырыккон Чехы Республикӕйы. Уый зӕгъы, зӕгъгӕ-иу «Драмӕ»-мӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕй-иу бирӕтӕ сӕ адристӕ ныууагътой, цӕмӕй сӕм бацыдаиккам. Мах дӕр-иу сӕм бацыдыстӕм ӕмӕ-иу Библийы тыххӕй хорз фӕныхӕстӕ кодтам.

1930 азтӕм «Сфӕлдыстады драмӕ» кӕм ӕвдыстой, уыцы залты-иу адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд ӕмӕ-иу алы горӕты дӕр иууылдӕр кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой. 1933 азмӕ йӕм бакаст иу милуаны бӕрц адӕм, ӕмӕ уый бантыст, Германийы филиал алцыдӕр кӕй спълан кодта, уый фӕрцы. «Цӕмӕй драмӕмӕ бакастаиккам, уый тыххӕй-иу алы бон дӕр фондз боны дӕргъы ӕрмӕст иуырдӕм цыдыстӕм 10 километры хъӕдты астӕуты, къуылдымтыл уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизгӕйӕ ӕмӕ дӕлвӕзты цӕугӕйӕ»,– радзырдта Кате Краусс. «„Сфӕлдыстады драмӕ“-йы фӕрцы рӕстдзинад бауарзтон»,– загъта Эльзи Билларц.

Альфред Альмендингер радзырдта, йӕ мад «Драмӕ»-мӕ куы бакаст, уӕд ын уый йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг кӕй бацагайдта ӕмӕ Библи балхӕдта, цӕмӕй дзы ссардтаид дзырд «удсыгъдӕггӕнӕн» (чистилище). Фӕлӕ дзы ахӕм дзырд не ссардта ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ аргъуанмӕ никуыуал ацыд, цасдӕры фӕстӕ донаргъуыд дӕр райста. «Тынг бирӕ адӕм „Сфӕлдыстады драмӕ“-мӕ кӕй бакастысты, уый фӕрцы рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты»,– загъта Эрих Фрост (3 Иоан. 1–3).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «Сфӕлдыстады драмӕ» дуне адӕмӕн равдыстой. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг нацизм Европӕйыл анхъӕвзта ӕмӕ 1933 азӕй фӕстӕмӕ Германийы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар нал уыд. Уыцы азӕй суанг 1945 азмӕ, Дыккаг дунеон хӕсты кӕронмӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Эрих Фрост аст азы арвыста ахӕстоны. Фӕлӕ удӕгасӕй баззад ӕмӕ фӕстӕдӕр лӕггад кодта Вефилы Висбадены, Германийы. Уыцы диссаджы «Драмӕ» уыди йӕ тӕккӕ афоныл! Уый фӕрцы чырыстӕттӕ фӕныфсджындӕр сты, ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цыди, уӕд фидар фӕлӕууыдысты. (Нӕ архивтӕй Германийы.)